- Презентации
- Презентация на тему Святые места Северной Осетии.
Презентация на тему Святые места Северной Осетии.
Автор публикации: Еналдиева З.В.
Дата публикации: 27.04.2016
Краткое описание:
1
2
Реком ирон мифологийы æмæ уырнынæдты Кувæндон Цъæйы комы, равзæрд, Стыр Хуыцау Нарты Батрадзы мардыл цы æртæ цæссыджы æрæппæрста, уыдонæй иуæй. Рекомы Уастырджи дæр.
Благодаря этой рекламе сайт может продолжать свое существование, спасибо за просмотр.
3
4
5
6
Реком у Ирыстоны æмбал камæн нæй, Иры ахæм кувæндон-агъуыст. Йæ бæрæгбон вæййы алы аз дæр июлы æмæ ахæссы иннабонæй-иннабонмæ (сабатæй-сабатмæ). Дзуарæн нывондæн æрхæссынц бирæ фос (галтæ æмæ нæл фыстæ), скæнынц стыр куывдтæ, æрцæуы сæм тынг бирæ адæм, уыимæ æрмæстдæр нæлгоймаг дзыллæ, уымæн æмæ Реком нымад цæуы Уастырджийы дзуары «артдзæстыл» — центрыл.
7
8
Фæстæдæр Рекомы кувæндæттæ фæзынд Цæгат Ирыстоны — Хохы Санибайы, Цымытийы, Дзуарыхъæуы, Гуылæры, Зæрæмæджы, Хуссар Ирыстоны — Ерманы, Едысы, Чеселты, Ходзы, Дзомагъы. Рекомы бæрæгбон кæнынц алы рæстæджыты. Йæ кувæндоны бынмæ сылгоймаг нæ цыд.
9
10
Ахуыргонд Цыбырты Людвиг фыссы: Рекомы кувæндон рагон замантæйфæстæмæтынг зындгонд кæй уыдис æппæт Ирыстоны, ууыл дзурынц, кувæндоны дзæнгæрджытæй иуы цы рагон фыстытæ ис, уыдон дæр, — Фыстытæм гæсгæ, уый нымад цæуы Дыгуры æмæ æппæт Туалты кувæндоныл, æнæхъæн ирон зæххы сыгъдæг æмæ табуйаг бынатыл. Рекомы кувæндоны цур археологтæ ссардтой таурæгъон Ос-Бæгъатыры фат, згъæр худ, алыхуызон хæстон цырæгътæ, зды нæмгуытæ. Ахуыргæндтæ куыд зæгъынц, афтæмæй ацы дзаумæттæм гæсгæ Рекомы Уастырджи у ирæтты хæстон бардуаг.
11