Презентация по родному языку 2 класс
Автор публикации: Дзуцева М.К.
Дата публикации: 14.04.2016
Краткое описание:
1
7 урок Æрæгвæззæг ………………………. Диссаджы фын федта Фæззæг: Урс гæлæбуйæм æваст Арвæй ратахти, æрхæстæг, Фæззæг фехъал и, фæтарст! Акаст й алыварс æнкъардæй, Зæрдæ бамæгуыр бынтон: Урс гæлæбутæ йыл арвæй Хауын… Нал сын и кæрон… Чеджемты Геор.
2
Фæззæджы мæйты ирон нæмттæ: Рухæны мæй – сентябрь Кæфты мæй – октябрь Джеоргуыбайы мæй – ноябрь Куыд хъуыды кæныс, фæззæджы фын диссаг цæмæй у? Цымæ цæмæй фæтарсти зымæг? Зæгъ ма, цæмæн уыди æнкъард фæззæг? Куыд æмбарыс ацы дзырдбаст «урс гæлæбутæ»? Æмбисæндтæ: Уалдзæг – уарынджын, фæззæг – мæкъуылджын. Фæззæг æппæтæй æххæст у. Зæгъ ма, куыд æмбарыс ацы æмбисæндты хъуыды? Æмбисæндтæ дæ зæрдыл бадар. Сараз чысыл радзырд дыккаг æмбисондмæ гæсгæ. Зæгъ ма, сымахмæ цæхæрадон ис? Кæд уæм цæхæрадон ис, уæд ма ранымай, цавæр халсартæ æмæ даргътæ уын дзы зайы? Фæззыгон куыстыты рæстæг дæ ныййарджытæн феххуыс кæныс? Радзур ма, куыд?
Благодаря этой рекламе сайт может продолжать свое существование, спасибо за просмотр.