7

Презентация на тему: Нымацон

Автор публикации:
Дата публикации:
Краткое описание:

1
Зӕрдӕвӕрӕны мӕйы 19 – ӕм бон , цыппӕрӕм . Темᴂ: Фарны уалдзᴂг. Бæрцон æмæ рæ...
Зӕрдӕвӕрӕны мӕйы 19 – ӕм бон , цыппӕрӕм . Темᴂ: Фарны уалдзᴂг. Бæрцон æмæ рæнхъон нымæцонтæ.
2
Цавᴂр афᴂдзы афон ᴂвдыст цᴂуы нывы? Мæйты нæмттæ иронау зæгъут. Уалдзᴂг Тᴂрг...
Цавᴂр афᴂдзы афон ᴂвдыст цᴂуы нывы? Мæйты нæмттæ иронау зæгъут. Уалдзᴂг Тᴂргᴂйтты мᴂй Хуымгᴂнᴂны мᴂй Зᴂрдᴂвᴂрᴂны мᴂй
0
 
Благодаря этой рекламе сайт может продолжать свое существование, спасибо за просмотр.
3
Байхъус ᴂмᴂ зᴂгъ, цал хъуыдыйады фехъуыстай.Рафысс сæ. Цᴂгатᴂй уазал дымгᴂ р...
Байхъус ᴂмᴂ зᴂгъ, цал хъуыдыйады фехъуыстай.Рафысс сæ. Цᴂгатᴂй уазал дымгᴂ рацыдис цᴂугᴂдᴂттᴂ ихᴂй суᴂгъд сты хуссар фахсыл кᴂрдᴂг фᴂцъᴂх и хур фᴂсхохᴂй скастис мᴂргъ­тᴂ сᴂ цᴂрᴂнбынᴂттᴂм ᴂрбаздᴂхтысты ᴂрдз дидинᴂй фᴂлыст дарᴂс скодта.
4
Бакᴂс дзырдты къордтᴂ ᴂмᴂ сᴂ сараз хъуыдыйᴂдтᴂ. Та, уалдзᴂг, ᴂрцыдис, нᴂм! Р...
Бакᴂс дзырдты къордтᴂ ᴂмᴂ сᴂ сараз хъуыдыйᴂдтᴂ. Та, уалдзᴂг, ᴂрцыдис, нᴂм! Райхъал ис, фынᴂй, ᴂрдз. Фестадис, дидинᴂг, бᴂстᴂ? Цъᴂх, ᴂрдз, дарᴂс, йᴂ, скодта.
5
Ног лексикᴂ: хъырнын -подпевать гутон -плуг дзывыр-соха ᴂфхᴂрд -обиженный сф...
Ног лексикᴂ: хъырнын -подпевать гутон -плуг дзывыр-соха ᴂфхᴂрд -обиженный сфᴂлдисᴂг -создатель уддзᴂф -дыхание уаллон-дождевой червь
6
хъырнын -подпевать гутон -плуг дзывыр-соха ᴂфхᴂрд -обиженный сфᴂлдисᴂг -созд...
хъырнын -подпевать гутон -плуг дзывыр-соха ᴂфхᴂрд -обиженный сфᴂлдисᴂг -создатель уддзᴂф -дыхание уаллон-дождевой червь
7
Бакᴂс текст Уалдзᴂг Ирыстоны Уалдзᴂг ᴂрцыд. Бон фᴂдаргъ ис. Хуссар фᴂцъᴂх ис...
Бакᴂс текст Уалдзᴂг Ирыстоны Уалдзᴂг ᴂрцыд. Бон фᴂдаргъ ис. Хуссар фᴂцъᴂх ис. Цᴂгат фᴂхъулон ис. Бᴂстᴂ цъᴂх адардта, йᴂ мидбылты худы, уарзон, хъᴂлдзᴂг цᴂстынгас дᴂтты. Бᴂлᴂстᴂ сыфтᴂр рафтыдтой ᴂмᴂ хуры скастмᴂ ᴂнхъᴂлмᴂ кᴂсынц. Зымᴂгᴂй ᴂфхᴂрд фосы дзугтᴂ уалдзᴂджы цъᴂхᴂй сᴂ мондгтᴂ уадзынц. Уалдзыгон мᴂргътᴂ алы ᴂвзᴂгтᴂй зарынц, ахстᴂттᴂ кᴂнынц. Адᴂм уалдзᴂджы куыст райдыдтой: чи гутон аразы, чи дзывыр кᴂны, чи мыггаг тауы, чи йᴂ фос хизᴂнмᴂ тᴂры. Зᴂхх йᴂ тарф фынᴂйᴂ райхъал ис ᴂмᴂ цᴂрджыты базмᴂлын кодта. Бындзытᴂ, къогъотᴂ ратᴂх-батᴂх кᴂнынц. Уалдзᴂджы уддзᴂфᴂй чи нᴂ баз­мᴂлдзᴂнис, ахᴂм уд кᴂм ис? Зᴂронд лᴂгтᴂ ныхасы бадынц ᴂмᴂ рагон таурᴂгътᴂ хᴂссынц. Чысыл лᴂппутᴂ сᴂ разы лᴂууынц ᴂмᴂ сᴂм хъусынц. «Оф-оф! – загътой, – уалдзᴂг – дзᴂнᴂт, де сфᴂлдисᴂгᴂн макуы уᴂд мᴂлᴂт!» Гᴂдиаты Секъа
8
Зᴂронд лᴂгтᴂ ныхасы бадынц ᴂмᴂ рагон таурᴂгътᴂ хᴂссынц. Адᴂм уалдзᴂджы куыст...
Зᴂронд лᴂгтᴂ ныхасы бадынц ᴂмᴂ рагон таурᴂгътᴂ хᴂссынц. Адᴂм уалдзᴂджы куыст райдыдтой: чи гутон аразы, чи дзывыр кᴂны, чи мыггаг тауы, чи йᴂ фос хизᴂнмᴂ тᴂры. Бᴂлᴂстᴂ сыфтᴂр рафтыдтой ᴂмᴂ хуры скастмᴂ ᴂнхъᴂлмᴂ кᴂсынц. Уалдзыгон мᴂргътᴂ алы ᴂвзᴂгтᴂй зарынц, ахстᴂттᴂ кᴂнынц. Зымᴂгᴂй ᴂфхᴂрд фосы дзугтᴂ уалдзᴂджы цъᴂхᴂй сᴂ мондгтᴂ уадзынц. Ссар тексты хъуыдыйᴂдтᴂ, кᴂцыты ᴂвдыст цᴂуынц ацы нывтᴂ. Бакᴂс сᴂ.
9
Бакæс текст. Ставддæрæй фыст дзырдтæм фæрстытæ ратт. Гæздæнты Мæдинæ, Хъарат...
Бакæс текст. Ставддæрæй фыст дзырдтæм фæрстытæ ратт. Гæздæнты Мæдинæ, Хъараты Азæ, Гæлæуты Аслан æмæ Цоппойты Зинæ цæрынц иу сыхы. Ахуыр кæнынц фæндзæм къласы. Цыппарæй дæр сты ахуыры раззагдæртæ. Се ’гъдау дæр у тынг хорз. Ныртæккæ у уалдзыгон куыстыты афон. Сывæллæттæ цæуынц, скъолайы цы гыццыл цæхæрадон ис, уырдæм. Хъуамæ йæ дыууæ сахатмæ ссыгъдæг кæной.
10
Зондджын Уыг нын амоны. По значению числительные делятся на количественные (...
Зондджын Уыг нын амоны. По значению числительные делятся на количественные (бæрцон), порядковые (рæнхъон), дробные (му­рон) и собирательные (дихон). Количественные (бæрцон) числительные указывают на количество предметов. Например: цыппар, æртæ, æртын иу. Порядковые (рæнхъон) числительные обозначают номер предмета при счете. Например: цыппæрæм, æртыккæгæм, æртын фыццæгæм.
11
Бᴂрцон нымᴂцонтᴂй сараз рᴂнхъон нымᴂцонтᴂ. Бакᴂс сᴂ де ’мбалᴂн. Хуызᴂг: иу –...
Бᴂрцон нымᴂцонтᴂй сараз рᴂнхъон нымᴂцонтᴂ. Бакᴂс сᴂ де ’мбалᴂн. Хуызᴂг: иу – фыццаг, фыццᴂгᴂм. Дыууᴂ, ᴂртᴂ, цыппар, фондз, ᴂхсᴂз, авд, аст, фараст, дᴂс, дыууын, ᴂртын, цыппор, фᴂндзай, ᴂхсай, ᴂвдай, ᴂстай, нᴂуᴂдз, сᴂдᴂ.
12
Бакᴂс дзырдбᴂстытᴂ нымᴂцонтимᴂ ᴂмᴂ сᴂ дыууᴂ къордыл фᴂдих кᴂн (бᴂрцонтыл ᴂмᴂ...
Бакᴂс дзырдбᴂстытᴂ нымᴂцонтимᴂ ᴂмᴂ сᴂ дыууᴂ къордыл фᴂдих кᴂн (бᴂрцонтыл ᴂмᴂ рᴂнхъонтыл). Аст сывᴂллоны, дᴂсᴂм чызг, цыппᴂрᴂм кълас, дыууᴂ хойы, ᴂртᴂ ᴂмбалы, фондз хᴂдзары, фыццаг партᴂ, цыппор тетрады, иуᴂндᴂс кърандасы, фᴂндзайᴂм сыф, нудæсæм аз.
13
Байхъус, бакᴂс ᴂмᴂ зᴂгъ, куыд ᴂмбарыс ᴂмбисᴂндтᴂ. Ссар дзы нымᴂцонтᴂ. Иу къу...
Байхъус, бакᴂс ᴂмᴂ зᴂгъ, куыд ᴂмбарыс ᴂмбисᴂндтᴂ. Ссар дзы нымᴂцонтᴂ. Иу къухᴂй ᴂмдзᴂгъдгᴂнᴂн нᴂй. Ссᴂдз хатты ахъуыды кᴂн ᴂмᴂ йᴂ иу хатт бакᴂн. Ды дыууᴂ цᴂстᴂй кᴂсыс, дᴂумᴂ та мин цᴂсты кᴂсы. Дыууᴂ харбызы иу къухы нᴂ цᴂуынц.
14
Ног лексикᴂ: мᴂнгард-плутоватый,лукавый; ᴂндзарын-поджигать; къᴂлᴂт-дуга,ско...
Ног лексикᴂ: мᴂнгард-плутоватый,лукавый, ᴂндзарын-поджигать, къᴂлᴂт-дуга,скобка, арвᴂрдын-радуга, ᴂгъгъᴂд-достаточно,
15
Бакᴂс хъуыдыйᴂдтᴂ, къᴂлᴂтты ᴂвᴂрд дзырдтᴂ ирон ᴂвзагмᴂ тᴂлмацгᴂнгᴂйᴂ. (Плуто...
Бакᴂс хъуыдыйᴂдтᴂ, къᴂлᴂтты ᴂвᴂрд дзырдтᴂ ирон ᴂвзагмᴂ тᴂлмацгᴂнгᴂйᴂ. (Плутоватого) адᴂймаджы ничи уарзы. Нᴂ сыхаг бырᴂттыл (поджигает) арт. Дада кᴂрты хъᴂдᴂй арᴂзта (дугу). Уарыны фᴂстᴂ арвыл фᴂзындис (радуга). Компьютерыл кусынᴂн сабийᴂн иу сахат у (достаточно).
16
Байхъус, бакᴂс ᴂмдзᴂвгᴂ ᴂмᴂ йᴂ бахъуыды кᴂн. Уалдзыгон къᴂвда Арв ныннᴂрыд,...
Байхъус, бакᴂс ᴂмдзᴂвгᴂ ᴂмᴂ йᴂ бахъуыды кᴂн. Уалдзыгон къᴂвда Арв ныннᴂрыд, ᴂмᴂ ᴂрдз Райдыдта ᴂхсын йᴂ кᴂрц. Мᴂргътᴂ бамбᴂхстысты арф, – Акалы цᴂхᴂртᴂ арв. Фᴂлᴂ хуры тын – «мᴂнгард» Мигътыл бандзᴂрста сырх арт, Мигътыл – авдхуызон «къᴂлᴂт» Загъта уарынᴂн: «ᴂгъгъᴂд!» Къозаты Мурат
17
Арв ныннᴂрыд ᴂмᴂ ᴂрдз Райдыдта ᴂхсын йᴂ кᴂрц. Фᴂлᴂ хуры тын – «мᴂнгард». Миг...
Арв ныннᴂрыд ᴂмᴂ ᴂрдз Райдыдта ᴂхсын йᴂ кᴂрц. Фᴂлᴂ хуры тын – «мᴂнгард». Мигътыл бандзᴂрста сырх арт. Мигътыл – авдхуызон «къᴂлᴂт». уарын райдыдта ракастис хур арвᴂрдын Ссар алы хъуыдыйадᴂн дᴂр йᴂ нысанмᴂ гᴂсгᴂ раст дзырдбаст.
18
19
 
 
X

Чтобы скачать данную презентацию, порекомендуйте её своим друзьям в любой соц. сети.

После этого кнопка ЗАГРУЗКИ станет активной!

Кнопки рекомендации:

загрузить презентацию