7
  • Презентации
  • Презентация Сочинени-цæрæгойы æрфыст(Описание домашнего животного)

Презентация Сочинени-цæрæгойы æрфыст(Описание домашнего животного)

Автор публикации:
Дата публикации:
Краткое описание:

1
«Сугъарты хæдзармæ æрбафтыди хæрз чысылæй, æвæццæгæн ыл иу мæйæ фылдæр нæма ц...
«Сугъарты хæдзармæ æрбафтыди хæрз чысылæй, æвæццæгæн ыл иу мæйæ фылдæр нæма цыд. Къæбыла йæ ном дæр æрхаста йемæ: йæ хъусты кæрæттæ разындысты лыг, æмæ йыл Сугъарты сывæллæттæ уайтагъд авæрдтой ном …. »
2
0
 
Благодаря этой рекламе сайт может продолжать свое существование, спасибо за просмотр.
3
Чысыл фысджыты скъола
Чысыл фысджыты скъола
4
Учимся понимать исходный текст * Сочинени-æрфыст «Мæ уарзон цæрæгой»
Учимся понимать исходный текст * Сочинени-æрфыст «Мæ уарзон цæрæгой»
5
УРОЧЫ НЫСАН: - базонгæ уæвын цæрæгойы æрфыстимæ; - базонын, цы у сочинени-æрф...
УРОЧЫ НЫСАН: - базонгæ уæвын цæрæгойы æрфыстимæ, - базонын, цы у сочинени-æрфыст, - сочинени-æрфыстæн пълан бацæттæ кæнын, - хи бацæттæ кæнын хæдзары сочинени-æрфыст фыссынмæ
6
Куыйтæн арæзт цыртдзæвæнтæ
Куыйтæн арæзт цыртдзæвæнтæ
7
Сочиненийы сæйраг хъуыды: мæ куыдз у мæ хорз æмбал Сочиненийы темæ: куыдзы æ...
Сочиненийы сæйраг хъуыды: мæ куыдз у мæ хорз æмбал Сочиненийы темæ: куыдзы æрфыст
8
Цавæр текстты хуызтæ зонут? Таурæгъон Æрфыстон Тæрхæттæ Цавæр тексты хуыз ху...
Цавæр текстты хуызтæ зонут? Таурæгъон Æрфыстон Тæрхæттæ Цавæр тексты хуыз хуыйны «æрфыст»? Предметы кæнæ фæзынды миниуджытæ æвдыст кæм фæцæуынц, ахæм текст у æрфыст Цавæр у æрфысты нысан? Предметы тыххæй афтæ ныффыссын, цæмæй текст чи кæсы, уый цæстытыл уыцы предмет ирдæй ауайа
9
ЦАВÆР ХÆЙТТÆЙ АРÆЗТ У ÆРФЫСТ? 1. Иумæйагæй предметы тыххæй. 2. Предметы æууæл...
ЦАВÆР ХÆЙТТÆЙ АРÆЗТ У ÆРФЫСТ? 1. Иумæйагæй предметы тыххæй. 2. Предметы æууæлты (миниуджыты) æрфыст. 3. Авторы ахаст предметмæ.
10
Сочиненийы пълан 1.Разныхас. Мæ куыдз мæ хорз æмбал у. 2. Сæйраг хай. Мæ цыпп...
Сочиненийы пълан 1.Разныхас. Мæ куыдз мæ хорз æмбал у. 2. Сæйраг хай. Мæ цыппæркъахыг æмбал (куыдзы æрфыст): а) йæ ном, æ) цавæр куыйты мыггагæй у (порода), б) йæ сæр, мукъутæ (цæстытæ, фындз, хъустæ), в) йæ гуыр (ас, хъуын), г) къæхтæ, дзæмбытæ, гъ) къæдзил, д) мидхарактеристикæ. 3. Кæронбæттæн хай. Æз бирæ уарзын мæ куыдзы.
11
Абарут тексттæ. Цæмæй хицæн кæнынц? 1-аг текст Мила. Мæ фыд мын иу хатт уæтæр...
Абарут тексттæ. Цæмæй хицæн кæнынц? 1-аг текст Мила. Мæ фыд мын иу хатт уæтæрæй æрхаста къæбыла. Уый уыдис хъилхъус, цæрдæг æмæ цырддзаст. Æрмæст йæ бырынкъ, цыма йын æй исчи сæгæй айсæрста, уыйау мил дардта. Мила дæр æй уымæ гæсгæ схуыдтам. Йæ номæй-иу æм куы фæдзырдтон, уæд-иу мæм æрбазгъордта æмæ-иу мæ разы йæ фæстæгтыл алæууыд, йæ дыууæ цæсты-иу фырцинæй цæхæртæ калдтой. Тынг мыл сахуыр. Кæдæмфæнды цыдаин, æдзухдæр мæ фæдыл цыди. Милайæ рауад тынг хорз куыдз: хъахъхъæдта хæдзар, дыргъдон, тугдзых мæргъты хæстæг нæ уагъта кæрчытæм. Мах бирæ уарзтам нæ куыдзы, дзæбæх æм кастыстæм, хæринаг хъуаг æй нæ уагътам. (ж. «Ногдзау»-æй)
12
2-аг текст Кæрты рæзæг хуымæтæг куыдз (дворняжка) цы куыйты мыггагæй равзæрд...
2-аг текст Кæрты рæзæг хуымæтæг куыдз (дворняжка) цы куыйты мыггагæй равзæрд, уый тынг зын сбæрæггæнæн у, уымæн æмæ равзæрд куыйты цалдæр мыггагæй. Ацы куыйтæн алыхуызон у сæ ас, сæ хъуын, сæ хуыз. Арæхдæр вæййынц морæ кæнæ сау, сæ уæз – 20 кг. хæстæг. Сæ бæрзæнд 38-57 см. Кæрты рæзæг хуымæтæг куыйты ’хсæн дæр ис зондджынтæ, ис сæ бирæ цæуылдæрты сахуыр кæнæн. Сæ хицæуттыл вæййынц тынг æнувыд, хорз сæм фæхъусынц. Бирæтæ сæ хæрзмыггагон куыйтæй фылдæр фæуарзынц. (М. Г. Псалмов, «Книга собаковода»)
13
Пъланыл æнцой кæнгæйæ, бацæттæ кæнут Хъусойы æрфыст
Пъланыл æнцой кæнгæйæ, бацæттæ кæнут Хъусойы æрфыст
14
Рæдыдтытæ сраст кæнут Нæ куыдзæн ис даргъ хъустæ. Нæ куыдз у тынг къæрцхъус....
Рæдыдтытæ сраст кæнут Нæ куыдзæн ис даргъ хъустæ. Нæ куыдз у тынг къæрцхъус. Æз бирæ уарзын нæ куыдзы. Махмæ рæсугъд куыдз ис. Ис ын рæсугъд дзæмбытæ. Йæ къæдзил дæр у рæсугъд æмæ даргъ. Дзырдтимæ дзырдбæстытæ саразут: зондджын, уарзæгой, хинæйдзаг, зæрдæхæлар, зæрдæмæдзæугæ, рæсугъд, аив рæсугъд мукъутæ зондджын цæстæнгас аив гуыры конд
15
Урочы хатдзæгтæ. - Цы базыдтат ногæй ацы урочы? -Сочинени фысгæйæ, урокæй цав...
Урочы хатдзæгтæ. - Цы базыдтат ногæй ацы урочы? -Сочинени фысгæйæ, урокæй цавæр æрмæг райсдзыстут? Арфæгонд ут!
 
 
X

Чтобы скачать данную презентацию, порекомендуйте её своим друзьям в любой соц. сети.

После этого кнопка ЗАГРУЗКИ станет активной!

Кнопки рекомендации:

загрузить презентацию