- Презентации
- Презентация на тему: Епхиты Татари Хуыйандаг 8 кълас
Презентация на тему: Епхиты Татари Хуыйандаг 8 кълас
Автор публикации: Черчесова Р.Г.
Дата публикации: 01.06.2016
Краткое описание:
1
ЕПХИТЫ ТÆТÆРИ «ХУЫЙÆНДАГ»
2
0
Благодаря этой рекламе сайт может продолжать свое существование, спасибо за просмотр.
3
НЫСАН: Уацмысы мидис равзарын. Фырхæрд, фырнозты фæс- тиуджытæ бамбарын кæнын,фенын кæнын. Радзырды аивгæнæн мадзæлттæ раиртасын.
4
ХЪОМЫЛАДОН ХÆС:Рæзгæ фæлтæры разæнгард кæнын фæзминаг,хиуылхæст уæвынмæ.
5
УРОЧЫ ÆРМÆГ:Литературæйы чиныг, Епхиты Т.( 3 томы),Ко- цойты Арсены карика- турæтæ,«Нарты æмбырд» (диск),ирон,уырыссаг, фæсарæйнаг æмби – сæндтæ,нывтæ.
6
ЛИТЕРАТУРÆЙЫ ТЕОРИ: Гротеск, сатирæ.
7
ДЗЫРДУАТ: Хуыйæндаг, Бæрæгъуын, коса. Хуыйæндаг – толстая нитка для специ- ально обработанной кожи (козьей) для сшивания сбруи. Бæрæгъуын – Красногор. Коса – лопъо,лæгуын сæр, хил кæуыл нæ хæцы, уый.
8
ЭПИГРÆФ: «ЛÆГ ЙÆ ГУЫБЫНЫ ФÆ – ДЫЛ КУЫ ЦÆУА,УÆД ЙЕ ’ГЪДАУ ÆМÆ ЙÆ КАД БАХÆРДЗÆН» Æмбисонд
9
УРОЧЫ ЦЫД:1 Орг.хай. 2 Зæрдыл æрлæууын кæ- нын фыссæджы цард æмæ сфæлдыстады ха- бæрттæ. 3 Урочы нысан æмæ хъо- мыладон хæсыл бакусын.
10
а) Иу скъоладзау дзуры фыссæджы царды хабæрттæ цыбырæй. (Баххæст кæнын дзуапп) æ) Уацмысы мидис радзурынц 1-2 скъоладзауы. (Скъоладзаутæ æххæст кæнынц кæрæдзийы дзуæппытæ)
11
ФАРСТ:Цавæр радзырд «Хуыйæндаг» йæ жанрмæ гæсгæ? Цы у сатирæ?
12
САТИРÆ–аив литературæйы хуыз. Сатирæйы ахсджиагдæр хæстæ: адæймаджы æмæ æхсæнады æппæрццæг миниуджытæ, царды хъæнтæ хурмæ калын, æнауæрдонæй сыл худын.
13
Цæмæй Фæхтыхъо æмæ Дзæрнахъо бæлвырддæр ауайой нæ цæстытыл, уый тыххæй Тæтæри спайда кодта гротескæй.
14
ГРОТЕСК – амоны худæг,æнахуыр аивад æмæ литературæйы нывæф- тыд амал: адæймагæн йæхи кæнæ йæ царды нывтæ ба – рæй иттæг стыр кæнæ иттæг къаннёг хуызы ёвдисын. Гротескæй уæлдай арæхдæр пайда кæ- нынц сатирикон уацмысты.
15
Дыууæ хистхоры (Фæхтыхъо æмæ Дзæрнахъо) кæйдæр хисты уыйбæрц бахордтой, æмæ дзы иуы дохтыры æххуыс бахъуыд.
16
Фыдæлтæй нын баззад бирæ æгъдæуттæ. Уыдонæй иу – зианы уæлдай кæндтæ. Кодтой сæ кæрæдзийы хынцмæ мæрдты азымæй тæрсгæйæ.Уыдон лæвæрдтой фадат Фæхтыхъо æмæ Дзæрнахъойы хуызæн гуыбындзæлтæн фæзынынæн.
17
Хист кæныны хъуыддаг баст у мæнгуыр- нæнтимæ: Марды уд йе нусон бынат цæмæй ссара, уый тыххæй хъæуы туг суадзын. Хистытæ кæмæн не скæнынц, уый вæй – йы Зындоны тæригъæдджынтæ æмæ фыдгæнджытимæ. Арæхдæр кæмæн кæнынц хистытæ, уый мæрдты хуыздæр цæры.
18
1. Нарты кадджытæй «Нарты æмбырд»-мæ байхъусын (диск), интерактивон фæйнæгыл равдисын слайд Нарты кадджытæй.
19
20
2. Фыдхæрд,фыднозты тыххæй алы адæмыхаттмæ (нацимæ) дæр ис æмбисæндтæ. Бакæсæм – ма дзы иу цалдæр. Лæджы гуыбыны куыдз хуыссы. Æвзæрæн йæ гуыбын – йæ уæлмæрд. Хæрдæй æфсис нæ зоны. Мæтыхæй уæлдай нæу. Хистхорæн йæ кард цыргъ вæййы. Йæ гуыбын бафсæст, фæлæ йæ цæст нæма бафсæст.
21
Искæй хисты дæ рон ма райхал. Хæлæфы хæрд æмæ нозт нæ тайынц. Зыд лæгæн йæ комдзаг йæ хъуыры бадаг у. Фырхæрд бирæгъæн дæр нæ тайы. Адзал фырхæрдæй дæр æрцæуы. Хорзæн салам ратт, æвзæрæн та йæ гуыбын бафсад. Цæлгур цæф ары. Хæрдæн æгъдау хъæуы.
22
Арахъхъ, дам, лæгæн афтæ загъта: «Кæд иу баназай,уæд ды зоныс, кæд дыууæ баназай, уæд та – æз!» Акъул æй кæн, æмæ дæ акъул кæна! Сау расыг сси. Чермены цæссыгæй та фæхъæстæ. Нозт зонд сафы. Арахъхъ лæгæн йæ сусæг ныхæстæ къахы.
23
УЫРЫССАГ ÆМБИСÆНДТÆ: Брюхо не мешок, взапас не поешь. На век не наешься Брюхо – глухо: словом не уймешь(что ни говори, а корми). Брюху не скука, когда есть мяса штука. Много есть – не велика честь.
24
Много пить – добру не быть. Бывает иногда от рюмки водки и до могилы путь короткий. Муж пьет – полдома горит, жена пьет – весь дом горит. Не жаль вина, жаль ума. Много вина пить – беде быть.
25
АНГЛИСАГ ÆМБИСОНД: От обжорства гибнет больше людей,чем от меча.
26
27
3. Фырхæрды кой ис суанг Библийы дæр. Семь смертных грехов: 1. Лень( безделье, унынье, апатия). 2. Чревоугодие (обжорство). 3. Гнев (злость, месть, ярость). 4. Алчность(жадность, скупость). 5. Зависть (ревность) 6. Гордыня (высокомерие, гордость). 7. Похоть (сладострастие,блуд,распутство)
28
4. Коцойты Арсены карикатурæтæ равдисын Малхаз хистмæ фæцæуы. Малхаз хистæй рацыди. Къутæрджыны устытæ сабатизæрмæ фæцæуынц. Къутæрджыны устытæ сабатизæрæй раздæхтыс- ты.
29
5. Текстимæ куыст. Ссарын тексты: а) Хистмæ цæугæйæ сæхи куыд цæттæ кæнынц Фæхтыхъо æмæ Дзæрнахъо? ё) Сæхи куыд дарынц хисты?
30
6. Хетæгкаты Къоста «Особа»-йы бæлвырд æрфыста æгъдау – хистæн фæстаг хъуг æргæвдын. « … Поминки устраиваются довольно часто и настолько роскошно, что иногда приводят к разорению. Зарезать, например, в один день до 30 голов рогатого скота,до 150 баранов, сварить 500 ведер пива и до 100 ведер араки,испечь до 3000 пшеничных хлебов было нелегко в Нарской котловине. Однако некоторые фамилии не задумы- вались над этим.»
31
7. Фарст: Абоны бон та куыд кæнынц хист ирон адæм?
32
8. Æркæсæм – ма уацмысы æвзагмæ. Цавæр аивгæнæн мадзæлттæ дзы ис? Ссарут – ма дзы синонимтæ, антонимтæ, фразеологизмтæ.
33
Сырх, тугбадт – синонимтæ. Цотджын, æнæцот –антонимтæ. Сабыргай, тагъд – антонимтæ. Мæрдырох бахæцыд – ферох (фраз-м). Уацилла йæ рæхысæй куы ныццæвид – амарид (фраз-м) Къæбæрдзых не скодтам – æххормаг (фраз-м)
34
9. Уыцы иу предметæн, архайдæн арæх зæгъæн вæййы дыууæ кæнæ фылдæр дзырдтæй – синонимтæй. Хæс: Бафæлварут–ма ссарын синонимтæ мивдисджытæ хæрын æмæ нуазын –мæ.
35
Хæрын – æмпулын,ссæндын,æфтъæрын, æвгæнын, æвдæрзын, ныхъуы- рын, пирын, къæмс кæнын, аууилын, аходын, æхсынын, ацæл кæнын, ацъæм-цъæм кæнын адзыхыдзаг кæнын, афсадын.
36
Нуазын –æнцъухын, къупп кæнын,æрцы- мын, ахус кæнын, ахуыллупп кæнын, ныххырхын, ахъуыртт кæнын, цъырын, ахуыпп кæнын, ахуыскъ кæнын. бынæй рухс суадзын.
37
- Дзургæ ныхасы стилы дзырдтæ (æвдисынц дзурæджы ахаст, цæуыл дзырдæуы,кæмæ дзырдæуы, уымæ).
38
ФАРСТ:Куыд уæм кæсы,цæуылдзу- рæг сты нæ «хъайтарты» нæмттæ?
39
ФÆХТЫХЪО – Фæхт (Хъæды лыггаг,арф къахт, дзæрнайаг хойы- нæн. Цæмæй фæхт байдзаг уа, уый тыххæй дзы бирæ хойын хъæуы.
40
ДЗÆРНАХЪО–Дзæрна (Ирон хæринаг мæнæуы кæнæ нартхоры фых нæмгуытæй). Цæмæй дзæрнайæ баф- сæдай,уый тыххæй дзы бахæрын хъæуы бирæ.
41
10. Хатдзæгтæ скæнын. ФАРСТ: Цæуыл дзырдтам урочы,уы- мæй цавæр зонд райстат уæхицæн?
42
ФАРСТ:Куыд уæм кæсы,эпигрæфы хъуыды райхæлдтам абон? Бахордтой се’гъдау, сæ кад?
43
11.Хæдзармæ куыст. Тексты аивгæнæн мадзæлттæ ссарын.Ныффыссын нывæ- цæн «Цымæ ма абон нæ царды малхазтæ ис?» ФАРСТ: Зæгъут-ма,Малхазтæ гыццыл дамгъæйæ цæмæн ныффыстон, сæрмагонд ном куы у,уæд?
44
ДЗУАПП:Уымæн æмæ Малхаз иу нæу,фæлæ ахæмтæ абон бирæ ис.
45
12. Бæрæггæнæнтæ