7


  • Учителю
  • Сценарий осетинского праздника Джеоргуыба

Сценарий осетинского праздника Джеоргуыба

Автор публикации:
Дата публикации:
Краткое описание:
предварительный просмотр материала

ДЖЕОРГУЫБА

- Мæнæ дæн, мæнæ. Уартæ сæнæфсиры фæстаг пусалтæ ратыдтон.. фæззыгон хæдзары бирæ куыст ис. Фæззыгон иу боны куыст зымæг дары!

- Уæдæ ма нæ куыстыл кыст афтыд. Ныхасы хистæртæ рахастой уынаффæ: бæрæгбоны æрвитæн махмæ кæнæм!

Ус- Уый фæрнæйдзаг хабар у! Нæ фæззæджы бæркад алцæйы фаг дæр у!

Лæг- Цы тыллæджы муртæ ма ис сисинаг, уыдон афснайын хъæуы бæрæгбоны агъоммæ!....

Ус- Мæ цæгатмæ дæр мæ ауайын хъæуы.

Лæг- Аааа. Кæд ма дæ цæгатмæ цæуинаг дæ, уæд февнал, февнал….!

Ус - Адзурон чызджытæм æмæ мæм æфснайынмæ фæкæсой!

Къухæй сæм амоны. Музыкæ. Чызджытæ цыдæртæ æфснайынц зарæг заргæйæ «Фæззæг»

Афснайдтой. Пец авæрдтой. Хæдзары мигæнæнтæ. Даргъ бандон. Рбацыд хæдзары хицау цалдæр лæппуимæ.

1-аг: Уæдæ та ныл бæрæгбон дæр дзæбæхæй æрбамбæлыд.

(иуылдæр иумæ) Табу Хуыцауæн

2-аг дзуры. Иубон, галæргæвдæн хуыцаубоны размæ, Батраз куы саразид лæгæвзарæн хъæзтытæ. Лæппутæй дам цæрдæгдæр чи разына, уый галæргæвдынмæ бауаддзысты.

3-аг: Æмæ дзы цытæ уыд, цытæ?

2-аг Зæгъæм, бæндæн рæвдздæр чи абийдзæн

4-æм: (фæгæпп кодта) Æмæ мæнæй хуыздæр бийын куы ничи зоны!

Хæдзары хицау: Ма та уæхицæй æппæлут! Ама уæдæ уæ æз бавзарон (из-за кулис выносит веревки). Февналут ма.. (Куы фесты, уæд сæм æркаст æмæ дзуры: Мæхи хуызæн ацы куыс ничи кæны, фæлæ мæхи хуызæн кæм и, кæм? (Адæммæ дзуры) Ахæссон сæ. Хæдзары алцы дæр бахъæуы!

Лæппу: Цавæр ерыс ма дзы уыд?

- Кау быйын. Чи дам кау сбийа рæвдздæр, уымæ æрхаудзæн дзыккайæн йæ сойджындæр!

Лæппу:

- Ама уæдæ. Бацархайæм. Æз кау быйын цæуыны разæй базыдтон!

Хæдзары хицау: Хиппæлойы хъус арæхдæр ивазынц. Нæ зоныс æмæ ма дзур

Лæппу: Чи нæ зоны? А сæрæн лæппу айкæй судзин фелвасдзæн, айк та ис чыргъæды, чыргъæд та бæласыл, бæлас та уартæ Хъæриуы хохы цъуппыл…

Хæдзары хицау: Ама уæдæ, ама..

Лæппу: Чи ма мемæ? Февнæлдтайм…

Ерыс райдыдта.

Хæдзары хицау: Уæллæй, тынг цæрдæг стут.. (Адæммæ та дзуры) Адон дæр мæ бахъæудзысты.. фæстейы сæ æрывæрдта.

Чи фæхæрд уый дзуры:

Ама уæдæ къухæйхæцыны ерысы та чи фæфыццаг уыдзæн?

(Кафæг лæппу фæхæрд æмæ йæм иннæ дзуры:

Мæнæ бæрæгбоны фендзынæ, цæрдæг чи у уый. Кафыны фæзмæ иу бæттæнимæ æмæ кауимæ рацæут!

Иннæ: æмæ æз дæуæй æвзæрдæр дæн кафты?

Лæппу: О, чъегърейæн уый тыххæй фæлæгъстæ кæныс, цæмæй дæ кафты ма рахона

Лæппу: Цы загътай? Цæй уæдæ кафыны дæр нæхи бавзарæм, кæддæра уым та чи фæуыдзæн фыццаг?

Кафыны ерыс. Тагъд кæфтытæ.

Хæдзары хицау: Уый цавæр чъылиппытæ сты? Рыгбадæнтæ. Не фсин, рахиз ма. Иу уæздан кафт. Хонгæ.

Æфсин: Ацыдтæн æз, нырма мæ ме ссад балуарын хъæуы..

Æрбадтысты та бандоныл.



Хæдзары хицау: Куыд кæсын, афтæмæй бæрæгбонмæ иууылдæр тынг цæттæ стут, мæнæ цæрдæг лæппутæ.

1-аг: Æмæ куыд нæ уæм цæттæ?

Ирон адæмы кадджындæр æмæ дзаджджындæр бæрæгбæттæй иу у Джеоргуыба!.Фæззæджы фæстаг мæйы æртыккаг хуыцаубоны райдайы æмæ ахæссы къуыри. Хуыцаубоны йæ райдайынц,галтæ чи фергæвды, уыдон. Уыцы бон хонгæ дæр кæнынц Галæргæвдæн хуыцаубон. Къуырисæры изæрæй та вæййы Уастырджимæ кувæн æхсæв, дыккаг хуыцаубоны - Уастырджийыл фæдзæхсæн бон æмæ йæхæдфæстæ къуырисæры изæрæй - Джеоргуыбайы бæрæгбон æрвитæн æхсæв.



2аг:Къуырийы дæргъы ирон адæм фæбадынц бæрæгбоны фынгтыл, сæ кадджын уазджытæ вæййынц, семæ иннæ адæмтæй хæларæй чи цæры, уыдон дæр.

Джеоргуыбайы хæдфæстæ фæуазалтæ кæны, æмæ адæмы'хсæн баззад ахæм ныхас: «Джеоргуыба мын зæгъ, æмæ дын зымæг зæгъон».



3-аг: Джеоргуыба рагон ирон бæрæгбон у. Къуырийы дæргъы иронау кувынц Уастырджимæ, дзурынц, Хуыцауы разæй рараст, къуыри Иры зæххыл зилы, нæ куывдтытæ нын айс, зæгъгæ. Бæрæгбон æрвитæн æхсæв дæр та, Хуыцауы размæ сæ куывдтытимæ, курдиæттимæ,фæндараст кæнынц сыгъзæрин базыр Уастырджийы.

Æрхæццæ та нæм ногæй

Джеоргуыбайы бон

Бæгæныйæ,æрвонгæй

Ыссарæм ын йæ ном



Æртæ чъирийы, кусарт

Мах дзуары бон кæнæм

Сыгъдæг зæрдæйæ кувæм

ÆХХУЫС КÆНÆД ЛÆГÆН!



Нæ амонд нын кæн фидар,

Нæ фыдбылыз нын саф

Нæ Ир куыд уа сæрибар

Гъе уый дæ курæм мах!



Хæдзары хицау: Цæуыт ныр æмæ æрхонут нæ сыхбæсты!

Иууылдæр ацыдысты



Хæдзары хицау: Не фсин! Æрхæццæ бæрæгбоны æрвитæн бон! Дæ чъиритæ цæттæ нæма сты?

Æфсин: Алцы дæр цæттæ у! Ныртæккæ фæдзурон сыхы чызджытæм.



Дзуры сæм.

Фынг æмбырд кæнынц.



Музыка

Хæдзары хицау дзуры хистæрмæ: «Табуафси»



Хистæр кувы.



Хæдзары хицау: Хорз бæрæгбæттæ уыл кæнæд! Алы аз дæр уыл дзæбæхæй æмбæлæд ацы бæрæгбон! Нæ ног фембæлдмæ!











 
 
X

Чтобы скачать данный файл, порекомендуйте его своим друзьям в любой соц. сети.

После этого кнопка ЗАГРУЗКИ станет активной!

Кнопки рекомендации:

загрузить материал