7


  • Учителю
  • Сценарий мероприятия,посвященного Коста Хетагурову

Сценарий мероприятия,посвященного Коста Хетагурову

Автор публикации:
Дата публикации:
Краткое описание:
предварительный просмотр материала

Хетæгкаты Къостайы райгуырды 156 азы бонмæ

равдыст.



1-3 кълæсты ахуырдзаутæн



Нысан : Рæзгæ фæлтæры зæрдæты райгуырæн зæхмæ уарзондзинад гуырын кæнын.

Хæстæ:

1. Хетæгкаты Къостайы цард æмæ сфæлдыстад ахуыр кæнынмæ разæнгард кæнын.

2. Райгуырæн зæххæн кад чи æрхаста, уыцы адæмæй сæрыстыр уæвыныл ахуыр кæнын.

3. Мадæлон æвзагмæ уарзондзинад æвзæрын кæнын.





Оформлени:



Скъоладзауты нывты равдыст . «Къоста - сывæллæтты цæстытæй»

Къостайы нывтæ.



Презентаци «Ды Иры зæд, Нæ кад æмæ нæ намыс…»...

Муз. оформлени: Хъисын фандыры мелодии, «Къостайы зарæг», Зарæг «Зарæм мах дæуыл Къоста!»











Бæрæгбоны райдайæн:





1 амонæг -Уæ бон хорз æмæ уыл хъæлдзæг бонтæ цæуæд! Абон нæ республикæйы адæм бæрæг кæнынц сæ уарзондæр хъæбултæй иу - ХЕТÆГКАТЫ КЪОСТАЙЫ 156 -æм (сæдæ фæндзай æхсæзæм) азы юбилей.



2 амонæг - Мин аст сæдæ фæндзай фарæстæм азы Нары хъæуы Хетæгкаты Леуаны хæдзары райгуырди фидæны Ирыстонæн кад чи æрхæсдзæн, уыцы саби.



1 амонæг - Рацæудзæн къорд азтæ æмæ Ирыстоны зæххыл айхъуысдзæн Къостайы сидт:

«Цæйут,æфсымæртау, раттæм нæ къухтæ,

Абон кæрæдзимæ Иры лæппутæ!»



2 амонæг - Иры уарзондæр поэт, драматург, нывгæнæг, æхсæнадон архайæг абон дæр нæу рох Иры зæххыл. Алы аз дæр Кæфты мæйы фынддæсæм боны ирон адæм фæмысынц Къостайы ном. Æмæ уæ ныртæккæ хонæм цыбыр театралон равдыстмæ: «Къостайы сидзæры бонтæ»







Сценæйы бады зæронд лæг…..Нана кæрты цыдæртæ архайы

Уалынмæ фæзынынц скъоладзаутæ,ныхасгæнгæ.

Дадайы куы ауыдтой, уæд æрлæууыдысты, салам ын дæттынц.



1 скъ.:- Дæ бон хорз, дада!



Дада :- Кæй бон у уый хорзæх уæ уæд, дадайы хуртæ! Кæцæй æрцæут?



2 скъ.: - Скъолайæ, дада, скъолайæ!



Дада : - Мæ уд, уæ фæхъхъау фæуа, æмæ уæ зæрдæмæ цæуы ахуыр кæнын?



3 скъ: - Оооо, тынг, дада, цас ног хабæрттæ базыдтам, уый зоныс!



Дада: - Уый хорз у!......



1 скъ.: - Абон нын ахуыргæнæг ирон номдзыд лæгты тыххæй дзырдта...



Дада: - Æцæгæй?!....Гъама махæн дæр ма истытæ радзурут!)



2 скъ.: - Ирыстоны бирæ кадджын лæгтæ уыдис,фæлæ нын абон Къостайы тыххæй дзырдта! Уымæн æмæ ацы бонты Ирыстоны бæрæг кæнынц Къостайы сæдæ фæндзай æхсæзæм азы юбилей.



Нана :- ( æрбадти дадайы фарсмæ)

- Къоста……Ирон адæмы уарзондæр хъæбул…..



3 скъ.: (дисхуызæй)

- Дада, нана, сымах та йæ цæмæй зонут?



Нана: - Æмæ Ирыстоны йæхи ирон чи хоны, уыдонæй та чи нæ хъуыды кæны Къостайы ном?!



1 скъ.: - Радзурут - ма нын исты Къостайы царды хабæрттæй!



2 скъ.: - Мæнмæ тынг диссаг кæсы иу хабар…



Дада: - Цавæр хабар?



2 скъ.: - Ахуыргæнæг нын афтæ загъта Къостайы райгуырдыл ныр сæдæ фæндзай æхсæз азы рацыди, фæлæ Ирыстоны зæххыл йæ ном рох нæу. Азæй - азмæ ногæй - ногдæр кæнынц йæ æмдзæвгæйы рæнхъытæ. Цымæ цæмæн?



Дада :- Гъе, мæ хуртæ!.. Иуæй-иу адæймаг фæцæры, æмæ иу бæлас дæр нæ ныссадзы йæ номыл. Иннæмæн та, царды уæрæх фæндæгтыл цæугæйæ, баззайы йæ арф фæд. Уалдзыгон хуры тынтау ауды йæ адæмыл.



Нана: - Къоста йæ царды фæстаг бонмæ йæ адæмæн арвы стъалыйау фæндаг амыдта. Мæгуыр адæмы царды рæстдзинадыл тохгæнгæйæ басыгъд. Уымæн у æнæмæлгæ йæ ном.



Дада : - Уый раджы уыд…….Нары комы … Хетæгкаты Леуаны хæдзары райгуырди фидæны номдзыд поэт. Цины хабар айхъуысти æппæт Хетæгкаты мыггагыл. Арфæтæй байдзаг ис бæстæ. Куыд нæ цин кодтаид йæ фыд Леуан, йæ хæдзары бындар фæзынд …..фæлæ…..сæ цин бирæ нæ ахаста….



Нана: -Ноггуырд дунейы рухсæн йæ рæсугъд ахорæнтæ нæма федта, нæма банкъардта йæ алфамбылай æрдзы рæсугъддзинад, нæ бафсæст йæ мады хъæбысы хъармæй, афтæ сидзæрæй аззад.



Сценæмæ рацæуы скъоладзау гуыбианы ролы, йæ къухы саби

(кукла)



Мад: - Сидзæр мæгуыр у! Кæй хъæуы? Чи йæ рæвдаудзæн? Чи йын дæтдзæн ныфс? …..нæ-æ-æ, æнæ мæнæй йын нæй фæцæрæн! Куы ахицæн уон а дунейæ, уæд - иу мæ сидзæры дæр бавæрут мæ фарсмæ! Уæддæр нæ фæцæрдзæн!…



Сценæмæ рацæуы Чендзе, Гуыбиан сывæллоны дæтты Чендземæ, йæхæдæг ацæуы.



Чендзе : - Уый та куыд??? Цардæгас сабийы куыд нывæрон чырыны? Бакæсут ма йæм, йæ сау цæстытæй мæм куыд æдзынæг кæсы. Йæ мидбылты мæм худы, цыма мæм афтæ дзуры: «Мæн цæрын фæнды...» Нæ-æ-æ, уыйбæрц хъару мæм разындзæн! Схъомыл æй кæндзынæн!.. Адæм хорз сты!.. (Сывæллоны йæ хъæбысы ныккæны æмæ ацæуы).





Дада :- Цыдысты азтæ. Къоста рæзыд хъæлдзæг æмæ зæрдæргъæвд сывæллонæй. Ам Нары хъæуы арвыста йæ сабийы бонтæ. Ам акодта фыццаг къахдзæфтæ, фыццаг хатт фехъуыста ирон адæмон зарджытæ æмæ таурæгътæ. Ам йæхи цæстытæй федта мæгуыр æмæ æфхæрд хæххон адæмы уæззау цард æмæ сæ йæ амæлæты бонмæ нæ ферох кодта.



Скъоладзау дзуры Æмдзæвгæ «Чи дæ?»



Мæн иу ус фæхаста

Сывæллон ахуыр

Йæ дзидзи нæ ласта

Мæ дзыхæй мæгуыр…..



Куыд фæрæзта уыййас,

Æппæтæй дæр фаг…

Фæцардтæн æм иу аз,

Фæдæн æм дыккаг…



Фæхъомыл дæн афтæ,

Æдæрсгæ цыдтæн….

Кæм заргæ, кæм кафгæ

Æмбырдтыл зылдтæн.



Нана:- Иухатт Чендзе Къостайæн бацамыдта йæ мады ингæн. Уæдæй фæстæмæ алы бон дæр цыдис уæлмæрдтæм. Хаттæй-хатт - иу афтæ бафæлладис кæуынæй, æмæ-иу йæ мады ингæныл бафынæй.



Ды куы уаис, куыд бирæ йæ уарзис!

Æмбарис дæ фырты зæрдæ.

Тыхмитæ, фыдæй йæ цæргæсау

Ды хъахъхъæнис царды бæргæ.





Нана: - Æцæг у, æви мæнг у, чи ма йæ базондзæн, фæлæ….Цард цæуы æмæ Леуан æрхаста дыккаг ус. Йæ иунæг фырты ракодта йæхимæ. Фыдыус мады рæвдыд стæм хатт бакæны сидзæр сабийæн.





Инсценировкæ :



Гыццыл лæппу Къоста бады зæххыл . къæйдуртыл цыдæртæ ныв кæны



(Чендзе ссæуы донхæссæнæй, ауыдта Къостайы).





Чендзе :-Къоста?

Къоста, мæ лæппу, ам иунæгæй цæмæн бадыс? Бæгъæввадæй, бæгъæмсарæй? Фæрынчын уыдзынæ, мæ лæппу. (Хъæбыс æй кæны)



Къоста: (фæгæпп кодта, ратахт йæ размæ, ныхъхъæбыс ын кодта)

-Гыцци! Цы хъарм къухтæ дын ис. Æвæццæгæн мæхи гыццийæн дæр ахæм къухтæ уыдис.



Чендзе:- Хæдзармæ цæуылнæ цæуыс?



Къоста: -Хæдзармæ? Кæмæ дзы цæуон, исты мæм дзы мæ ныййарæг мад æнхъæлмæ кæсы? Чындзæн та мæ уынд дæр зын у. Исты æфсонæй та мæм хæццæн.



Чендзе:- Цытæ дзурыс, Къоста, уый йæхи афтæ тызмæгæй барæй æвдисы, æндæр дæ уарзгæ нæ кæны?



Къоста: -Нæ мæ уарзы , нæ! Куы мæ фены, уæд йæ уазал цæстæнгасæй ме уæнгтæ ауазал вæййынц, мæ буар базыр-зыр кæны æмæ мæм йæ цуры фæлæууыны бæсты зæххы скъуыды ныххауын фæцæуы. Æмæ уæд ралидзын хæдзарæй ацы къуыбырмæ æмæ мæ хъæлæсы дзаг ныхъхъæр кæнын:



(Æрхауы йæ зонгуытыл йæ къухтæ арвмæ сисы)



- Гыцци, кæм дæ, мæхи гыцци! Акæн мæ дæхимæ. Мæ бон нал у схуыст ныхас хъусын, æппаргæ къæбæр хæрын. Ацы царды бæсты мæлæт хуыздæр у!



Чендзе :-(тарстхуызæй) Цытæ дзурыс уый?! Ныхъхъус у! Ды хъуамæ цæрай! Хуыцау дæ ацы Дунемæ дзæгъæлы нæ рауагъта! Цавæрдæр нысан æвæрд ис дæ размæ æмæ йæ хъуамæ сæххæст кæнай! Ма тыхс, мæ хур, дæ тухæнтæ фæуыдзысты.



Ды нын, Къоста, Стыр лæг суыдзынæ! Стыр лæг! Ирыстон сæрыстыр кæмæй уыдзæн, ахæм лæг!



Нана: - Рацыд бирæ азтæ æмæ Къоста сси Ирыстонæн кад чи рхаста, Иры адæм сæрыстыр кæмæй сты, ахæм лæг!



(Ацæуынц )









Фæйнæгыл: Слайд № 1:

Къостайы цырт ирон театры раз, хъуысы «Къостайы зарæг».



1 скъ.: - Къоста йæ æмдзæвгæйы афтæ фыста…





Скъоладзау дзуры æмдзæвгæ «Зонын».



Зонын æфсæрмæй кæудзыстут

Бавæрдзыстут мын мæ мард…

Рухсаг у, рухсаг, зæгъдзыстут,

Ницæмæн уал уыд дæ цард.



Иу бон æгъгъæд у мысынæн,

Иубон кæндзыстут мæ дзырд,

Уыйфастæ ферох уыдзынæн

Ничиуал зондзæн мæ цырт…



Фæлæ ам раст раст нæ разынд!





1 скъ.: - Абон мах, ныры фæсивæды, тынг фæнды æмæ зæрдиагæй архайæм, цæмæй Къостайы ном ма уа рох Ирыстоны зæххыл!





2 скъ.: - Мах тынг фæнды, цæмæй фидæны суæм Ирыстонæн кад чи хæссы, уыцы фæсивæды æмрæнхъ! Æмæ нæ хъысмæт кæдæмдæриддæр куы ахæсса, уæддæр ма ферох кæнæм не взаг, не гъдау, нæ фыдæлты рæсугъд æгъдæуттæ, нæ кадджын хистæрты.



Дада :- Уæ фæндтæ уæ къухты бафтæнт, мæ хуртæ!



Нана:- Рæствæндаг ут, кæддæриддæр!



Скъоладзаутæ:- Бузныг, дада! Бузныг, нана!

( Ацæуынц сценæйæ)









Дарддæр сывæллæттæ кæсынц цыбыр презентацимæ - «Ды Иры зæд, Нæ кад æмæ нæ намыс…».









Кæронбæттæны зарæг «Зарæм мах дæуыл, Къоста!»



Зарæм мах дæуыл, Къоста,

Буц кæнæм дæ ном.

Ды «Ирон фæндыр» фыстай,

Бастай Ир æнгом!



Базард:

Хæхтæ æмæ рухс быдыртæ

Цардыл цин кæнынц.

Симды кафты райгæ мыртæ,

Рухс хурмæ зынынц.



Ды куы дæ нæ цин, нæ кад,

Демæ мах цæуæм.

Фарны рухс æмæ бæркад,

Зæрдæйы хæссæм.





Кафт - Хъуыбадыйы мелодимæ хонгæ кафт.

Фæстæг слайд : сывæллæтты къам. Къостайы ингæны раз ирон аргъуаны кæрты дзурынц æмдзæвгæтæ.



Сценæйы скъоладзау дзуры æмдзæвгæ



Цæудзысты азтæ,

Ивдзысты фæлтæртæ,

Æнусты ивдзæнис æнус.

Фæлæ уæддæр Къостайы дзырды зæлтæ

Ирон зæххыл сымах уыдзыстут буц.





















































 
 
X

Чтобы скачать данный файл, порекомендуйте его своим друзьям в любой соц. сети.

После этого кнопка ЗАГРУЗКИ станет активной!

Кнопки рекомендации:

загрузить материал