7


  • Учителю
  • Тематическое планирование по осетинскому чтению в 4 классе

Тематическое планирование по осетинскому чтению в 4 классе

Автор публикации:
Дата публикации:
Краткое описание:
предварительный просмотр материала

Ахуырадон программæ

ирон литературон кæсынадæй


4 кълас


Æмбарынгæнæн фыстæг


Ирæттæ сæ рæвзæрдæй фæстæмæ аудынц сæ мадæлон æвзагыл, уымæн æмæ æмбарынц: цалынмæ æвзаг цæра, уæдмæ фидар уыдзæн национ культурæ, национ хиæмбарынад.

Ног (дыккаг фæлтæры) стандартты домæнтæ сты, цæмæй Уæрæсейы цæрæг алы адæмæн дæр йе ΄взаджы кад се ΄хсæн бæрзонддæр ист æрцæуа, цæхгæр фæхуыздæр уа йæ ахуыр кæныны хъуыддаг. Уыцы хæстæ та æххæст кæны райдайæн скъола.

Райдайæн скъолайы бындур æвæрд æрцæуы сывæллæтты алывæрсыг рæзтæн.

Уымæ гæсгæ ирон æвзаг ахуыр кæныны хъуыддаг арæзт у ахæм нысан æмæ хæстæ сæххæст кæнынмæ:

- хъуамæ сывæллæттæ сæ кæрæдзимæ иронау дзурын сахуыр уой. Уый тыххæй та хъæуы фидар фæлтæрддзинад кæсын, фыссын æмæ хъуыды кæнынæй;

- иумæйаг ахуырадон зонындзинæдтæ бæрзонддæр кæнын; ныхасы рæзтыл кусын; фылдæр базонынмæ æмæ интеллект уæрæхдæр кæнынмæ тырнын;

- мадæлон æвзаджы фæрцы сывæллоны алывæрсыгæй хъомыл кæнын;

- хъазты хуызы сывæллæтты эмоционалон уавæр рæзын кæнын;

- зонындзинæдтæ фылдæр кæнынмæ тырнындзинад рæзын кæнын.

Куыд зонæм, афтæмæй æппæтæй хуыздæр фадат уыцы нысантæ сæххæст кæнынæн ис кæсыны урокты.

Кæсыны урокты хъæздыгдæр æмæ рæсугъддæр кæнынц сабиты миддуне, ахъаз сын сты сæ эстетикон рæзтæн, æвзæрын сæм кæнынц алыхуызон бæллицаг æнкъарæнтæ. Ахуыр сæ кæнынц Райгуырæн бæстæ уарзын, æрдзы рæсугъддзинад æмбарын, хистæрæн, ныййарæгæн кад кæнын, фæллой уарзын æмæ а.д. Иудзырдæй сæ алывæрсыгæй хъомыл кæнынц. Хъомыл кæнын та, В.Г. Белинскийы загъдау, цытджын хъуыддаг у, адæймаджы хъысмæт уымæй аразгæ у.

Литературон кæсынад сабитæн æнкъарын кæны нывæфтыд ныхасы ад, йæ аивдзинад, амоны йын ныв æмæ фæлгонц уынын. Райдайæн кълæсты литературон кæсынадæн йæ сæйраг нысан у скъоладзауты раст æмæ æмбаргæ кæсыныл сахуыр кæнын.

Программæ домы, цæмæй скъоладзаутæ базоной тексты сæйрагдæр цы у, уый рахицæн кæнын, уацмысы мидис хи ныхæстæй радзурын, дзырдты нысаниуæг зонын, текстæн йæ аивадон æууæлтæ рахатын, сахуыр уой хъуыды кæнын, рæза сæ аивадон æнкъарынад, цымыдис æмæ разæнгард кæной чиныг кæсынмæ.

Программæйы домæнтæ куыд æмбæрст æрцыдысты, æмæ цы фæстиуджытæ хъуамæ раттой, уый номхыгъд.


1-аг хай «Ныхасы æмæ кæсыны архайды хуызтæ»:


Рауагъдон сахуыр уыдзæн:

- чиныджы ахадындзинад æмбарын, йæ дарддæры царды йын цы пайда уыдзæн, уый зонын;

- алы хуызы текстты мидис æмбарын, архайджыты æмæ тексты сæйраг хъуыды иртасын, уацмысы мидисмæ гæсгæ фæрстытæн дзуапп дæттын, бакаст уацмыс кæнæ аивадон текстмæ фæстытæ дæттын;

- авторы текст кæнæ лæвæрд темæйæ монологон ныхас аразын;

- диалогон ныхасы архайын, этикеты нормæтæ хынцгæйæ;

- дзырдимæ кусын (комкоммæ æмæ ахæсгæ нысаниуæг иртасын, дзырды бирæнысаниуæгад);

- хъæрæй æмæ хинымæр æмбаргæ каст кæнын;

- геройы удварны хорздзинæдтæй хайджын уæвын;

- алыхуызы тексттæн хуымæтæг хыузы анализ кæнын;

- бакаст уацмысы мидис хиныхæстæй дзурын;

- коллективон æгъдауæй бакаст уацмысæн анализ кæнын, хи цæстæнгас дзы фидар кæнын;

- лæвæрд фæткмæ гæсгæ литературон уацмысæн цыбыр аннотации аразын (автор, чиныджы ном, темæ, рекомендацитæ йæ бæкæсынмæ).


2- аг хай «Сфæлдыстадон архайд»


Рауагъдон сахуыр уыдзæн:

- литературон уацмыс рольтæм гæсгæ кæсын;

- деформацигонд текстимæ кусын;

- аивадон уацмысы бындурыл кæнæ нывмæ гæсгæ текст саразын;

- уацмысы мидисмæ диафильм кæнæ иллюстрацитæ аразын;

- къордты кусын, уацмыстæм сценаритæ, проекттæ аразын4

- изложенийы алы хуызтæ фыссын.


3-аг хай «Литературон пропедевтика»


Рауагъдон сахуыр уыдзæн:

- алыхуызы тексттæн элементарон анализ кæнын, кæрæдзиимæ сæ барын æмæ ныхмæ æвæрын;

- прозаикон æмæ поэтикон текст кæрæдзийæ иртасын»

- фольклоры алыхуызты хицæндзинæдтæ иртасын»


Дæнцæг

Текст кæсынмæ

АРВЫ ДИДИНДЖЫТÆ


Арвыл стъалытæ судзынц. Уыдон стъалытæ не сты, сырх дидинджытæ сты. Кæддæр сæ мæ дада ныссагъта, цæмæй мын арв уа рæсугъддæр, райдзастдæр.

Арвы стъалытæ дидинджытæ дæр не сты. Уыдон нæртон адæмы артдзæстæй фæхауæг цæхæртæ сты. Кæддæр,дам, сæ Æрфæн æрæмбырд кодта. Йæ голладжы сæ нывгæдта æмæ сæ йе ΄ккойы сæхимæ фæцæйхаста. Голладжы бын басыгъд, æмæ цæхæртæ фæндагыл фæкалдысты. Йæ фæд абон дæр ма бæрæг дары. Хуыйны Æрфæны фæд. Иу изæр дæ цæст арвыл ахæсс æмæ йæ дæхæдæг фендзынæ.

Куы байрæзон, уæд арвмæ стæхдзынæн. Æз дæр дзы мæ дадайау ныссадздзынæн æндæр дидинджытæ. Адæймаг кæй нæма зоны, ахæмтæ. Уыдон хæсдзысты æппæт адæмæн дæр циндзинад, уыдзысты æрдзау æнусон. Нæмттæ дæр сыл сæвæрдзынæн мæхæдæг: Тых, Ныфс, Ǽгъдау, Ǽфсарм Уардзондзинад…

Ныр та уал судзут, арвы дидинджытæ!

Айларты Ч.

1-аг хай «Ныхасы æмæ кæсыны архайды хуызтæ»:

Хæслæвæрдтæ текстмæ(бындурон æмвæзад):

Зонын: алыхуызы текстты спецификæ иртасын

Бакæс æмæ фæрстытæн дзуапп ратт.

Базон тексты хуыз. Раст дзуапп фæбæрæг кæн.(+)

  1. наукон-популярон

  2. ахуырадон

  3. аивадон

Дæ дзуапп бамбарын кæн(цы дзуапп равзæрстай, уыцы хуызы тексты миниуджытæй иу ныффысс)

Дзуапп ____________________________________________________

Уæлæмхасæн хæслæвæрдтæ(уæлдæр æмвæзад):

Дæ дзуапп фæбæлвырддæр кæн, тексты сæйрагдæр миниуджытæй æртæ ранымай

1) ___________________________________________________________

2) ___________________________________________________________

3) ___________________________________________________________

Зонын: тексты сæйраг хъуыды æмбарын, уамысы мидисмæ гæсгæ фæрстытæн дзуапп дæттын зонын, уамысы цауты фæд - фæдыл æвæрд иртасын


Хæслæвæрдтæ(бындурон æмвæзад).

1.Текстæн æндæр сæргонд æрхъуыды кæн

Дзуапп: ___________________________________________________

2. Текстæй рафысс Ǽрфæн йæ голладжы стъалытæ сæхимæ кæм фæцæйхаста, уыцы хъуыдыйад

3. Хъуыдыйæдтæ тексты цаутæм гæсгæ фæд-фæдыл равæр. Фыццаг хъуыдыйад бæрæггонд цæуы.

1. Арвы стъалытæ дидинджытæ дæр не сты.

2. Йæ голладжы сæ нывгæдта æмæ сæ йе΄ккойы сæхимæ фæцæйхаста.

3. Кæддæр,дам, сæ Æрфæн æрæмбырд кодта.

4. Уыдон нæртон адæмы артдзæстæй фæхауæг цæхæртæ сты.

5. Иу изæр дæ цæст арвыл ахæсс æмæ йæ дæхæдæг фендзынæ.

6.Голладжы бын басыгъд, æмæ цæхæртæ фæндагыл фæкалдысты.

7. Йæ фæд абон дæр ма бæрæг дары.

8. Хуыйны Æрфæны фæд.

9. Йæ голладжы сæ нывгæдта æмæ сæ йе ΄ккойы сæхимæ фæцæйхаста.


Уæлæмхасæн хæслæвæрдтæ(уæлдæр æмвæзад)

1.Текст æртæ хайыл адих кæн æмæ сын сæргæндтæ ратт.

Дзуапп:

1-аг хай _____________________________________________________

2-аг хай _____________________________________________________

3-аг хай _____________________________________________________


2. Уацмысы хъайтар æрвон дидинджытыл цавæр нæмттæ сæвæрынмæ хъавы, уый тыххæй цы хъуыдыйады ныхас цæуы, уый фæбæрæг кæн(+) æмæ сын сæ нысаниуджыты тыххæй радзур.


3. Нæртон адæмы тыххæй кæм дзырдæуы, уыцы абзац фæбæрæг кæн (+).

1) Арвыл стъалытæ судзынц.

2) Арвы стъалытæ дидинджытæ дæр не сты.

3) Куы байрæзон, уæд арвмæ стæхдзынæн.

4) Ныр та уал судзут, арвы дидинджытæ!


2- аг хай «Сфæлдыстадон архайд»


Æнхъæлмæ кæсæм ахæм фæстиуджытæм: литературон уацмыстæ рольтæм гæсгæ кæсын зонын.

Зонинæгтæ:

-автор æмæ геройты ныхæстæ тексты агурын зонын;

-геройы характер кæм раргом вæййы, уыцы скъуыддзаг интонацимæ гæсгæ æмбарын æмæ йæ раст хъæлæсы уагæй кæсын зонын.


Дæнцæгон хæслæвæрдтæ

Зонинаг: автор æмæ геройты ныхæстæ тексты агурын зонын.


Бындурон æмвæзады хæслæвæрдтæ

Текст бакæс дыккаг абзацæй кæронмæ. Ссар дзы хъæрон хъуыдыйад. Бацæттæ йæ кæн аив монологон раныхас кæнынмæ.

Зонинаг: текстыл æнцойгæнгæйæ сбæрæг кæн автор геройы удысконд цавæр интонацийы фæрцы равдыста. Уыцы интонаци равдис.


Бындурон æмвæзады хæслæвæрдтæ

Бакæс Айларты Чермены радзырдæй скъуыддзаг

Куы байрæзон, уæд арвмæ стæхдзынæн. Æз дæр дзы мæ дадайау ныссадздзынæн æндæр дидинджытæ. Адæймаг кæй нæма зоны, ахæмтæ. Уыдон хæсдзысты æппæт адæмæн дæр циндзинад, уыдзысты æрдзау æнусон.

Хинымæр æй аив бакæс. Ссар, скъуыддзаг цы интонацийæ кæсгæ у, уый кæцы хъуыдыйады рабæрæг ис.


3-аг хай «Литературон пропедевтика»


Æнхъæлмæ кæсæм ахæм фæстиуджытæм: текстæн хуымæтæг анализ кæнын. Дыууæ-æртæ сæйраг миниуæджы дзы æрфысс.


Зонинаг: литературон уацмысы жанр бæрæг кæнын зонын

литературон уацмысы темæ бæрæг кæнын зонын

жанр, темæ, автормæ гæсгæ, уацмыс кæдæм ис ахæссæн, уый бæрæг кæнын.


Дæнцæгон хæслæвæрдтæ (бындурон æмвæзад)

Куыд схонæн ис ацы текстæн? Дзуапп фæбæрæг кæн(+)

Аргъау ( ) Радзырд( )

Ǽмдзæвгæ( ) Басня ( )


Уæлдæр æмвæзад

Рацыд æрмæгæй ацы радзырды жанрмæ чи хауы иу ахæм уацмыс дæ зæрдыл æрлæууын кæн æмæ йæ ныффысс.


Дзуапп _______________________________________________

1 модуль. Сæрды тыххæй мысинæгтæ

1 темæ. Найынмæ. Плиты Харитон

2 темæ. Зæрватыччы ахстон. Хъантемыраты Кларӕ

3 темæ. Абеты куывд. Хъодзаты Ӕхсар

4 темæ. Хъӕддаг бабызы лæппын. Дзасохты Музафер

5 темæ. Фӕсмон. Ситохаты Саламджери

6 темæ. Хинӕйдзаг уызын. Нывмæ гæсгæ куыст

7 темæ. Сой къӕвда. Цырыхаты Михал

8 темæ. Куысыфтӕг ӕмӕ Дурын. Аргъау. Коцойты Арсен

2 модуль. Фæззæг

1 темæ. Фӕззӕджы нывтӕй. Кочысаты Мухарбег

2 темæ. Хърихъупп Бипп-бипп. Скъуыддзаг. Мамсыраты Дӕбе

3 темæ. Тута бæлас. Цæрукъаты Алыксандр

4 темæ. Фӕсмон. Нывмӕ гӕсгӕ куыст

5 темæ. Къӕлиндар куыд фӕзынд. Сиукъаты Никъала

6 темæ. Бӕркадхон. Айларты Чермен

7 темæ. Бӕркадджын фӕззӕг. Цӕрукъаты Алыксандр

3 модуль. Царды бындур - фæллой кæнын

1 темæ. Фӕллойы зарӕг. Хацырты Сергей

2 темæ. Хӕххон бӕлццон. Айларты Чермен

3 темæ. Фыййауы бӕллиц - нард фосы дзуг

4 темæ. Арвы дидинджытӕ. Айларты Чермен

5 темæ. Цъырцъыраг. Чеджемты Ӕхсар

6 темæ. Мӕкъуылтӕ фервӕзын кодта. Дзесты Куыдзӕг

7 темæ. Зондджын тӕрхъус. Нывмæ гæсгæ куыст

8 темæ. Тегайы бӕлас. Дзесты Куыдзӕг

9 темæ. Цӕмӕ бӕллы бӕлццон. Джыккайты Шамил

10 темæ. Рӕсугъддӕр кӕй къухтӕ сты? И н д и й а г а р г ъ а у

11 темæ. Сауцъиу æмæ ӕхсыргур. Чеджемты Геор

12 темæ. Историйы урок. Уалыты Лаврент

13 темæ. Чи сæ растдæр у? Дауыраты Харитон

14 темæ. Аквариум. Боситы Ирбег

15 темæ. Нӕ уыд кӕстӕрӕн хистӕры цур бадӕн... Мыртазты Барис

16 темæ. Ахболы зæрдæ хъæлдзæг у. Скъуыддзаг повесть «Гайтойы хæлар»-æй. Цӕрукъаты Валодя

17 темæ. Æмбаргæ куыдз. Боситы Ирбег

18 темæ. Сидзæр байраг. Хъӕрджынты Симӕ

19 темæ. Цæхæрадоны. Баситы Мысост

4 модуль. Ирон адæмы ивгъуыд дуджы цардæй

1 темæ. Фæдзæхст. Хъайтыхъты Азӕмӕт

2 темæ. Мӕгуыры зӕрдӕ. Хетӕгкаты Къоста

3 темæ. Рагон мӕсыг. Айларты Измаил

4 темæ. Таурӕгъ

5 темæ. Уӕййаг сывӕллӕттӕ. Скъуыддзаг «Саударæг ус»-æй Гӕдиаты Секъа

6 темæ. Къоста Херсоны. Кочысаты Мухарбег

7 темæ. Къостайӕн. Гулуты Андрей

5 модуль. Адæмон дзургæ сфæлдыстад

1 темæ. Цы хонӕм адӕмон сфӕлдыстад

2 темæ.Нæхи дада. Икъаты Владимир

3 темæ. Нарты Уырызмæг

4 темæ. Зæронд Уырызмӕджы фосы конд

5 темæ. Созырыхъойы ӕртӕ сыгъзӕрин нуазæны

6 темæ. Нартыл фыддуг куыд скодта

7 темæ. Нарты Сослан - тыхагурæг

8 темæ. Сырдон уӕйгуыты куыд асайдта

9 темæ. Сырдон тӕрхон куыд кодта

10 темæ. Сырдоны таурӕгъ

11 темæ. Батрадз Нарты гуыппырсарты куыд фервӕзын кодта Дзерассæ-рæсугъды

12 темæ. Даредзанты Амран æмæ Пакъуындзæ

13 темæ. Ӕртӕ хӕзнайы. Аргъау

14 темæ. Фæныкгуыз. Аргъау

15 темæ. Амондджын хӕрӕг. аргъау

16 темæ. Уызын æмæ паддзах. Аргъау

17 темæ. Мады зæрдæ. Лæгæндæ

18 темæ. Нӕртон симды зарæг

19 темæ. Кӕхцы зарӕг

20 темæ. Плиты Иссӕйы зарӕг

6 модуль. Зымæг

1 темæ. Зымӕгон хъӕзтытӕ. Нывмæ гæсгæ куыст

2 темæ. Ногбон алы бæстæты

3 темæ. Куырм бӕх. К. Д. Ушинский

4 темæ. Базон, цал сахаты уыдзӕн. Нывмæ гæсгæ куыст

5 темæ. Рувас бирæгъы куыд фæсайдта. Нывмæ гæсгæ куыст

7 модуль. Фыдыбæстæйы Стыр хæст Райгуырæн бæстæйы сæраппонд

1 темæ. Кард. Калоты Хазби

2 темæ. Хӕстон постхæссæджы хызын. Радзырд фыстæджытæй. Хъайттаты Сергей

3 темæ. Мад. Гаджиты Георги

4 темæ. Азизы иӕ федтай? Чеджемты Геор

5 темæ. Фарны артдзӕст у мӕ бӕстӕ. Джыккайты Шамил

6 темæ. Доййаты Давид

7 темæ. Цы сусӕг кодта Днестры дон? Мамсыраты Мурат

8 темæ. Боныцъӕхтыл зындзынӕн. Скъуыддзаг. Цӕрукъаты Валодя

9 темæ. Хърихъуппытæ. Расул Гамзатов, (ирон æвзагмæ йæ ратæлмац кодта

Тыджыты Юри)


10 темæ. Мӕ лӕппу уыд уый... Хъайттаты Сергей

11 темæ. Уӕрӕда. Таурæгъ. Агъниан (Цӕрукъаты Дзугка)

8 модуль. Уалдзæг

1 темæ. Уалдзӕг. Кочысаты Мухарбег

2 темæ. Арӕнхъахъхъӕнӕг. Нывмæ гæсгæ куыст

3 темæ. Хурты хуртӕ. Дзасохты Музафер

4 темæ. Ӕцӕг уалдзӕг. Тохты Иван

5 темæ. Уалдзӕг. Дзасохты Музафер

6 темæ. Хъусой. Коцойты Арсен

7 темæ. Боныхъӕд цавӕр уыдзӕн, уымӕн ис рагацау базонӕн. Сиукъаты

Никъала

8 темæ. Мӕнмӕ ис иу бӕллиц... Цӕрукъаты Алыксандр

9 темæ. Чи хуыздӕр радзурдзӕн. Нывмæ гæсгæ куыст

10 темæ. Адджын сыхаг. Ситохаты Саламджери

11 темæ. Хӕс. Цырыхаты Михал

12 темæ. Буармӕ куыд зилын хъӕуы?

13 темæ. Боны фӕтк - ӕнӕниздзинады хос

Тематикон пълан 4 -æм къл.

Ныхасы темæ

Сахæты дих

Тексты сæргонд

Æнцойгæнæн дзырдтæ æмæ дзырдбæстытæ

Хъомыладон куыст

Практикон куысты хуызтæ

Уæлæмхасæн æрмæг, хибарæй куыст

Чиныг æмæ ахуырад

1

  1. Ахуыргæнæгæн йæхи æвзæрст текстæй беседæ

Чиныджы нысаниуæг адæймаджы царды, райдайæн бындур рæсугъд цард, зындгонд адæймаг.

Ахуыры стыр нысаниуæг адæймаджы царды.

  1. Беседæ

  2. Цæстуынгæ æрмæг зындгонд адæмты тыххæй

  3. Дзырдтон куыст: чиныг, ахуырад (сæ рæвзæрд)

Фыццаг ирон чиныджы тыххæй æрмæг

Сæрды тыххæй мысинæгтæ

2

  1. Плиты Х. «Найынмæ»

Хъантемыраты К. «Зæрватыкк ахста»

Райы бæстæ, судзынц хъарм хурмæ сæхи, зæрватыччы лæппын, сидзæр цъиутæ, рæвдауæн ныхæстæ, зæрватыччытæ зилдух кодтой, салам лæвæрдтой.

Æрдзы рæсугъддзинад сæрды. Тæхгæ цъиутæ цард. Тæригъæддзинады æнкъарæнтæ æвзæрын кæнын.

  1. Æмдзæвгæйы сæйраг хъуыды æмæ æнцойгæнæн дзырдтæ сбæрæг кæнын.

  2. Радзырдв архайджытæ -сабийæ зæрватыччы лæппынты тыххæй сæ экскурсии фæстæдæрмæ аргъæвтой (тæригъæды æнкъарæнтæ гуырын кæныл бсеседæ).


«Цавæртæ сты скъоладзауты хæстæ?»

«Абеты куывд»

Фæззæг

6

  1. Нывмæ гæсгæ куыст. Æмдз. «Фæззæджы нывтæ» (Кочисаты М.)

Бон фæллад хуызæй кæсы, Æрдз фæбæгънæг, мæргътæ атахтысты, халас, булæмæргъ ныхъхъус, бæрæчет, хъæлдзæг цард.

Иуæрдыгæй - æрдзы уазал æмæ фæллад хуыз, иннæрдыгæ-сой, бæркад. Фæззыгон ивддзинæдтæм сабиты хъус æрдарын.

Нывмæ гæсгæ радзырд æмдзæвгæйы алгоритм, дзырдуатон куыст, уæлæмхасæн цæстуынгæ æрмæг, музыкæмæ байхъуысын.

Фæззыгон æрдзы тыххæй радзырд æрхъуыды кæнын

  1. Мамсыраты Д. «Хърихъупп Бипп - бипп»

Хъарм бæстæ хърихъуппытæ ирвæзынгæнджытæ

Цæрæгойтæм, тæхгæ цъиутæм уарзондзинад гуырын кæнын, тæригъæд сын кæнын, бахъуаджы замон сын æххуыс кæнын.

Радзырд кæсын, хи ныхæстæй дзурын, æнцойгæнæн дзырдтыл кусын. Фысгæ куыст.

Сывæллæттæн йæхæдæг чи куыд æмæ кæд баххуыс кодта цæрæгойтæн?

  1. Нывмæ гæсгæ куыст. («Фæсмон»). Æмдз. «Æрра фыййау». Хетак. Къ.

Скъоладзау, цæхæрадон, бæласы къалиу æрсасти, фæткъуытæ, фæсмон. Æрра фыййау, хохы цъуппæй, мигъ, пуртийы зыввытт.

Фæззæджы миниуджытæм, йæ рæсугъд æмæ бæркадмæ фæллой цы бар дары, уый амонын

Радзырд æрхъуыды кæнын нывмæ гæсгæ. Æмдз. Кæсын, йæ миди сын баммбарын кæнын.

Цæуылнæ хъæуы сонт митæ æмæ æнæрхъуыды хъуыддæгтæ кæнын?

6.Къæлиндар куыд фæзынди. Слукъ. Н.

Къæлиндар, стыр дарддзæгтæ, афæдз, Нилы цæугæдон, Египеты паддзæхад, афæдзгай нымадмæ хизын.

Къæлиндары нысаниуæг адæймаджы царды. Нилы раивылд æмæ Сириусы фæзынды тыххæй бæстондæр радзурын.

Æмбаргæ каст. Сабитæн, мæйты нæмттæ ирон афтæ цæмæн хуыйнынц, уый тыххæй хуымæтæг зонындзинæдтæ раттын.

Адæмон сфæлдыстадæй темæмæ хæстæг исты таурæгъ бакæст.

7. «Бæркадхон. Айларты Чермен»

Бæркадхон, цæхæрадоны цæрджытæ, фысым.

Бæркад фæллатæ кæй цæуы, уый бамбарын кæнын. Бæркады нысаниуæг.

Радзырд кæсын

Фæззæджы темæйæ сочинении ныффыссын

8.«Бæркадджын фæззæг» Цæрухъ А.

Зæхх, бæркадджын, дзаг уæрдæттæ, хор, быркуыдонтæ, быдыр

Фæззыгон бакуыстæй адæймаджы цард хъæздыг кæй кæны, уый тыххæй аив беседæ саразын

Æмдзæвгæйы мидис бамбарын кæнын Æмбисæндты хъуыдыимæ сæ бабæттын. Æмдзæвгæ наиз. ахуыр кæнын.

Фæззыгон бæкад (сныв кæнын)

Царды бындур фæллой кæнын

16

9.Фæллойы зарæг Хацырты Сергей

Зад хуымтæ, хуры тынтæ, куствæллой, зæххы сой, зад æфсиртæ

Йæ райгуырæн бæстæ чи уарзы, уый йын йæ фæллойæ лæггад кæны.сабиты фæллæй-хорз ахуыр.

Æмдзæвгæ кæсын, анализ ын кæнын. Æнцойгæнæг дзырдтыл куыст. Сæргондимæ куыст.

Аргъау бакæсын

10. Хæххон бæлцон Айларты Ч.

Бæлццон, урссæр хохыл, айнæг, хæххон суадон, куырой, стырдон, хус рæстæг, донхорыг.

Æрмæст коммæгæс æмæ куыстуарзон адæймаг сæххæст кæны йæ бæллиц.

Радзырд бакæсын, хæйттыл æй адих кæнын, йæ миди сын радзурын. Аргъауы хуызæн цæмæй у, уый бацамонын.

Радзырды хъуыдымæ æмбисæнд ссарын, кæнæ æрхъуыды кæнын.

11. Нывмæ гæсгæ излож. ныффысс

«Фыййауы бæллиц нард фосы дзуг»

Чиныджы лæвæрд дзырдбæстытæй спайда кæнын.

Куыстуарзæг фиййауæн йæ фос хæрз каст вæййынц. Æрдзы рæсугъдзинад фиййауы разæнгард кæны фæллой

Раздæр уал нывыл дзургæ радзырд саразын зынæлыбарæн дзырдтыл бакусын. Ахуыргæнæджы æххуысæй пълан саразын.


12. Цъырцъыраг Чеджемты Г.

Сæрд, хъазыд цъырцъыраг, фидæныл нæ кодта мæт, бæркад, мæлдзыг, ыстонг, зымæг.

Сæрдыгон зымæгыл хъуыды кæй хъæуы, уый бамбарын кæнын, цæмæй цъырцъæраджы æмбисонд макæуыл æрцæуа.

Æмдзæвгæ 2 хайыл адих кæнын. 1-аг хайы цъырцъыраджы митæ 2-аг хайæ цæмæй хицæн кæнынц. Æмдзæвгйææн алгоритм саразын.

Адæмон сфæлдыстадæй ахæм æнæбанзонгæ кæй зонынц, уый тыххæй радзурын.

13. Мæкъуылтæ фервæзын кодта Дзесты куыдзæг

Рæгъаугæс, колхозы мæкъуылтæ, скъоладзаутæ, æхсæнады мулк

Æхсæны фæллой хъахъхътæнинаг кæй у, стырзæрдæ йыл кæй нæ хъæуы, бахъуаджы сахат та йæ хъахъхъæнын хъæуы.

Радзырды 1 хайы Азæмæт хорз бæхыл бадæг кæй у, уый сабитæн амбарын кæнын. 2 хайы та къæрцхъус колхозы мæкъуылтæ.

Æмбисæндты хъуыды райхалын

14. Диссаджы чиныг Николай Носов

Уалдзæг, Мишкæ, Коля чиныг, карчъы цъиутæ, бæрæгбон, инкубатор.

Мишкæ æмæ Коля æппынæдзух кусгæ кæм кæнынц, уый руаджы инкубатор куыд сарæзтой æмæ ма иннæ лæппуты дæр цыбæл кодтой фæллоймæ.

Радзырд кæсын, зынæмбарæн дзырдтыл куыст. Радзырдæн кæрон æрхъуыды кæнын æмæ йын æй ие 'цæг кæронимæ абарын.

Ацы радзырды сæргондимæ «Диссаджы чиныг» радзырд æрхъуыды кæнын ирон нæмттимæ.

15. Цæмæ бæллы бæлццон Джыккайты Ш.

Бæлццон, мæйдар æхсæв, ноом, æнус. Æрмæст бæллынæй нæй цæрæн.

Алы адæймаг дæр йæ цард æхсæнады цардæн ныванд кæна, уæд йæ ном æнусмæ баззайдзæн.

«Æнусмæ хорз ном», ацы æнцойгæнæг дзырд бастыл бакусын. «Æрмæст бæллынæй нæй цæрæн»-йæхъуыды йын райкалын.

Æмдзæвгæ зæрдывæрдæй сахуыр кæнын

16. Тегайы бæлас Дзесты К.

Нæзыты рагъ, бæлас, Тега, бæлцæттæ, сывæллæттæ, таурæгъ.

Тегайы фæллойдæрзондзинады тыххæй беседæ саразын. Ахæм адæймæгтæн сæ кой сæ хъуыддæгты куыд баззайы æмæ иннæтæн цы æххуыс вæййы.

Радзырд хайгай æмбаргæ каст бакæнын. Зынæмбарын дзырдтыл бакусын. Радзырды хъуыды æмбисæндтимæ бабæттын.

Таурæгъ æрхъуыды кæнын.

17. Æвдадзы хос.

Фæндаггон, æвдадзы хос, пырындзы хуым, сылгоймаг.

Ивдадзы хос бæлццон цы хуыдта, уый мидис райхалын (Фæллой кæнын)

Аргъау бакæсын, хи ныхæстæй йæ дзурын. Уыци-уыцитæн дзуапп раттын.

Ирон аргъæутты ссарын ацы аргъауы хъуыдымæ хæстæг чи у, ахæм.

18. рæсугъддæр кæй къухтæ сты. (Индиаг аргъау)

Джамнæ -дон, æртæ хъæздыг сылгоймаджы, къухтæ, мæгуыр лæг, зæронд ус.

Адæймагæн æцæг расугъддзинад фæллой кæй дæтты, уый аргъауы архайджыныл равдисын.

Аргъау хи ныхæстæй дзурын, фæрстымæн дзуапп дæттын, æмбисæнтты хъуыдыммæ йæ бæттын.


19. Сауцъиу æмæ æхсыргур. Чеджемты Г.

Æхсыргур, сауцъиу, мыдгæсы кæрт, мыдыбындз.

Кусаг мыдыбындзы хъыдарæг йæхæдæг баййæдта уый бамбарын кæнын.

Анализ скæнын радзырдæн. Фæрстытæн дзуапп дæттын.


II четверть


20. Аквариум. Боситы Ирбег.

Аквариум, ногдзау, кæсæгтæ, авджын хæдзары, Барис

Барисы дæнцæгыл цæрæгйтæм уарзондзинад хъомыл кæнын. Æнæзивæг уæвын куыд хрз у.

Æмдзæвгæ аив бакæсын зæрдывæрдæй йæ сахуыр кæнын

Хæдзарон цæрæгойтæ кæмæ ис, уыдон радзырдта æрхъуыды кæнæн

21. Дада. Ушинский К.Д.

Зæронд дад, фырт æмæ чындз, гыццыл лæппу, ныййарджытæ

Хистæртæн кад кæнын, хорз цæстæй сæм кæсын кæй хъæуы, уый сабитæн амонын

Радзырд кæсын æмæ хи ныхæстæй дзурын æнцойгæнæн дзырдтыл бакусын

Алчи йæхи нана æмæ бабаммæ хæларæй цæры æви нæ? (радзырд).

22. Нæ уыд кæстæрæн хистæры цур бадæн. Муртазты Б.

Кæстæр, хистæрæн лæггæдтæ, салдат, æгъдау

Ирон раппæлинаг æгъдæуттæ хъахъхъæнын

Æмдзæвгæйы сæйраг хъуыды æмбарын кæнын. Æмдзæвгæ аив кæсын, дзырдуатон куыст.


23. Ахболы зæрдæ хъæлдзæг у.

Фыдыбæстæйы стыр хæсты заман, Ахболы фыд, уацхæссæг - æрыгон лæппу, æхсызгон хабæрттæ, æнæном танкист.

Ирон даæмы хъæбатордзинад Фыдыбæстæйы стыр хæсты рæстæг. Ирон лæппу - танкисты сгуыхтдзинад. Ахболы зæрдæ цæмæй барухс?

Æхсарджын танкисты тох немыцаг фашисты ныхмæ - радзырды сæйраг хъуыды. Уыцы хъуыдыйы алыварс ныхас саразын. Радзырд хи ныхæстæй дзурын.

Скъоладзаутæй алчи дæр йæхи хæдзарæй хæсттæ чи ацыд, уый тыххæй радзурæд.

24. Æмбаргæ куыдз. Баситы Ирб.

Æфсæддон хай, цыппар æмбалы, бирæгъ æмбаргæ куыдз, зæрондус, хъæбатыр моряк

Хæсты инвалид морякы сгухтдзинад æмæ йæ куыдзы иузæрдиондзинад.

Радзырд кæсын,йæ сæйраг хъуыды йын сбæрæг кæнын. Дзырдуатон куыст, фæрстытæн дзуапп дæттын.


Ирон адæмы ивгъуыд дуджы цардæй

5 с.

25. Мæгуыры зæрдæ. Хет. Къ.

Зымæг нæ хæхты, уад дзыназы, æрцары мит, хæй кад мæгуыр лæгæн

Къоста - мæгуыр адæмы сæрылхæцæг. Кæд мæгуыр уыдысты адæм, уæддæр сæ зæрдæтæ - хъæлдзæг.

Æмдзæвгæ равзарын æнцойгæнæг дзырдбæстыл куыст «Нæй кад мæгуыр лæгæн йæ куысты» (наизусть).

Æмдзæвгæйы темæ абоны цардимæ абарын (чысыл сочинени).

26. Æцæгæлон бæсты Цæрукъаты А.

Ныййарæг мад, хуыцауæй цы куырдта, фыдæлты зæхх, Иры быдыртæ, фæдзæхста дæ мад, æфсургъ.

Æцæгæлон бæстæмæ артæг адæймаджы бæллиц - Райгуырæн бæстæмæ раздæхын йæ фæдзæхст кæстæртæн-«Фатæх-иу ды Иры быдыртæм»

Æмдзæвгæ кæсын, анализ кæнын, мидис æмбарын. Лит-йы теории-метафорæ, эпитет, аивгæнæг мадзæлттæ

Фыдыбæстæйы тыххæй æмбисæндтæ æркæссын

27. «Уæййаг сывæллæттæ» Гæдиаты С.

фысым, мæрт, цагъартæ, дзæнæтон лæнчытæ, хъисын пæлæз, сæрхъуызæг, хордзен, æрдуйы йас, къуту, уæцайрæгтæ

Радзырд 2 х адих кæн иу урочы 1х. бакусын, иннæйы- 2 хайыл. Мæгуыр адæмы уавæртæ, се 'нæбон цардыл дзурæг бынæттæ кæсын, æмбарын сæ кæнын. Дзырдуатон куыст. Æрдзы æрфыстытæ цæуыл дзурæг сты?

Мæгуырæ æнæбондзинад раджы заманы

Абоны сывæллæтты царды тыххæй сочинении ныффыссын, пъланмæ гæсгæ

28. «Къоста Херсоны» Кочесаты М.

Æхсæв, Херсон, Кавказ, райгуырæн бæстæ, хъæу Нар, мад, мæгуыр адæм, зæрдæ рисы сабиты мæтæй.

Къоста мæт хасты дæр - Ирыстон, мæгуыр адæм. Патриотимæ æнкъарæнтæ гуырын кæнын.

Æмдзæвгæ кæсын, анализ ын кæнын. Зынæмбарæн дзырдтыл куыст. Æмдзæвгæйы сæйраг хъуыды сбæрæг кæнын.


29. «Къостайæн» Гулуты Андрей

«Додой» ныззарыдтæ, бацыдтæ карз тохы, ссардтой мæлæт. Акæс ныр дунемæ, нал нæм ис паддзæхтæ, дзыллæтæ райстой сæ тар.

Къоста цы замæны царди, уый нал ис, адæм æлдæрттимæ тохы кæй фæдæлахиз сты, уый фæрцы. Къоста цы сæрибарыл тох кодта, уый æрцыд.

Æмдзæвгæ бакæсын, йæ хъуыды йын бамбарын. Зæрдывæрдæй йæ сахуыр кæнын.

Æмбисондмæ гæсгæ «Фыдлæг æмæ фыдлæг бирæ нæ хæссынц» дзургæ радзырд саразын.

Адæмон дзургæ сфæлдыстад

22

30. Цы хонæм адæмон сфæлдыстад

Аргъæуттæ, Нарты кадджытæ, Даредзанты таурæгътæ, æмбисæндтæ, адæмон зарджытæ

Адæмон сфæлдыстады сæйраг мидис -адæмон æнусон бæллицтæ сæрибар æмæ æдыхст цардмæ

Адæмон сфæлдыстады сæйраг хуызтæй алкæцыйы тыххæй дæр радзурын. Алчи дæр дзы цы нысан кæны, уый бамбарын кæнын.


31. Нарты Уырызмæг

Хæтæн, Сатана, хъару æмæ зонд сывæллонæй зæронды сæрыл нæу, Уырызмæг æртæ хистæры, Нарты Уарæн, Борæтæ æмæ Сыбыттæ

Уырызмæг-кæддæриддæр цæттæ хæтæны цæуынмæ. Сыбытты Сырхауы лæгдзинад

Кадæг бакæсын, архайджы миниуджытæ бамбарын кæнын фæрстытæн дзуапп дæттын. Текстимæ хæстæг æй хи ныхæстæй дзурын.

Уырызмæджы тыххæй ма æндæр кадæг бакæсын.

32.Зæронд Уырызмæджы фосы конд.

Ныхас, фурды баппарын,Хуыйæндон æлдар,Нарты æрсæдтæ, Нарты хъалфæсивæд

Уырызмæг зæрондæй дæр Нартæн фосы конды фæцис. Хистæрæн кад кæнын хъæуы, æппарын нæ фæлæ.

Кадæг кæсын, зынæмбарæн дзырдтыл куыст, фæрстытæн дзуапп дæттын


33. Созрыхъойы æртæ сызгъæрин нуазæны (2 сах)

Æртæ Нарты, Нарты Созырыхъо, Сырдон, Борæты стыр Чъырын, Нарты Хуыз дæртæ, Сызгъæрин нуауæн,Уæлхæг

Адæймаджы хорз миниуджытæ -Нартон адæмон фæзминаг. Нарт -кадыл мæлæг адæм.

Какдæг 3 хайыл адих кæнын. Алы хай дæр дзы къласы иу къорд хибарæй бакæсæд æмæ йæ хиныхæстæй радзурæд. Æнцой гæнæн дзырдтыл куыст. Фæрстатæн дзуæппытæ дæттын.

Фæйнæ кадæджы хибарæй бакæсын æмæ хи ныхæстæй радзурын

34. Нартыл фыддуаг куыд скодта (2 сах)

Фыддуг, фыдрæстæг, æвддаджы сæрарз кард, хорз фат, авд рæнхъы, Сырдоны хæдзар, Хъазæн фæз, сæгъдзарм, мусанг, хъалон

Созырыхъойы лæгдзинад Нарты фервæзын кæныны тыххæй.

Кадæг бакæсын, йæ сæйраг хъуыды йын бамбарын, хи ныхæстæй йæ дзурын, фæрстытæн дзуапп дæттын.


35. Нарты Сослан тыхагурæг (2 сах)

Зилахары быдыр, нарты Сослан, сгуыхт адæймаг, тыхагур ахæтын, хæххон дзигло

Хиуыл февæрсын хорз нæу. Тыхагур кæддæриддæр састы баззайы.

Сосланы фæлгонцыл æрдзурын. Йæ фæнд раст кæй нæ уыд, уый тыххæй не сæххæст-ацы хъуыды сывæллæттæн бамбарын кæнын.

Сосланы тыххæй æндæр кадæг бакæсын

36. Сырдон уæйгуыты куыд асайдта

Нарт балцы ацыдысты сусæгæй, уæгуытæ, æртæ зынаргъ дзаумайы æрчъиаг, фынг, бæндæн, фат.

Хицæй цæуын хорз нæу. Хинтæ адæймагæн йæхиуыл цæуынц.

Кадæг бакæсын, йæ сæйраг хъуыды йын бамбарын кæнын. Æмбисæндтыл бакусын.


37.Сырдон тæрхон куыд кодта

Сæнах, сис, туг агурын, хæрамдзинад, зынг бахуыссыд

Зондæй фæтых уæвын царды хорз хъуыддаг у. сырдоны зонд æмæ хиндзинад.

Зонæмбарæн дзырдтыл бакусын, хадæг кæсын, хи ныхæстæй дзурын.


10



 
 
X

Чтобы скачать данный файл, порекомендуйте его своим друзьям в любой соц. сети.

После этого кнопка ЗАГРУЗКИ станет активной!

Кнопки рекомендации:

загрузить материал