7


  • Учителю
  • Хорз æмгар зын сахат сбæрæг вæййы 7къл невл

Хорз æмгар зын сахат сбæрæг вæййы 7къл невл

Автор публикации:
Дата публикации:
Краткое описание:
предварительный просмотр материала

Темᴂ: Хорз æмгар зын сахат сбæрæг вæййы


Урочы нысан 1. Скъоладзауты ахуыр кæнын хъусгæ ныхасы сæйраг мидис æмбарыныл.

2. Мивдисæджы бæллиццаг здæхæны хицæндзинæдтимæ базонгæ кæнын.

3. Зонгæ лексикон-грамматикон æрмæгæй ныхасы раст пайда кæныныл фæцалх кæнын сывæллæтты.

Хъомыладон хæс - фыдæлты уæзæгмæ уарзондзинады æнкъарæнтæ гуырын кæнын скъоладзаутæм;

- хæлардзинадæн аргъ кæныныл ахуыр кæнын сывæллæтты.

Урочы методикон рацарᴂзт


I. Бацæттæгæнæн хай.

II. Хæдзармæ куыст равзарын (2-3 скъоладзауы кæсынц хъуыдыйæдтæ)

III. Аудировани. (текст "Дандамид æмæ Амизок") байхъусын

Фæлтæрæн 1 а) фæрстытæн дзуæппытæ раттын

Дзырдуатᴂй спайда кᴂнын


б) фыццаг бакусын дзырдуатыл

уый фæстæ та текстмæ байхъусын

Дандамид æмæ Амизок


Скифтæм тынг кадджын уыд æфсымæрдзинад, хæлардзинад. Уый тыххæй бæлвырд æвдисæн баззад историйы.

Иу заман скифтæм знæгтæ æрбабырстой. Уыдон уыдысты бирæ æмæ æнæхатыр. Скифтæй бирæты фæцагътой, бирæты та дзы уацары райстой. Уацайрæгтимæ уыд æрыгон скифаг хæстон Амизок дæр. Хæсты хæдразмæ уый æрдхорд-æфсымæр скодта йæхи æмгар лæппу Дандамидимæ. Дыууæ лæппуйы кæрæдзиуыл афтæ æнувыд уыдысты, кæрæдзийы афтæ бирæ уарзтой, æмæ Дандамид уайтагъд цæугæдоны сæрты баленк кодта знæгтæм, цæмæй баххуыс кæна йе 'рдхорд Амизокæн.

Знæгтæ Дандамиды æрцахстой æмæ йæ бакодтой сæ фæтæгмæ. Уый йæ бафарста

- Цы ратдзынæ де 'рдхорд Амизокы суæгъд кæныны тыххæй?

Дандамид дзуапп радта

- Цыдæриддæр мæм ис, уый.

Уæд знæгты фæтæг фæлварæгау загъта

- Уæдæ дæ цæстытæ ратт.

Дандамид æхсызгонæй сразы.

Лæппуйы цæстытæ куы скъахтой, уæд знæгтæ æцæгæй дæр суæгъд кодтой Амизокы.

Æрдхæртæ кæрæдзийыл куы бацин кодтой, уæд æрбаленк кодтой цæугæдоны сæрты. Знæгтæ уыцы хъуыддаг фенгæйæ фидарæй бамбæрстой адæм кæрæдзиуыл афтæ иузæрдион кæм сты, уыцы бæстæйæн басæттæн нæй æмæ æхсæвыгон лидзæг фесты.


IV. Грамматикон æрмæгыл бакусын.

Фᴂлтᴂрᴂн 2. Хъуыдыйᴂдтᴂ баххᴂст кᴂнын.


Фᴂлтᴂрᴂн 3. Фыццаг уал зæрдыл æрлæууын кæнын æргомон æмæ фæдзæхстон здæхæнты хицæндзинæдтæ. Мивдисджытæ къордтæй рафыссын се здæхæнтæм гæсгæ.


1) Æргомон здæхæн æвдисы, чи цæуы, æрцыдис кæнæ æрцæудзæнис, ахæм архайд. Ис ын æртæ афоны нырыккон, ивгъуыд æмæ суинаг.

2) Фæдзæхстон здæхæн æвдисы ахæм архайд, кæцы æцæгæй нæ цæуы, фæлæ чидæр домы йæ бакæнын.


Æргомон здæхæн фæдзæхстон здæхæн

Риссы, кой кæны, æрттив, тау, байрай, цæр

нæ кусы, нæ хæры,

Хъуыстон, ссардтон,

радзурдзынæн

бакæсын раиртæст

зæрдыл бадарын

Фæлтæрæн 4 хи дæнцæгтæ æрхæссын

таблицæ баххæст кæнын


Фæлтæрæн 5 бакæсын

сбæрæг кæнын цæсгом, афон, здæхæн

1. дæ - 2 цæсг.., нырыккон афон, æргомон зд.

уаин - 1 цæсг., нырыккон аф., бæллиццаг зд.

бакæнин - 1 цæсг., суинаг аф., бæллиццаг зд.

цæрин - 1 цæсг., нырыккон аф., бæллиццаг зд.


2. фæдзырдтаиккой - 3 цæсг., ивгъуыд аф., бæллиццаг аф.

ныццагъта - 3 цæсг., ивгъуыд аф., æргомон зд.


3. зониккой - 3 цæсг., суин. аф., бæллиццаг зд.

кæсиккой - 3 цæсг., суин. аф., бæллиццаг зд.


Фᴂлтᴂрᴂн 6. Мивдисджытæ сæвæрут бæллиццаг здæхæны ивгъуыд афоны.

Рафыссут сæ.


Х/к. Таблицᴂ баххᴂст кᴂнут.

• скодтой - скодтаиккой

æруагъта - æруагътаид

ныттагътой - ныттагътаиккой

ракодта - ракодтаид

сахыста - сахыстаид


V. Кæронбæттæн хай.

- хатдзæгтæ, бæрæггæнæнтæ

- хæдзармæ куыст фæбæрæг кæнын æмæ бамбарын кæнын

- скъоладзауты афæндараст кæнын



 
 
X

Чтобы скачать данный файл, порекомендуйте его своим друзьям в любой соц. сети.

После этого кнопка ЗАГРУЗКИ станет активной!

Кнопки рекомендации:

загрузить материал