7


  • Учителю
  • Внеклассное мероприятие по осетинскому языку на тему: Ног аз

Внеклассное мероприятие по осетинскому языку на тему: Ног аз

Автор публикации:
Дата публикации:
Краткое описание:
предварительный просмотр материала

Архайды райдиан.

Амонӕг. Афӕдзы даргъы цы стыр бӕрӕгбӕттӕ вӕййы, уыдонӕй иу у Ног бон, ӕппӕты рӕсугъддӕр ӕмӕ хъӕлдзӕгдӕр.

</ Внеклассное мероприятие по осетинскому языку на тему: Ног аз

Амонӕг. Алы хӕдзардӕр саразынц заз бӕлас, скӕнынц басылтӕ ӕмӕ сӕ фӕдӕттынц арфӕтӕм цы сывӕллӕттӕ фӕцӕуынц, уыдонӕн.

Амонӕг. Сывӕллӕттӕ фӕцӕуынц Ног бонты бирӕйӕ, иумӕ алы хӕдзармӕ дӕр ӕмӕ фӕкӕнынц хӕдзаронтӕ. Хӕдзаронтӕ ирон адӕммӕ кодтой тынг раджы, ӕмӕ мӕ сӕ абон дӕр кӕнынц. Уыдонмӕ фӕхонынц басылгуртӕ дӕр. Раджы, иу хъӕуггаг лӕппутӕ сӕ цӕсгӕмттыл скодтой хи конд маскӕтӕ, ӕмӕ афтӕмӕй зылдысты хӕдзӕрттыл, хӕдзаронты зарӕг заргӕйӕ.

Внеклассное мероприятие по осетинскому языку на тему: Ног аз

Амонӕг. Махмӕ абон ис хӕдзаронтӕ (хӕдзаронтӕ заргӕйӕ ӕрбахизынц мидӕмӕ )

Хӕдзаронтӕ - хӕдзаронтӕ

Фӕцӕуынц уӕм ӕддагонтӕ

Ӕддӕмӕ ма нӕм ракӕсут

Уӕ мӕсыгмӕ нӕ бакӕнут

Хӕдзаронтӕ - хӕдзаронтӕ

Фӕцӕуынц уӕм нӕуӕг бонтӕ

Фӕхӕссынц уын ног амӕндтӕ.

Внеклассное мероприятие по осетинскому языку на тему: Ног аз

Митын Дада. Мӕ кӕстӕртӕ - нӕ цӕрӕццаг

Чызджытӕ ӕмӕ лӕппутӕ!

Сымахмӕ у нӕ каст

Сымахмӕ у нӕ дзырд

Уе ппӕт дӕр нӕ рӕстӕджы

Хорзӕхӕй хайджын ут!

Уӕ мадӕлты фӕндиаг байрӕзут

Уӕ ног аз уыл кӕддӕриддӕр

Хъӕлдзӕгӕй цӕуӕт.

Сывӕллӕттӕ.

  1. Дӕлӕсыхӕй - уӕлӕсыхмӕ

Нӕ арфӕтӕ, нӕ куывд

Ӕнӕнизӕй , сӕрӕгасӕй

Ӕппӕт хӕрзтӕй рӕвдыд.



  1. Нӕ лӕппутӕ хӕрз тырынтӕ

Нӕ чызджытӕ ӕхсин

Нӕ мадӕлтӕ, нӕ фыдӕлтӕ

Бӕркадармӕй ӕфсин.



Иумӕ: Зӕронд азимӕ уӕ низтӕ,

Уӕ рынтӕ хъӕдмӕ алидзӕт

Ног азы хорзӕхӕй байрӕзут.

Амонӕг. Бысылгуртӕ сӕ хъӕлӕстӕ ивтой, дзыртой бӕзджын хъӕлӕсӕй сӕхи хистӕрхуыз кодтой, цӕмӕй сӕ мачи базона. Алкӕй къухы дӕр сӕ уыдис лӕдзӕг, йӕ роны та сӕ алкӕмӕн дӕр хъӕдын хъама. Хӕдзаронтӕ иу кафыдысты, кафгӕ.

Кафын иу фӕбыцӕу сты ӕмӕ иу самадтой хыл, хылы рӕстӕг иу дзы мардӕй ахаудтой. Аххосджын иу дзы чи уыд, уый иу маст кодта. Фысым иу ын йӕ зыны фӕдыл фӕтӕригъӕд кодта ӕмӕ иу ӕй бафарста.

Митын Дада. Мардӕн фӕстӕмӕ райгас гӕнӕн ис.

Митын Дада. Цавӕр хос у?

Басылыгур иу загъта: Ӕри нын иу туман ӕмӕ райгас уыдзӕн. Ӕхцӕ иу куы райста, уад иу кафын райдыдта «марды» алыварс иу цӕлдӕр зылды ӕркодта, стӕй иу ын ӕхца арасӕрф - басӕрф кодта, ӕмӕ иу мард райгас.

Ой! Куыд бирӕ фӕфынӕй кодтон!

Загъта ӕмӕ иу сыстад. Уый фӕстӕ иу басылыгуртӕ райдыдтой кафын Ирон кафт. Внеклассное мероприятие по осетинскому языку на тему: Ног аз

Митын Дада. Сывӕллӕттӕ, базонут ма мын уыци - уыцитӕ.

  • Хурмӕ зӕхх ӕртавы цъус

Быдыр митӕй дары урс

Уазал дымгӕ у тызмӕг

Уый та нӕм ӕрцыд…. (зымӕг)





  • Цӕй ма базон ӕмӕ зӕгъ

Урс кӕд фӕдары нӕ зӕхх (зымӕх)





  • Йӕ уынд рӕсугъд у

Бӕмбӕгау пух

Ӕрмӕст дзы уазӕл

Фӕкӕны къух (мит)





Митын Дада. Ахӕм рӕсугъд хъӕлдзӕг бон цин кӕнын хъӕуы, хъазын. Ног аз ӕнахъӕзтытӕй нӕ фидауы.(хъӕзтытӕ: 7бандоны, чи тагъддӕр, сыввӕллӕты ныссӕлын кӕнын).



Внеклассное мероприятие по осетинскому языку на тему: Ног аз

Митын Дада. Ныр та байхъусут зымӕджы тыххӕй иу цалдӕр ӕмдзӕвгӕмӕ.











Ногбоны зазыл цы дыргътӕ ӕрзади! -

Дзедыр уа, къомси, мӕнӕргъы уа, цым…

Ногбоны зазыл цы мӕргътӕ ӕрцарди!-

Газо, сырддонцъиу, зырнӕг ӕмӕ зым…

Ногбоны зазимӕ чи не'рцыд сырдтӕй! -

Маймули нал хизы пылы ыссыртӕй.

Арсӕн йӕ гӕбойы тӕкку ӕрфынӕй;

Тӕкку гӕххӕттӕй у, арс та тӕбынӕй…

(Хъодзаты Ӕ.)





Азы фӕдыл уайы аз

Амонд ӕмӕ хорзӕхӕн.

Цас дӕ уарзӕм , Ногбон, цас,

Уый нын нау ӕнцон зӕгъӕн!

Тынг фӕмысыдыстӕм дӕу

Рухс уалдзӕгӕй уазалтӕм.

Ныр нӕ Иры дӕр ӕрлӕуу,

Мах дӕ хурӕй бафсӕдӕм…

Алы ран дын скодтам арт,

Стырдӕр арт дын чи скӕна,

Уымӕн арт рӕвдыд - йӕ цард

Абон ӕмӕ фидӕны.

(Мыртазты Б.)





Ног азмӕ сфӕлыстам

диссаджы заз.

Уӕртӕ-ма : сабитӕй

байдзаг йӕ раз.

Кафӕм мах й'алыварс,

гъӕйтт-мардзӕ, цырд!

Уалынмӕ митын Лӕг

худгӕ фӕзынд.

Бадзуры зачъеджын

- Фӕччи рӕвдз дар!-

Алкӕмӕн хордзенӕй сисы лӕвар.

Радта мын замманай атомон нау.

Науыл ӕрзилдзынӕн

фурды, лӕгау.

(Царукъаты В.)

Внеклассное мероприятие по осетинскому языку на тему: Ног аз





Махӕн Митын Дада абон

Ракодта лӕвӕрттӕ -

Уарийау тӕха нӕ амонд,

Хурварс абадт зӕрдӕ.

Наз йӕ йӕ цъӕх дзӕмбытӕ узы, -

Хъазӕнтӕ йыл - минтӕ,

Бузныг, Митын Дада! Бузныг,

О нӕ буц хо Митӕ!

Махӕн дӕр цӕттӕ нӕ арфӕ-

Агургӕ'мӕ н'аргӕ:

Хорз ахуыр нӕ къухы бафтӕд-

Фондзтӕ'мӕ цыппартӕ.

(Къадзаты С.)













































































Амонӕг.

Внеклассное мероприятие по осетинскому языку на тему: Ног аз

Внеклассное мероприятие по осетинскому языку на тему: Ног аз

Митын Дада. Кафын хорз зонут . Ныр та ма бакӕсут нӕ гыццыл сабитӕ цы сценкӕтӕ бацӕттӕ кодтой, уыдонмӕ.









Внеклассное мероприятие по осетинскому языку на тему: Ног аз

Сценæйы астæу лæууы хæдзар, йæ алыварс - бæлæстæ, дидинджытæ. Хъуысы музыкæ. Фæзынди мыст, ралидз - балидз кæны, стæй æрлæууыд æмæ зары:





Пи - пи - пи, Мыст æз куы дæн.

Æз мæ цардæй тынг тыхст дæн.

Згъорын быдырты, тæрсын,

Пи - пи - пи, Мыст æз куы дæн.

Нæй мын бинонтæ, æмбал,

Агурын æз ам хæлар.

Згъорын быдырты, тæрсын,

Пи - пи - пи, Мыст æз куы дæн.

Внеклассное мероприятие по осетинскому языку на тему: Ног аз

Мыст ( дзуры хæдзармæ кæсгæйæ ) :

Æнхъæлдæн хæдзар у …!

Ау исчи дзы цæра? Цымæ дзы чи цæры?

( къупп - къупп - къупп )

Хæдзар! Хæдзаронтæ!

Чи цæры ацы хæдзары?!

Кæд дзы цæрæг нæй, уæд уал дзы æз фæмидаг уон.

( Фæмидæг хæдзары )

Музыкæ.

Рацыди Хæфс заргæ :

Æз Хъоппи дæн, æз цъæх хæфс,

Цъымарайы цæрын æз.

Сурмæ рахизын сындæг,

Ахæрын дзы æз мæнтæг

Хъуына у мæ цъæх хъæццул,

Мæнæ ме 'уæлæ зæбул.

Уарзын æз, Хъоппи, мæ цард.

Нæ ацæудзынæн цадæй дард.

Хæфс ( хæдзармæ фæкомкоммæ ):

Мæнæ цы рæсугъд хæдзар ис!

Цымæ дзы исчи цæры? (хойы дуар)

(Къупп - къупп - къупп!)

Хæдзар! Хæдзар! Внеклассное мероприятие по осетинскому языку на тему: Ног аз

Мыст (рауади хæфсы размæ ):

Æз Мыст дæн, тæрсаг дæн,

Иунæгæй æнкъард дæн.

Хæфс :

Бауадз мæ æмæ иумæ цæрдзыстæм.

Мыст : Мидæмæ рацу, ис дзы уат дæуæн дæр

( хæфс бацыд кафгæйæ хæдзармæ )

Уасæг ( хъæрæй заргæ æрбацæуы ):

Æз Хъохъо дæн, сæрæн дæн!

Цъиусурты кæнын дæрæн!

Не 'руадзын хæстæг цæргæс,

Тынг цъæхснаг у мæ хъæлæс!

Внеклассное мероприятие по осетинскому языку на тему: Ног аз

Уасæг ( æрлæууыд, дис кæны хæдзарыл ):

Ай та цы диссаг у?

Æцæг хæдзар!

( къупп - къупп - къупп )

Хæдзар! Хæдзар!

Фысымтæ, ракæсут- ма!

Внеклассное мероприятие по осетинскому языку на тему: Ног азМыст (рауади йæ размæ ): Æз Мыст дæн, тæрсаг дæн,

Иунæгæй æнкъард дæн.

Хæфс (ракаст рудзынгæй) :

Æз - Хъоппи дæн, æз цъæх хæфс

Цъымарайы цæрын æз.

Уасæг (ныууасыд):

Æз уын зардзынæн сæумæйæ,

Хъал кæндзынæн уæ фынæйæ!

Тæрхъус (гæппытæ кæны, тæрсы æмæ зары) :

Æз Тæрхъус дæн, æз - тæппуд,

Ауад та ныр дæр мæ уд.

Къудзиты бын амбæхсын,

Къалиутæ дзы ахсынын.

Гæпп - гæпп - гæпп æмæ сæпп - сæпп!

Фыр тæссæй сдæн мæллæг.

Внеклассное мероприятие по осетинскому языку на тему: Ног аз

Тæрхъус (цин кæны):

Мæнæ куыд амондджын дæн…

Ацы стыр хæдзар мæ размæ дзæгъæлы нæ

фæци. ( къупп - къупп - къупп )

Хæдзаронтæ! Чи цæры ацы хæдзары?

Мыст (рауад йæ размæ):

Æз Мыст дæн, тæрсаг дæн,

Иунæгæй æнкъард дæн.

Хæфс ( рудзынгæй ):

Æз - Хъоппи дæн, æз цъæх хæфс

Цъымарæйы цæрын æз.

Уасæг (иннæ рудзынгæй фæхъæр кодта ):

Æз Хъохъо дæн, æз сæрæн!

Цъиусуры кæнын дæрæн!

Тæрхъус ( лæгъзтæйæ ):

Мæн дæр уæдæ уемæ цæрын фæнды…

Хæфс:

Нæй гæнæн, кæд дæ тæппуд

Махимæ - æдас дæ уд!

( бацыд хæдзармæ )

Рувас ( йæ къæдзил тилгæ æрбацæуы, зары)

Æз хин æмæ кæлæн дæн,

Æз Рувас дæн, фæлмæн дæн.

Мæ бур къæдзил мæ дарæг,

Æз акæнон мæ зарæг.

Мæ бур къæдзил мæ дарæг,

Æз акæнон мæ зарæг.

Внеклассное мероприятие по осетинскому языку на тему: Ног аз

Ля - ля…

Хæдзар? Ам чидæр цæры?

( къупп - къупп )

Хæдзар! Хæдзар!

Мыст:

Æз Мыст дæн, тæрсаг дæн,

Иунæгæй æнкъард дæн.

Хæфс:

Æз - Хъоппи дæн, æз цъæх хæфс

Цъымарайы цæрын æз.

Уасæг:

Æз Хъохъо дæн, æз сæрæн!

Цъиусуры кæнын дæрæн!

Тæрхъус:

Æз Тæрхъус дæн, æз - тæппуд

Ауад та ныр дæр мæ уд

Рувас: Нæй Тæрхъус, ныууагътон хинтæ!

Тæрхъус:

Уæдæ рацу тагъддæр, Минтæ

( бацыд хæдзармæ )

Бирæгъ ( ниугæ рацæуы, стæй зары ):

Æз дæн Бирæгъ - цыргъдæндаг.

Тынг ныддаргъ ис мæ фæндаг.

Бззадтæн та æххормаг.

Сырдтæ систы нæуæндаг.

Тынг зын у мæнæн цæрын!

Ехх, кыу уаин æз фæлмæн

Хъæды сырдтимæ лымæн…

У - у - у…

Рувас:

Дæ зарæг дын фехъуыстам, Бирæгъ.

Кæд дæ лымæнæй цæрын фæнды, уæд табуафси, мидæмæ!

Бирæгъ:

Тынг фæндыди мæн ныронг

Ссарын сырдтимæ æрдхорд.

( бацыд хæдзармæ ).

Арс ( уасы, бындзытæ йæ сурынц, йæ хъуырыл мыды

боцкъа ауыгъд, стæй зары):

Æз фæсепп - фæсепп кæнын, ой - ой - уæрæйдæ!

Зилын мæратыл, мыдыл, ой - ой - уæрæйдæ!

Уарзын лæгæты хуыссын, ой - ой - уæрæйдæ!

Зымæг ма амбал мæныл, ой - ой - уæрæйдæ!

Дæн зылынкъах, стæй уæззау

Агуры мæм алчи фау.

Арс ( кæсы хæдзармæ ):

Мæнæ мæхицæн цы лæгæт ссардтон!

Цымæ дзы исчи цæры? Хæдзаронтæ! Хæдзаронтæ!

Внеклассное мероприятие по осетинскому языку на тему: Ног аз





Мыст:

Ракæсут - ма!

Æз Мыст дæн, тæрсаг дæн

Иунæгæй æнкъард дæн.

Хæфс:

Æз - Хъоппи дæн, æз цъæх хæфс,

Цъымарайы цæрын æз.

Уасæг:

Æз уын зардзынæн сæумæйæ,

Хъал кæндзынæн уæ фынæйæ!

Тæрхъус: Æз Тæрхъус дæн, æз - тæппуд,

Ауад та ныр дæр мæ уд.

Рувас: Æз хин æмæ кæлæн дæн, æз Рувас дæн, фæлмæн дæн.

Арс: Бауадзут ма мæн дæр уæ хæдзармæ!

Иумæ: Нæ, нæ!

Ды стыр дæ!

Дуарыл не 'рбацæудзынæ!

Нæ хæдзар ныккæлдзæн!

Æнæ хæдзар нæ фæкæндзынæ!

Внеклассное мероприятие по осетинскому языку на тему: Ног азАрс: Ма тæрсут, иу къуым дзы мæ фаг уыдзæн! ( быры хæдзармæ, хæдзар ныппырх, сырдтæ кæуынц, сагъæс кæнынц! )

Бирæгъ: Цæй, уæдæмæ бавдæлæм æмæ ног хæдзар саразæм!

Не 'ппæты фаг дæр куыд уа!

Иумæ: Саразæм! Саразæм!

(музыкæ )

Мыст: Срæвдз ис нæ хæдзар ( хæдзарыл рауад фыст "хæлардзинады хæдзар" )

Бирæгъ: Ам ныр мах цæрдзыстæм æнгом бинонтау

Иумæ: Хæларæй! Зарæг ( Цолайы зарæджы музыкæ ):

Внеклассное мероприятие по осетинскому языку на тему: Ног аз

Бауырнæт уæ, мæнæ адæм,

Абонæй фæстæмæ

Мах цæрдзыстæм тынг хæларæй

Стыр бинонтау иумæ…

Цæй цы худут, сабитæ,

Саутæ, буртæ, мыдхуызтæ,

Бафæзмут сымах дæр мах -

Райгæйæ цæрдзыстут!

Бафæзмут сымах дæр мах,

Бузныг нын зæгъдзыстут!

Хъуысы музыкæ æмæ сырдтæ симгæ цæуынц сæ ног хæдзармæ.





Внеклассное мероприятие по осетинскому языку на тему: Ног аз

Ӕрзади хъӕды заз бӕлас.

Ӕрзади хъӕды заз бӕлас.

Ӕрзади хъӕды рӕзт

Сӕрдӕй, зымӕгӕй цъӕх пӕлӕз

Йӕ уӕлӕ уыд ӕмбӕрзт.

Тымыгъ ын кодта зарджытӕ;

«Лолотӕ кӕн, фынӕй!»

Ныууӕрста -иу ӕй миты бын,-

Нӕ басийа цӕмӕй.

Тӕппуд тӕкку- иу хъазыди

Йӕ быны, цинӕй рад

Куы та- иу бирӕгъ, цъӕх бирӕгъ

Йӕ рӕзты сиргӕ'руад.

Амонӕг. Ног бон ӕхсӕв ма иу алы бинонтӕ скодтой дынджыр арт, цӕмӕй афӕдзӕй афӕдзмӕ нӕ цард рухс ӕмӕ хъарм уа. Арт иу сыгъд куы фӕцис, уӕд иу хистӕртӕ загътой: «Уадз афтӕ басудзӕт нӕ фыдбылызтӕ, нӕ низтӕ.

Сымахӕн дӕр уӕ цӕрӕнбонтӕ бирӕ уӕт, хорз нӕ бахъӕлдзӕг кодтат.

Внеклассное мероприятие по осетинскому языку на тему: Ног аз

























Внеклассное мероприятие по осетинскому языку на тему: Ног аз

Ирон ӕвзагджы ӕмӕ литературӕйы

ахуыргӕнӕг: Хъалабегты А. А.



 
 
X

Чтобы скачать данный файл, порекомендуйте его своим друзьям в любой соц. сети.

После этого кнопка ЗАГРУЗКИ станет активной!

Кнопки рекомендации:

загрузить материал