7


  • Учителю
  • Конспект урока по осетинскому языку на тему Урок - балц Зондабиима

Конспект урока по осетинскому языку на тему Урок - балц Зондабиима

Автор публикации:
Дата публикации:
Краткое описание:
предварительный просмотр материала





44 АСТÆУККАГ ИУМÆИАГАХУЫРАДОН БИРÆКЪАБАЗДЖЫН

КУДЗОЙТЫ ВЛАДИМИРЫ НОМЫЛ СКЪОЛА















Темæ:

Æмхъæлæсон мыр [н], дамгъæтæ Н,н.

1 -æм кълас













ирон æвзаг æмæ литературæйы

ахуыргæнæг: Дарчиты З.Ц.











Дзæуджыхъæу





Урок - балц Зондабиимæ.

Темæ: Æмхъæлæсон мыр [н], дамгъæтæ Н,н.

Урочы нысан: 1. Базонгæ кæнын сывæллæтты æмхъæлæсон

мыр [н] æмæ дамгъæ Н, н-имæ.

2. Бакусын иугæндтæ аразыныл, мыртæ

раст дзурыныл, фыссыныл.

3. Хъомыладон фарст: «Бинонты фарн нана у».

Урочы фæлгонц: Уазæг Зондаби, компьютерон презентаци цæстуынгæ æрмæгимæ.

Урочы цыд.

Бацæттæгæнæн рæстæг. (Сывæллæттæ салам дæттынц ахуыргæнæгæн, уазджытæн, сæхи цæттæ кæнынц урокмæ).

- Уæ бон хорз, сабитæ. Тынг æхсызгон та мын у уемæ фембæлын.

-Сабитæ, равдисут ма цавæр æнкъарæнтимæ æрбацыдыстут урокмæ?

- Куыд уæм кæсы, цавæр æнкъарæнтæ нын баххуыс уыдзысты, цæмæй нæ урок хорз ацæуа?

- Уæдæ бахудæм кæрæдзимæ, кæрæдзийы къухтæ райсæм æмæ размæ нæ ахуыры фæндагыл!

Абон мах хъуамæ урочы базонæм ног мыр æмæ дамгъæ кæсын æмæ фыссын, цæмæй дарддæр цы дзырдты æмбæла, уыдон нæ бон уа кæсын, стæй фыссын дæр. Базондзыстæм, ацы мыр, цы мыртæ базыдтам нырмæ, уыдонæй цæмæй хицæн кæны. Уымæн та нын баххуыс кæндзæн нæ урочы уазæг Зондаби. Уый нæм æрбацыд Абеты чиныгæй, цæмæй нæ йемæ акæна диссаджы балцы зонындзинæдты бæстæмæ.

- Сывæллæттæ, уарзут аргъæуттæм хъусын?

- Байхъусæм-ма уæдæ Зондабийы аргъаумæ.

Рацыд æрмæг фæлхат кæнын.

- Зондаби цалынмæ аргъау дзурын нæ райдыдта, уæдмæ йæ фæнды махæн хæс раттын. Фæнды йæ, цæмæй мах базонæм, цæй тыххæй у аргъау?

- Цардысты æмæ уыдысты бинонтæ. (равдисын слайд бинонты нывимæ)

- Махæн дæр алкæмæн дæр ис бинонтæ.

- Чи ранымайдзæн, нывы цы бинонты уынæм, уыдоны?

- Дæ бинонтæ та чи сты? (иу, дыууæ скъоладзауы нымайынц сæ бинонты. Хъус æрдарын сывæллæтты ахаст бинонты хистæртæм).

- Зæгъ ма, Алан, уæ бинонты хистæр чи у? (нана)

Гыццыл фæстæдæр мах ацы фарстамæ рахиздзыстæм, ныр та

байхъусæм дарддæр Зондабимæ. Зæгъут ма мын, ацы бинонтæн та сæ хистæр чи уыд?

- А,а. (равдисын слайд дамгъæ æмæ нывтимæ)

- Сывæллæттæ, чи базыдта, цæй тыххæй у Зондабийы аргъау? (дамгъæты тыххæй)

- Зондабийы хъæуы не 'ххуыс йæ аргъауы. Баххуыс ын кæндзыстæм?

Равзарын схемæтæм гæсгæ дыууæ дзырды дамгъæ а-имæ: асин, арс

( сывæллæттæ дзурынц дзырдты мырæн йæ бынат, дзурынц ын йæ миниуджыты тыххæй.)

- Хъусæм та дарддæр Зондабимæ.

- А-йæн йæ кæстæр уыд у. Нæ хицæн кодтой кæрæдзийæ æппындæр ацы мыртæ. Куы-иу фæдзæгъæл сты, уæд дæр та -иу кæрæдзимæ фæсидтысты (равдисын слайд, бакæсын, куыд -иу фæсидтысты, уый) а-а-а, у-у-у! Цæмæ гæсгæ у ацы мыртæ нæ бон афтæ тынг ивазын? (Уыдон сты хъæлæсонтæ)

_ Тынг разы уыдысты бинонтæ сæ иннæ кæстæрæй дæр, уымæн æмæ сын уый сæ фæнд никуы бакъуылымпы кодта. Æдзух йæ дзуапп уыд О. (равдисын слайд, сывæллæттæ кæсынц дамгъæ)

- Диссаг та куы нæ у, ацы дамгъæ та бахæлар кодта мыст æмæ гæдыйы. (равдисын слайд, кæсынц дзырдты схемæтæ нывтæм гæсгæ, бæрæг кæнынц хъæлæсон мыр [Ы]).

Уарзон бинойнаг уыд æ дæр се 'ппæтæн дæр. (равдисын слайд, бакæсын дзырдтæ схемæмæ гæсгæ): гæлæбу,æхсæрсæттæг.

- Фæлæ мæнæ ацы дамгъæ хинæй цыди йæ бинонтыл ( равдисын слайд дамгъæ е-имæ)

- Цæмæ йæ хонæм хинæйдзаг? (дæтты дыууæ мыры).

Ацы мыртæ иууылдæр цавæр мыртæ сты? (Хъæлæсонтæ)

- Цæмæй бæрæг у, хъæлæсонтæ кæй сты, уый?

Физ. минуткæ.

Ног æрмæг.

- Уæд иухатт хъæлæсон мырты æхсæн фæзынд ног бинойнаг. Чи нын æй æрлæууын кæндзæн нæ зæрдыл? (М,м).

- Цы базыдтам ногæй ацы мыры тыххæй? Рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын).

Уæдæ та нæм ногæй абон дæр æрбацыд ног уазæг, цавæр мыр у уый мах базондзыстæм чиныджы руаджы, байгом кæнæм 44 фарс, цы уынут фарсы райдиан?

Раст у, уый у нæ ног уазæг æмхъæлæсонты бæстæйæ Нн.

Цы нын баххуыс кæндзæн цавæр мыр у, уый базонынæн? (дидинæг).

Чи зæгъдзæн, цы вдисæг у дамгъæйы раз цы дидинæг нывгонд ис, уый? (цавæр мыр у, уый: æмхъæлæсон, зылангон, æзылангон бæрæггæнæг)

Байхъусæм ма базон - базонмæ:

Судзинрагъ - тулдзы бын,

Худыйас бургуыбын.

Мыстыты, кæлмыты

Рацахсы уæрмыты. (Уызын)

Цы уынут нывы? (уызын)

Рахицæн кæнут мыр [н] дзырдæй, æрдарут ма уæ хъус, куыд æй дзурæм уымæ.

Равдисын слайд ацы дамгъæимæ, скæнын анализ æмæ синтез дзырд нас æмæ уызын-æн. Раттын характеристикæ мыр [н]-йæн (къухфысты, фæйнæгыл).

- Цæмæй хицæн кæны, мыр [н] цы мыртæ рацыдыстæм, уыдонæй?

- Уæдæ цавæр мыр бафтыд Зондабийы аргъауы бинонтыл? (æмхъæлæсон мыр [н])

Байхъусæм-ма зарæгмæ уырыссаг æвзагыл. Сывæллæттæ, сымах та йæ, чи зоны, базонат, кæцæй у ацы зарæг. (физ. минутка)

- Тынг бауарзтой бинонтæ н-йы, атонын дæр дзы нал куымдтой.

Дамгъæтæ Н, н -мæ базонгæ кæнын мыхуыргондæй æмæ къухфыстæй, стыр дамгъæ æмæ гыццыл дамгъæ).

Чиныгимæ куыст (44 -æм фарс).

- Æркæсут-ма æмæ бакæсæм М,м йæ хъæлæсон бинонтимæ куыд хæларæй цæры.

Кæсын иугай, стæй та - иумæ.

Сывæллæттæ кæсынц чиныджы лæвæрд иугæндтæ, уый фæстæ та дзырдтæ.

- Æркæсут-ма нывмæ æмæ уæ зæрдыл æрлæууын кæнут чи у бинонтæн сæ фарн? (сæ нана)

- Нывы цы бинонты уынæм, уыдон та чи ранымайдзæн?

- Кæуыл цин кæны чызг?

- Цæмæй бæрæг у, чызг цин кæны, уый нывы?

- Дзургæйæ та йæ куыд равдисдзыстæм нæ цин?

Кæсæм хъуыдыйæдтæ дамгъæ Н,н -имæ.

- Сывæллæттæ, къласы нæм ис дæсны кæсын чи зоны ахæм сывæллæттæ, чи уæ бакæсдзæн æмдзæвгæ нанайы тыххæй зæрдиагæй, цæмæй нæ уазджытæ бамбарой куыд тынг бирæ уарзут уæ нанаты! (равзарын æмдзæвгæ).

Тетрæдты куыст

Фæйнæгыл равдисын, дамгъæ м цавæр хæйттæй арæзт у, уый. Иу рæнхъ фыссынц элементтæ. Дыккаг рæнхъ фыссынц гыццыл дамгъæ н, æртыккаг - уæнг: мæ, цыппæрæм- дзырд: нана, фæндзæм- хъуыдыйад: Мæнæ нана!

- Куыд равдыстам фысгæйæ та нæ цин?





Урочы кæронбæттæн

Кæронмæ æрхæццæ Зондабийы аргъау.

- Узæлы йæ бинонтыл зæрдиагæй æмхъæлæсон мыр [н].

- Куыд уæм кæсы, цавæр миниуджытæй хайджын у [н] (вæййы æмхъæлæсон, зылангон, æзылангон, къухфыстæй æмæ мыхуыргондæй, стыр æмæ гыццыл дамгъæйæ), нана та? (рæдау, фæлмæн, цингæнаг)

- Сымах нанатæ та цавæртæ сты?

- Цы базыдтам ногæй абоны урочы?

- Уæдæ нæ ног фембæлдмæ. Æнхъæлмæ та кæсдзытæм Зондабийы ног хабæрттæм!







 
 
X

Чтобы скачать данный файл, порекомендуйте его своим друзьям в любой соц. сети.

После этого кнопка ЗАГРУЗКИ станет активной!

Кнопки рекомендации:

загрузить материал