7


  • Учителю
  • Урок по осетинскому языку на тему: Части речи. Имя прилагательное.

Урок по осетинскому языку на тему: Части речи. Имя прилагательное.

Автор публикации:
Дата публикации:
Краткое описание:
предварительный просмотр материала

Урочы темæ: Ныхасы хæйттæ. Миногон.

Урочы нысантæ:

  1. Ахуыргæнинæгты зонындзинæдтæ фæуæрæхдæр кæнын ног æрмæджы фæрцы.

  2. Ног æрмæгæй дзургæ æмæ фысгæ ныхасы пайда кæныныл æфтауын практикон хæслæвæрдты фæрцы.

  3. Ахуырмæ разæнгард кæнын.

Урочы æрмæг:

+ Чиныг - раиртæст 68-73ф.ф.

+ Тексттæ - хæслæвæрдтæ.

Арвæрттывд амбæлд урссæр хохыл. Бæрзонд айнæг нынкъуысыд. Йæ стыр хъæдгомæй фемæхст уазал цæссыг. Рауадис дзы гыццыл хæххон суадон. Суадон йæ цъæхснаг хъæлæсæй ныззарыд.

Арвыл стъалытæ судзынц. Уыдон стъалытæ не сты, уыдон сырх дидинджытæ сты. Кæддæр сæ мæ дада ныссагъта. Цæмæй арв уа рæсугъд æмæ райдзаст. Уыдон нæртон адæмы артдзæстæй фахауæг цæхæртæ сты .

+ таблицæ





















Урочы цыд:

  1. Орган.хай

  2. Фæлхатгæнæн æрмæг

Фæйнæгыл таблицæ. Зæрдыл æрлæууын кæнын.Номдар

Чи? Цы?

сæрмагонд иумæйаг номдар

иууон нымæц бирæон нымæц

тасындзæг



Цы хонæм номдар?

Цавæр фæрстытæн дæтты дзуапп?

Цавæр номдартæ вæййы?

Цал хауæны ис номдарæн?

Ccарын тексты номдартæ. Равзарын сæ. Бахахх сæ кæнын иу хаххæй.

Арвæрттывд амбæлд урссæр хохыл. Бæрзонд айнæг нынкъуысыд. Йæ стыр хъæдгомæй фемæхст уазал цæссыг. Рауадис дзы гыццыл хæххон суадон. Суадон йæ цъæхснаг хъæлæсæй ныззарыд.

Арвыл стъалытæ судзынц. Уыдон стъалытæ не сты, уыдон сырх дидинджытæ сты. Кæддæр сæ мæ дада ныссагъта. Цæмæй арв уа рæсугъд æмæ райдзаст. Уыдон нæртон адæмы артдзæстæй фахауæг цæхæртæ сты .

  1. Ног æрмæгмæ рахизын.

Ссарын тексты предметæн йæ цыдæр миниуæг æвдисæг дзырдтæ. Цавæр фарст сæм ратдзыстут?

Хатдзæг: предметæн йæ миниуæг цы дзырдтæ æвдисынц, уыцы дзырдтæ хонæм миногонтæ..Миногон

Цавæр? Цы хуызæн?

номдаримæ бастæй тасындзæг нæ кæнынц



Миногон æвдисы номдарæн йæ миниуæг, æууæл. Номдаримæ бастæй аразынц дзырдбаст. Дзырдбасты иу дзырд вæййы сæраг иннæ дæлбар. Дæлбар дзырд сæйраг дзырдæн йæ минмуæг æвдисы. Ссарын тексты дзырдбæстытæ. Раттын фæрстытæ сæйраг дзырдмæ æмæ дæлбар дзырдмæ.

Урссæр хох - цы? Хох - сæйраг дзырдæй дæлбар дзырдмæ фарст дæттæм цавæр хох - урссæр, бæрзонд айнæг, стыр хъæдгом, уазал цæссыг….

Ф - 155, 70ф. дзургæйæ

Алыхуызон къабатæ, морæ къаба - мæ, морæ къаба - йы…….

Сауæй -( номдары ролы) сырх къаба дзæбæхдæр у.

Ф -158, 72ф. рафыссын тетрадмæ.

Ф - 161, 162, 72-73ф.ф.

Гыццыл - чысыл, рæсугъд - аив, фыдконд - æнад, бурдзалыг - бурхил, ныфсхаст - хъæбатыр, бæстон - хорз, куырм- æнæцæст, цæрдæг - цырд, сæрæн

Хатдзæгтæ: Цæмæн хъæуы миногон дзургæ æмæ фысгæ ныхасы? Цæмæй ныхас уа хъæздыгдæр, рæсугъддæр, аивдæр.

Х/К тексттæй «Рагон мæсыг» æмæ « Таурæгъ»-æй рафыссын дзырдбæстытæ.







 
 
X

Чтобы скачать данный файл, порекомендуйте его своим друзьям в любой соц. сети.

После этого кнопка ЗАГРУЗКИ станет активной!

Кнопки рекомендации:

загрузить материал