7


  • Учителю
  • Зæллангон æма æзæллангон æмгъæлæсонтæ.

Зæллангон æма æзæллангон æмгъæлæсонтæ.

Автор публикации:
Дата публикации:
Краткое описание:
предварительный просмотр материала

Зæллангон æма æзæллангон æмгъæлæсонтæ.Зæллангон æма æзæллангон æмгъæлæсонтæ.

Зæллангон æма æзæллангон æмгъæлæсонтæ.

«Зæллангон æма

æзæллангон

æмгъ лæсонтæ.»





Зæллангон æма æзæллангон æмгъæлæсонтæ.Зæллангон æма æзæллангон æмгъæлæсонтæ.

Ахургæнæг: Гецати Л. П Зæллангон æма æзæллангон æмгъæлæсонтæ.

Зæллангон æма æзæллангон æмгъæлæсонтæ.Зæллангон æма æзæллангон æмгъæлæсонтæ.

Киристонгъæу

2015анз

Урокки темæ: Зæллангон æма æзæллангон æмгъ лæсонтæ.

Урокки нисан: Суваллæни зæрдæбæл æрлæуун кæнун рацуд æрмæг æмгъæлæсонти туххæй. Базонгæ кæнун æмгъæлæсонти дех зæллангон æма æзæллангонтæбæл.

Ирæзун кæнун растфинсуйнади навыктæ, нихаси ирæзтбæл бакосун.

Урокки цуд:

  1. Бацæттæгæнæн рæстæг.

Нæиуазæгæн зæгъæн бонхуарз. Карæдземæ баходæн, цæмæй нæ уроки куст цæуа зæрдæрохсæй, игъæлдзæгæй.

  1. Хæдзарæмæ куст сбæрæг кæнун.

- Ка ранимайдзæнæй къуæрей бæнттæ дигоронау.

- Алфавитмæ гæсгæ ба сæ куд рафинстайтæ?

-Алфавит ба ци хонæн? Цал дамугъай ес дигорон алфлвити?

Дамугъатай нисан кæнæн муртæ. Муртæ ба куд дех кæнунцæ?

  1. Нæуæг æрмгбæл бакосун.

Нæ урок мах абони райдайдзинан кæдзос финсуни бакосуйнагæй.

Финсæн устур дамугъатæ Р Ф

Ка зæгъдзæнæй цæмæн райстан аци дамугатæ æма цæбæл дзордзинан нæ абони уроки?

Куд загътайтæ уотемæй абони дзордзинан æмгъæлсонти туххæй. Байгъосайтæ аргъаумæ.

Еухатт паддзах Алфавит исаразта дессагти кувд. Æрхудта æгас дамугъати дæр. Кафун райдæдтонцæ æмкъæйттæй. Гъæлæсонтæ кафтонцæ гъæлæсонти хæццæ, æмгъæлæсонтæ ба - æмгъæлæсонти хæццæ. Хъæбæр игъæлдзæг син адтæй. Æмгъæлæсонтæ ислæуттæнцæ æмкъæйттæй. Б-п, в-ф, д-т. дз-ц, дж-ч, з-с, ж-ш, г-к, гъ-х(хъ). Б,в,д,дз,дж,з,ж,г,гъ сæ къæхтæ хъæбæр дæсни истонцæ музыкæмæ гæсгæ. Етæ адтæнцæ хъæбæр гъæр муртæ. Фал п, ф,т,ц,ч,с,ш,к,х(хъ) ба музыкæмæ æнхæст нæ арæхстæнцæ. Зæллангонтæ игъæлдзæгæй сæ нæмттæ гъæр кодтонцæ, æзæллангонтæ ба сосæгкай исдзориуонцæ сæ нæмттæ. Еуæхæн дессаги æмкъæйттæ рауадæй æмæгъæлæсон дамугъатæмæ. Фал ма си адтæй æнæ æмкъай æмгъæлæсонтæ дæр. Кафун ке нæ фæндаттæй уæхæнттæ дæр. Æркæсæн таблицæма. (слайд1)

Аргъаумæ гæсгæ æмгъæлæсонтæ куд дех кæнунцæ?

Куд сæ æртасæн?

Зæллангонтæ дзоргæй, игъусуй стуф дæр æма сибиртт дæр. (б,в,д,дз,з,г,гъ,дж)

Æзæллангонтæ дзоргæй, игъусуй æрмæст сибиртт.(п.ф,т,ц,с,к,х(хъ),ч)



Зæллангон æма æзæллангон æмгъæлæсонтæ ба ма фæуунцæ æнкъай æма æнæ ΄нкъай (слайд2)

б-п, в-ф, д-т, дз-ц, з-с, г-к, гъ-х-хъ, дж-ч

æнæ ΄нкъай зæллангонтæ æнцæ: л,р,м,н.й,у

æнæ ΄нкъай æзæллангонтæ æнцæ: къ,пъ,тъ,цъ,чъ,ш,щ



Бакосун киунуги75 фæлтæрæнбæл.



4 Дзурдуатон дзурдтæбæл бакосун.

Фидибæстæ, Рæйгурæн бæстæ, фæллойнæ.

- Исаразун гъудиадтæ аци дзурдти хæццæ.

Мæ Фидибæстæ æй Уæрæсе.

Мæ Райгуран бæстæ ба æй Иристон.

Еу гъудиадæ ниффинсун тъетради, æнкъай зæллангонтæ фæббæрæг кæнун.(слайд3)



5. Аци дзурдтæн фиццаг дамугъа æййеветæ æнкъай æзæллангон æмгъæлæсонтæй ма сæ уæ тъетрæдтæмæ рафинсетæ.

давæг -

дзурд -

билтæ -

загъд -

гом -

дасуй -

-Киунуги фæлтæрæн исæнхæст кæнун

6. Урокки кæронбæттæн

- Циуавæр нæуæг зонундзийнадæ райстайтæ аци урокки?



7. Хæдзари куст исбæрæг кæнун

Исахур кæнун зæллангон æма æзæллангон æмгъæлæсонтæ.

Исæнхæст кæнун 77 фæлтæрæн

































 
 
X

Чтобы скачать данный файл, порекомендуйте его своим друзьям в любой соц. сети.

После этого кнопка ЗАГРУЗКИ станет активной!

Кнопки рекомендации:

загрузить материал