7


  • Учителю
  • Тема урока: Нӕртон дзырдтӕн сӕ фӕлмӕндӕр у Мад!

Тема урока: Нӕртон дзырдтӕн сӕ фӕлмӕндӕр у Мад!

Автор публикации:
Дата публикации:
Краткое описание:
предварительный просмотр материала

Урок - семинар 4 къласы. Бацӕттӕ йӕ кодта

Беккуызарты Фатимӕ

Урочы темӕ: Нӕртон дзырдтӕн сӕ фӕлмӕндӕр у Мад! (1 слайд)

Грамматикон темӕ: Кӕронбӕттӕн урок номдар ӕмӕ миногонӕй

(3 слайд)

Урочы нысантӕ: 1.Зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнын, номдарӕй ӕмӕ миногонӕй цы рацыдыстӕм,уый.

2.Скъоладзаутӕм гуырын кӕнын ӕмбарындзинад мады фыдӕбонмӕ.

3.Ӕххӕст ӕмӕ мидисджын дзуӕппытыл фӕлтӕрын,аив дзурыныл ахуыр кӕнын.

4.Сабиты ахуыр кӕнын кӕрӕдзийӕн ӕххуыс кӕнынмӕ тырнындзинадыл.

Ӕххуысгӕнӕн фӕрӕзтӕ:презентацитӕ,зарӕг «Мады зӕрдӕ», текст, ӕмбисӕндтӕ, газетты равдыст.

Урочы эпиграф:

Ныййарӕг мад , ныййарӕг мад, дӕ номыл

Ӕз уарзты гимн, ӕз царды гимн цӕгъдын. (2 слайд)
Уроч цыд:

1.Уа бон хорз,сывӕллӕттӕ! Абон нӕм ӕрбацыд зынаргъ уазджытӕ ӕндӕр скъолатӕй. Раттӕм ма сын салам.

- Уӕ бон хорз ӕмӕ нӕм ӕгас цӕут.

2. Хӕдзармӕ куыст сбӕрӕг кӕнын.

3.- Абон урочы цӕуыл дзурдзыстӕм,уый зӕгъдзыстут,зарӕгма куы байхъусат,уӕд.(зарӕг «Мады зӕрдӕ»,слайдтӕ сывӕллӕттӕн сӕхи ӕмӕ сӕ мадӕлты къамтимӕ)

-Кӕй тыххӕй у ацы зарӕг? Слайдты кӕй къамтӕ федтат?

Сабитӕ дзуапп дӕттынц: - Зарӕг у мады тыххӕй. Слайдты та нӕ мадӕлтӕ.

- Уӕ зӕрдӕмӕ фӕцыдис равдыст. Фӕхъφлдзӕгдӕр стӕм? (сабитӕ хъӕлдзӕг дзуаппытӕ дӕттынц). Куыд уӕм кӕсы, абон нӕ урочы кӕй кой кӕндзыстӕм?

- Мады тыххӕй.

4.- Бакӕсӕм ма нӕ урочы эпиграф. Куыд ӕмбарут ацы ныхӕстӕ?

Сывӕллӕттӕ сӕ хъуыдытӕ дзурынц.

Цы у гимн?

Гимн (др.греч.) - торжественная песня, восхваляющая и прослав- ляющая кого-либо или что- либо(первоначально-божество(4 слайд)

5. Ахуыргӕнӕг: Зӕххыл ис иунӕг хӕзна царды

Ӕмӕ уый Мад у, мӕ хур, мад

Йӕ рӕвдыд сау дуртӕм дӕр хъары,

Фӕсуры зӕрдӕйы фӕллад.

О мад, сыгъзӕрин мад, дӕ хӕрзтӕй,

Ды кӕныс кӕстӕрты ӕнгом

Тӕхуды зарӕджы ныхӕстӕй,

Ӕнусон чи скӕны дӕ ном.

Чеджемты Ӕхсар

- Мад! Куыд цыбыр дзырд у, фӕлӕ дзы ӕппӕт дуне дӕр ба- цӕудзӕн. Ӕдӕппӕтӕй ӕртӕ дамгъӕйӕ конд у ацы дзырд, фӕлӕ дзы цас тых ис, цас рӕсугъд ӕмӕ сыгъдӕг ӕнкъарӕнтӕ сӕвзӕрын кӕны адӕймаджы зӕрдӕйы… Мады фаг хрздзинӕдтӕ ацы зӕххыл нӕй. Никуы ничи бафыста мады фыдӕбӕттӕ. Фӕлӕ сӕ мах буц куы дарӕм, коммӕ сӕм куы кӕсам, ӕххуыс сын куы кӕнӕм, ирон рӕсугъд ӕгъдау сын куы дӕттӕм, уӕд уыдон сӕхи амондджын хондзысты.

6. - Текстыл бакусыны разӕй уал абоны нымӕц, темӕ ӕмӕ эпиграф афыссӕм.

1 къорд «Номдартӕ»

2 къорд «Миногонтӕ»

-Куыд уӕм кӕсы цӕман схуыдтон уӕ къордта афтӕ?

Дзуапп: - Абон ма дзурдзыстӕм номдар ӕмӕ миногоныл.

- Уӕдӕ сӕ нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм таблицӕты фӕрцы.

( 5 слайд)


Номдар Дзуапп

Цы у?


Цы ӕвдисы?


Фӕрстытӕ


Куыд ивы?


Уыцы ивынад хуыйны


Номдартӕ вӕййынц

Моногон Дзуапп

Цы у?


Цы ӕвдисы


Фӕрстытӕ


Куыд ивы


Уыцы ивынад куыд хуыйны

Сабитӕй алкӕмӕ дӕр ахам таблицӕ.

Алы къорд дӕр дзуапп дӕтты йӕ таблицӕйӕ.

7.- Тынг хорз бакуыстат. На зӕрдыл ӕрлӕууын кодтам рацыд ӕрмӕг. Рахизӕм текстмӕ.

8.Текст кӕсӕм. (6 слайд)

Мады мах нӕ зӕххон стъалы хонӕм,

Мадыл мах нӕ хуыздӕр зарӕг зарӕм

Мадӕн мах сырх дидинджытӕ тонӕм,

Мады мах сӕуӕхсидимӕ барӕм.

Мады хуызӕн ничи уарзы уарзын,

Бауарзта - мыггагмӕ уӕд, ӕнусмӕ

Хъӕбатыр мад, барджын мад, сӕрыстыр,

Уый кӕны, цӕуы ӕрмӕстдӕр рухсмӕ.

Сывӕллӕттимӕ аныхас кӕнын ӕмдзӕвгӕйы мидисыл. 9.Дзырдуатон куыст бакӕнын.(7 слайд)

Сӕуӕхсид - заря,зарево

Ӕнусмӕ - вечно, навеки

Хӕслӕвӕрдтӕ: (8 слайд)

1 къорд «Номдартӕ»

1.Раттын сӕргонд текстӕн.

2. Ссарын ӕмӕ бахахх кӕнын номдартӕ.

3.Фӕбӕрӕг кӕнын номдарты хауӕн м нымӕц.

4.Атасындзӕг кӕнын миногон.

2 къорд «Миногонтӕ»

1.Раттын сӕргонд текстӕн.

2.Бахахх кӕнын миногонтӕ номдартимӕ бастӕй.

3. Дзырдбӕстытӕй иу атасындзӕг кӕнын.

4.Ссарын орфограммӕтӕ.

(9 ӕмӕ 10 слайдты дзуӕппытӕ хӕслӕвӕрдтӕм)

10.- Тынг хорз, мӕ хуртӕ, ныр-та алы къордӕн дӕр карточкӕтӕ хӕслӕвӕрдтимӕ. Цалынмӕ иутӕ кусынц карточкӕтыл, уӕдмӕ иннӕтӕ та ӕмбисӕндтыл бакусдзысты. (11 слайд)

Ӕмбисӕндтӕ: (12 слайд)

Мады зӕрдӕ адджындӕр ницы ис Мады бӕллиц лӕг адджынӕн хӕры Мады рӕвдыдӕй иу сты Мады'хсыр цоты хур Мады къухӕйдзаг зонаг у Мад ӕмӕ фыдыбӕстӕ хӕлар у

- Алы ӕмбисондӕн дӕр йӕ кӕрон сраст кӕнут.Цымӕ кӕцы къорд сарӕхсдзӕн хуыздӕр.

Сывӕллӕттӕ дзуапп дӕттынц.

11.- Тынг хорз бакуыстат къорты мидаг. Ныртӕккӕ та бакусдзыстӕм нывыл. Уӕ хорзӕхай, зӕгъут- ма, цавӕр ӕнкъарӕнтӕ уӕм сӕвзӕрын кодта ацы ныв? Цавар у мад ацы нывы? (13 слайд)

Сывӕллӕттӕ дзурынц сӕ хъуыдытӕ. Дзургӕйӕ пайда кӕнынц миногонтӕй,(рӕсугъд, хъӕлдзӕг, аудӕг, уарзон, мӕтгӕнаг, цингӕнаг, хӕларзӕрдӕ, зондджын…)

12.- Тынг хорз, уӕдӕ - ма уӕ алчидӕр йӕ мады тыххӕй ӕртӕ, цыппар хъуыдыйады ныффыссӕд. « Мӕ мад у….»

Сабитӕ кӕсынц сӕ хъуыдыйӕдтӕ.

13.- Мӕ зӕрдӕ уӕ барухс и! Тынг хорз бакусытат! Нӕ уазджыты дӕр бахъӕлдзӕг кодтат уӕ хъуыдыйӕдтӕй. Абоны куыстӕн скӕнӕм хатдзӕг. Алы къордмӕ дӕр ис таблицӕ. Баххӕст кӕнут уӕ таблицӕтӕ, сӕвӕрут кӕрӕдзийӕн бӕрӕггӕнӕнтӕ.


Рефлекси (14 слайд)

Урочы куыстытӕ

Бӕр-нӕн

1.

Таблицӕйыл куыст


2.

Текстыл куыст


3.

Ӕмбисӕндтӕ


4.

Карточкӕтӕ


5.

Нывыл куыст

Сабитӕ сӕ куыстӕн ӕвӕрынц бӕрӕггӕнӕнтӕ аргументтимӕ.

14.Хӕдзармӕ куыст. (15 слайд)

Ирыстоны алы районӕн дӕр ис йӕхи газет.Ӕрыдоны районы газет у «Рухс», Алагиры районы газет у «Сӕуӕхсид», Ӕрӕфы районы газет та у «Ирӕф»,уӕдӕ газет «Рӕстдзинад» уе ппӕт дӕр зонут. Ацы газетты ис хай, кацы хуыйны «Арфӕйы дзырд». Нӕ телеоныныды дӕр ис равдыст «Фарны хабӕрттӕ». «Арфӕйы дзырд»-ы дӕр ӕмӕ «Фарны хабӕртты» дӕр ӕппӕтӕй арӕхдӕр арфӕтӕ фӕкӕнынц ныййарӕг мадӕн. Тагъд уыдзӕн бӕрӕгбон «Мады бон» , алчидӕр уӕ ныффыссӕд арфӕйы дзырд йӕ мадӕн. Ӕз дӕр ныффыстон мӕ мадӕн арфӕйы дзырд. Байхъусут ма мӕм.

15.Арфӕйы дзырд

Нӕ зынаргъ, нӕ уарзон, нӕ фӕлмӕнтӕдзураг, нӕ фыдӕбонджын мад, бӕрӕгбоны фӕдыл дын зӕрдиаг арфӕтӕ кӕнӕм. Нӕ зӕрдӕ дын зӕгъы, фыццаджыдӕр, ӕнӕниздзинад. Мах, дӕ цоты, сӕвӕрдтай раст фӕндагыл. Дӕуӕй базыдтам ирон ӕгъдау, ирон ӕфсарм ӕмӕ уӕздандзинад. Ды махӕн дӕ фӕзминаг хистӕр. Нӕ сӕртӕ бӕрзонд хӕссӕм дӕуӕй, нӕ уӕздан, хӕларзӕрдӕ, мӕтгӕнаг мад. Дӕ кӕстӕрты рӕсугъддзинӕдтӕ ӕмӕ цинтӕ дын дуджы фарн ӕмӕ боны рухс хӕссӕнт, ӕмӕ нын бирӕ фӕцӕр!





 
 
X

Чтобы скачать данный файл, порекомендуйте его своим друзьям в любой соц. сети.

После этого кнопка ЗАГРУЗКИ станет активной!

Кнопки рекомендации:

загрузить материал