- Учителю
- Урок «Арс, бирӕгъ ӕмӕ рувас».
Урок «Арс, бирӕгъ ӕмӕ рувас».
Урочы темæ: «Арс, бирӕгъ ӕмӕ рувас».
Урочы нысан: 1.Равзарын аргъауы мидис .
. Рæзын кæнын хъуыдыгæнæн, хъусдард, бакусын мысыныл.
3.Уарзондзинад рæзын кæнын æрдзмæ æмæ йæ цæрджытæм .
УАА: регулятивон, коммуникативон, удгоймагон, логикон.
Фӕстиуджытӕ: предметон: зонын тексты агурын хъӕугӕ информаци;
метапредметон: ахуыр кӕнын сывӕллӕтты иумӕййаг
хатдзӕгтӕ кӕнын;
удгоймагон: хорз миниуджытӕ уынын иннӕ
сывӕллӕтты.
Æххуысгӕнӕн фӕрӕзтӕ: чиныг, кусӕн программӕ, нывтӕ, карточкӕтӕ,
кусӕн тетрӕдтӕ.
Урочы цыд.
I.1. Салам раттын .
2. Скæнын релаксаци. (Фæйнæгыл ныхæст мигътӕй ӕмбӕрзт хур . Сабиты бафæрсын :
-Зонут æй, цæмæ у æнкъард нӕ хур? Уымӕн ӕмӕ йӕ бамбӕрзтой мигътӕ. Тынг ӕй фӕнды, цӕмӕй сымах мигътӕ атӕрат. Урочы кæрон цы бæрæггæнæнтæ райсой ,уыдоны ныхмæ сын раттын алыхызон тынтӕ ,цæмæй сæ балæвар кæной хурӕн. (Мигътӕ аиуварс кӕнын ӕмӕ тынтӕ хуры алыварс сӕвӕрын).
3. Рацыд æрмæг сфæлхатын :
а) девиз;
ӕ) мыртӕ;
б) хауӕнтӕ;
в) нымад;
г) къуырийы бонтӕ;
гъ) нывтимӕ куыст;
д) дзургӕ текст «Фӕззӕг»
е) дарддӕр зӕгъ: абон уыд…, райсом уыдзӕн…, знон уыдис…,
ӕндӕрӕбон уыд…, иннӕбон уыдзӕн..
II Ахуыргӕнӕджы архайд: Скъоладзауты архайд:
1. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын: Нарты равзӕрд. æ)аив кæсынмæ ; б) равдисын А4 - иллюстраци, бацӕттӕ кӕнын иу нарты хъайтары тыххӕй (3 вариантæй саби æвзары йæ тыхтæм гæсгæ1 куыст).
2. Адӕмон сфӕлдыстадмӕ ма таурӕгъ, кадӕг,
цы хауы? тагъддзуринаг,
уыци-уыци, аргъау
3. Цавӕр вӕййынц аргъӕуттӕ? Адӕмон, литературон
Ракӕсут ма фӕйнӕгмӕ Кӕсынц фӕйнӕгыл
аргъауы сӕргонд.
Цавӕр сырдтӕ сты? Хъӕддаг.
Цавӕр хъӕддаг сырдтӕ ма зонут? Зӕрдыл ӕрлӕууын
кодтой сырдтӕ.
II. .Ног æрмæг.
1. Эпигрæф райстон абоны урокмæ ӕмбисонд : « Йӕ дзырд дзырд кӕмӕн нӕу, ахӕм лӕгӕй дардмӕ лидз». Сывӕллӕтты ӕргом здахын ӕмбисондмӕ.
(Сабитæ дзурынц сæ хъуыдытæ, куыд бамбæрстой эпигрæфы ныхæстæ).
- Зæгъут-ма мын, тых кӕмӕ ахӕссӕн ис, зонд та?
-………
2. Скæнын къордгай куыст .Саразын 4 къорды, раттын сын хуымæтæг, æнцонæмбарæн хæслæвæрд: (Радзырмæ гæсгæ 4 нывы раттын : «Æрхъуыды кæнут 3-4 хъуыдыйады уæ нывтæм гæсгæ. Фыццаг къорды капитан æрхæсдзæн йæ къордæн хорз бæрæггæнæнтæ».
3. Дзырдуатон дзырдтыл куыст:
Æнӕфсис - жадный;
Куыд хистӕрӕй - по старшинству;
холыагур - в поисках пищи;
4. Рахизын радзырд равзарынмæ.
-Цы у аргъау,сабитæ?
-(аргъау у цыбыр аивадон уацмыс).
(Сабитæ скъуыддзаг кæсгæйæ, дзурынц æй хи ныхæстæй).
5. Кӕсынц, тӕлмац кӕнынц. Бакасты фæстæ ахуыргæнæг домы фӕрстытӕн дзуӕппытӕ.
- Цы ссардтой сырдтӕ?
-…..
-Цы загъта зыгъарӕг?
-…
- Цы ӕрхъуыды кодтой гӕды рувас ӕмӕ ӕнӕфсис бирӕгъ ?
-….
6. Бакусын аргъауы темæйыл æмæ йæ сæйраг хъуыдыйыл.
Куыд баст у ӕмбисонд на аргъауы мидисимӕ?
- ….
- Арс та сын куыд загъта?
-…
- Нӕ зӕрдыл ма ӕрлӕууын кӕнӕм уырыссаг ӕмбисандта тых ӕмӕ зонды тыххӕй.
-…
-Ацы аргъау нӕ цӕуыл ахуыр кӕны?
-
III. 1.Рефлекси скæнын :
-Абон æз урочы базыдтон….
-Æз бамбæрстон…
-Мæ бон суыдзæн…
-Мæ зæрдæмæ фæцыд…
-Нæ бамбæрстон…
Сабитæ хи куыстӕн æвзарынц бæрæггæнæнтæ, ахуыргæнæг та сын лæвар кæны хуры тынтӕ : «5»-даргъ тын; «4»-цыбырдӕр тын ; «3» тынг цыбыр тын. Уыдон сӕ тынтимӕ фæйнæгмæ цауынц æмæ сæ уарзондзинад лæвар кæнынц хурӕн. Сӕ дзуӕппыты фӕрцы фервӕзын кодтой хуры мигътӕй.
IV. Раттын хæдзармæ куыст: а) Хи ныхæстæй радзурын; )скæнын уарзондæр бынатмæ аргъауы иллюстраци.