7


'Бола Кануков' (4 класс)

Автор публикации:
Дата публикации:
Краткое описание:
предварительный просмотр материала

Темœ: Кœмœй у сœрыстыр Ирыстон?

"Бола" - Гœдиаты Секъа.


Нысан: 1) дарддœр зонгœ кœнын сывœллœтты Иры зындгонд лœгтимœ, йœ уарзон хъœбултимœ, Хъаныхъуаты Болайы царды хабœрттимœ;

2) ныхасы рœзт œмœ кœсыны фœлтœрддзинадыл кусын;

3) рœзын кœнын сœрыстырдзинад Иры зындгонд лœгтœм.


УАА: удгоймагон, регулятивон, коммуникативон, логикон.

Фӕстиуджытӕ:

  1. метапредметон - хорз ӕмбарын дзургӕ ӕмӕ фысгӕ ныхасы мидис;

  2. предметон - лексикон ӕмӕ грамматикон синонимтӕ иртасын, хи ныхасы мидӕг сӕ пайда кӕнын зонын;

  3. удгоймагон - ӕвзаджы сыгъдӕгдзинад ӕмӕ культурӕмӕ бӕрнон цӕстӕй кӕсын фӕцалх уӕвын.


Цœстуынгœ œрмœг: сывœллœтты конд нывтœ "Нœ уарзон Ирыстон", Иры зындгонд лœгты къамтœ, газеттœ, чиныг "Ирыстон œмœ ирœттœ".


Урочы цыд:

  1. Мотиваци

Абон куыстмӕ цӕугӕйа мӕ фӕндаг ракодтон цӕнгӕт хидыл. Митгӕлӕбутӕ мӕ алыварс, зилдухгӕнгӕйӕ, кафыдысты симд. Сӕ кафтмӕ кӕсгӕйӕ, мӕ цӕстӕнгас рацахста Плиты Иссӕйы сурӕт. Ӕмӕ мӕм фӕзынд тынг стыр сӕрыстырдзинад.

  1. Рацыд œрмœгœй.

1. Разныхас

Сывœллœттœ, нœ абоны урочы темœ у "Кœмœй у сœрыстыр Ирыстон?". Нœ размœ лœууы хœс: ацы фарстайœн дзуапп раттын.

Алы адœймагœн дœр œппœтœй зынаргъдœр, уарзондœр у райгуырœн къона, фыдызœхх, фыдыбœстœ. Ирон адœмы къона, нœ цœрœн бœстœ у Ирыстон.

... Фœлœ уœддœр, ныййарœг зœхх,

Дœуœн œмбал кœм и?

Дœуœй зœрдœйœн адджындœр

Зœгъ-ма, мын, чи у, чи?

Нœ урс хœхтœ, нœ тар хъœдтœ,

Нœ хъал дœтты хъœлœс,

Нœ зад хуымтœ, цъœх быдыртœ.,

Нœ дидинœгджын фœз.

Ирыстон сœрыстыр у йœ рœсугъд œрдзœй, йœ райдзаст сахартӕй œмœ хъœутœй. Фœлœ уœлдай сœрыстыр та у йœ фœзминаг хъœбултœй. Ирон адœмы ном чи скадджын кодта, сыгъзœрин дамгъœтœй йœ чи ныффыста кады тырысайыл. Махœй œнамонддœр нœ уыдзœн, œма: искуы уыцы тырыса дœлœмœ куы руадзœм.

а) - Зындгонд ирон фыссœг Бесаты Тазе афтœ загъта: "Адœм кœддœриддœр цœттœ вœййынц сœ хуыздœр хъœбулты нœмттœ цытимœ мысынмœ... Адœймагœй никуы ферох вœййынц сœ хуыздœрты нœмттœ".

œ) - Цымœ чи сты уыцы кадджын лœгтœ, кœй тыххœй зœгъын œмбœлы мœнœ ацы œмбисонды ныхœстœ дœр? Кадджын лœгœн йœ ном нœ сœфы.

б) (Равзарын œмбисонды мидис).

- Цавœр œмбисœндтœ ма зонœм кадджын адœмы тыххœй?

в) Радзурын Абайты Васо, Адырхаты Светланœ, Тœбœхсауты Бало, Андиаты Сосланы, Плиты Иссӕйы тыххœй.

3. - Фœстаг урочы та кœй тыххœй дзырдтам?

а) Сывœллœттœ кœсынц хœдзармœ лœвœрд текст,

œ) Æвзаргœ каст.

Кœд сбадт фыццаг хатт Алибек бœхыл? Ссарут-ма уыцы бынат œмœ йœ бакœсут.

Цавœр адœймагœй йœ базыдтой?

Цы цау œрцыд Хъантемыраты Алибекыл Болгарийы? Бакœсут уыцы бынат.

б) Сывœллœттœ дзурынц Хъантемыраты бинонты тыххœй цы базыдтой, уый.


  1. Ног œрмœг.

1. Разныхас:

- Бирœ номдзыд лœгтœ рацыд Ирœй. Йœ хъару, йœ тых œмœ арœхстдзинадœй дардыл хъуыстгонд чи уыд, ахœмтœ. Фœлœ дзы уаддœр Хъаныхъуаты Дударыхъойы фырт Болайы хуызœн нœ уыдис.

Цымœ чи уыд, цœмœй зындгонд у Бола?

Болайы царды тыххœй нын Таймураз бацœттœ кодта цыбыр доклад œмœ йœм байхъусœм.

2. Баххœст кœнын доклад.

- Ирыстоны рœсугьддœр кœмттœй иуы, Хъобаны хъœуы 1869 азы мœгуыр хœххон лœг Хъаныхъуаты Дударыхъойœн райгуырд лœппу Бола. Тынг бацин кодта фыд йœ фырты райгуырдыл, фœлœ куы бамбœрста сывœллон мœллœг тœнтьихœг у, уœд цалдœр боны фыр тыхстœй хœдзармœ дœр нал бацыд. Æнхъœлмœ каст œнкъард хабар фехъусынмœ, ома сывœллон амард, зœгъгœ. Фœлœ Бола аирвœзт, кœд ыл œнœхъœн афœдзмœ ницы бафтыд, уœддœр Ахœм гыццыл уыди, œмœ-иу œй йœ фыд худœй куы рœмбœрзта, уœд йœ бынœй нœ зынди. Рœстœг цыди œмœ афœдзы фœстœ сывœллоны буар фезмœлыд œмœ, аргъауы лœппуйау, бон уыдисны рœзыд, œхсœв уылынг. Дыууœаздзыдœй уыди 4-аздзыды сывœллоны йас. 4-аздзыдœй та йœ мад уынджы цы доны 2 ведрайы фœуагъта, уыдон хœдзармœ бахаста. Афтœмœй 25-œмœ Болайœн йœ ас уыдис 2м œмœ 27см, йœ уœз та - 214кг.

Хъаныхъуатœн сœ царды фœрœз уыдис зœххы œмœ хъœды куыст, œмœ чысылœй фœстœмœ Бола дœр йœ фыдимœ уыцы куыстытыл œфтыд уыд.

1902 азы Бола йе мбœлттимœ ацыдис кусынмœ Бесланы быдыртœм. Ам фыццаг хатт фехъуыста œнœзонгœ лœгœй уырыссаг богœлттœ Сергей Елисеев, Иван Поддубныйы тыххœй. Загьта йын: "Æз дœу тыххœй бирœ хабœрттœ фехъуыстон, фœлœ ахœм стыр тых, хъаруйы хицау дœ, уый не нхъœлдтон. Ды дœ "Хъазыбеджы хох" œмœ дœ бынат у цирчы, хъабысœйхœцджытимœ. Хъуамœ дœ тых œмœ хъаруйœ Ирыстоны адœмы скадджын кœнай".

Уыцы ныхœстœ йœ зœрдыл дардта Бола, фœндыдис œй циркмœ кусынмœ бацœуын, хъœбысœйхœцœг суœвын. Фœлœ Бола œрмœст йœхи кой нœ кодта,уый тыхсти йœ бинонтыл, йœ хъœубœсты адœмыл.

Уымœ гœсгœ фыццаг хатт Бола цирчы гауызыл фœзынд, œртын азœй йыл фылдœр цыдис, афтœмœй. Уый уыд Дзауджыхъӕуы цирчы.

Ам фыццаг хатт йœ сœрмœ систа, стœй уœззаугай уырдыгмœ œруагьта œмœ йын йе уœнгтœ гауызмœ нылхъывта œнœсœтгœ богал Мясникœн.

Уымœй суанг йœ мœлœты бонмœ Бола хœцыдис бирœ œппœт дунейы хъуыстгонд богœлттимœ нœ бœстœйы œмœ фœсарœйнаг горœтты. Иу ранœй дœр Бола састœй не рбаздœхт Ирыстонмœ.

Тынг сœрыстыр дзы уыдысты ирон адœм. Йœ тых, йœ хъару œмœ йœ асы тыххœй йœ хуыдтой "цœугœ мœсыг" кœнœ "Хъазыбеджы хох".

Кœд ахœм хъаруйы хицау уыд, уœддœр удыхъœдœй та уыдис диссаджы хœдœфсарм, сабырзонд œмœ тœнзœрдœ адœймаг. Æнœзонгœ горœты-иу мард хœсгœ куы федта, уœд йœ худ систа œмœ сывœллонау куыдта.

Амард 1922 азы 53 œздзыдœй.


3. - Абон мах базонгœ уыдзыстœм Болайы цардœй иу œцœг хабаримœ.

Бакœсœм-ма Гœдиаты Секъайы фыст радзырд "Бола".

4. - Фœлœ уал фыццаг бакусœм радзырды цы œнœзонгœ дзырдтœ уыдзœн, уыдоныл.

Æфсондз - ярмо (равдисын)

Тœнтъихœг - слабый (архъуыды кœнын дзырдбœтытœ, зœгъын синонимтœ - лœмœгъ, мœллœг, гыццылœй райгуырд)

Схœрдгœнœн - подъем (фœндаг уœлœмœ кœм ацыд)

Уис - хворостинка, прут (синонимтœ - къœцœл, лыстœг къалиу, уистœй быдтой каутœ, тœсчъытœ)

Цавддурау аззад - окаменел (джихœй аззад, лœугœйœ аззад)

Фœлтœрдта - закалялся, испытывал (йœхиуыл куыста)

Дзырдты растдзурынад œмœ растфыссынадыл бакусын.


5. Аив бакœсын радзырд. Касты размœ раттын фарста.

- Куыд рабœрœг Болайы-хъару?

6. Сывœллœтты каст.

7. Раттын дзуапп фœрстытœн

Цы рцыдис фœндагыл фыд œмœ фыртыл?

Цы бакодта фырт?

Чи уыд уыцы лœппу?

Цœй руаджы сси ахœм тыхы хицау? Цœй фœрцы?

Ацы радзырдœй цы базыдтам Болайы тыххœй?

Йœ цавœр миниуджытœ йын равдыста Секъа йœ радзырды?

(Фœлмœнзœрдœ, куыстуарзаг)

Нырыккон хъœбысœйхœцджытœй та кœй зонут?


8. Беседœ.

Сымах та, сывœллœттœ, уœхиуыл куыд кусут? Куыд зœрдœргъœвдай фœцœут физкультурœйы уроктœм?

Уœ ныййарджытœн та феххуыс кœнут?

Мах загътœм, зœгъгœ, Бола йœхиуыл кœй куыста, куыстуарзаг кœй уыди, уый руаджы сси ахœм номдзыд лœг. Сымах дœр хъœуы бирœ архайын, цœмœй уœ рауайа ахœм лœгтœ œмœ уœ ныййарджытœ дœр œмœ нœ Ирыстоны адœм дœр сœрыстыр куыд уой.


9. Кœронбœттœн.

а) - Уœдœ ацы урочы цавœр номдзыд лœгимœ базонгœ стœм, Ирыстонœн стыр кад чи скодта?

Нœ урочы кœрон ма мœ фœнды сымах иу хатт бафœрсын.

- Кœмœй ма у сœрыстыр Ирыстон?

(Ирыстон сœрыстыр у Хъаныхъуаты Дударыхъойы фырт Темырболатœй).

Рефлекси


Ӕз базыдтон …

Ӕз сахуыр дӕн…

Мӕ бон суыдзӕн…

Мӕ зӕрдӕмӕ фӕцыд…

Нӕ бамбӕрстон...


œ) Хœдзармœ куыст раттын.

б) Бœрœггœнœнтœ сœвœрын.



 
 
X

Чтобы скачать данный файл, порекомендуйте его своим друзьям в любой соц. сети.

После этого кнопка ЗАГРУЗКИ станет активной!

Кнопки рекомендации:

загрузить материал