7


  • Учителю
  • План урока по осетинскому чтению на тему: 'Хъаныхъуаты Бола - ирон номдзыд богал'

План урока по осетинскому чтению на тему: 'Хъаныхъуаты Бола - ирон номдзыд богал'

Автор публикации:
Дата публикации:
Краткое описание:
предварительный просмотр материала

Ирон кæсыны урок

Беслæны 5-æм скъолайы

3 «А» къласы.

Темæ: «Хъаныхъуаты Бола - ирон номдзыд богал»


Ахуыргæнæг Бигъаты Светланæ Адылджерийы чызг.

Темæ. «Хъаныхъуаты Бола - ирон номдзыд богал».

Урочы нысæнттæ: бакæсын текст «Бола»; байхъусын сывæллæттæ Хъаныхъуаты Болайы сгуыхтдзинæдты тыххæй цы æрмæг бацæттæ кодтой, уымæ; æрымысын Болаимæ иу рæстæг чи царди æмæ хæцыди, уыдоны мысинæгтæ Болайы тыххæй; æрдзурын ныртæккæ Ирыстон йæ сæр бæрзæндты кæмæй хæссы, уыцы богæлтты тыххæй; тагъд, раст æмæ аив кæсыны мадзæлттыл кусын; сывæллæтты зонындзинæдтæ уæрæхдæр кæнын; ныхасы рæзтыл кусын.

Урочы пайдагонд цæуы:3-æм къласы «Кæсыны чиныг»-æй,мыхуыргонд текстæй, компьютерæй, интерактивон фæйнæгæй.

Урочы цыд.

  1. Урочы темæ æмæ нысæнтимæ базонгæ кæнын .

Ахуыргæнæг: Сывæллæттæ, æртæккæ нæм уыдзæн ирон кæсыны урок.Сымах хъуамæ хибарæй бакастаиккат текст «Бола», стæй бацæттæ кодтаиккат уæлæмхасæн æрмæг зындгонд ирон богал Хъаныхъуаты Болайы тыххæй.

  1. Хæдзармæ куыстæй бафæрсын.

-Байгом кæнут уæ чингуыты текст «Бола» æмæ уæхи аив кæсынмæ æрцæттæ кæнут.


Кæсыны размæ дзырдуатон куыст бакæнын.

Уис

Нæуу


Æфсондз

Цавддур

Тæнтъихæгарæзт

Йæхи фæлтæрдта

Спортивон ерыстæ

3.Текст «Бола» бакæсын.

Ахуыргæнæг: Кæсгæ - кæсын бахъуыды кæнут тексты мидис æмæ фæрстытæн дзуæппытæ дæттынмæ уæхи æрцæттæ кæнут.

- Цы æрцыдис фæндагыл фыд æмæ фыртыл?

- Цы бакодта лæппу?

- Чи уыдис уыцы лæппу?

- Бакæсут -ма, Болайы тыххæй-ма тексты цы загъдæуы?

- Чи фæзмыны ныртæккæ дæр -ма Болайы?

Цавæр уыд Бола?

(Тыхджын, хъаруджын,ныфсджын, тæнзæрдæ, хæларзæрдæ, тæригъæдгæнаг.)

4. Иртасæн куыст.

Ахуыргæнæг: Ныртæккæ та радзурдзыстæм Хъаныхъуаты Болайы тыххæй цы æрмæг бацæттæ кодтам, уый.

Болайæн йæ сывæллоны бонты тыххæй радзурдзæн Томайты Георги.

Дзырдуатон куыст.

Тъахтин

Хæддзуйы куыст

Георги : Хъаныхъуаты Бола (Темырболат) райгуырдис 1869 азы, Уæллаг Хъобаны, мæгуыр зæхкусæджы хæдзары.

Бола куы райгуырд, уæд уыдис тынг мæллæг,тæнтъихæг, арæх рынчынтæ кодта æмæ йын фервæзын æнхъæл ничи уыди.Фæлæ лæппуйыл афæдз куы рацыдис, уæд тынг рæзын райдыдта, дыууæ азмæ афтæ сырæзти, æмæ йын цыппар азы раттæн уыди. Лæппу афтæ тыхджын уыдис, æмæ - иу йæ авдæны бæттæнтæ йæхæдæг райхæлдта.

Иухатт ын йæ къухтæ сбастой, кæд ацы хатт йæхи нал суæгъд кæнид, зæгъгæ, фæлæ Бола йæ къæхтыл слæууыд æмæ йæ бæттæнтæ халын куы нæ бакуымдтой, уæд авдæн уаты къуымты йе ' ккойы фæрахæсс - бахæсс кодта.Иннæ хатт та къæсæрыл кæй ссардта, уыцы дыууæ дзаг ведраимæ бавзæрста йæ тыхтæ. Мад сыхæгтæй куы рауад æмæ ведратæ сæ бынаты куынæуал ссардта, уæд хæдзармæ бакаст, кæд сæ нæ лæг мидæмæ байста,зæгъгæ, æмæ сагъдауæй аззад: Бола йæ гыццыл къухтæй дзаг ведрайыл схæцыд, æмæ йæ арæхстгай иннæйы фарсмæ тъахтиныл æрæвæрдта.

Бонæй бонмæ домбайдæр кодта лæппу, фæлæ йын мад йæ диссаджы миниуджытæ никæмæн хъæр кодта, исчи йæ куы фæцæстдзыд кæна, зæгъгæ.

Дударыхъо иуцалдæр азы фæстæ йæ фырты хæддзуйы куыстыл æфтауын байдыдта .Уæззау куысты Болайæн йе стæг фæфидар, йæ хъару та фылдæрæй- фылдæр кодта.

Ахуыргæнæг: Бола йæ лæппуйы кары куы бацыд, уæды цауты тыххæй радзурдзæн Бæдоаты Дзерассæ.

Дырдуатон куыст.


Уырс

Цæфхад


Цъына


Ныббыцæу кодта

Дзерассæ : Æстдæс азы йедтæмæ нæма цыд Болайыл, афтæмæй - иу дыууæ - æртæ лæджы сисын кæй нæ фæрæзтой, ахæм хъæдтæ йе ' ккоймæ сæппæрста.

Бола галы бæсты йæхи куыд сивтыгъта, уый хъæддзаутæй чидæртæ бафиппайдтой æмæ хъæуы æндæр кой нал уыд. Адæм Хъаныхъуаты хæдзармæ æмбырдтæ кæнын байдыдтой, цæй - ма Бола дæ тых истæуыл авзар, зæгъгæ. Лæппу ницы ком лæвæрдта.Фæлæ та йæ иу бон æнæнхъæлæджы йæ хъарутæ равдисын бахъуыд. Сыхæгтæй чидæр йæ бæхыл цæфхад садзынмæ хъавыд, æмæ налат уырс йæхимæ хæстæг куы никæй уагъта, уæд æххуысмæ фæдзырдтой Боламæ. Лæппу бæхмæ фæстæты бацыд, фæлæ йæ уырс куы рариуыгъта,уæд фæмæсты, йæ дыууæ фæстаг къахмæ йын фæлæбурдта, раззæгтæм йæхи къах фæцарæзта æмæ йæ зæххыл æрфæлдæхта.Уыцы хъæбысхæстмæ кæсгæйæ , адæм дис кодтой.Чи йæ федта, уыдон æрыгон домбайы ном хъус - хъус ахастой æмæ æппынфæстаг хъæуы цæрджытæ сфæнд кодтой лæппуйыл хинæй рацæуын. Цалдæр лæджы уыгæрдæны æртасын кодтой цъæхснаг бæлас æмæ йыл хосы цъына самадтой.Болайæн бахæс кодтой уыцы цъына хъæумæ æрбаласын. Бола бæндæнæй цъына æрбæстытæ кодта æмæ æрхæцыд, фæлæ цъына змæлын дæр нæ фæкодта. Æнæууæнкхуызæй йæ сæр батылдта, йæхи фæхъæбатыр кодта æмæ та йыл рахæцыд. Бæндæн дыууæ дихы фæци.Бола кæд арæх нæ мæсты кодта, уæддæр ацы хатт тынг рафыхти. Ногæй та бæндæн цъынайыл баппæрста, æмæ йæ къæхтæ зæхмæ ныббыцæу кодта. Йæ цæстытæ туджы разылдысты, фæлæ йæ ацы хатт уæддæр рафæлдæхта.Цъынайы бынæй бæласы уидæгтæ куы разындысты, уæд ма йын хистæрты хиндзинад цы базонын хъуыди æмæ йæ мидбылты фæлмæн бахудти. Уæдæй фæстæмæ Болайы ном æгас Ирыстоныл айхъуыст.


Ахуыргæнæг: Болайыл25 азы куы сæххæст, уæды царды бонты тыххæй радзурдзæн Хацырты Каринæ.

Дзырдуатон куыст.

Бетъырбух

Къуылымпы кодта.

Каринæ : Болайыл 25 азы куы сæххæст, уæд йæ дæргъ уыди 2 метры æмæ 27 см, йæ уæз та 224 кг. Адæм æнæкæрон уарзт кодтой Болайы,фæлæ канд йæ тых æмæ хъаруйы тыххæй нæ. Лæппу уыди тынг фæлмæнзæрдæ, æфсæрмыгæнаг æмæ куыстуарзаг. Дзæгъæлы дын бындз дæр нæ бафхæрдтаид.Кæддæриддæр йæхи хъардта мæгуыр адæмæн исты баххуыс кæныныл æмæ йæ уымæ гæсгæ æгуыстæй никуы ничи федтаид. Иу æмæ йын дыууæ хатты нæ лæгъстæ кодтой Бетъырбухæй кæнæ - иу Мæскуыйæ цы адæм ссыд, уыдон, ныууадз Хъобан æмæ дæ тых цирчы хъæбысхæцджытимæ бавзар, зæгъгæ. Фæлæ йæ иуæй уырыссаг æвзаг кæй нæ зыдта уый къуылымпы кодта, иннæмæй та зæххы куыстыл сахуыр, æмæ йæм зын касти уыцы куыст ныууадзын. Æгæр - иу æй куы баййардтой, уæд - иу сын къæмдзæстыгхуызæй дзуапп радта: «Мæгуыр зæхкусæг лæг дæн æмæ мæ цирктæ - йедтыл зилынмæ не 'вдæлы». Æмæ æцæгдæр куыд хъуамæ ныууагътаид йе 'рдхæрдты,йе 'мбæлтты,йæ мæгуыр хæххон хæдзар, - даринæгтæ дзы чысыл куы нæ уыди, мыййаг. «Мæнæн мæ хæдзар ам ис - фидарæй - иу алыг кодта. Гъеныр æз куы ацæуон, уæд мæ гыццыл хотæ æмæ æфсымæртæ кæй æвджид баззайдзысты».Куыд нæ йæ фæндыдаид дунейыл афæлгæсын, адæмы фенын, фæлæ йæ авналæнтæ уыдысты цыбыр: хъæддзауы фырт, уæлхох уыгæрдæнтæ æмæ фыййауы хызын.

Афтæ æрвыста йæ рагуалдзæджы бонтæ номдзыд ирон богал Хъаныхъуаты Бола.

Ахуыргæнæг: Болайы « Хъазыбеджы хох» цæмæн схуыдтой, уый тыххæй та радзурдзæн

Мæргъиты Аделинæ.

Дзырдуатон куыст.

Æхсæвæр

Фæсаджил кодта

Хъæдæрмæг


Рельс


Æрвдзæфау фæци.

Аделинæ : 1909 азы Болайы царды æрцыди стыр ивддзинæдтæ. Иу хатт Хъобаны фыййæуттæ сæ фосимæ æрæнцадысты Беслæны быдырты æхсæн фæндагмæ æввахс. Бола дæр уыди семæ. Фыййæуттæ сæхицæн æхсæвæр ацæттæ кæнынмæ хъавыдысты, фæлæ суг куы нæ ссардтой, уæд æфсæнвæндаг чи хъахъхъæдта,уыцы лæджы хæдзары 'рдæм сæхи байстой æмæ йæм бахатыдысты,баххуыс нын кæн, зæгъгæ. Лæг сын дзуапп радта, сусæгæй уын мæ бон баххуыс кæнын нæу, зæгъгæ, фæлæ кæд уæртæ уыцы хъæдæрмæг афæразат, уæд æй ахæссут, - æмæ йæ къухæй иуфарсырдæм ацамыдта.

Фыййæуттæ кæдæм амыдта, уыцырдæм сæхи байстой, æркастысты æмæ федтой: зæххы ныгæд уыд цыппар хъæды лыггажы, сæ уæлæ дыууæ дæргъæй - дæргъмæ рельсы æфсæн зæгæлтæй хуыд. Уæдмæ фæзындис Бола дæр. Йе 'мбæлттæ йын уыцы æнкъардхуызæй зæхмæ ацамыдтой. Лæппу зæхмæ æркаст, стæй йæ къæхтæ фæсаджил кодта, рельсытæ æд хъæдæрмæг срæмыгъта æмæ сæ йе 'ккоймæ сæппæрста. Фæндагхъахъхъæнæг æрвдзæфау фæци. Бола йе 'мбæлттæм бæзджын хъæлæсæй сдзырдта, ацы æфсæйнæгтæ дæр нæ халагъуд аразынмæ бахъæудзысты,зæгъгæ, æмæ араст. Уæдмæ хæдзарæй рахызт ноджы иу лæг Болайы фæстæ дисгæнгæ акаст æмæ фыййæутты уырыссагау афарста:

- Бола у?

Фыййæуттæ йын худгæйæ, о, зæгъгæ, загътой. Лæг сын сæ къухтæ райста æмæ цымыдис хуызæй семæ араст.

Чысыл нæ фæбадтысты уыцы изæр фыййæуттæ арты фарсмæ.Се 'нæзонгæ уазæг сын , Боламæ аив ракæс - бакæс кæнгæйæ, бирæ фæдзырдта номдзыд уырыссаг хъæбысхæцджытæ Петлясинский, Пётр Янковский, Елисеев æмæ Иван Поддубныйы тыххæй. Стæй йæ ныхас куы фæци, уæд Боламæ комкоммæ бакаст æмæ загъта:

- Бирæ таурæгътæ фехъуыстон дæу тыххæй, Бола, фæлæ афтæ домбай разындзынæ, уый æнхъæл нæ уыдтæн. Хъазыбеджы хох дæ æмæ Хъазыбеджы хох! Дæ арæхст, дæ уæз æмæ дæ хъарутæ афтæ æнæрцæугæ диссаг сты, æмæ дунейы богæлттæй иуы дæр демæ абарæн нæй.Ды хъуамæ цирчы рахæцай, Бола, ды хъуамæ кад скæнай дæ адæмæн дæр æмæ æгас Уæрæсейæн дæр. Æнæзонгæ уырыссаг лæг куы ацыд, уæд фыййæуттæ бирæ фæлæгъстæ кодтой Болайæн, дæ хъарутæ цирчы богæлттимæ бавзар, зæгъгæ. Бола сыстад æмæ загъта:

- Тых мæм бæргæ ис, фæлæ уыцы тых рæстырдæм саразын куы нæ зонай, уæд кæй хъæуы. Хъæбысæй хæцынæн ахуыр кæнын хъæуы… æмæ кæй хъæуын æз… Чи мæ сахуыр кæндзæн æнæ æхцайæ! - Бола къæмдзæстыг худт бакодта æмæ ма йæ ныхасыл сабыргай бафтыдта:

- Фæлæ, æвæдза, рахæцын æвзæр нæ уаид.

Бæрæг уыди, æнæзонгæ уазæджы ныхæстæ йæ зæрдæйы арф кæй ныххызтысты,уый, æмæ, æвæццæгæн гъе уыцы изæр райгуырди номдзыд, æнæбасæтгæ ирон богал - Хъаныхъуаты Бола (Хъазыбеджы хох).


Ахуыргæнæг: Уыцы фембæлдæй фæстæмæ Бола æнцой нал зыдта.Тынг æй фæндыд исты амалæй Дзæуджыхъæумæ аирвæзын æмæ цирчы богæлттæм бакæсын. Фæлæ йæ фыдæн ской кæнын нæ уæндыд.Хъæуы цæрджытæ фыды æнцад нал уагътой: «Ауадз æй Дударыхъо,нарты Сослан æмæ Уырызмæгæй æдыхдæр нæу.Уадз æмæ йæ ирон адæмæн кад скæна». Æппынфæстаг Дударыхъо сразы. Фæсидти йæ фыртмæ æмæ йын загъта:

«Лæппу, райсом горæтмæ ныууай æмæ нæ хæстæджыты абæрæг кæн. Æцæг дзы - иу бирæ ма бафæстиат у».Болайы цинæн кæрон нал уыд. Дыккаг бон йе 'рдхорд Дзуццаты Ази æмæ йæ фыды æфсымæр Хæмæтхъанимæ араст сты Дзæуджыхъæумæ.

Дарддæр уыцы хабар ахæццæ кæндзæн Къадзаты Серафимæ.

Серафимæ: Болайы гуырыконд горæты цæрджыты дисы куыд нæ бафтыдтаид. Гуылфгæнгæ уадысты йæ фæдыл.Пъæлицæйæгтæ ма бæргæ къуыззитт кодтой, фæлæ уыдонæн дæр сæ бон ницыуал уыд. Чи йын йæ дзабыртæм каст (йæ иу дзабыры хуымæтæг лæджы дыууæ къахы аныгъуылдаид ), чи йæ домбай уæхсчытæм, чи та йæ хъамамæ ( Болайы хъама æхсаргарды дæргъæн уыд).

Изæрырдæм горæтыл чидæр ахæлиу кодта, - абон Бола богæлттимæ хæцдзæн, зæгъгæ, æмæ адæм циркмæ ныххæррæтт кодтой. Цирчы къухбакæнæн нал уыд.Бола дæр йе 'мбæлттимæ фæстаг рæнхъмæ схызт æмæ æнцадгай йæ бынаты æрбадт. Адæм дзы сæ цæст нал истой.

- Акæсут - ма, уый ирон домбай у, Бола!.. Галты бæсты йæхи чи сифтыгъта, уый!..Абон цирчы богæлттæн сæ хæйрæджы ном зæгъын кæндзæн!.. Кæсут - ма - иу! - Уыцы ныхæстæм хъусгæйæ, Бола ныфсæрмы æмæ уæнтæхъил, сæргуыбырæй æнхъæлмæ касти богæлтты рацыдмæ. Фыццаг рауагътой уæзисæджы. Бола йæм зулаив бирæ фæкаст, стæй йе 'мбæлттæм раздæхт, - ахæм æфсæйнаджы гæбæзтæ æз мæ иу къухæй дæр сисдзынæн, зæгъгæ.Фæлæ классикон хъæбысæйхæцджытæ куы рацыдысты, уæд, лæппу йе 'мбæлтты дæр айрох кодта. Диссаг æм фæкастысты сæ арæхстджын рог фæзылдтытæ, сæ цæрдæг лæбурдтытæ æмæ йæхицæн фидарæй загъта: «Æнæ ахуырæй - ницы. Хъæуы ахуыр кæнын».

Ахуыргæнæг: Бола фыццаг хатт цирчы куыд рахæцыд, уый тыххæй бакæсдзыстæм уæ цуры цы мыхуыргонд текстытæ ис, уырдыгæй.

Дзырдуатон куыст.

Цирчы тæрхонгæнæг


Цухъа


Куырæт

Цирчы цатыр


Уæнтыл æрæвæрдта

Булкъон

Идон

Калак

- Ахуыргæнæг: Кæсгæ - кæсын бахъуыды кæнут тексты мидис æмæ фæрстытæн дзуæппытæ дæттынмæ уæхи æрцæттæ кæнут.

Уæлдай тынгдæр йæ зæрдæмæ фæцыди рæттимæ хъæбысхæст,ирон хæстмæ хæстæг лæуд кæй уыди,уый тыххæй.Ацы изæр богæлттæ фæстаг хатт хæцыдысты рæттыл æмæ сегасыл дæр фæтыхджын домбай ,хæрзконд хъæбысæйхæцæг,адæм йæ уæзы тыххæй «дзидза уæйгæнæг» кæй хуыдтой, уый.Ныхмæлæууæг ын куы нæ уал уыд, уæд цирчы тæрхонгæнæг адæмыл йæ цæст ахаста æмæ загъта: «Ацы богалы йæ бынатæй чи фезмæлын кæна, уымæн 200 туманы».

Болайæн йæ зæрды кæрон дæр нæ уыди хъæбысæй хæцын, фæлæ йæм кæд адæм алырдыгæй хъæр кодтой, - рахиз,зæгъгæ,уæддæр йæ бынаты æнцад бадт.Фæлæ йæ хъустыл кæйдæр хъæр ауад «тæрсгæ дзы кæны», зæгъгæ.Уæд йæ бынатæй фестад. Æнцадгай йæ цухъа раласта æмæ,йæ куырæты дыстæ фæлдахгæйæ,адæмы æхсæнты рахызти гауызмæ.Цирчы цатыры бын хъыпп-сыпп никæмæй уал хъуысти .Бабастой рæттæ.Æрлæууыдысты кæрæдзийы ныхмæ,æмæ домбай богал Болайы цур зынгæ дæр нæ кодта.Цалынмæ адæм тæрхæттæ кодтой,чи фæбынæй уыдзæн,зæгъгæ,уæдмæ Бола «дзидза уæйгæнæджы» хæрдмæ систа æмæ йæ арæхстгай йæ дыууæ уæныл æрæвæрдта. Адæмы цинæн кæрон нал уыд.Хъæр æмæ æхситт сиу сты.Бола йæ мидбылты фæлмæн бахудт, «дзидза уæйгæнæджы та йæ къæхтыл слæууын кодта, æмæ цыма æппындæр ницы уыди,уыйау йæ бынатмæ сфардæг.

Æрвнæрæгау нæрыди йæ фæдыл къухæмдзæгъд, афтæмæй Бола йе 'мбæлттимæ рафардæг циркæй.

Иннæ бон Хæмæтхъан æмæ Ази бирæ фæлæгъстæ кодтой лæппуйæн,абон дæр та рахæц,зæгъгæ,фæлæ Бола фидарæй алыг кодта:

-Нæхимæ мæм æнхъæлмæ кæсынц.

Тагъд-тагъд аифтыгъта бæх æмæ рараст сты.Суанг горæтæй ахизынмæ сæ фæдыл гуылф кодтой адæм, « Хъазыбеджы хохæн» арфæйы ныхæстæ кæнгæйæ.Фæндагыл Хæмæтхъан æмæ Ази Болайы бирæ фæракъах-бакъах кодтой, фæлæ сын лæппу ницы дзуапп лæвæрдта.Æцæг Хъобанмæ куы схæццæ сты, уæд загъта: « Цирчы кæй хъазыдтæн,уый макæмæн зæгъут».Фæлæ йæ марадз æмæ басусæг кæн. Иннæ бон хъæуы цæрджытæй Болайы фæуæлахизы хабар чи нæ зыдта, ахæм нал базад.Фæлæ Бола йæхæдæг никæмæн ницы дзырдта.Иу хъуыды йæ зæрдæйы арф ныххызти æмæ йæ иу ран нал уагъта. Фæндыдис æй хъæбысæй хæстыл сахуыр кæнын,фæлæ куыд?Æппынфæстаг сфæнд кодта иу чысыл æхца бамбырд кæнын æмæ Уæрæсемæ циркмæ ацæуын. Фæлæ уыцы фæнд дарддæр ахæццæ кæнын йæ къухы нал бафтыд.Сæ хæстæг булкъон, Хъаныхъуаты Мамсыр Дударыхъоимæ баныхас кодта æмæ Болайы йемæ Майкъоппы бæхты заводмæ акодта. Майкъоппы цæрджытæ дæр тынг бауарзтой Болайы йæ хæларзæрдæйы тыххæй.

Иу хатт заводмæ æрæмбырд ис бирæ адæм. Сегасы дæр фæндыдис «Хъазыбеджы хохы» тых истæуыл бавзарын, фæлæ ницы фадат ардтой. Уыцы рæстæг Бола æхсадта заводы бæхтæй иуы æмæ йæм куы фæдзырдтой, уæд идоныл рахæцыд,мидæмæ йæ бакæнон, зæгъгæ, фæлæ бæх йæ къæхтæ ныббыцæу кодта. Уæд Бола ведра йæ галиу къухмæ айста, рахизæй бæхы йæ гуыбынæй фелвæста æмæ йæ бæхдонмæ бахаста. Уыцы хабар базыдта Майкъоппы цирчы кусæг Шарлякс.

Бола-иу уыцы цирчы арæх уыди , фæлæ йæхæдæг хæцгæ нæ кодта. Шарлякс Болайы уæнгты кондмæ куы бакаст, уæд бирæ фæныхас кодта йемæ, циркмæ хъæбысæй хæстыл ахуыр кæнынмæ рацу, зæгъгæ. Фæлæ Бола циркмæ ацæуыныл не сразы æмæ уæд бауынаффæ кодтой ,Шарлякс æм йæхæдæг заводмæ куыд цæуа, афтæ.

Шарлякс йæ дзырд сæххæст кодта, фæлæ Бола, ахуыргæнгæйæ, кæимæ хæцыдаид, уый йын нæ уыд, æмæ уæд Шарлякс йæхæдæг рахæцыд йемæ.Фæлæ йæ Бола , æвæццæгæн, æгæр æрбалхъывта, æмæ лæгæн йæ зæрдæ бахъарм. Æнæхъæн къуыри цирчы кусæг фæхуыссыди рынчыны. Куы сыстад, уæд Болайæн загъта, райсом цæуæм Калакмæ æмæ дæ ахуыр уым дарддæр ахæццæ кæндзыстæм, зæгъгæ. Фæлæ фæстæдæр куыд рабæрæг, афтæмæй йыл рацыди хинæй. Калачы уыцы рæстæг цыди Уæрæсейы тыхджындæр богæлтты фембæлд.

Иу хатт йеддæмæ нæма рахæцыд Бола,фæлæ Калачы æндæр дзырд нал кодтой.Алы ран ныхæст уыди стыр плакаттæ «Хъазыбеджы хохы» нывтимæ.

Калачы хъæбысæй хæстытæ куы фесты, уæд Болайæн балæвар кодтой рæсугъд гуырдзиаг дарæс. Уыцы аз Болайы ном айхъуысти æгас Уæрæсейыл... «Хъазыбеджы хох» зæгъгæ -иу куыддæр айхъуыстой, афтæ-иу адæмæн дуармæ бауромæн нал уыд.

Фæрстытæ текстмæ.

- Цы зæрдæ бавæрдта цирчы тæрхонгæнæг «дзидза уæйгæнджы» йæ бынатæй чи фезмæлын кодтаид, уымæн.

- Бола хæцынмæ куы нæ хъавыд, уæд цæмæн æрлæууыд «дзидза уæйгæнæджы " ныхмæ?

- Цæмæй ахицæн Болайы фыццаг хъæбысхæст? Ссарут уыцы скъуыддзаг тексты æмæ йæ бакæсут.

- Болайæн йе мбæлттæ куы лæгъстæ кодтой, цæмæй та дыккаг бон дæр рахæца,уый тыххæй, уæд цæуылнæ уал сразы?

Бола цы бафæдзæхста йе мбæлттæн Хъобанмæ куы схæццæ сты, уæд?

- Æмæ æцæгæй дæр басусæг хабар?

Физминуткæ.

- Ахуыргæнæг: Болайæн уыди дагестайнаг æрдхорд богал Сали Сулейман.Уый мысинæгтимæ нæ Болайы тыххæй базонгæ кæндзæн Хацырты Юля.

Юля : Номдзыд дагестайнаг хъæбысæйхæцæг Сали Сулейман йæ мысинæгты фыссы, афтæ:

- "Нæ фыццаг фембæлдæй фæстæмæ мах тынг бауарзтам кæрæдзийы. Бола уыди мæнæй хистæр æмæ мæ хуыдта йæ кæстæр æфсымæр. Бола мæсты никуы кодта. Цы йын-иу дзырдтой, уымæ-иу кæддæриддæр æдзынæг хъуыста, йæ домбай тыхы руаджы дзæгъæлы никуы никæйы бафхæрдтаид. Æмæ йын æнæ уарзгæ дæр куыд уыд? Горæтыл зилгæйæ, мах кæддæриддæр цыдыстæм иумæ. Адæм ыл æгæр æмбырдтæ кæй кодтой, уымæй æфсæрмы кæнгæйæ, Бола æвдæлон заман æддæмæ никуы цыд.

-Дæ хорзæхæй, Сали, цæуыл мæ фæдыл ныббындз вæййынц?

-арæх -иу мæ афарста. - Ау, афтæ фыдконд дæн?

- Цытæ дзурыс, Бола, - сабыр-иу æй кодтон æз, - уый æгæр рæсугъд кæй дæ, уый тыххæй зилынц дæ фæдыл.

Уыцы ныхасмæ - иу Бола йæ мидбылты бахудт æмæ - хæдзары куыстытæм бавнæлдта.

Бола уыдис уæйыджы æмдых, агургæ æмæ æнæ ссаргæ æрдхорд, диссаджы фæлмæнзæрдæ адæймаг".


- Ахуыргæнæг: Болайы царды фæстаг бонты тыххæй нын радзурдзæн Дзасохты Виктория.


Виктория : 1917 азы «Хъазыбеджы хох" æрбаздæхт Ирыстонмæ.Хъобаны зæхх кæм фаг кодта, æмæ Бола цы æхцатæ бамбырд кодта, уыдонæй балхæдта хæдзар æмæ зæххы гæбаз Майскийы.Уыцы хæдзары Бола æрцарди йæ ус æмæ йæ чызгимæ.Йæ дыууæ фырты амардысты чысылтæй. 1920 азы Бола йæхицæн фыртæн райста æртæаздзыд уырыссаг сидзæр лæппу Василийы.Лæппуйыл уыди тынг æнувыд,уарзта йæ йæхи фырты хуызæн.

1922 азы Бола йе мбæлттимæ сфæнд кодта Георгиевскмæ фæцæуын,нæхицæн хор бакусæм, зæгъгæ. Фæндагыл сæ æрæййæфта тыхджын уарын. Йе 'мбæлттæ лидзынмæ фесты, фæлæ Бола , æвæццæгæн,зивæг кодта æмæ сæ фæдыл кæсгæйæ баззад. Уарын æгæр куы кодта, уæд хосы цъынайыл схæцыд, уымæл зæххыл йæхи æруагъта æмæ бафынæй. Йе 'мбæлттæ куы раздæхтысты,уæд Бола нал сыстад.Рынчынæй йæ хъæумæ баластой, иуцасдæр ма асад æмæ амард.


5. Скъоладзауты конд нывтæ Болайы цардæй.

- Болайы тыххæй мах æрмæст кæсгæ нæ бакодтам, фæлæ - ма иуæй - иу скъоладзаутæ сæ зæрдæйы æнкъарæнтæ равдыстой сæ нывты.

6.Скъоладзауы презентаци « Бола».

Хъаныхъуаты Бола - ирон
зындгонд богал.


Хъаныхъуаты Бола эстойнаг богал Тиганеимæ.




Киев.1910 аз. Бола Уæрæсейы тыхджындæр богæлтты æхсæн

Болайы хæдзар Майскийы.



Болайы цыртдзæвæн йæ райгуырæн хъæу Хъобаны.



3-æм «А» къласы ахуырдзау Хацырты Юляйы куыст




7.Скъоладзауы презентаци «Нырыккон Бола».

Бæройты Хасан.









3-æм «а» къласы ахуырдзау Быгъуылты Мæдинæйы куыст.



Къамтæ кæрæдзийы куыд ивынц, афтæ презентацийы автор Быгъуылты Мæдинæ дзуры:

- Абоны онг дæр- ма Иры лæппутæ фæзмынынц Болайы тых æмæ арæхстдзинад.Уыдонæй иу у Бæройты Хасан - Уæрæсейы, Европæйы æмæ Дунейы бирæхæттыты чемпион, 2004 азы Грецийы Олимпаг хъæзтыты чемпион, 2008 азы Китайы Олимпаг хъæзтыты æвзист призёр.

Ныртæккæ Хасан нысангонд æрцыд нæ республикæйы Физкультурæ æмæ спорты министрæй. Нæ зæрдæ йын зæгъы бирæ æнтыстдзинæдтæ йæ ног куысты.

8. Кæронбæттæн .

Дзырдбыд.

1


2

3

4

5


1.Болайы райгуырæн хъæу.

2.Болайы фыды ном.

3.Болайы фыды æфсымæры ном.

4.Бола йæ царды фæстаг бонтæ кæм арвыста, уыцы хъæуы ном.

5.Болайы хæсгæ лæппуйы ном.


9.Урочы хатдзæгтæ(Рефлекси)

-Цæуыл дзырдтам абоны урочы?

-Цы базыдтат ногæй Болайы тыххæй?

-Цы уæм фæкаст цымыдиссаг урочы?

-Уæ куыстæн саргъ кæнут.

10.Сывæллæтты куыстæн аргъ скæнын. Бæрæггæнæнтæ сæвæрын.





 
 
X

Чтобы скачать данный файл, порекомендуйте его своим друзьям в любой соц. сети.

После этого кнопка ЗАГРУЗКИ станет активной!

Кнопки рекомендации:

загрузить материал