7


  • Учителю
  • Открытый урок по осетинскому языку ( основная группа) на тему Цъиуты барагбон(2 класс)

Открытый урок по осетинскому языку ( основная группа) на тему Цъиуты барагбон(2 класс)

Автор публикации:
Дата публикации:
Краткое описание:
предварительный просмотр материала

«Цъиуты

Бæрæгбон»

















Гом урок 2-æм къласы

39-æм сколайы

Ахуыргæнæг: Балаты Беллæ М.ч





Дзæуджыхъæу

2010 аз

Цъиуты бæрæгбон.

Нысан: 1. Базонгæ кæнын цъиуты хуызтимæ.

2. Скъоладзауты дзырдуат фæхъæздыгдæр кæнын .

3.Сабитæм хæлар, уарзон цæстæнгас æвзæрын кæнын мæргътæм.

Цæстуынгæ æрмæг: цъиуты нывтæ.

Ног технологитæ: компьютер, интерактивон фæйнæг.

  • Бацæттæгæнæн рæстæг.

  • Ахуыргæнæджы раныхас: «Уалдзæг» Баситы Мысост (слайд № 1)

Рудзынгæй æрбакаст уалдзæг.

- Рауай мидæмæ, нæ уазæг!

Амонд, фарнимæ æрбакæс!

Бирæ цинтæ нын æрбахæсс!

Уæ бон хорз, нæ зынаргъ уазджытæ! (слайд № 2)

1923 азæй нырмæ Тæргæйтты кæнæ Хуымгæнæн мæйы æппæт скъоладзаутæ сбæрæг кæнынц «Цъиуты бæрæгбон». Чи цъиутæн сарæзы хæдзар æмæ йæ бæласыл æрцауындзы, чи та - хæрыны бынат. Мах та æндæр хуызы сбæрæг кæндзыстæм ацы бæрæгбон.

Æвæдза, диссаг сты мæргътæ! Сæ æрдзон миниуджытæ сты алыхуызæттæ. (слайд № 3) Тути фæзмгæ кæны, зырнæг бæрзæндты тæхы, сауцъиу хæринаджы фæдыл ахæццæ вæййы дард быдыртæм, гæркъæраг къæр-къæр кæны, æнæфсис бæлæттæ, къæйных сырддонцъиутæ адæймаджы цурæй атæрын нæ фæкомынц. (слайд №4) Тугдзых цъиусуртæ, цæргæстæ, халæттæн уалдзæджы сæ кой-сæ хъæр нал вæййы, фæлæ æрæгвæззæг дзугтæ-дзугтæй нæ сæрмæ фæзилынц.

Ахуыргæнæг: Зæгъут ма мын, сывæллæтæ, цъиутæ цавæр къордтыл дих кæнынц?

Сывæллон: Циутæ дих кæнынц хъæддæгтыл æмæ хæдзарон мæргътыл.

( слайд № 5.)

  • Хæдзарон мæргътæ.

Ахуыргæнæг: Ранымайут ма, цавæр хæдзарон мæргътæ зонут? (слайд №6)

Сывæллæттæ: Карк, уасæг, гогыз, бабыз, хъаз, цицыр ( слайд № 7 )

Ахуыргæнæг: Нæ фæйнæгыл уый цавæр маргъы ныв уынæм?

Сывæллон: Уасæг.

Ахуыргæнæг: Чи зоны уасæгыл æмдзæвгæ?

Сывæллон: Хетæгкаты Къоста «Уасæг»

О, уасæг, уасæг, сызгъæрин къоппа!

О, уасæг, уасæг, сырх зæлдаг боцъо!

Куыд раджы фестыс, куыд хъæрæй зарыс?

Нæ буц лæппуйы хуыссын нæ уадзыс.

Сывæллон: «Гогыз» (слайд № 8 )

Кафы цыма мæргъты хъасты. Хъæр, æхситт ыл куы сæмбæлы,

Фæсте та у гомхуыз. Дыгъуыл-дыгъуыл сисы,

Систæ буарыл ныппака сты, Цыма мæргъты ансамблы

Афтæ кафы гогыз. Йæ курдиат æвдисы.

Сывæллон: «Бабызтæ» ( слайд № 9 )

Бырынчъытæ - клавишæтæ.

Уасгæ кæнынц: бапп-бапп.

Курынц цыма бабызтæ:

«Доны-ма нæ баппар»!

Сывæллон: «Цъиу»

Урс дзæбæх къуымбылгæндтæ.

Саутæ, буртæ - иутæ…

Цыма сты къуыбылæйттæ

Карчы фæдыл цъиутæ.

Сывæллон: «Хату æмæ хъаз»

Ма мæстæй мар, Хату, хъазы!

Руцу ма дæхицæн хъаз!

Хату уæддæр уисæй хъазы,-

Рассырдта йæ мадæл хъаз!

Ахуыргæнæг: Хъазтæ æмæ бабызтæ доны ленк кæнын уарзынц, кæрчытæ æмæ гогызтæ та хуыскъыл цæрынц.





Сывæллон: «Цицыртæ»

У хæдзарон маргъ -дзыгъуыр.

Каркау у цæ ас, йæ гуыр.

Уасгæ кæны: цир-цир-цæр,

Уымæн хуыйны цицыр дæр.





Ахуыргæнæг: Ис ма ахæм цъиу, кæцы цæры хæдзары махимæ, æрмæст къалатийы. Цавæ цъиу у?

Сывæллæттæ: Тути (слайдтæ № 10-19).

Ахуыргæнæг: Радзурдзынæн уын æмбисонд, байхъусут ( слайд 20 ).

« Рувас уасæдзы æрцахста. Уасæг æм дзуры:

- Ма мæ бахæр, æз мæллæг дæг. Мæ мад тынг нард у. Изæры нæм æрбацу, æмæ дын æз мæ мады ракæндзынæн.

Рувас уасæджы ауагъта. Изæры æрцыд уасæгмæ.

Уасæг рувасмæ радзырдта:

- Æндæр дæницы хъæуы! Мæнæн мад нæй. Æз инкубаторы уагъд дæн!

Рувас мæстæй скуыдта.»

- Цæмæн скуыдта рувас?

Сывæллон: Уасæджы сайд кæй фæци, ууыл.

Сывæллон: Инкубаторы уагъд цъиу кæй разынд, уый тыххæй.

Ахуыргæнæг: Инкубаторы цъиутæ карк нæ рауадзы, фæлæ равзæрынц айчы хуылфы электрон хъармæй.

Ахуыргæнæг: Мæнæ ма ацы æмдзæвгæйæн раттæм ном: (слайд 21 )

« Йæхицæй уасæг æппæлыд каркæн:

- Дæуау, мæ къона, тæрсаг æз нал дæн!

Кæнын дын сомы мæ уынд, мæ кондæй:

Нæ мæргътæ иуыл цæрынц мæ зондæй!

Цæргæс цы зоны - тæхын уæлæрвты

Хæстæг æппындæр мæнмæ нæ æфты…

Æндæр-иу йемæ мæ тых æвзарин…

Кæнæ йын иу бон йæ пырх скалин…»

( Сывæллæттæ дæттынц дзуæппытæ: «сайæгой», «хинæйдзаг», « хиппæлой уасæг» ).

Ахуыргæнæг: « Хиппæлой уасæг».





  • Хъæддаг мæргътæ.

Ахуыргæнæг: ( слайд № 22 ) Æрдзырдтам хæдзарон мæргътыл. Ныр та æрдзурæм хъæддæгтыл. Хъæддаг мæргъты хуызтæ сты бирæ. Ис цыл дзурын æмæ дзурын. Сбæрæг ма кæнæм нæ зонындзинæдтæ æмæ радзурæм нæ Ирыстоны цавæртæ цæры.

- Цавæр хъæддаг цъиуты зонут?

Сывæллон: Хъæддаг бабызтæ, уæрцц, бæлон, хърихъупп…

Ахуыргæнæг: Радзурæм ма нæ уазджытæн, цавæр цъиутыл зонæм æмдзæвгæтæ.

Сывæллон: «Бæлон» (слайд № 23)

Мæргъты сабырдæртæй иу -

Сабитæн вæййы бæлон.

Нæу зæрватыкк, зараг цъиу,

У нæхи рæсугъд бæлон.

Сывæллон: «Хърихъупп»- журавль.

У сæрдыгон маргъ.

Къыубал, къæхтæ - даргъ.

Туацъæты - йæ хизæн,

Сабыр маргъ йæхицæн.

Сывæллон: «Кæсаглас» - цапля ( слайд № 24 )

Йæ ном гуыры йæхицæй;

Донæй кæсаг ысласы.

Хæфсытæм дæр æмхиц у,

Цъымараты сæ ахсы.





Сывæллон: «Къадз» - аист ( слайд № 25 ).

Фадыгтылдау - йæ къæхтæ.

Йæ бырынкъ у къæдз.

Цæры бæрзæндты, хæхты.

Сабыр маргъ у къадз.

Сывæллон: «Бурцъиу» - иволга.

Уæздан цыд фæкæны,

Цыма йыл ис сахсæн.

Хæмпæлты нæ кæлы,

Бындзытæ нæ ахсы.

Сывæллон: «Зарагцъиу» - жаворонок.

Ацы гыццыл зарагцъиу

Уæлдæфы фæзары.

Уымæн хуыйны зарагцъиу,-

Хъæлдзæг нæ фæдары.

Сывæллон: «Булæмæргъ» - соловей.

Бирæтæй рæсугъддæр

Гыццыл булæмæргъ.

Уæлдæфы æдзухдæр

Зары бурбын маргъ

Сывæллон: «Сауцъиу» - скворец.

Бады бæласæн йæ цуппыл.

Хъусдзынæ йæ дардæй.

Халоны бырынкъыл цъута

Сæвæры йæ зардæй.

Сывæллон: «Зæрватыкк» - ласточка.

Зæрватыкк - æнæхъыг, Дæ зарæг - нæ дарæг,

Æнæмаст цæрæг! Нæ уалдзæг кæнæг.

Хъæлдзæгæй, æвзыгъдæй Нæ хæхты, нæ бæсты,

Фæхæтай фæрнæй,- Æлдар кæмæн нæй!





Сывæллон: «Дзывылдар» - трясогузка ( слайд № 26 ).

Æнгуырдар-дзывылдар,

Кæм хæтыс зымæг?

Цы бæстæ, цы хæхтæ

Фæтæхыс уынæг?





Кæм рæзынц, кæм цæрынц

Дæ хотæ, дæ мад?

Тæхуды, тæхуды,

Кæмæн ис дæ цард!

Сывæллон: «Хæдхой» - дятел (слайд № 27 ).

Маргъ нæм зымæджы нæ зары.

Хъæд зымæгон у æмыр.

Хъæдхой дзы йæ тых æвзары -

Хойы бæлас къупп-къупп-къупп.

Сывæллон: «Цæргæс» - орел, беркут (слайд № 28, 29 ).

Бæрзонд ыстæхы афтæ,

Хуыдымау ма зындзæн.

Цъæх арвыл зилдзæн кафгæ,

Зæххыл та мыст уындзæн.

Сывæллон: «Хъæрццыгъа» - ястреб.

Дзæмбытæ йæ къæхтыл.

Хилджыты куынæг кæны,

Цъиутæ ахсы хæхтыл.

Дардмæ хорз уыны.

Сывæллон: «Цъиах» - галка, грач.

Сау халонæй къаддæр…

У хъæддаг мæргътæй,

Никæд тæхы дарддæр

Хъæдтæ ‛мæ хæхтæй.

Сывæллон: «Уыг» - сова (сидахъ - сыч).(слайд № 30-34)

Боныгон нæ уыны,

Æхсæвы - цырддзаст.

Мыст уа, кæнæ уыры,

Ацахсы йæ ‛васт.

Сывæллон: «Ацц-аццытæ» - дикие утки.(слайд 35, 36 )

Доны был фæцыд къæрццытæ,

Цыма сырд æрбабырста.

Разындысты аццытæ -

Доны хъæддаг бабызтæ.





Ахуыргæнæг: Ныртæккæ та уын бакæсдзынæн уыци-уыцитæ. Байхъусут:

  • Урс-урсид, хæмпус йæ хъуын. (слайд № 37)

Уый æртахгай нуазы дон

Хорз нæма зоны цæуын.

Нæу тæхын нырма йæ бон.

Мады дæлбазыр нымбæхст.

Дары уырдыгæй йæ цæст ( цъиу).

  • У бызычъиджын йæ сæр, хъазгæ разилы цæхгæр. (слайд № 38)

Рæстæг дзæгъæлы нæ сафы, куы фæзары, куы фæкафы.

Зоныс æй, мæ хæлар, зоныс, уый хæдзарон маргъ у … ( гогыз) ( Айларты Ч.) (слайд № 39)

  • Тагъд кæны цары ахстон сбийыныл, баныхасыныл, байсæрдыныл. Цавæр цъиу у уый? (зæрватыкк). (слайд № 40)





  • Донæй не свæййы хуылыдз.

Раст уырыдзыйау- йæ фындз.

Скæнæм уый пакъуыйæ баз.

Уый у маргъы мыггаг … ( хъаз). (слайд № 41)

  • Бон нæ уыны, æхсæв уыны. ( Уыг) (слайд № 42)

Гыццыл цъæх цъиу у уый, афтæмæй йæ цъæхснаг хъæлæс мингай хъæлæсты хсæнæй дæр райхъуысы. ( Булæмæргъ) (слайд № 43)

  • Æнæ фæрæт, æнæ дзæбуг хæдзар скæны. (Цъиу)

Хатдзæгтæ.

Ахуыргæнæг: Куыд зонæм, афтæмæй цъиутæ се ппæт уазалæн нæ фæразынц. Æмæ уæдæ цы фæвæйынц уазæлттæ куы æрбахæццæ кæнынц, уæд?

Сывæллæттæ: Атæхынц хъарм бæстæм.

Ахуыргæнæг: Æмæ мæргътæ иууылдæр иухуызæн сты?

Сывæллæттæ: Не сты. Кæцы дæр тæ сты гыццыл, кæцыдæртæ стыр.

Сывæллæттæ: Ис дзы алыхуызтимæ.

Сывæллæттæ: Алы хæринæгтæ хæрынц.

Ахуыргæнæг: Æмæ сымах зонут цы пайда хæссынц цъиутæ?

Сывæллæттæ: Цъиутæ хæрынц лыстæг кæлмыты, зулчъыты, кæцытæ хъыгдарынц зайæгойты, бæлæсты.

Ахуыргæнæг: Тынг хорз. Æрдзурæм ма нæ мæргътыл лæмбынæгдæр.

Мах зонæм, мæргътæй хъарм бæстæм кæцытæ атæхынц, æмæ кæцытæ та баззайынц немæ зымæджы. Фæлæ ма мæргъты æхсæн ис хинæйдзаг маргъ. Уый у Гакк-гукк. Æмæ хин цæмæй у? Уымæй æмæ йæ æйчытæ æрæфтауы æндæр маргъты æфтауæны. Йæ цъиутæ йын рауадзынц æмæ сæ схъомыл кæнынц.

Ахуыргæнæг: Цавæр маргъ ма зонæм, кæцы у мысты хуызæн?

Сывæллæттæ: «Хæлынбыттыр».

Мыст дыгуронау - быттыр. Хонæм æй хæлынбыттыр,

Исын хæлын базыртæ. Маргъау тæхын базыдта.





Ахуыргæнæг: Скæнæм нæ абоны урокæн хатдзæгтæ, хъасты хуызы.

Ныртæккæ та уæ алчидæр æртонæт нæ бæласæй фæткъуы.

(Фæйнæгыл бæлас. Скъоладзаутæ радыгай тонынц фæткъуытæ, дидинджытæ…., кæцытыл ис фарстатæ).

Бакæсут уæ хæс æмæ йæ сæххæст кæнут.

  1. Цавæр цъиутæ атæхынц хъарм бæстæм?

  2. Цавæр цъиутæ баззайынц зымæджы махимæ?

  3. Цавæр мæргътæ зоныс?

  4. Цавæр цъиу хонынц «бæлæсты дохтыр»?

  5. Цавæр фарста ратдзыстæм дзырд «цъиу»-мæ: чи? æви цы?

  6. Радзур ма дæ уарзон цъиуы тыххæй.

  7. Цавæр цъиу фынæй кæны сæрбынмæ?

  8. Цавæр цъиу у хинæйдзаг?

  9. Цъиутæ куы нал фæзарынц, уæд цавæр боны хъæдмæ æнхъæлмæ кæс?

  10. Æмбисонд: « Хицæй æппæлын худинаг у».

  11. Æмбисонд: «Хорз йæхицæй не ‛ппæлы».

  12. Цавæр цъиу фæзары «мит-мит»?





Ахуыргæнæг: Базонут ма цавæр маргъы кой кæнын?( слайд № 44)

«Хъæддаг маргъ у, дзыгъуыртæ, хъæдты, къохты хизынц.

Уыгæрдæнты дзыгъуыртæй гагадыргътæ уидзынц?»

Ацы маргъ ма ис фенæн нæ парчы дæр.

Сывæллæттæ: Мæлхъ

.

  • Байуарын цъиуты нывтæ. Сывæллæттæ кърандæстæй ахорынц нывтæ.





7. Кæронбæттæн.

Ахуыргæнæг: Ныртæккæ уын бакæсдзынæн таурæгъ. Лæмбынæг байхъусут.

Уари.

« Бæрзонд стахт уари. Базыртæ фæйнæрдæм ныттындзгæйæ, цъæх арвы тыгъдады кодта ленк. Дæрдтыл фæлгæсыд, каст дунемæ.

Бынæй йæм касти калм йæ хуынкъæй:

- Æдылы! Цы кусыс, афтид уæлдæфы цы ис? Мæнæн ам хорз у, æдас!

Арв ныннæрыд… Йæ цæлхъ сæмбæлд уарийыл. Уари æрхаудис зæхмæ. Калм æм дзуры:

- Фæмæлыс? Фесты дæ хъæзтытæ? Æз та æдас дæн.

Уари уæд радта дзуапп уæд калмæн:

- Мæлын, фæлæ сæрыстырæй! Æз федтон арв æмæ дунетæ. Ды та цæрыс талынг уымæл хуынчъы. Æрдзæй хилæг чи у, уый тæхын нæ зоны!»

- Цæуыл дзуры ацы таурæгъ?

Сывæллæттæ: Ацы таурæгъ дзуры - мæргътæ бирæ кæй уарзынц уæгъдибар, уæлдæф æмæ тæхын.

Ахуыргæнæг: Цы уарзынц се ппæтæй фылдæр цъиутæ?

Сывæллæттæ: Уæгъдибар.

Ахуыргæнæг: Раст зæгъут. Мæнæ ма уын бакæсдзынæн ахæм æмбисонд: (слайд №45)

«Алы цæрæгой дæр цæрæнбынат хъуамæ йæхæдæг араза. Искæмæн тых кæнын у бирæгъдзинад.»

Æмæ тых кæнын кæй нæ хъæуы, уый æвдисы Хетæггаты Къоста йæ уацмысы «Цъиу æмæ сывæллæттæ».

(Сывæллæттæ зарынц.)

Ахуыргæнæг: Ууыл абон нæ циуты бæрæгбон æрхæццæ кæронмæ. Стыр бузныг нæ уазджытæн. Уæлдай бузныг та нæ гыццыл архайджытæн.





Арфæ гонд ут! ( слайд № 46)





Бæласыл ауыгъд фæткъуытæ фарстатимæ, скъоладзаутæ тонынц æмæ дзуæппытæ дæттынц:









  1. Цавæр цъиутæ атæхынц хъарм бæстæм?

  2. Цавæр цъиутæ баззайынц зымæджы махимæ?

  3. Цавæр мæргътæ зоныс?

  4. Цавæр цъиу хонынц «бæлæсты дохтыр»?

  5. Цавæр фарста ратдзыстæм дзырд «цъиу»-мæ: чи? æви цы?

  6. Радзур ма дæ уарзон цъиуы тыххæй.

  7. Цавæр цъиу фынæй кæны сæрбынмæ?

  8. Цавæр цъиу у хинæйдзаг?

  9. Цъиутæ куы нал фæзарынц, уæд цавæр боны хъæдмæ æнхъæлмæ кæс?

  10. Æмбисонд: « Хицæй æппæлын худинаг у».

  11. Æмбисонд : «Хорз йæхицæй не ‛ппæлы».

  12. Цавæр цъиу фæзары «мит-мит»?









12







 
 
X

Чтобы скачать данный файл, порекомендуйте его своим друзьям в любой соц. сети.

После этого кнопка ЗАГРУЗКИ станет активной!

Кнопки рекомендации:

загрузить материал