7


  • Учителю
  • Урок в 1 классе Осетинский язык Темæ «Мыр æмæ дамгъæ Т, т»

Урок в 1 классе Осетинский язык Темæ «Мыр æмæ дамгъæ Т, т»

Автор публикации:
Дата публикации:
Краткое описание:
предварительный просмотр материала

Абеты урок 1- æм къласы.

/Ахуыргæнæг: Магкæты Фатимæ Æхсарбеджы чызг./

Урочы темæ: Базонгæ кæнын скъоладзауты æмхъæлæсон мыр æмæ дамгъæ Тт - имæ.

Урочы нысан: 1. Базонгæ кæнын скъоладзауты ног мыр æмæ дамгъæ Тт - имæ:

- текст æмæ хъуыдыйады æмбарынад фидар кæнын

- дамгъæ Тт фæйнæгыл æмæ къухфыстыты фыссын.

Зонадон нысан: Ног мыримæ уæнгтæ, дзырдтæ æмæ хъуыдыйæдтæ кæсын.

Хъомыладон хæс: Ирыстоны æрдзы хъæздыгдзинæдтæ зонын æмæ хъахъхъæнын.

Урочы нысаны фæстиуджытæ:

- мырон - дамгъон анализ кæнын зонынц,

- ног мыр Тт - имæ арæхсынц кæсын æмæ фыссын.

Зонадон: Скъоладзаутæ æмбарынц мырты классификации /хъæлæсонтæ æмæ æмхъæлæсонтæ./

Регулятивон: Скъоладзутæ æмбарынц сæ размæ æвæрд хæстæ æмæ йæ æххæст кæнынц.

Коммуникативон: 1. Скъоладзаутæ сæ ахуыргæнæгимæ архайынц диалоджы.

2. Скъоладзаутæн сæ цæстæнгас урочы дзурыны фадæттæ ис.

Удгоймагон: Алы скъоладзау дæр цымыдис кæны ног зонындзинæдтæ райсынмæ.

Цæстуынгæ æрмæг урочы: 1. Абеты чиныг.

2. Къухфыст.

3. Компьютер.

4. Фæйнæг.

Урочы цыд:

  1. Организацион хай.

- Уæ бон хорз, сывæллæттæ. Абон нæм нæ урочы ис уазджытæ æмæ сын «Æгас цу» зæгъæм.( сывæллæттæ се ргом здахынц уазджытæм æмæ сын сæ сæртæй кувынц.)

- Сбадут.

2. - Сывæллæттæ абон уæ чи цы зæрдæйы уагимæ æрбацыд урокмæ, уый сбæрæг кæнæм. ( æвдыст цæуы фæйнæгыл ныв). Уæдæ мæн фæнды, цæмæй уæм урочы кæронмæ дæр уа ахæм зæрдæйы ахаст æмæ иууылдæр баззайат нæ урокæй разыйæ.

3. Нæ зæрдыл ма æрлæууын кæнæм нæ урок цæмæй райдайæм, уый.

Цас уарзæм ирон æвзаг,

Уый зæгъæн дæр нæй.

Мады рæвдыд, мады ад

Базыдтам дæуæй.

4.Рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын.

- Зæгъут ма , цæмæй конд у нæ ныхас? (нæ ныхас конд у хъуыдыйадæй.)

Уæдæ хъуыдыйад та цæмæй арæзт у? (хъуыдыйад арæзт у дзырдтæй.)

- Дзырдтæ та цæмæй арæзт сты? (дзырдтæ арæзт сты уæнгтæй.)

- Уæнгтæ та цæмæй арæзт сты? (уæнгтæ арæзт сты дамгъæтæй.)

- Дамгъæтæ та цæмæй арæзт сты? (дамгъæтæ арæзт сты мыртæй.)

- Мыртæ æмæ дамгъæтæ цæмæй хицæн кæнынц кæрæдзийæ? ( мыртæ мах дзурæм æмæ хъусæм, дамгъæтæ та уынгæ æмæ фысгæ.)

5. Хæдзармæ куыстæй бафæрсын.

Айразмæ урочы мах цавæр дамгъæимæ базонгæ стæм? (дамгъæ х- имæ.)

- Хъæлæсон у æви æмхъæлæсон? (æмхъæлæсон.)

Сывæллæттæ кæсынц уæнгтæ.

ха хæ хо ху хы хи хе

ах æх ох ух ых их ех

Искæцы уæнгимæ ма æрхъуыды кæнут дзырдтæ, уæнгтыл дих кæнгæйæ. Цал уæнджы дзы ис?

6. Улæфты рæстæг.

Иу мæ сæр,

Дыууæ мæ къухтæ.

Иу мæ фындз,

Дыууæ мæ хъустæ.

Хъустæй мах фæкæнæм хъусгæ,

Къухтæй мах фæкæнæм кусгæ.

  1. Ног æрмæгмæ рахызт.

- Сымах уыци - уыцитæ уарзут? Базонут ма уæдæ мæнæ ацы уыци - уыцитæ.

Даргъ йæ хъустæ,

Даргъ йæ рихи,

Къуыпп йæ рустæ

Къуырд йæ къæдзил. (тæрхъус)

Адих мА йæ кæнæм уæнгтыл.

Урс пæлæзæй бæстæ хгæд

Хæдзары та фесты дон. (мит)

- Цавæр мырæй райдыдта ацы дзырд?

8. Нывтыл бакусын.

ТЕУА

ТÆРХЪУС
ТУТИ
ТИГР

Зæгъут ма уæдæ, уæдæ нæ зонындзинæдты къæбиц абон цавæр дамгъæйæ фæфылдæр? ( Т,т.)

Экраныл æвдисын мыр æмæ дамгъæ Т,т.

Иууылдæр ма зæгъæм ацы мыр т. Хъæлæсон у æви æмхъæлæсон? (æмхъæлæсон.)

Кæсынц уæнгтæ.

та ту ти тæ ты то

Ацы уæнгтимæ аразæм дзырдтæ, дих сæ кæнæм уæнгтыл.

Дамгъæ т- имæ ма æрхъуыды кæнут дзырдтæ.

Фæйнæгыл æвдисын дамгъæ т куыд фыссын хъæуы,уый.Сывæллæттæ уæлдæфы фыссынц дамгъæ Т, т.

Фæйнæгыл фыссынц дамгъæ Т, т.

6.Къухфыстыты куыст.

9.Улæфты рæстæг.

Мах цæуæм, цæуæм, цæуæм,

Зокъотæ æмбырд кæнæм.

Иу зокъо, дыууæ зокъойы,

Зокъотæ дæр хин сты.

Къудзиты бын амбæхсынц.

8. Дзырдбыд.

Ацы кæрдо бæлас у диссаджы бæлас. Хуымæтæг кæрдотимæ ма йыл зайы алæмæты кæрдотæ дæр - дамгъæтимæ. Алæмæты кæрдотæ хъæуы æртонын цæмæй базонæм æбæхст дзырд.

бæлас

Терк

хæдон

æнгуз

мит

судзин

хырх

9. Чиныджы фарсыл бакусын.

Ныр та байгом кæнут уæ чингуытæ ( ф. 52). Байхъусут сывæллæттæ, æз уын ныртæккæ бакæсдзынæн текст. Тексты сæмбæлдзыстут мæнæ ахæм æнæзонгæ дзырдтыл.

тыртына - белка ( хонынц ма йæ æхсæрсæттæг дæр.)

тырты - барбарис

тутти - попугай

Кæсын текст.

Радыгай каст.

Фæрстытæн дзуаппытæ дæттынц.

10.Сфидар кæнын зонындзинæдтæ.

- Тынг хорз бакуыстат абон, сывæллæттæ.

- Нæ зæрдыл ма æрлæууын кæнæм цавæр мыр æмæ дамгъæимæ базонгæ стæм?

- Мыр т хъæлæсон у æви æмхъæлæсон?

Кæд дæхимæ гæсгæ хорз бакуыстац, алцыдæр бамбæрстай, уæд бæласыл сырх фæткъуытæ æрцауындзут. Кæд ма дæхимæ гæсгæ цыдæр нæ бамбæрстай, уæд та бæласыл æрцауындз цъæх фæткъуытæ.

11. Хæдзармæ куыст.

Къуыхфыстыты кæронмæ ныффыссын.





 
 
X

Чтобы скачать данный файл, порекомендуйте его своим друзьям в любой соц. сети.

После этого кнопка ЗАГРУЗКИ станет активной!

Кнопки рекомендации:

загрузить материал