- Учителю
- Тема уррока: Фӕззӕг ӕмбӕхсын ницы зоны!
Тема уррока: Фӕззӕг ӕмбӕхсын ницы зоны!
Гом урок ирон ӕвзагӕй 4 къласы
Урочы темӕ: Фӕззӕг ӕмбӕхсын ницы зоны!
Грамматикон темӕ: Миногонты тасындзӕг.
Нысантӕ: 1.Ӕрдзурын фӕззыгон ӕрдзы рӕсугъддзинадыл.
2. Райгуырӕн бӕстӕй ӕрдзмӕ гуырын кӕнын уарзондзинад
3.Миногонты тасындзӕгыл бакусын.
4. Сабиты ахуыр кӕнын кӕрӕдзийӕн ӕххуыс канынмӕ
тырнындзинадыл
Урочы фӕлгонц: презентаци «Фӕззӕг»,мелодита ,текст «Ӕгас цу, Фӕззӕг!»,ӕмбисӕндтӕ, карточката, фӕззӕджы ныв.
Урочы эпиграф: Афӕдзы хъару фӕззӕг у. (ӕмб.)
Урочы цыд:
1.- Уӕ бон хорз, сывӕллӕттӕ. Абон нӕм ӕрбацыд зынаргъ уазджытӕ ӕндӕр скъолатӕй. Раттӕм ма сын салам.
- Ӕгас нӕм цӕут, уазджытӕ!
2.- Абон на урочы цӕуыл дзурдзыстӕм,уый мын зӕгъдзыстут, равдыстмӕ куы бакӕсат ,уӕд. (Хъуысы мелодии,слайдты равдыст) - Уӕдӕ цӕуыл дзурдзыстӕм нӕ урочы? -Фӕззӕгыл! 3.-Раст. Нӕ урочы темӕ у «Фӕззӕг ӕмбӕхсын ницы зоны!» Куыд ӕмбарут ацы ныхӕстӕ? Сывӕллӕттӕ дзурынц сӕ хъуыдытӕ. - Тынг хорз. Ис ахӕм рагон таурӕгъ. Хуыцау ,дам, Дуне арӕзта, ӕмӕ йӕ куыст куы фӕци, уӕд загъта: «Ныр та аразын ахӕм бынат, мӕхӕдӕг кӕм цӕрин». Ӕмӕ сфӕлдыста Ирыстон. Уӕлдай рӕсугъд вӕййы Ирыстон фӕззӕджы. Алыхуызон ахорӕнтӕй сахоры фӕззӕг Ирыстоны хӕхтӕ, хъӕдтӕ, уыгӕрдӕнтӕ, быдыртӕ. Бӕрзонд хӕхты ихджын цъититӕй гуырынц уынӕрджын цӕугӕдӕттӕ, сӕ фӕндагыл донӕй ӕфсадынц уыгӕрдӕнтӕ ӕмӕ дыргъдӕттӕ. Адӕймаджы буар банкъары фӕззӕджы улӕфт. Фӕззӕг хорӕрзадӕй фидауы. Сцӕттӕ вӕййынц нӕмыгджын хортӕ, халсартӕ, дыргътӕ. Уымӕн дзурӕм афтӕ «Фӕззӕг ӕмбӕхсын ницы зоны», «Афӕдзы хъару фӕззӕг у».
- Разы стут мемӕ? Уӕдӕ хорз. Байгом ма кӕнут уӕ тетрӕдтӕ, ныффыссут абоны нымӕц, темӕ ӕмӕ эпиграф. Сабиты дыууӕ къордыл фӕдих кӕнын.
4.Сбӕрӕг кӕнӕм хӕдзармӕ куыст. Сывӕллӕттӕ дзуапп дӕттынц фӕрстытӕн.
Цы хонӕм номдар? Цы хонӕм миногон? Цы у тасындзӕг?
Иу къорд дзуры номдары тыххӕй, иннӕ та миногоны тыххӕй.
5.Хӕс. Уыци - уыцитӕ
Дунейыл мӕнӕй фылдӕр нӕй Цӕрын ӕмбӕлттимӕ ӕнгом Ныхасы хӕйттӕн дӕн сӕ сӕр Хӕссын ӕз предметӕн йӕ ном (Номдар)
Йе'ууӕл номдарӕн ӕвдисын, Уый цӕмӕй зына ӕргом. Бирӕ хӕстӕ химӕ исын, Алкӕддӕр дӕн семӕ баст. (Миногон)
6.Хӕс. Дыууӕ скъоладзауы фӕйнӕгыл тасындзӕг кӕнынц номдартӕ (фӕззӕг, къӕвда). Иууылдар тасындзӕг кӕнынц дзырдбаст бӕркадджын фӕззӕг.
- Бакӕсут ма фӕйнӕгмӕ. Куыд тасындзӕг кӕнынц номдар ӕмӕ дзырдбаст?
- Ивы ӕрмӕст номдар, миногон нӕ ивы.
Иу къорд тасындзӕг кӕны дзырдтӕ: адджын,уазал.
Иннӕ къорд тасындзӕг кӕны: хъӕздыг, сыгъзӕрин.
Сабитӕ кӕсынц сӕ куыстытӕ.
-Уӕдӕ ногӕй цы базыдтат абон?
-Миногонтӕ куыд тасындзӕг кӕнынц, уый
7.- Раст.Тынг хорз
Уӕдӕ нӕ грамматикон темӕ цавӕр у?
- Миногонты тасындзӕг.
8.- Нӕ фӕллад суадзӕм музыкӕйы фӕрцы. Байхъусут-ма ацы мелодимӕ ӕмӕ зӕгъут цавӕр ӕнкъарӕнтӕ уӕм сӕвзӕрын кодта . Ныффыссут ма миногонты фӕрцы уе 'нкъарӕнтӕ. (Хъуысы музыкӕ «Къӕвда»)
Сывӕллӕттӕ дзурынц алыхуызон миногонтӕ: уазал къӕвда, фӕлмӕн къӕвда, ӕвзӕр бон, хъӕлдзӕг изӕр, тӕр къӕвда, хъарм къӕвда, уазал бон,…)
(хъуысы музыкӕ …….)
Сывӕллӕттӕ фыссынц: хур бон, хъӕлдзӕг рӕстӕг, рӕсугъд арвӕрдын, хиирхӕфсӕн бон, хуылыдз къӕхтӕ, саст зонтик, цингӕнаг ӕмбӕлттӕ, тӕппуд чызг, хуылыдз адӕм,…)
9.- Ацы хъазт уӕ гыццыл базмӕлын кодта. Нӕ фӕллад суагътам. Ныр та кусӕм дарддӕр .
Кӕсӕм текст.
Ӕгас цу ,Фӕззӕг! Чи дыл сӕвӕрдта ахӕм рӕсугъд ном ?
Фӕззӕг йӕ мидбылты бахудтис,ӕмӕ уӕззау мигътӕ аленк кодтой арвы кӕронмӕ.
-Байхъус ма лӕмбынг: Фӕз-з-зӕг…Мыдыбындзытӕ тӕхынц адджын мыдимӕ, сыфтӕрты ӕхсӕнӕй ӕрттивынц рӕгъӕд дыргътӕ. Райсомӕй хӕхтӕй ратӕхы уазал дымгӕ , йӕ разӕй рахӕссы тар мигътӕ, ӕхситт кӕны: фӕз-з-зӕг.
10.Хӕс. Бакӕсут текст ӕнӕ миногонтӕй.
Ӕгас цу ,Фӕззӕг! Чи дыл сӕвӕрдта ахӕм ном ?
Фӕззӕг йӕ мидбылты бахудтис,ӕмӕ мигътӕ аленк кодтой арвы кӕронмӕ.
-Байхъус ма лӕмбынг: Фӕз-з-зӕг…Мыдыбындзытӕ тӕхынц мыдимӕ, сыфтӕрты ӕхсӕнӕй ӕрттивынц дыргътӕ. Райсомӕй хӕхтӕй ратӕхы дымгӕ , йӕ разӕй рахӕссы мигътӕ, ӕхситт кӕны: фӕз-з-зӕг.
- Цӕмӕй хицӕн кӕнынц дыууӕ тексты кӕрӕдзийӕ?
-Фыццаг текст у рӕсугъддӕр, аивдӕр, хъӕздыгдӕр. Дыккаг та мӕгуыр, хус.
11.Хӕслӕвӕрдтӕ
1 - къорд.
1.Текстӕн раттын сӕргонд. 2.Ссарын ӕмӕ бахахх кӕнын номдартӕ. 3.Фӕбӕрӕг кӕнын кӕцы хауӕны ӕмӕ нымӕцы ӕвӕрд сты, уый. 4.Атасындзӕг кӕнын иу дзырдбаст.
2 къорд.
1.Текстӕн раттын сӕргонд. 2.Ссарын миногонтӕ номдартимӕ бастӕй. 3.Фӕбӕрӕг кӕнын кӕцы хауӕны ӕмӕ нымӕцы ӕвӕрд сты, уый. 4.Атасындзӕг кӕнын иу дзырдбаст.
-Тынг хорз фӕтых стут текстыл.
12.Хӕс. Ӕмбисӕндтӕ раст ахӕццӕ кӕнын кӕронмӕ
Фӕззӕг хъӕздыг у. Фӕззӕг - магусайы удхӕссӕг. Фӕззӕгӕй зӕрдӕ буц у. Фӕззыгон бон хӕдзары дары. Фӕззӕг бӕркӕдтӕ нымайӕн. Фӕззӕг цы бафснайай, уый зымӕг бахӕрдзынӕ.
13.Ныр та бакусӕм нывыл. Ныффыссӕд ма уӕ алчидӕр фӕйнӕ фондз хъуыдыйады нывмӕ гӕсгӕ. Раттут ын сӕргонд, спайда кӕнут миногонтӕй: тар, уазал, сыгъзӕрин, сыгъдӕг, бӕрзонд, арф, цъӕх, бур, сырх, морӕ…
Сывӕллӕттӕ кӕсынц сӕ хъуыдыйӕдтӕ.
14.Уыци- уыци
Уазал мигъ комы ӕрбады ныллӕг,
Бафснайынц гонты бӕркадджын тыллӕг,
Сыфтӕртӕ фезгъӕлынц зӕхмӕ. (Фӕззӕг)
15.Урочы хатдзӕгтӕ.
Рефлекси
№
Урочы куыстытӕ
Бӕр-нӕн
1.
Текстыл куыст
2.
Уыци-уыцитӕ
3.
Ӕмбисӕндтӕ
4.
Нывыл куыст
16.Хӕдзармӕ куыст: Ныффыссын нывӕцӕн нывмӕ гӕсгӕ « Фӕззӕг Ирыстоны».