7


  • Учителю
  • Урок по осетинскому языку. Тема: Хъады царагойта'

Урок по осетинскому языку. Тема: Хъады царагойта'

Автор публикации:
Дата публикации:
Краткое описание:
предварительный просмотр материала

2-аг кълас.

Ахуыргæнæг --Æлбегаты Ф.В.

Темæ: Хъæды цæрæгойтæ.

Урочы нысан:

1.Скъоладзауты базонгæ кæнын ног æрмæгимæ .Сбæлвырд кæнын зонындзинæдтæ цæрæгойты тыххæй æмæ уый бындурыл адих кæнын цæрæгойты къордтыл.

2.Ныхасы рæзтыл бакусын.

3.Рæзын кæнын уарзондзинæд æрдзмæ, æвзæрын бæрнондзинад æрдз хъахъхъæнынмæ.

Цæст уынгæ æрмæг: чиныг «Алфæмбылæй дуне»Дзитиаты Л.2-аг хæй,

Урочы цыд.

1.Бацæттæгæнæн рæстæг. Сывæллæттæ акуывтой сæ сæртæй.

-Уæ бон хорз!

(Сывæллæттæ кусынц 4 къордæй .Цæмæй къордтыл адих уæм уый тыххæй фелвасут геометрион фигурæтæ,уæ фигурæтæм æркæсут æмæ рбадут кæй стъолыл цы фигурæ ис уымæ гæсгæ).



1-аг къорд 2-аг къорд 3-аг къорд

4 æм-къорд

Ныр райдайæм кусын.

Нæ абоны урок у сгарыны урок æмæ хъуамæ сбæрæг кæннæм бирæ цымыдисагфарстатæ. Уе стъолыл ис æвæрд пазылтæ æмæ дзы хъуамæ сæмбырд кæнат нывы хай (сывæллæттæ пазылтæ æмбырд кæнынц)

1-аг къорд йæ куыст рахаста æмæ йæ фæйнæгыл ацауыгъта.Афтæ бакæндзысты иннæ къордтæ дæр.

-Цы рауад нæ нывыл? (Хъæд)

-Хъæды кой куы фæкæнæм уæд уæ цæстытыл цы æуæйы?



Сывæллæттæ дæттынц дзуæппытæ.(Бæлæстæ,къутæртæ,кæрдæг кæм фæзайы ахæм стыр фæз)

-Цавæр бæллæсты нæмттæ зонут.(Бæрз,хæрис,тæгæр,тулдз,нæз.соцъи,пихтæ.)

-Цавæр хъæдтæ зонут?

Сывæллæттæ дæттынц дзуæппытæ(Хъæды ном баст у,фылдæр дзы цавæр бæллæстæ зайы, уыимæ.Фылдæр дзы хихджын бæллæстæ куы зайа ,уæд уый у хихджын хъæд. Фылдæр дзы сыфтæрджын бæллæстæ куы зайа ,уæд уый та у сыфтæрджын хъæд.Хихджын бæллæстæ æмæ дзы сыфтæрджын бæллæстæ æмхæццæйæ куы зайой уæд уый та у æмхæццæ хъæд.)

-Ирыстоны хихджын хъæдты фылдæр зайы нæзы,заз,соцъи,æхсæлы.

Бæлæстæ сты хъæды сæйраг зайæгойтæ. Уыдон аразынц уæллаг уæладзыг.

Дзырдуатон куыст.

Сыфтæрджын хъæд-лиственный лес

Тулдз-дуб

Тæгæр-клён

Бæрз-берёза

Хæрис бæлас-ива

Тæрс-граб

Кæрз-ясень

Цъуй-рябина

Гæды бæлас-осина

Хихджын хъæд-хвойный лес

Соцъи-пихта

Нæзы-сосна

Наз-ель

Æхсæлы-можевельник

Æмхæццæ хъæд-смешæнный лес

-Хъæды ма ноджыдæр цы зайы бæлæстæй дарддæр?

(Къутæртæ. Кæрдæджытæ,къозотæ)

-Цавæр къутæртæ зонут?

Цым-кизил

Сырх хъæлæрдзы-красная смородина

Хъæлгъæн-крыжовник

Уагъылы-шиповник

-Къутæртæ хъæдты аразынц астæуыккаг уæладзыг. Къутæртæ дæр вæййы хихджын æмæ сыфтæрджын.

Хъæды зайы бирæ кæрдæг хал зайæгойтæ,дидинджытæ,къозотæ.

Уыдон бирæ фылдæр сты бæлæстæй.Аразынц хъæды бинаг уæладзыг.

-Цавæр дидинджытæ зонут?

(Малусæг,минсыфон-тысячелистник,æрвдидинæг-фиалкæ.)

Малусæджы тыххæй иу сывæллон бацæттæ кæнæт хъусынгæнинаг(проектон куыст)Сырх чиныгмæ хаст æрцыд. Ирыстоны зайы.

Цы радзырдтам уый уырыссагау чи радзурдзæн.(Растения в лесу растут по ярусам. Первый ярус -деревья. Второй ярус- кусты. Третий ярус- травы, цветы, грибы.)

Сбæлвырд кодтам нæ хæдзармæ куыст. Уæ нывты дæр хорз сныв кодтат хъæды зайæгойтæ. Ракæсут фæйнæгмæ,нывтæм дæр бакæсут . Зæгъут , цы нæ фæг кæнны ацы нывты, стæй ацы хъæды?

(Цъиутæ, сырдтæ,гæлæбутæ,зулчъытæ)Ахъуыды ма кæнут æмæ зæгъут ацы урочы та цæуыл дзурдзыстæм? Сывæллæттæ дæттынц дзуапп: Хъæды цæрæгойты тыххæй.)

Тынг раст .Уый уыдзæн абон цы темæйыл кусдзыстæм ,уый.

2.Ног æрмæг.

Абон дзурдзыстæм цæрæгойты тыххæй стæй равзардзыстæм цавæртæ вæййынц уый.

Дзырдуатон куыст:

Цæрæгойтæ-животные

Хъæды цæрæгойтæ-лесные животные

Хъуамæ басгарæм æмæ ссарæм алы цæрæгойты къордты хицæндзинæдтæ.Уе стъолтыл ис къонверттæ. Алы къонверты хуылфы дæр ис иу хæслæвæрд.

1къорд (локо,хуыдзых.цъыр-цъыраг,тъепа)

2 къорд(бындз,майрæмы карк,арс,хъæндил)

3 къорд (тигр,бирæгъ,хъаз,зубр)

4 къорд(зæрватыкк,уари,тъепа,сырддонцъиу)

æркæсут уæ хæслæвæрдтæм æмæ дзы ссарут уæлдай цæрæгойты.

Фæйнæгыл ацæуындзын сывæллæттæ куыд адих кодтой къордтыл цæрæгойты уый.

1-Локо,хуыдзых,тъепæ-кæсæгтæ

2-Тигр,бирæгъ,зубр-сырдтæ

3-Зæрватыкк, уари,сырддонцъиу-цъиутæ

4-Хъæндил,цъырцыраг,майрæмы карк-сасчытæ.

Цæмæ гæсгæ хицæн кæнынц? Алы къорд радзурдзæн йæхи цæрæгойты тыххæй. Цæмæй уын æнцон дæр уæ уый тыххæй уын ахæм фарста.

-Цæл къахы йын ис æмæ цæмæй æмбæрзт у йæ буар ?

-Сырдтæ(4 къахы,хъуын.)

-Цъиутæ(2 къахы,бумбулитæ)

-Сасчытæ(6 къахы)

--Кæсæгтæ(Ленкгæнæн базыртæ,хæрв)

3.Фæллад уадзæн рæстæг.

Фæндагыл гæпп-гæпп рахиз къахæй

Фæндагыл сæпп-сæпп галиу къæхæй

Нарæг фæндагыл фæтæхæм

Тæрхъусау гæппытæ кæннæм

Ныр фæлæу дæ фæллад суадз

Сабыргай дæ бынат ссар

4. Ног æрмæг фидар кæнын.

Сæрæзæм рæдзырдтæ æлы къордты цæрæгойты тыххæй.Гыццыл конверты ис дзырддтæ кæцытæ уын бæххуыс кæндзысты рæдзырд æрæзынмæ.

1къорд-сасчытæ,диссаджы,бирæ цæстон,дыв-дыв кæнынц,цъыр-цъыр кæнынц,пæр-пæр кæнынц.Сасчытæ милуанæй фылдæр сты.

2 къорд-кæсæгтæ, ленк кæнынц,хæрвы цæппузыртæ,тымбыл, æвдисынц кæсаджы ас, даргъ,зынынц.денджыз

3 къорд-цъиутæ зараг алыхуызон бапп-бапп кæнынц мит-мит кæнынц цъыбар-цъыбур кæнынц Цъиутæ дунейы уæлдæфон сгарджытæ.

4 къорд-сырдтæ хæрзконд уæсынц мыр-мыр кæнынц фурт кæнынц. Сырдтæ сæ хуызмæ гæсгæ алы хуызон сты

Ссæрут дзырд кæцы домы фарст-цы? Æмæ йæ фыццаг рæнхъы сæвæрут. Дыууæ дзырды кæцытæ домой фарст-цавæр?Ныффысут цæ 2-аг рæнхъы.

Цы ми кæны? 3 дзырды ныффысут сæ 3-æг рæнхъы. Цы 4 дзырды дзы бæззæд уыдонæй тæ сæрæзут хъуыдыйæд æмæ йæ 4-æм рæнхъы ныффысут.5-æм рæнхъыл тæ дæхæдæг цы æргъ кæныс уыцы цæрæгойæн иу ныхæсæй уый зæгъ.

1.Цъиутæ

2. Зараг,æлыхуызон

3. Цъыбар-цъыбур кæнынц,мит-мит кæнынц, пæр-пæр кæнынц

4. Цъиутæ дунейы уæлдæфон сгарджытæ.

5.Цымыдисаг.

1.Кæсæгтæ.

2.Даргъ, тымбыл.

3.Ленк кæнынц,йеугæф калынц,зынынц

4.Хæрвы цæппузыртæ кæсаджы ас

5.Денджыз



1.Сырдтæ

2.Пыхцыл,хæрзконд

3.Фурт кæнынц,уасынц,мыр-мыр кæнынц.

4.Алы хуызон у сæ бакæст

5.Диссæг



1.Сасчытæ

2.Диссаджы,бирæ цæстон

3.Дыв-дыв кæнынц,цъыр-цъыр кæнынц,пæр-пæр кæнынц.

4.Сасчытæ милуанæй фылдæр сты.

5.Гæлæбу.

Ацы куыст хуины синквейн.Уый у фæсарæйнæг ныхас (французкий яз)амоны фондз рæнхъы.-пятистишье-пять строчек.Базонгæ стæм ног ныхасимæ-синквейн

-Ноджыдæр ма мæм иу фарста ис смахмæ,зæгъут-ма цы уаид цъиутæ куы нал уаид уæд?

Баззайдзæн ма хъæд цæргæйæ?(Сасчытæ бахæрдзысты бæлæсты сыфтæ æмæ хъæд амæлдзæн)æрдзы мидæг алцы дæр баст у æнæзынгæ æндæхтæй.Бакæсдзыстут чиныджы фарс.

5. Рефлексия.

Уыци-уыцитæ.

1 У йæ кæрц фæлмæн ,хæмпус

Даргъ йæ рихи,

Даргъ йæ хъус!(Тæрхъус)



2.Æхсæв уыны,бон -нæ.(Уыг,хæлынбыттыр)



3.Иу бæласæй -гæпп!

Иннæмæ-сæррæт!

Пух къæдзил -ысхъæл,

Ахордтæ æхсæр,

Мæрайы фæтар,

Сабиты хæлар.(Æхсæрсæттæг)


4.Хъустæ залмысыфау сæрыл,

Сивырыйас та йæ тыл

Никæм бацæуид къæсæрыл

Цæрæгойты стырдæр -(пыл)



5. Сифтындзут æй галуæрдоны-

Уæзæгтæ æмпъуха.

Сифтындзын та кæмæн комы?-

Искæйы нынтъуха!(Зубр)

Базонут ма цæ æмæ кæцы къорд фыстой уыцы цæрæгойты тыххæй,уыдон сыстдзысты.

Урочы кæрон бæттæн.

-Цавæр фæрстытыл куыстам?

-Цы базыдтам?

-Кæцы хæслæвæрд уæм фæкаст цымыдисаг дæр?

-Чи бакуыста хуыздæр ацы уырочы.?

-Чи хъуыды кæнны цыдæр мын нæ фаг кодтæ хуыздæр дзуæппытæ дæттынæн?

-Бузныг, хорз куыстат иууылдæр.

Бæрæггæнæнтæ æвæрын.

2-аг кълас.

Алфамбылай дуне

Темæ: Хъæды цæрæгойтæ.



Ахуыргæнæг -Æлбегаты Ф.В.

2015г





 
 
X

Чтобы скачать данный файл, порекомендуйте его своим друзьям в любой соц. сети.

После этого кнопка ЗАГРУЗКИ станет активной!

Кнопки рекомендации:

загрузить материал