7


  • Учителю
  • Урок по осетинскому языку Афадзы афонта.Зымаг4 класс

Урок по осетинскому языку Афадзы афонта.Зымаг4 класс

Автор публикации:
Дата публикации:
Краткое описание:
предварительный просмотр материала













Гом урочы темæ:



«Афæдзы афонтæ. Зымæг». Номдар



4 -æм кълас























.







Темæ: «Афæдзы афонтæ. Зымæг».

Грамматикон темæ: Номдар.



Урочы нысан: 1. Рацыд лексикон-грамматикон æрмæг рафæлхат кæнын.

2. Ног лексикон-грамматикон æрмæгыл бакусын.

3. Ныхасы рæзтыл куыст.

4. Скъоладзауты разæнгард кæнын мадæлон æвзаг ахуыр кæнынмæ.



Урочы фæлгонц: скъоладзауты конд нывтæ афæдзы афонтыл,

слайдтæ текстмæ, интерактивон фæйнæг, карточкæтæ.



Урочы хуыз: рацыд æрмагыл кусыны урок.



Урочы эпигрæф: Нарты Уæрхæгæн -

дыууадæс фырты æмæ

цыппар чызджы.



Урочы цыд.

I . Бацæттæгæнæн рæстæг.

- Уæ бон хорз сывæллæттæ.

- Æгас цу.

- Сывæллæттæ абон нæ урокмæ нæм æрбацыдысты зынаргъ уазджытæ æмæ сын салам раттут.

- Сывæллæттæ абон къласы радгæс чи у?

- Уæдæ ма нын зæгъут, абон цы бон у.(Абон у цыппурсы дыууадæсæм бон. ) - Скъоладзаутæ уе ргом ма рудзынджы рдæм раздахут æмæ уæ цæст адарут æддæмæ.

- Уæ бон цы у зæгъын боныхъæды тыххæй?

- Ацы миниуджытæ цавæр афæдзы афонмæ хауынц? (Зымæг)

- Уæдæ абон мах дарддæр нæ урочы зонгæ кæндзыстæм афæдз афонтимæ. Лæмбынæг дæр та æрныхас кæндзыстæм зымæджы тыххæй, стæй номдар ныффидар кæндзыстæм.

II . - Эпигрæфæн райстон ахæм уыци - уыци: Нарты Уæрхæгæн - дыууадæс фырты æмæ цыппар чызджы. (мæйтæ æмæ афæдзы афонтæ).

( Бакæсын эпигрæф,æрныхасыл кæнын.)

III. Фонетикон зарядкæ.

Фæйнæгыл фыст æмдзæвгæ:

Урс митæй та урс къоритæ скодтон!

Урс митыл та къахдзоныгътыл згъордтон!

- Зондджын мын дæ! - бацин кодта ус.

Лæппу худгæ аныхта йæ хъус.

- Фæйнæг мæ ма æрбакæсут, æмæ æмдзæвгæйы ссарут дзырдтæ кавказаг мыртимæ. Бакæсут дзырдтæ. Цавæр кавказаг мыртæ ис ацы дзырдты? (къ, дз, гъ, дж.)

- Дзырдтæй сæ иуимæ æрхъуыды кæнут хъуыдыйад.

IV. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.

- Хæдзармæ куыст та уын цы уыди? ( Ныффыссын цыбыр тексттæ « Мæ уарзон афæдзы афон». ) ( Цалдæр скъоладзауы кæсынц сæ хæдзармæ куыст)

Афæрсын цалдар скъоладзауы, цæмæн ныффыстой уыцы афæдзы афоны тыххæй.

Сывæллæттæ ма хъуамæ сныв кодтаиккой нывтæ афæдзы афонты тыххæй.

(Фæйнæгыл скъоладзауты нывтæ æрцауындзын.)

- Æрбакæсут фæйнæгмæ. Цал афæдзы афоны ис?

- Ранымайут сæ?

- Уæдæ цал сты афæдзы афонтæ?

- Загъут ма, афæдзы афонтыл æмдзæвгæтæ фыст ис?

- Нæ зæрдыл ма сæ æрлæууын кæнæм. ( сывæллæттæ дзурынц æмдзæвгæтæ)

- Куыд уæм байхъуыстон, афтæмæй уæ фылдæр зонут Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæтæ.

- Зæгъут - ма цæмæн? ( 1.Уый тыххæй æмæ гыццылæй нырмæ нæ хæдзары хъусын Къостайы æмдзæвгæтæ. Йе мдзæвгæтæ йын куы фæдзурын, уæд мæ цæстытыл фæуайы, цы фæдзурын уый. 2. Æз уый тыххæй бахъуыды кодтон ацы æмдзæвгæ æмæ фыст у тынг хуымæтæг æвзагыл.)

- Зæгъут ма Къоста æрмæст фыссæг уыдис? (Нæ нывгæнæгдæр)

- Кæм ахуыр кодта нывкæнынады дæсныйадыл?

- Цавæр нывтæ зонут?

- Цы æвдыст цæуы Къостайы нывты æмæ æмдзæвгæты?

- Уæдæ ма нæ бон цы у зæгъын Къостайы тыххæй? ( Мах не скъолайы æнæхъæн къуыри дæргъы архайдтам Къостайы къуырийы. Уыдис нæм нывты конкурс, кæсджыты конкурс. Æз архайдтон кæсджыты кокурсы æбацахстон 2-аг бынат).

- Афæдзы афонтыл æрмæст Къоста нæ фыста, фæлæ æндæр фысджытæ дæр. Афæдзы афонтыл ис бирæ æмдзæвгæтæ, таурæгътæ, æмбисæндтæ.

- Нæ зæрдыл ма æрлæууын кæнæм æмбисæндтæ (2 -3 скъоладзауы дзурынц).

- Цал афæдзы афоны зонæм? (4)

- Хæдзармæ ма уын уыдис сахуыр кæнын дзырдуатæй дзырдтæ.

Урс адардтой -

Пæлæз -

Фæмынæг -

Хуыкком -

Мæра -

Æхсæрæг -

Фæдтæ -

( 2- 3 скъоладзауы кæрæдзи фæрсынц: иу иронау , иннæ -уырыссагау)

V.Текст « Зымæг» - имæ куыст.

1.Фарстатæ текстмæ.

а). Лæмбынæг байхъусут æмæ æрхъуыды кæнут текстæн сæргонд.

æ). Тексты сæйраг хъуыды зæгъут.

б). Текст бакæсын дыууæ хатты.

в). - Æрдз куыд дары йæхи зымæджы.

г). - Зымæгон хъæды цавæр сырдтимæ фембæлдыстæм?

д). - Зымæгон хъæды арсимæ фембæлæн ис?



2. Скъоладзауты каст текст. Цæггай каст.

а). Тексты сæргонд куыд хуыйны?

æ). Æрдз куыд дары йæхи зымæджы?

б). Цæуылнæ нал фехъусæм мæргъты зарын?

в). Цавæр сырдтимæ фембæлдыстæм тексты?



3. Тексты мидисыл куыст.

Ахуыргæнæг текстæй ист хъуыдыйæдтæ кæсы уырыссагау кæнæ иронау. Скъоладзаутæ сæ агурынц тексты æмæ йæ кæсынц.

* Выпал белый пушистый снег.

* Райдыдтой уазал бонтæ.

* Хъæд у сабыр.

* Медведь спит в своей берлоге.

* Æхсæрæг бады бæласы мæрайы, æхсыны æхсæртæ.



4). Кæронмæ ахæццæ кæн хъуыдыйад.

а). Арф мит йæ урс пæлæз …….

æ). Фæмынæг мæргъты хъæлдзæг зард, ……

б). Æрмæст бирæгъ æмæ рувас смудгæ ……







5. Хъазт «Раст у æви нæу».

а). Зымæджы мæргътæ æртахтысты хъарм бæстæй.

æ). Сæрды рауарыд урс мит.

б). Адæм фæззæджы æрæмбырд кодтой халсартæ.

в). Уалдзæджы бæрæг кæнынц ног бон.

Грамматикæйыл куыст. Номдар.

- Бакæнут уæ тетрæдтæ æмæ ныффыссут абоны нымæц, къласы куыст.

1. Мæнæ ма фæйнæгмæ æрбакæсут:

Фæйнæгыл фыст дзырдтæ дыууæ цæджындзæй

Хъæлдзæг Мит

Урс Бæстæ

Уазал Зард

Хъарм Бонтæ

- Дзырдтæ баиу кæнут стрелкæтæй æмæ уæм рауайдзæн дзырдбæстытæ.(интерактивон фæйнæгыл).

- Рахицæн кæнут дзырдтæ, кæцытæ æвдисынц предметы миниуæг. Цавæр ныхасы хай у . Цавæр фæрстытæн дзуапп дæтты? Иу кæнæ дыууæ дзырдимæ саразын хъуыдыйæдтæ ( ныфффыссын тетрæдты).

2. Карточкæтимæ куыст.

- Сывæллæтты дих кæнын 4 къордыл. Алы къордæн дæр лæвæрд цæуы карточкæ хæслæвæрдимæ. Æмхæццæ дзырдтæй аразынц хъуыдыйæдтæ. Хъуамæ сæм рауайа гыццыл текст. Уæ текстæн æрхъуыды кæнут сæргæндтæ. Цъиутæн раттут нæмттæ.

- Цæмæн хуыйнынц цъиутæ афтæ? ( уымæн æмæ цъиутæ сты мæйтæ).

- Уæдæ ма мын зæгъут уæ текстæн баиу кæнын ис ?

- Уæдæ ма йæ баиу кæнут.

- Ацы текст куыд схондзыстут? ( Афæдзы афонтæ).

- Цал хаты ратахтысты цъиутæ? ( 4 ).

- Æдæппæтæй зæронд лæджы дысæй цал цъиуы ратахт? ( 12 ) .



Диктант.

  1. Уыдон ратахтысты лæджы дысæй (цъиутæ)

  2. Уый æруарыд зымæджы (мит).

  3. Зымæджы фестынц их ( дæттæ).

  4. Алыхуызон хъæлæстæй ныззарыдысты (мæргътæ).

  5. Уыдон быдыры фæзындысты ( дидинджытæ)





-Цавæр ныхасы хаймæ хауынц ацы дзырдтæ? (номдар). -Цавæр ныхасы хай у номдар?

- Цавæр фæрстытæн дзуапп дæтты?

- Цал нымæцы ис номдарæн?

- Кæцы нымæцы æвæрд сты?

- Куыд ма ивы номдар?

- Цал хауæны ис ирон æвзаджы?

Зæгъæм: ацы дзырдтæ сæвæрут дæттынон хауæны.

Æндæр куысты хуыз.

  1. Цавæр хъæлæстæй ныззарыдысты мæргътæ? ( алыхуызон хъæлæстæй)

  2. Цы адардта цъæх - цъæхид? (кæрдæг)

  3. Кæд райдыдта уазал дымгæ? (фæззæджы)

  4. Цал цъиуы ратахт æдæппæт? (12)

- Ацы дзуæппытæн текстæй пайда гæнгæйæ раттут раст фæрстытæ.



- Уæдæ ма мæнæ æрбакæсут нæ эпигрæфмæ æмæ зæгъут.

- Чи сты йæ дыууадæс фырты? (мæйтæ)

- Уæд йæ чызджытæ та цы хуыйнынц?

3. Хъазт «Дзырдтæ ныппырх сты»

-Сывæллæттæ, самбырд кæнут дзырдтæ, цамæй сæ хъуыдыйад рауайа.

Тынг, зымæг, афæдзы, у, афон, рæсугъд. ( Зымæг у тынг рæсугъд афæдзы афон).



V. Урочы хатдзæгтæ (рефлексии)

-Цы фехъуыстат ногæй урочы?

- Номдары тыххæй нæ зæрдыл цы æрлæууын кодтам?

- Кæм уæ бахъæудзысты, уæ зонындзинæдтæ?

-Кæцы куысты хуыз фæцыд уæ зæрдæмæ? Цæмæн?

- Кæмæн уæ цы бантысти абон урочы?

- Цы бахъуыды кодтат урокæй?

VI. Кæронбæттæн (бæрæггæнæнтæ сæвæрын).







VII. Хæдзармæ куыст: текст хи ныхæстæй дзурынмæ



 
 
X

Чтобы скачать данный файл, порекомендуйте его своим друзьям в любой соц. сети.

После этого кнопка ЗАГРУЗКИ станет активной!

Кнопки рекомендации:

загрузить материал