7


  • Учителю
  • 'Синонимы' урок по осетинскому языку во 2 классе

'Синонимы' урок по осетинскому языку во 2 классе

Автор публикации:
Дата публикации:
Краткое описание: ТЕМÆ: «СÆ ХЪУЫДЫМÆ ГÆСГÆ                        КÆРÆДЗИМÆ ХÆСТÆГ ЧИ                        ЛÆУУЫ, АХÆМ ДЗЫРДТÆ»                                 2-ÆМ КЪЛАС                                                     АХУЫРГÆНÆГ:       ТАХЪАЗТЫЛЯНÆ    ДЗÆУДЖЫХЪÆУ27-ÆМСК
предварительный просмотр материала

ТЕМÆ: «СÆ ХЪУЫДЫМÆ ГÆСГÆ

КÆРÆДЗИМÆ ХÆСТÆГ ЧИ

ЛÆУУЫ, АХÆМ ДЗЫРДТÆ.»

2-ÆМ КЪЛАСЫ

АХУЫРГÆНÆГ: ТАХЪАЗТЫ ЛЯНÆ

ДЗÆУДЖЫХЪÆУ

27-ÆМ СКЪОЛА

Темæ: Сæ хъуыдымæ гæсгæ кæрæдзимæ хæстæг чи лæууы, ахæм дзырдтæ.

Урочы нысан: Сывæллæтты синонимтимæ базонгæ кæнын.

Урочы цыд.

  1. Бацæттæгæнæн рæстæг.

  2. Хæдзармæ куыстæй бафæрсын.

-Зæгъут-ма, цы уыди хæдзармæ куыст?

-Хорз. Исты уæм зынæй фæкаст хæдзармæ куысты?

  1. Ног æрмæг.

Ацы урочы та базонгæ уыдзыстæм сæ хъуыдымæ гæсгæ кæрæдзимæ хæстæг чи лæууы, ахæм дзырдтимæ.

-Сывæллæттæ, райгом ма кæнут уæ дзырдуаттæ æмæ дзы ног дзырдтæ ныффысæм:

арауын-

тындзын-

сугсæттæн-

пыррычытæ кæнын-

- Ныффыстат сæ, тынг хорз. Зæгъут ма мын сывæллæттæ, ацы дзырдтæ ма æндæр дзырдтæй зæгъæн ис æви нæ?

- Уæдæ ма мын ацы дзырдтæм сæ хъуыдымæ гæсгæ хæстæг чи лæууы, ахæм дзырдтæ 'ссарут.

-ссудзын

-згъорын

-фæрæт

-худын.

-Ацы дзырдæй иуимæ æрхъуыды кæнут хъуыдыйад (бафæрсын 4-5 ахуыр-уы).

IV. Чиныгимæ куыст.

Фæлтæрæн 216 æххæст кæнынц.Къæлæтты æвæрд дзырдтæй раст пайда кæнын æмæ афтæмæй хъуыдыйæдты ныффынсын.

  1. Калм (быры, лæсы) йæ хуынкъмæ.

  2. Ацы цывзы тынг (судзы, арауы).

  3. Уæйгæнæг (банымадта, бахыгъта) æхца.

  4. Машинæ (цыди, уади) тынг тагъд.

V. Хæдзармæ хæслæвæрд. - Райгом кæнут уæ боныгтæ æмæ ныффысут хæдзармæ хæслæвæрд. (ф. 219)

Æркæсут хæдзармæ лæвæрд фæлтæрæнмæ, æмæ (зæгъут) кæд зынæй исты кæсы, уæд фæрстытæ радтут.

  1. Урочы цыд

-Цавæр темæ рацыдыстæм абон?

-Цавæр ног дзырдтæ базыдтам?

Ахуыргæнæгтæ уæлæнгай базонгæ сты синонимтимæ æмæ дыккаг урочы фæлтæрæнтæм фæзындæр уыдзысты.

Дыккаг урок.

Темæ : Синонимтæ

Урочы нысан:1. Ахуыргæнæгты æвзаг синонимтæй схъæдзыл кæнын.

2. Синонимтæй раст пайда кæнын бацамонын.

Урочы цыд

  1. Бацæттæгæнæн рæстæг.

  2. Хæдзармæ куыстæй бафæрсын.

  3. Рацыд æрмæг зæрдыл æрллæуын кæнын

-Сывæллæттæ, аирзмæ урочы цы темæ рацыдыстæм?

-Тынг хорз! Æрхæсут ма мын дæнцæгтæ.

  1. Беседæ.

Сывæллæттæ, зæгхут ма мын, ацы хъуыдыйæдты синонимтæй раст пайдагонд цæуы? Лæмбынæг мæм хъусут æмæ иу мæ 'сраст кæнут.

  1. Машинæ лыгъди нæ разæй.

  2. Ацы хъармхуыпп цывзæйæ тынг арауы.

-Уæдæ ма мын зæгъут, фыццаг хъуыдыйады дзырд «лыгъди» цавæр синонимæй баивæн ис. Дыккаг хъуыдыйады та?

-Хорз. Сывæллæттæ, куыд æмбарут ацы æмбисонды хъуыды: Йæ зæрдæ уыджы пакъуыйæ фæлмæндæр.

  1. Хъомыладон куыст.

Æмбисонды бындурыл бакусын хъомыладон хæсыл.

-Цавæр адæмæй фæзæгъынц афтæ?

Адæймаг хъуамæ уа фæлмæн зæрдæ; куыд уæм кæсы?

  1. Чиныгимæ куыст.

Æххæст кæнынц фæлтæрæн 226. Кæд сæм зын фæкæса уæд сынæй бамбарын кæнын.

Дзырдтимæ- згъорын, лидзын, худын, бырын æрхъуыды кæнут хъуыдыйæдтæ æмæ сæ уæ тетрæдты ныффысут.

  1. Урочы кæронбæттон

-Уæдæ ма зæгъут, синонимтæ цы сты?

Æмæ не'взаджы синонимтæй цæмæн пайда кæнæм?

  1. Радтын хæдзармæ куыст.

Мæнмæ гæсгæ уроктæ аивдæр уыдзысты сывæллæттæн ацы темæ хъазтимæ куы баиу кæнай уæд.

Зæгъæм, кълас адих кæнын дыууæ къордыл. Ахуыргæнæг кæсы дзырд, ахуыргæнинæгтæ та уыцы дзырдмæ æрхъуыды кæнынц синоним. Кæцы къорд тагъддæр æрхъуыды кæна синоним, уымæн бафтауын иу балл. Афтæмæй кæцы къорд фылдæр раст дзуаппытæ радта, уыцы къорд рамбылдта.

Сывæллæттæ афтæмæй активондæрæй архайдзысты, æмæ сæ зæрдыл дæр хуыздæр бадæрдзысты.






 
 
X

Чтобы скачать данный файл, порекомендуйте его своим друзьям в любой соц. сети.

После этого кнопка ЗАГРУЗКИ станет активной!

Кнопки рекомендации:

загрузить материал