7


  • Учителю
  • Конспект по осетинскому языку на тему 'Наречие'

Конспект по осетинскому языку на тему 'Наречие'

Автор публикации:
Дата публикации:
Краткое описание:
предварительный просмотр материала

Урочы темæ: Фæрсдзырд.

Нысан: 1 Сфæлхат кæнын рацыд æрмæг фæрсдзырды тыххæй.

2 Бакусын ныхасы рæзтыл.


Хъомыладон хæс: Скъоладзаутæм æвзæрын кæнын уарзондзинад мадæлон æвзагмæ.


Цæстуынгæ æрмæг: Чингуытæ, тетрæдтæ, Хетæгкаты Къостайы мад Маройы портрет.

Урочы цыд


  1. Абон нæ урочы нысан у фæрсдзырды тыххæй цы зонындзинæдтæ райстам, уыдон нæ зæрдыл æрлæууын кæнын. Нæ куыст уыдзæн ахæм пъланмæ гæсгæ:


1 Фæрсдзырдты нысаниуæг.

2 Фæрсдзырдты дих.

3 Сæ арæзт.

4 Бæрцбарæнтæ.

5 Растфыссынад.


Фыццаджыдæр уал нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм, цы хонæм фæрсдзырд, уый


Фæрсдзырд у, архайды æууæл, архайды миниуæг чи æвдисы, ахæм ныхасы хай. Фæрсдзырдтæ домынц фæрстытæ: куыд? кæд? кæдæм? цæмæн? цас? куыдæй? кæдмæ? кæдæй? кæм? кæцæй? цæй тыххæй? цæмæ гæсгæ?

1. Фæрсдзырдты нысаниуæг.

Цæмæй нæ фыццаг пункт сæххæст кæнæм, уый тыххæй нæ хæс у ацы хъуыдыйæдты фæрсдзырдтæ ссарын.


А) Цъиутæ алырдыгæй уасыдысты.

Æ) Рагæй бæллыдысты искуы хибарæй фембæлынмæ, фæлæ сын фадат никуы фæцис.

Б) Фест райсомæй лæгау.

Цы ахъаз сты фæрсдзырдтæ?

Цæмæн нæ хъæуынц?

(мивдисджытæ хъуыдыйæдты сурæтхуыз кæнынц, нæ хъуыдытæ бæлвырддæр, аивдæр загъд цæуынц, нæ ныхас хъæздыгдæр кæны, у бастдзинады мадзал дæр- æрмæст хъуыдыйæдты мидæг нæ, фæлæ тексты дæр хъудыйæдтæ кæрæдзимæ баст цæуынц)

2. Фæрсдзырдты дих

А) Цæмæй нæ пъланы дыккаг хæс сæххæст кæнæм, уый тыххæй нæ бахъæудзæн уæ сочинениты æххуыс. Хæдзармæ куыст уын лæвæрд уыдис сочинени ахæм темæйыл:» Мадæлон æвзаг». Кæсæм нæ сочиненитæй скъуыддзæгтæ.

Агурæм дзырдбæстытæ фæрсдзырдтимæ, фарстатæ сæм дæттæм æмæ афтæмæй бæрæг кæнæм фæрсдзырдты къордты дих.


Хатдзæг: Фæрсдзырдтæ дих кæнынц 5 къордыл: афоны, архайды хуызы, бæрцон, бынаты, нысаны (æфсоны).


- Уæ сочиненитæм хъусгæйæ æрцыдтæн ахæм хатдзæгмæ: иууылдæр тынг бирæ кæй уарзут уæ мадæлон æвзаг.

Æ) Уæ разы ис Хетæгкаты Къостайы мад Маройы къам. Уæ хæс у нывмæ гæсгæ ныффыссын 3-4 хъуыдыйады. Спайда дзы кæнут фæрсдзырдтæй.


Хæс: Сбæрæг кæнын, фæрдзырдтæ кæцы къордмæ хауынц, уый.


3.Фæрсдзырдты арæзт.

Фæйнæгыл хъуыдыйæдтæ.


А)Ды та ныр фистæг цонгæй кусдзынæ фыццагау… Фæлæ дын чи хæсдзæни хуымгæронмæ дон.

Æ)Никуы мæм бабæллыд бирæгъ хæстæгмæ.

Б)Ранæй-ран æрлæууы йæ лæдзæджы æнцой.

В) Хъæлдзæгæй, æвзыгъдæй фæхæтай фæрнæй, нæ хæхты нæ бæсты æлдар кæмæн нæй.

Г)Тембол кусгæ-кусын йæ цæст дардта йæ кæстæрты æгъдаумæ.

Д)Æвиппайды дуар байгом, æмæ рынчыны цурмæ тагъдгомау æрбацыд йæ астæуккаг фырт Бабе.


Хатдзæг. Фæрсдзырдтæ, иу стæмты йеддæмæ, арæзт цæуынц алыхуызон ныхасы хæйттæй. Æппæты фылæр номивджытæй, номдартæй, миногонтæй, нымæцонтæй, фæрссагмитæй æмæ фæрдзырдтæ сæхицæй дæр.

Аулæфт. Куыд æмбарут æмбисонд « Мадæлон æвзаг мады ад кæны?»


Иухатт, дам, чидæр зондджын Санаты Семы бафарста:

- Сем, зæгъ-ма, æппæты зындæр хъаймæт цы вæййы?

- Адæм се взаг, се гъдауыл сæ къух куы сисой, кæстæр хистæры куы нæ уал æмбара, адæмы фæтк хæлд куы уа, æфсарм куы фесæфа, æууæнк куы нæ уал уа, уæд раст ацы хæдзарау цард дæр басудзы. (Бацамыдта сыгъд хæдзармæ).

Æмæ цæмæй ахæм уавæрмæ ма рцæуæм, уый тыххæй нæ цæстыгагуыйау хъахъхъæнын хъæуы нæ мадæлон æвзаг.

4 Бæрцбарæнтæ.


Æрхъуыды кæнут æртæ хъуыдыйады фæрсдзырдтимæ:

Цырд, бæрзонддæр, æппæтæй сæрæндæр.


Хатдзæг Фæрдзырдтæн миногонтау ис æртæ бæрцбарæны:

  1. Бындурон бæрц.

  2. Барæн бæрц.

  3. Уæлахизон бæрц


5. Растфыссынад


Фæйнæгыл: уæле, фæсте, ахсæв, абон, а чызг, уæлиау, фалиау, макæм, фалдæр, дæлæрдæм, фалæрдыгæй.


Хайыгтæ: ма-, ни-, ис-, дæр-, дæриддæр, амонæн номивæг а æмæ фæсæвæрдтæ -æрдæм æмæ -æрдыгæй фæрсдзырдтимæ фыссын хъæуы æмхастæй

Фæрсдзырдтæ: фале, уæле, дæле, фæсте-йы кæронæй фыссын хъæуы е.

Фæрсдзырдтæ: æрæджиау, дæлиау, уæлиау, фалиау, фæстиау-ы фæсæфтуан ау-ы разæй фыссын хъæуы хъæлæсон и.

6. Хатдзæгтæ.


7. Хæдзармæ куыст.


Ныффыссын цыбыр радзырд ахæм темæйыл: « Куыд арвыстон мæ бæрæгбон».

Радзырды спайда кæнын алыхуызон фæрсдзырдтæй.





 
 
X

Чтобы скачать данный файл, порекомендуйте его своим друзьям в любой соц. сети.

После этого кнопка ЗАГРУЗКИ станет активной!

Кнопки рекомендации:

загрузить материал