7


К юбилею К. Хетагурова

Автор публикации:
Дата публикации:
Краткое описание:
предварительный просмотр материала

Ирыстоны æрттивгæ стъалы - Хетæгкаты Къостайы райгуырды 157 азы бонмæ викторинæ 8-æм кълæсты 'хсæн.

Къостайы ном нæм стыр хъуыддæгтæм сиды,

Къостайы номæй дзыллæ ард хæры,

Къостайы туг нæ къабæзты æхсиды,

Къостайы зард нæ зæрдæты цæры.

(Гæджиты Георги).



1. Кæд æмæ кæм райгуырд Къоста? (1859 азы).

2. Кæд амардис йæ мад Маро? (1859 азы).

3. Чи уыдис Маройы сылгоймаг æмбал, йæ мæлæты размæ йын цы фæдзæхста? Цавæр æгъдау дзы æвдыст цæуы? (Дзапарты-Гуыбаты Чендзе).

4. Къостайы фыд Леуан цы кусæг уыд? (Паддзахы аефсады службае кодта).

5. Чи сæвæрдта Къостайыл ном? (бердзейнаг - грекъаг сауджын).

6. Цавæр æрдзон курдиат уыдис Къостамæ? (нывгæнынад).

7. Кæм ныв кодта йæ 1-аг нывтæ æмæ цавæр æфхæрд æййæфта йæ фыды усæй? (скъæты, къæдзæхтыл. Хъызмæдæ иу-ын йæ къухтæ фæхоста).

8. Ирыстоны кæцы аргъуаны къултыл сты йæ нывтæ абоны онг? (Алæгиры аргъуаны).

9. Цы 'гъдауæй сныв кодта Къоста йæ мады сурæт? (1. Фыны йæ федта. 2. Хистæрты ныхæстæм гæсгæ).

10. Кæцы аз рацыд мыхуыры йæ чиныг «Ирон фæндыр»? (1899 азы).

11. Чи уыдис уырыссаг нывгæнджытæй Къостайы уарзон ахуыргæнæг. Куыд æй хуыдта? (Александр Смирнов).

12. Цæвæр хорз хъуыддæгтæ йын сарæзта Александр Смирнов йæ ахуыры рæстæджы? (Стъараполы гимназы æмæ Бетъырбухы аивæдты академийы).

13. Чи баххуыс кодта Къостайæн «Ирон фæндыр» мыхуыры рауадзынмæ? (Гаппо Байты).

14. Цы 'гъдауæй тох кодта поэт мæгуыр адæмы сæрыл хæдхæцæг паддзахы ныхмæ? (фыста газет «Северная Осетия»).

15. Чи ахъазыд киноныв «Фатима»-йы чызджы ролы, йæ режиссер? (кæсгон чызг - Кокова, Лалыты Уарден).

16. Октябры революции агъоммæ социалон æгъдауæй чи сдзырдта ирон сылгоймæгтæй йæ бартыл? (Кочысаты Розæ).

17. Ранымай Къостайы цыртдзæвæнты нæ горæты? (ирон театр, парк, СОГУ-йы бахизæны).

18. Кæцы аз сныв кодта Къоста нæ горæты уырыссаг театрæн декорацитæ æмæ занавес сценæйæн? (1888 аз).

19. Цал хаты хаст æрцыд г. Херсонмæ æмæ цæй тыххæй? (2 хатты).

20. Ирон театры артисттæй 1-аг чи ахъазыд Къостайы ролы? (Таутиаты Солæмон).

21. Кæуыл ныв кодта карикатурæтæ, сæ цъаммар, æгъатыр хъуыддæгтæ «хурмæ» кæмæн калдта? (Терчы облæсты инæлæрттæ Коранов æмæ Кохановы).

22. Чи лæггад кодта Къостайæн йе 'рыгон бонты Нары, уыцы сылгоймагæн йæ мыггаг кæмæй уыд? (Хъугъриатæй).

23. Кæцы литературон уацмысы æвдыст æрцыд Къостайы фыст рагфыдæлты æгъдау «Особа»? (_________).

24. Кæцы азы бацыд ахуыр кæнынмæ Стъараполы гимназимæ? (1871 аз).

25. Кæцы аз бацыд ахуыр кæнынмæ Бетъырбухы аивæдты академимæ? (1881 аз).

26. Цæй аххосæй ныууагъта йæ ахуыр Бетъырбухы? (æхцайы фæрæзтæ йын на уыдис).

27. Чи баххуыс кодта Къостайæн Ирыстонмæ сæздæхынмæ æмæ кæд? (Хетæгкаты Андухъапар-йæ хæстæг 1885 аз).

28. Зындгонд уырыссаг нывгæнæг куыд фыста Къостайы тыххæй? Кæцы аз? (1897 азы Репин фыста газет «Кавказ»-ы номертæй иуы фарсыл, зæгъгæ, тагъд рæстæджы Кавказы æлутон зæхх балæвар кæндзæн дунейæн æвæджиауы нывгæнæджы. Уый æрлæуыдзæнис зындгонд нывгæнджыты æмрæнхъ).

29. Зынгæ уырыссаг фыссæг А. Фадеев цы фыста Къостайы тыххæй? Кæцы аз? ( «Гыццыл ирон адæм, уæ сæртæ хæссут бæрзондæй. Къоста æрлæудзæн Дунейон куырыхон æмæ кадджындæр адæмты æмрæнхъ. 1891 аз).

30. Кацы аз амарди Къоста? (1 апрелы 1906 азы Лабæйы. Уым æй баныгæдтой, фæлæ Ирыстоны адæммæ уый хорз нæ фæкаст æмæ йæ сластой Дзæуджыхъæумæ. Æфсæнвæндаджы вокзалы дуне адæм æртымбыл сты. Иры хъæуы аргъуанмæ йæ сæ къухтыл фæхастой, йæ кæрты йæ баныгæдтой).



 
 
X

Чтобы скачать данный файл, порекомендуйте его своим друзьям в любой соц. сети.

После этого кнопка ЗАГРУЗКИ станет активной!

Кнопки рекомендации:

загрузить материал