7


  • Учителю
  • «Мадæлтыл уæ хуыздæр зарæг зарут!»

«Мадæлтыл уæ хуыздæр зарæг зарут!»

Автор публикации:
Дата публикации:
Краткое описание:
предварительный просмотр материала

Фæсурокты куыст.


Темæ: «Мадæлтыл уæ хуыздæр зарæг зарут!»


( Литературон - музыкалон композици сылгоймаджы кадæн.)

11 - æм астæуккаг скъолайы

ирон æвзаг æмæ литературæйы

ахуыргæнæг Хетæгкаты З.Х.


Дзæуджыхъæу - 2014 аз.

Бæрæгбоны хæстæ:

  1. Ахуырдзауты фæцалх кæнын уæлæмхасæн æрмæгæй раст пайда кæнын,

нырыккон ирон поэтты уацмыстæм лæмбынæгдæр хъус дарын, ирон аив

дзырдæн аргъ кæнын, æмдзæвгæтæ аив æмæ раст кæсын;

2) Сывæллæтты ахуыр кæнын ныййарæгæн, сылгоймагæн стыр аргъ æмæ

кад кæнын, уарзон цæстæй йæм кæсын.


Залы фæлыст: сылгоймаджы, мады тыххæй рæсугъд ныхæстæ фыстæй, плакаттæ арфæйы ныхæстимæ, дидинджытæ, магнитофон, музыкæ.


Эпиграф : Æз - сылгоймаг - цардаразæг фарн дæн,

Кувут, лæгтæ, иууылдæр мæнæн.

Æз бæллиц дæн, дидинæджы тау дæн,

Æз цъæх уалдзæг, цины зарæг дæн…

Хостыхъоты Зинæ.

Бæрæгбоны цыд.

  1. ( Хъуысы уæздан ирон музыкæ. Рацæуынц сценæмæ 2 ахуырдзау - амонæджы.)

1 - аг амонæг: - Уæ бон хорз, зынаргъ мадæлтæ, ахуыргæнджытæ æмæ ахуырдзаутæ. Зæрдиаг арфæ уын кæнæм сылгоймæгты бæрæгбоны фæдыл. Нæ зæрдæ уын зæгъы стыр æнæниздзинад, уæ кæстæрты хуртæй куыд бафсæдат æмæ ма бирæ азты амондджынæй куыд фæцæрат, ахæм арфæ уæ уæд! Хонæм уæ литературон - музыкалон композицимæ « Мадæлтыл уæ хуыздæр зарæг зарут!»


2 - аг амонæг: - Сылгоймаг!.. Мад!..Ды дæ уалдзæгау рæсугъд, царддæттæг,

хуры тынтæ уарæг!.. Сылгоймаг!.. Мад!.. Куыд хъуамæ ферох уой дæ бирæ фæлмæн ныхæстæ, дæ къухты хъарм, дæ рæвдаугæ цæстæнгас?!

- Цы ис зæххыл зынаргъдæр мадæй? - МАД!


1 - аг амонæг: - Зындгонд уырыссаг фыссæг М.Горький фыста: : «Æнæ сылгоймаг нæдæр хъæбатыр ис, нæдæр поэт!»

Хуыцау, æвæццæгæн, хуымæтæджы не'схайджын кодта сылгоймаджы æмбисонды хорз миниуджытæй. Ирон адæммæ ис ахæм таурæгъ сылгоймаджы тыххæй. Чи зоны, исчи уæ йæ фехъуыста.

Хуыцау æрбайста худгæ хуры тынтæй цалдæр, æрттиваг мæйы сонт æнкъарддзинад, мæлхъы сæрыстыр уæздандзинад æмæ уарди дидинæджы æмбисонды тæфаг. Цæмæй æгæр æлутон ма фæуа, уый тыххæй ма йæм бафтыдта ноджы уаддымгæйы æнæсæрфат зилдухæнтæ, рувасы хиндзинад,тæрхъусы тæппуддзинад, мигъты цæссыгкалындзинад уарыны агъоммæ æмæ гæркъæраджы талф - тулфдзинад дзургæйæ. Чысыл ахъуыдыйы фæстæ ма йæм бафтыдта ноджы хъаймæты æппæт бæллæхтæ: арт, зæй, æрвæрттывд, æрвнæрд, тымыгъ, тæркъæвда. Æмæ æппæт уыдæттæй сарæзта

сылгоймаг.

( Хъуысы зарæг « Æз - сылгоймаг» - Медойты С.)

1 - аг кæсæг:

« Сылгоймагæн» (Денджызты Денджыз.)

Сылгоймаг, мæ амонд,

Ды мын радтай цард.

Æз уымæн фæхæрын

Дæ рухс номæй ард.


Мæ абоны рухс цин,

Мæ райсомы скаст.

Дæ фенд мын фæсуры

Мæ сагъæс, мæ маст.

Дæ цæстыты хъазын -

Мæ бæллицты зæй.

Дæу фæндон куы рæзид

Цард хъæлдзæг, фæрнæй.


Уæд а дуне фестид

Уæлæуыл дзæнæт,

Фæуиккой быныскъуыд

Лæджы катай, мæт…


Сылгоймаг, дæ номæй

Фæхæрын æз ард.

Ды мын радтай амонд,

Ды мын радтай цард!..


2 - аг кæсæг:

«Зæдбадæн» ( Денджызты Д.)

Сæрæй Дын, сылгоймаг, æз зонгуытыл кувын,

Бæрзонд Хуыцау амондæн сфæлыста Дæу.

Дзæгъæлы нæ хонынц поэттæ Дæу рухс фын,

Зæдбадæн бæрзонды фæйлаугæ цъæх нæу.


2 - аг амонæг: - Æвæццæгæн, зæххыл ахæм тых нæй, æмæ сылгоймагимæ кæй ис абарæн… Сылгоймаг у хуры тынтау рæсугъд æмæ фæлмæн, сылгоймаг у фарн æмæ амонд хæссæг… Сылгоймаг!.. Мад!.. Куыд æгæрон тых ис уыцы дзырдты… Ирон адæм рагæй фæстæмæ кувынц сылгоймаг - бардуагмæ, Мадымайрæммæ, курынц дзы цот, фæдæхсынц сæ хъæбулты.


1 - аг амонæг: - Мад… Ацы фæлмæн, алæмæттаг дзырд фехъусгæйæ , алы кары адæймаджы цæстытыл ауайы йæхи ныййарæг мад, йæхи уарзон схъомылгæнæг…

Мад алкæмæн дæр у ныййарæг, схъомылгæнæг, ахуыргæнæг, зондамæнæг, хур æмæ цæсты рухс. Цас фыдæбон федта Мад йæ царды, хъæбул хъомылгæнгæйæ, цал æгъуыссæг æхсæв арвыста йæ кæстæры æнæмæт фынæй хъахъхъæнгæйæ, цал хатты йæ бахызта фыдбылыз æмæ æвзæр хъуыддæгтæй, цас уарзондзинад æмæ хъармдзинад ын балæвар кодта æнæвгъау?! Æмæ чи фæнымайдзæн Мады хæрзтæ? Кæй бон суыдзæн Мады лæггад æмæ фыдæбонæн аккаг аргъ скæнын? Æвæццæгæн, никæй!..


3 - аг кæсæг: « Ныййарæджы зæрдæ» ( Денджызты Денджыз)

Ныййарæджы зæрдæ, ныййарæджы арм -

Бæмбæгæй фæлмæндæр, зæрин хурау - хъарм.

Ныфсы мæсыг цотæн - йæ зондджын ныхас,

Рæвдауы кæстæры йæ цæстыты 'нгас.


Йæ цæсгомæй хуртæ' мæ мæйтæн сæ каст -

Нæ коймæ. Хъæбулмæ - æгæрон йæ уарзт.

У ууыл æдзухдæр йæ сагъæс, йæ мæт,

Фæзæгъы: «Мæ фæндон дзæбæхæй цæрæд!»


Куы бахауæм катайы уацары мах,

Куы фæцуды царды зынвæды нæ къах,

Цæуыл ис уæд абарæн мадæн йæ зын,

Йæ мидхъуырдухæнтæ, зæрдæйы хъæрзын.


Мæрдтæй дæр нæ тавы йæ зæрдæйы хъарм,

Фынгæн нын фæдары мæрдтæй дæр йæ арм.

О, макуы йын ракæ ды, хорз хъæбул, зын,

Уадз ма стона риуæн йæ дудгæ хъæрзын.


( Хъуысы зарæг « Мадæй зынаргъдæр нæй» - Кудухты В.)


2 - аг амонæг: - Сызгъæрин фестай, Мад! Куыд адджын сты дæ фæлмæн ныхæстæ, дæ къухты хъарм, дæ рæвдыд цæстæнгас!.. Куыд зынаргъ æмæ кадджын у дæ ном!.. Куыд æнæнымæц стыд дæ хæрзтæ, дæ фыдæбон!

Хуыцау зæгъæд, æмæ алы кæстæр дæр куыд æмбара уыцы хъуыддæгтæ æмæ куыд архайа, цæмæй Мады зæрдæмæ маст ма хæсса, фæлæ йын аккаг лæггад кæна. Хъыгагæн, Мады хæрзтæ алы хъæбул нæ фембары, æмбæлон аргъ сын нæ фæкæны.

Уый фæдыл ирон адæммæ ис ахæм таурæгъ…


1 - аг амонæг: - … Раджы кæддæр иу лæппу бауарзта саурæсугъды. Чызг ын хъазгæйæ загъта, зæгъгæ, мын кæд дæ мады зæрдæ æрбахæссай, уæд дын бакомдзынæн… Лæппу ацыд, йæ мады зæрдæ скъахта æмæ тагъд - тагъд фезгъоры йæ уарзонмæ. Фæндагыл йæ къах дурыл скъуырдта æмæ фæкалд. Мады зæрдæ фесхъиудта æмæ афарста йæ хъæбулы: «Дæ къах тынг ныццавтай, мæ хъæбул?»

( Хъуысы зарæг « Мады зæрдæ» - Мæргъиты хотæ зарынц.)


2 - аг амонæг: - Ис ахæм æмбисонд: «Мады лæггад никуыма ничи бафыста.» Æмæ уый, æцæгæйдæр, афтæ у! Фæлæ алы кæстæры хæс дæр у, цæмæй йæ хорз хъуыддæгтæй, йе'гъдау æмæ кадæй йæ мады зæрдæмæ уарзондзинад æмæ амонд хæсса, цæмæй ныййарæг уа сæрыстыр æмæ зæрдæрухс йæ хъæбулæй.

Мад амондджын вæййы йæ кæстæрты руаджы, йæ хъæбулты амондæй. Ма бавгъау кæнæм уыцы стыр амонд ныййарæгæн!...


4 - æм кæсæг: « Куыд хорз у…» ( Денджызты Д.)

Куыд хорз у, -

Ныййарæг йæ хъæбулты цинæй

Куы вæййы æгæрон æфсæст:

Йæ фæндиаг куы рæзынц

Рæсугъд æмæ буцæй,

Сæ уындæй æфсæды йæ цæст.

Куыд хорз у, -

Ысхæссæг зæронд фыд сæ номæй

Куы ракæны барджын ныхас:

Куы дзы байрох вæййынц

Йæ дудгæ рыст бонтæ,

Бынтондæр куы' рсысы йæ маст.


1 - аг амонæг: - Сылгоймаг!... Мад!.. Цас хорз миниуджытæй хайджын дæ?! - Хъæбатыр, фæразон, сæрыстыр, барджын, уынгæгзæрдæ, фидар, хиуылхæцгæ…

Æмæ сæ чи фæуыдзæн нымад7 Чи ссардзæн уыйбæрц ныхæстæ? Цавæр аив дзырды дæсны сныв кæндзæн Мады монументалон фæлгонц?..


5 - æм кæсæг: «Йе' сныхас - мæ ныфсы мæсыг» ( Денджызты Д.)

Мидбылты куы бахуды ныййарæг,

Сагъæс риуы атайы бынтон;

Тарæрфыгæй ракасти мæнырдæм, -

Уæд кæнын мæ райгуырдыл фæсмон.


Айтынг вæййынц кæд йæ ныхы' нхъырдтæ,

Уæд вæййын мæхицæй разы æз.

Йе сныхас - мæ ныфсы мæсыг, м' амонд,

Йе сныхас - мæ бæллицты фæрæз.


2 - аг амонæг: - Ирон Мад!... Ирон сылгоймаг!.. Цæй кадджын æмæ хъæбатыр дæ?! Цæй фæразон æмæ фидар дæ7! Æвæццæгæн, уымæн бафæрæзтай, ирон сылгоймаг, ахæм зын æмæ уæззау фæндæгтыл рацæуын… Æмæ нæ фæцудыдтай. Дæ кады ном айхъуыст æнæхъæн дунейыл…

Цыфæнды зын уавæры дæр ирон сылгоймаг йæ уæздан ном никуы фæчъизи кодта, йæ сæрмæ æгаддзинад никуы æрхаста æмæ йæ кæстæрты дæр ахуыр кодта ирон æгъдау æмæ кадыл. Никуы фæтарст ирон сылгоймаг, мад зындзинæдтæй, йæ уд - иу рауæлдай кодта, цæйнæфæлтау йæ кæстæр фæцуда, фæтыхса… Акæсæм- ма абон фæстæмæ æмæ æрымысæм: Къостайы Сидзæргæсы, Къубалты Алыксандыры Госæмайы, Коцойты Арсены Саломийы, Брытъиаты Елбыздыхъойы Нанайы, Туаты Дауыты Нуцайы, Гаглойты Владимиры Госæмайы æмæ бирæ æндæрты.

1 - аг амонæг: - Куыд нæ хъуамæ æрымысæм мах абон Ирыстоны хæстрыстзæрдæ мадæлты рухс ном?!.. Цал æмæ цал ныййарæджы скоддтой сæ уæлæ саутæ? Цал æмæ цал мадæн нал раздæхт йæ фырт хæсты быдырæй? Фыдыбæстæйы Стыр хæсты

фæмард: 2 хæдзарæй - æвдгай фырттæ, 7 хæдзарæй - æхсæзгай фырттæ, 26 хæдзарæй - фæндзгай фырттæ, 92 хæдзарæй - цыппæргай фырттæ, 100 хæдзарæй - æртыгай фырттæ…

О, ныййарæг мад, куыд фидар æмæ фæразон разындтæ! Хъæбулы сæфтæн, дам, арс дæр нæ фæразы, - фæзæгъынц. Фæлæ ирон Мад бафæрæзта, арсæй тыхджындæр разынд. Нæ бары ирон Мад йæхицæн дæр æмæ хъæбулæн дæр æгаддзинад, худинаг

сæрмæ æрхæссын, разæнгард кæны йæ кæстæрты райгуырæн зæххы сæрвæлтау хъæбатыр æмæ намысы хъуыддæгтæм, куы бахъæуа, уæд кады мæлæтмæ дæр…

6 - æм кæсæг:

Ирыстоны хæстрыстзæрдæ ныййарæг

Йæ сæфт хъæбултæй бæлццæтты фæфæрсы,

Нæма банцад йæ судзгæ - дудгæ хъарæг,

Æмæ йæ цæссыг бæрзытæй лæдæрсы…

( Хъуысы зарæг «Хæстон хъæбултæ» - Медойты С.)

2 - аг амонæг: - Куыд нæ у æнусон кады аккаг Хъалæгаты фондз æфсымæры мад, кæцы æфсымæрон ингæны уæлхъус загъта фидарæй: « Æз радтон мæ фондз фырты Райгуырæны сæраппонд, æхсæзæм ма мын куы уыдаид, уæд уый дæр нæ бавгъау кодтаин…»

1 - аг амонæг: - Гæздæнты авд æфсымæры мад!.. Фæлмæнзæрдæ, рæвдауаг, фæлæ фидар æмæ хъæбатыр мад. Æнæ цæстысыгæй рæвдауы мад йæ сæфт хъæбулты, хæст ын сæ « иугай фæци давд…»Ныр сын дауы йæ уырзтæй сæ цухъхъатæ… Ныддур ис мады зæрдæ, нал æм ис цæссыг… Нæ хъустыл ауайынц йæ судзæггаг ныхæстæ: Мæ зæрдæйы - авд нæмыджы…авд фыдæхы… авд хъарæджы… авд ингæны…

Цы загъдæуа ахæм ныййарджытæн? О, цы загъдæуа?!.. - Хъусут, ныййарджытæ! Нæ амардысты уæ хъæбултæ! Уыдон æнусмæ цæрдзысты Ирыстоны рыст зæрдæйы, уыдон æнæхъæн Ирыстоны хъæбултæ уыдысты!..

2 - аг амонæг: - Хъыгагæн, абон дæр дудынц хæсты хъæдгæмттæ, абон дæр зæххыл цæуы хæстытæ, алыхуызон фыдбылызтæ. Абон дæр нæ сур кæнынц мадæлты цæссыгтæ… Æмæ хæсты фæмард кадимæ Райгуырæны сæрвæлтау дæ хъæбул, - уымæн ма ис бамбарæн!... Фæлæ цæй æмæ кæй тыххæй аскъуыд Беслæны мадæлты зæрдиæгты рæзгæ цард? Куыд баурома уыцы æгæрон маст та ныййарæг? Куыд цæра дарддæр уыцы мад, цалдæр рæзгæ уды кæмæй фæхъуыд уыцы сау фæззыгон бон?!.. Фæлæ мад фæразон у, мад арсæй тыхджындæр у, æмæ та стыр хъæбатырдзинад æмæ æгъдау равдыста ам дæр ирон Мад!..


7 - æм кæсæг: Æмæ сыстади дунейы мад.

Къухтыл систа йæ иунæг бындары,

Зилы, агуры бæстыл рæстад,

Хæстæндзарæгæн йе стыр маст хъары:

«Ма та, ма та суадз дунейыл хæст!»

Мадæн рустыл йæ цæстысыг уайы.

Дзуапп нæ рардæуыд мадæн, æрмæст

Хæстæндзарæг сызгъæрин нымайы.

Сиды идæдз ус ныр уырдæм, кæм ис

Сабыр адæмæн фарны уæлахиз:

«Мад - дæ фæдзæхст, Уæрæсе,

Сидзæр - де уазæг, хæстæй нæ бахиз!»

( Плиты Г,)

1 - аг амонæг: - Стыр кадджын Хуыцау макуыуал æруадзæд фыдбылыз Ирыстоныл дæр æмæ æппæт зæххы къорийыл дæр! Кæстæртæ цъæх, сабыр арвы бын амондджынæй куыд хъомыл кæной сæ ныййарджыты фæндиаг, ахæм арфæ нæ уæд! Абон у стыр бæрæгбон - сылгоймæгты кадджын бон, æмæ нæ фæнды, цæмæй нæ изæр дарддæр ацæуа хъæлдзæгдæр, цæмæй нæ мадæлты зæрдæтæ сæ кæстæрты рæсугъд æмæ хъæлдзæг архайдæй барухс уой.

Абон ацы стыр бæрæгбонмæ нæ ахуырдзаутæ тынг зæрдиагæй бацæттæ кодтой æмдзæвгæтæ, зарджытæ, кæфтытæ, инсценировкæтæ.

2 - аг маонæг: - Æмæ цавæр бæрæгбон фидауы æнæ уæздан ирон кафтæй?

Нæ зынаргъ сылгоймæгтæ, мадæлтæ, хотæ! Ацы кафт уын лæвар кæнынц ………….

( « Хонгæ» кафт.)

1 - аг амонæг: - Зынаргъ æмбæлттæ! Байхъусут Хостыхъоты Зинæйы æмдзæвгæ

« Æз - сылгоймаг» - мæ. Кæсы йæ …………..

2 - аг амонæг: - Сылгоймаг æппæты фыццаг у Мад. Мадæлтыл фыст æрцыдысты æппæты хуыздæр æмдзæвгæтæ, мадæлтыл азарыдысты æпппæты хуыздæр зарджытæ…

( Хъуысы зарæг « Мад хъæбулæн йе стъалы, йæ хур у…» - Балаты В.)

1 - аг амонæг: - Мады кадджын ном цæмæй æнусон уа, уый тыххæй нæ курдиатджын поэттæ ныффыстой бирæ рæсугъд æмдзæвгæтæ. Байхъусæм - ма дзы иумæ. Кæсы йæ ………….

«Мады ном - æнусон» ( Денджызты Д.)

Зæххыл ис иунæг хæзна царды,

Æмæ уый мад у, мæ хур, мад.

Йæ рæвдыд сау дуртæм дæр хъары,

Фæсуры зæрдæйы фæллад.

О мад, сызгъæрин мад, дæ хæрзтæй

Ды кæныс кæстæрты æнгом.

Тæхуды, зарæджы ныхæстæй,

Æнусон ч искæндзæн дæ ном.

Дæ къахвæд агурын нæ хæхты,

Дæу æнхъæл уардимæ кæсын,

Куырттаты стыр комы уæрæхы

Дæ хуыз мæ цæстыты хæссын.

Мæ зарæг сарæзтон дæ мæтæй,

Йæ зæлты бавæрдтон мæ уарзт.

Дæ зынаргъ Къадаты бæрзæндтæй

Мæ удмæ хур цыма æркаст.

Цы хорз у, чи сбуц кодта мады,

Æмæ йын чи радта æгъдау,

Зæххыл уый дзыллæты нымады

Йæ фарнæй батавдзæн Хуыцау.

Хуыцау та бæрзæндæй фæлгæсы,

Хæрзудтæн риссынæй тæрсы.

Хуыцау…Уый цæсгоммæ нæ кæсы.

Хуыцау… Уый зæрдæмæ кæсы.


2 - аг амонæг: - Ныр та бакæсут сценкæмæ «Æнæрхъуыды чызг» Архайынц 2 къласы ахуырдзаутæ. ( Джиоты Катямæ гæсгæ, 2 къл. Кæсыны чиныг, 46 фарс.)

1 - аг амонæг: - Бакæсут ( чи кафы, уыдон нæмттæ зæгъын) музыкалон лæвармæ.

( Ирон кафт.)


2 - аг амонæг: - Ирон фæндыр нын баззади фыдæлтæй.

У махæн та нæ хæзнаты хуыздæр.

Ирон фæндыр! Рæсугъд зæрдæйы тæгтæй

Уый райгуырди, уый равзæрди кæддæр!..

Æнæ фæндыр нæ фидауы Ирыстон!

Æнæ фæндыр мæгуыр кæны нæ зæхх!

1 - аг амонæг: - Æмæ уый, æцæгæйдæр, афтæ у. Цы ис рæсугъддæр ирон фæндыры зæлтæй?.. Байхъусæм - ма, уæдæ ………. - йы диссаджы цагъдмæ.

2 - аг амонæг: - Ныр та байхъусæм нæ хæрз чысыл сабитæм, 1 къласы ахуырдзаутæм. Уыдон дæр зæрдиагæй арфæ кæнынц сæ мадæлтæн, сæ нанатæн, сæ хотæн. Табуафси, нæ гыццыл хуртæ!

( Сценæмæ рацæуынц 3 - 4 сабийы. Алчидæр сæ йæ ном, йæ мыггаг зæгъы, афтæмæй радыгай дзурынц æмдзæвгæтæ.)


1 саби: «Мадмæ» ( Плиты Харитон)

Бирæ фæрæвдыдтай,

Уæ, гыцци, мæн,

Арæх - иу аргъæуттæ

Кодтай мæнæн.

Хъарм - иу мæ бамбæрзтай,

Хур мæ хуыдтай.

«Ахусс мын, айрæз мын!» -

Заргæ дзырдтай.


Буцæй дæ хъæбысы

Схастон мæ рæз.

Ракæс - ма абон дын

Ногдзау дæн æз!


Уарзын мæ чингуытæ,

Уарзын мæ хъæу,

Уарзын Фыдыбæстæ,

Уарзын æз дæу.


2 саби: « 8 - æм Мартъи» ( Цæрукъаты В.)

Абон - Æстæм, Æстæм мартъи…

Арфæ дын кæнæм, нана!

Бирæ рухс бонтæ ма царды

Хъуамæ фенай ды нырма!

Мах куы ысуæм космонавттæ,

Мæймæ балц куы кæнæм, уæд

Махæн ды куыд зæгъай афтæ:

«Цæй, рæстмæ фæндаг фæуæд!»


3 саби: « Мæ нана» ( Цæгæраты Гиго)

Нæу мæнæн мæ бон зæгъын,

Цас уарзын нанайы,

Фыны дæр йæ фæлмæн худт

Цæстытыл фæуайы.


Зымæгмæ мын бавæры

Чырыны фæткъуытæ,

Хъулон хъæдуртæй мæнæн

Саразы фæрдгуытæ.


1 - аг амонæг: - Нæ бæрæгбон æрхæццæ кæронмæ. Иу хатт ма зæрдиаг арфæтæ кæнæм æппæт сылгоймæгтæн дæр. Хуыцау уын стыр æнæнилдзинад балæвар кæнæд, уæ кæстæрты хурæй æфсæст ут, уæ лæггад уын куыд æмбарой, ахæм арфæ уæ уæд. Бирæ азты ма хъæлдзæгæй æмæ амондджынæй куыд фæцæрат, ахæм амонд уын Хуыцау раттæд!

2 - аг амонæг: - Кæронбæттæны ма мæ фæнды бакæсын ахæм рæнхъытæ:

Мад дын куы ратдзæн йæ уд æмæ цæст.

Мадæн йæ хъæбул зынаргъ у.

Мады рæвдыдæй ут уе' ппæт дæр' фсæст,

Мад нын æнусон цырагъ у!

1 - аг амонæг: - Стыр бузныг нæ буц уазджытæн, стыр бузныг нæ бæрæгбоны архайджытæн! Нæ иннæ фембæлдмæ!...

( Хъуысы зарæг « Мадæлтыл уæ хуыздæр зарæг зарут». )




 
 
X

Чтобы скачать данный файл, порекомендуйте его своим друзьям в любой соц. сети.

После этого кнопка ЗАГРУЗКИ станет активной!

Кнопки рекомендации:

загрузить материал