7


Урок Бирагъ ама хърихъупп

Автор публикации:
Дата публикации:
Краткое описание:
предварительный просмотр материала











Гом урочы темæ:



Хетæгкаты Къостайы басня

« БИРÆГЪ ÆМÆ ХЪРИХЪУПП ».

Æфсарм æмæ уæздандзинады

мотивтæ басняйы.

3 -æм кълас

















Ахуырганаг Тедеты Л.А.













Темæ: Хетæгкаты Къостайы басня « БИРÆГЪ ÆМÆ ХЪРИХЪУПП ».

Æфсарм æмæ уæздандзинады мотивтæ басняйы.



Урочы нысан: 1. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын .

2. Басня цы хонæм, уый бамбарын кæнын у урочы

зонадон хæс.

3. Æгъдау, æфсарм, уæздандзинад адæймагæн

йæ сæйраг æвдисæндартæ кæй сты, уый бамбарын

кæнын у урочы сæйраг хъомыладон хæс.



Урочы тип: Урок - спектакль.



Урочы цæстуынгæ æрмæг: Фæйнæг, нывтæ, чиныг, сценкæтæ, презентации.

Урочы эпигрæф: «Уæвгæ, куыд хорз æмæ куыд æнцон у искæмæн мисхалы

бæрц циндзинад æрхæссын, фæлæ йæ, хъыгагæн, цæст куыд нæ

фæуарзы арæх».

Гаглойты Владимир.



Урочы цыд.

I . Организацион хай.

II. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын..



Дзырдуатон - фразеологион куыст:

Хæдмæл - истæй мард .

Тугуарæн - фыдбылыз , æвзæр рæстæг .

Фæзæрдæхæлд - ам баууæндыди.

Дзæгъæлхæтæг - æнæ хъуыддагæй чи цæуы, уый .

Ацы тыхтона - ам зын рæстæг .

Хърихъупп - зырнæг.

Тыхтона - лæгдыхай исын, тыхæй тона кæнын.

Уæны стæг - фæсонты рдыгæй уæхскъмæ хæстæг цы тъæпæн æмæ фæтæн

æртæкъуымон стæг ис, уый.

(Дзырдтæ æмæ дзырдбæстытæ амынд цæуынц урочы дæргъы).



Ахуыргæнæг : Йæ алыварс лæггад кæнынмæ чи фæтырны, ахæмæн адæм дæр никуы базивæг кæндзысты æххуысмæ æрцæуын . Адæм кæрæдзи ныфсæй цæрынц . Кæрæдзи цин , рыст , маст æнкъарынц .

Кæрæдзийæн ныфсытæ æвæргæйæ царды уæз рогдæр кæнынц .

Къостайы сфæлдыстад царды уæз рогдæр кодта æви нæ ?



Ахуырдзау: Къостайы сфæлдыстады æвдыст цыдис ирдæй

цард, куыд уыдис , афтæ. Поэт йæхæдæг уыцы цардæй рацæуæг уыд. Уымæ гæсгæ, нæ бон зæгъын у : мæгуыр адæймаджы цард æмбæрста, æнкъардта æмæ йыл зарыд .



( Кæсынц æмдзæвгæ наизусть . Ахуыргæнæг дзуæппыты æхсæн фæрстытæ дæтты ) .





Ахуыргæнæг: Цавæр « зарæг » у поэты æмдзæвгæ ?

Ахуырдззау: Поэты « зарæг » у хъарæг.

Ахуыргæнæг: Цавæр литературон - аивадон мадзалæй пайда кæны Къоста цæмæй « хъарæг » равдиса ?



Ахуырдзау: Къоста спайда кодта абарстæй, зæгъæм:

Адæмæн сæ рæсугъд уæттæ

Хъармæй, райдзастæй лæууынц,

Абарст



Махæн та нæ сывæллæттæ

Уазал лæгæтты кæуынц…



Ахуыргæнæг: Цы у абарст, цы нысан кæны?



Ахуырдзау: Иу хъуыддаг барст фæцæуы иннæ хъуыддагимæ, предмет - предметимæ, уæд хуыздæр разынынц сæ хуыз, сæ мидис.



Ахуыргæнæг: Æмдзæвгæйы композицийы тыххæй цы у уæ бон зæгъын .



Ахуырдзау: Æмдзæвгæ арæзт у 4 строфайæ. Алы строфайы дæр 4 рæнхъы . Иу хъуыды иннæ хъуыдыимæ бары .



Ахуыргæнæг: Æмдзæвгæ уæ цы хъуыдытыл бафтыдта , ууыл æрдзурæм … Стæй æмдзæвгæйы мидис аивынæн цы бакæниккат .



( Ацы хæс сын лæвæрд уыд хæдзармæ, сывæллæттæ дзурынц сæ хъуыдытæ.)



Ахуыргæнæг: Къостайæн йæ царды нысан уыд адæмæн лæггад кæныны мидæг. Лæггад сын кодта, йæ бон куыд уыд, афтæ.

Къоста йæ алыварс уыдта, адæм кæрæдзийæн куыд æххуыс кæнынц ,

уый. Кæд цард уæззау уыд, уæддæр адæмы нæ рох кодта циндзинад, сæхи ирхæфстой , сæ хъæндзинæдтыл худын зыдтой . Кæрæдзийæн - иу ахæм хабæрттæ ракæдтой , кæцытæй - иу сæхицæн стыр зонд истой .

Адæймаг йæхи куыд дара, хи дарæн куыд нæй, уыдоныл ахуыр кодта адæмон сфæлдыстад.



- Цы у адæмон сфæлдыстад?



Ахуырдзау: Фыдæй фыртмæ, дзыхæй дзыхмæ адæм цы уацмыстæ лæвæрдтой иу фæлтæрæй иннæмæ, уыдон хонæм адæмон дзургæ сфæлдыстад .



Ахуыргæнæг: Адæмон дзургæ сфæлдыстад цал хуызыл дих кæны?



Ахуырдзау: Мах зонæм: аргъæуттæ, таурæгътæ, кадджытæ, зарджытæ, æмбисæндтæ, уыци - уыцитæ. Адæмон дзургæ сфæлдыстады хуызтæ сты иууылдæр.



Ахуыргæнæг:Аргъæуттæ цал хуызыл дих кæнынц?



Ахуырдзау: Аргъæуттæ дих кæнынц 3 хуызыл: цæрæгойты аргъæуттæ, цардуаджы аргъæуттæ , алæмæты аргъæуттæ . ( Дæнцæгтæ хæссынц).



Ахуыргæнæг: Къоста тынг бирæ уарзта адæмон сфæлдыстад. Йе сфæлдыстадыл бæрæг дары дзургæ сфæлдыстадæ тæфаг .

Чи зоны, зымæгон бон - иу сæ цырæгътæ скъолайы сыгъд куы фесты, уæд - иу

Сын сæ ахуыргæнæг Хакъо дзырдта аргъæуттæ, кадджытæ, таурæгъæтæ, зарыд сын зарджытæ … Афтæмæй сæ, сывæллæтты, стыр зондыл ахуыр кодта.

Къоста куы рахъомыл, уæддæр æй нæ ферох сты уыцы зондамындтытæ , уый æдде ма сæ пайда дæр кодта, йæ уды сæ хъахъхъæдта стыр хæзнайау .

Ахæм зондамындтытæй райгуырдаид басня « Бирæгъ æмæ хърихъупп» дæр.

Бакæсæм ма ацы уацмысмæ.

( Развæлгъау ахуыргæнæг бацæттæ кодта 3 ахуырдзауы, уыдон æвдис сценкæ, иннæ скъоладзаутæ хъазынц публикæйы ролы. Хъуысы музыкæ, бирæгъ хуыссы æмæ зад хæрд кæны . Автор рацæуы, уайдзæфгæнæджы каст æм кæны, йæ сæр батылдта, публикæмæ ракаст æмæ дзуры …

Сценкæ хъазынц. Фæхудтысты. Кусынц уацмысыл).



Ахуыргæнæг: Цæмæ бакастыстæм, уым поэт кæуыл дзуры, сырдтыл ?



Ахуырдзау: Къоста кæд сырдты тыххæй дзуры, комкоммæ сæ æвдисы, уддæр, мæнмæ гæсгæ адæмыл хъуыды кæны . Уымæн æмæ сæ адæмы æгъдауыл æхуыр кодтой рагæй фæстæмæ .



Ахуыргæнæг: Нæ фыдæлтæм зыдгæнаг адæймаг уыд æгад, йæ гуыбыныл хæцын чи нæ зыдта, уый та уыд фидиссаг. Се `ххормаг æргом никуы равдыстаиккой, стæй - иу афтæмæй фынгыл æрбадтысты, зæгъгæ, уæд - иу йæ æнæвнæлдæй ныууагътой . Ирæтты хсæн зыдгæнаг адæм нæ уыд , фæлæ цæмæй сæ хсæн ахæмтæ ма фæзына, уый тыххæй «Бирæгъы» хуызæттыл хъуыды кодтой аргъæуттæ, æмбисæндтæ …

Зæгъæм : гуыбыны коммæ куы кæсай, уæд дæ сæр худинаджы бын фæуыдзæн , гуыбын мæрдтæм кæны , гуыбын скъæт у …

Бахъуыды сæ кæнут, уæ сæрмæ худинаг макуы æруадзут.



Къоста цавæр аргъауы хуызæй спайда кодта , цæмæй басня ныффысса ?



Ахуырдзау: Фыссæг спайда кодта цæрæгойты тыххæй аргъауæй .



( Кæсынц басня).



Ахуыргæнæг: Уæдæ ма бакæсæм цыбыр сценкæ « Бирæгъ æмæ хърихъупп» - мæ. Автор зыдгæнæджы куыд хоны?

Скъоладзаутæ æвдисынц сценкæ « Бирæгъ æмæ хърихъупп» .



Ахуырдзау: Алчи зыдгæнæджы

Бирæгъ фæхоны.

Бирæгъ зыд кæй кæны,-

Чидæрид зоны …



Ахуыргæнæг: Йе нæфсисæй адæмæн цы кæны? Цы йыл æрцыд?











Ахуырдзау: Раджы та иу бирæгъ

Нард хæдмæл хордта,

Афтæмæй адæмæн

Тугуарæн кодта.

Диссаг æвналынмæ.-

Цас ын æнтысти !

Уалынмæ уæны стæг

Хурхы нынныхсти.



Атылди , адаргъ и ,

Нал уыд йæ сæрæн …

Амонд йæ хъахъхъæнæг

Ахæм æвзæрæн !



Ахуыргæнæг: Бирæгъ æххуыс кæмæй агуры?



Ахуырдзау: Хърихъупп хæстæджыты

Донбылтыл зилы …

Бирæгъ йæ цыппæртæ

Хърихъупмæ тилы .



Ахуыргæнæг: Хърихъупп куыд хъуыдытæ кæны.



Ахуырдзау: - Ай та цы диссаг у? -

Рагæй - æрæгмæ

Никуы мæм бабæллыд

Бирæгъ хæстæгмæ …

Хърихъупп фæзæрдæхæлд,

Абадт йæ цуры:

- Цæй - ма , цы мæ кæныс ? -

Сырд ма кæм дзуры !



Ахуыргæнæг: Хърихъупп куыд ирвæзын кæны бирæгъы?



Ахуырдзау: Иу цæст ма фезмæлыд

Иннæ ныдздзагъыр …

Хърихъупп цæстæнгасыл

Рагæй уыд ахуыр,-



Бирæгъы хъæлæсы

Фатау фæцавта

Даргъ бырынкъ, афтæмæй

Оны стæг сдавта .



Ахуыргæнæг: Бирæгъ фервæзт, хърихъупп йæхи куыд дары?



Ахуырдзау: Бирæгъ æсулæфыд …

Фервæзт нæ рынчын! …

Хърихъупп æм бадзырдта:

- Цæй - ма мæ мызд мын !



Ахуыргæнæг: Раздæры рынчын цавæр дзуапп дæтты ?



Ахуыдзау: Сырд дын фæхъæр ласта :

- Гъæ, дзæгъæлхæтæг!

Гас мын кæй баззадтæ

Абон дæхæдæг.



Бузныг цæуылнæ дæ,

Гайтма мæ дзыхæй

Де взæр лæгун къоппа

Райстай дзæбæхæй?!



Барст дын уæд ацы хатт

Ацы тыхтона!

Искуы ма фембæлæм

Додой дæ къона!



Ахуыргæнæг: Бирæгъæй, хърихъуппæй уæздандæр, уæзбындæр, растдæр, æгъдауджындæр чи у ?



Ахуырдзау: Нæдæр бирæгъ, нæдæр хърихъупп . Адон дыууæйæ дæр сты æнæуæздандзинады хицæутта . Бирæгъ у зыдгæнаг , йæ гуыбыны фæдыл цæуы , бузныг дзурын та æппындæр нæ зоны . Кæны хæлоф.

Хърихъупп та у æнæсæр. Мæлæтæй кæйдæр фервæзын кодта æмæ дзы æвиппайды куры мызд . Уый дæр зыдгæнаг у , уымæн æмæ йæ хоздзинадæн агуры мызд .



Ахуыргæнæг: Адæймаг хъуамæ йæ алыварс циндзинад хæсса, æвгъау æй ма кæна. « Уæвгæ, куыд хорз æмæ куыд æнцон у искæмæн мисхалы бæрц циндзинад хæссын, фæлæ йæ, хъыгагæн цæст куыд нæ фæуарзы арæх .» - дзырдта ирон фыссæг Гаглойты Владимир .

Абон урочы дæргъы басняйы кой кæнæм. Цы у басня, ууыл æрдзурæм. Куыд бамбæрстат , афтæмæй басня дæр у литературон термин .

Къоста цы æмдзæвгæ ныффыста, уым кæуыл дзуры?



Ахуырдзау: Мах бамбæрстам уый, æмæ поэт сырдтыл дзургæйæ дзырдта адæмыл.



Ахуыргæнæг: Ахæм ныхас хоном фæсномыг ныхас.

Фæсномыгæй уацмысы мидис æвдыст кæм фæцæуы , сырдты миниуджытыл дзургæйæ адæмы кæм равдисынц , ахæм уацмыс хонæм басня . Басня вæййы стыр зондхæссæг .

Ацы басня нын цы амоны?



Ахуырдзау: Зыд ма кæн, бузныг дзурын зон, дæ хорзæн мызд ма агур, ахæм зонд нын амоны Къоста.













Ахуыргæнæг: Бирæгъ, мæгуыр, йæхицæй тыхджындæр æмæ хуыздæр никæй æнхъæлы . Уый у тынг тæссаг низæй рынчын . Коцойты Арсен уыцы низы тыххæй афтæ загъта : « Царды бирæ хорз амæлттæ ис, æмæ сæ зонын хъæуы … Фæлмæн ныхасæй цы бакæнай, уый тызмæгæй нæ сараздзынæ . « Æз дæн » у æгъатыр низ , æмæ дзы уæхи бахизут …»



Иу хатт ма мын зæгъут, басняйы цы бæллæхтæ æрцыдысты, уыдон цæй фæдыл æрцыдысты?



Ахуырдзау: Ацы бæллæхтæ æрцыдысты зыд æмæ кæрæфы тыххæй , рогсæр æмæ « æз дæн » низы ахосæй .



Ахуыргæнæг: Адæймагмæ, хъыгагæн, ис бирæ хъæндзинæдтæ . Зын у адæймагæн йæхиимæ тохы бацæуын, фæлæ хъæуы . Куы нæ тох кæна адæймæг , басняйы аккаг суыдзæн . Махæй та никæй фæнды

« бирæгъ» æмæ « хърихъупп » уæвын.



Хатдзæгтæ скæнын: Ногæй цы базыдтат сывæллæттæ? Уæ зæрдыл цы бадардзыстут?



Хæдзармæ куыст: Хæдзармæ уын уыдзæн ахæм хæс: басняйæ скъуыддзаг наизусть сахуыр канын, басня сныв кæнын.











 
 
X

Чтобы скачать данный файл, порекомендуйте его своим друзьям в любой соц. сети.

После этого кнопка ЗАГРУЗКИ станет активной!

Кнопки рекомендации:

загрузить материал