7


  • Учителю
  • Урок Афадзы афонта. Нывганджыта

Урок Афадзы афонта. Нывганджыта

Автор публикации:
Дата публикации:
Краткое описание:
предварительный просмотр материала



















Гом урочы темæ:



«Афæдзы афонтæ. Нывгæнджытæ». (Мивдисæг)

4 -æм кълас

















Ахуырганаг Тедеты Л.А.















Темæ: «Афæдзы афонтæ. Нывгæнджытæ».

Грамматикон темæ: Мивдисæг.



Урочы нысан: а) Рацыд æрмæг бафидар кæнын.

æ) Бакусын дзургæ æмæ фысгæ ныхасы рæзтыл.

б) Ахуырдзаутæн ирон аив дзырд уарзын кæнын.



Урочы æрмæг: презинтацион æрмæг, интерактивон фæйнæг, карточкæтæ, нывтæ.



Урочы хуыз: рацыд æрмæг бафидар кæныны урок.

Урочы эпигрæф: Дада цыппар фæндаджы астæу бады.

Иу фæндаг сау у, иннæ - урс,

Æартыккаг - цъæх, цыппæрæм - бур.



Урочы цыд.

I . Бацæттæгæнæн рæстæг.

- Уæ бон хорз сывæллæттæ.

- Æгас цу.

1) Мотивацион уавæр.

-Сывæллæттæ, уæ чингуытæ, тетрæдтæ æмæ ручкæтæ барæвдз кодтат. Сбадут æмæ райдайам нæ урок. Мæ къонатæ, абоны урок уын бирæ зонындзинæдтæ æрхæссæд.

- Сывæллæттæ абон къласы радгæс чи у?

- Къуырийы бонтæй абон цы бон у?

- Абон у джеоргуыбайы мæйы дыууынæм бон.

-Ныртæккæ цавæр афæдзы афон у?

- Цавæр афæдзы афонтæ ма зонут?

- Уæ бон цы у зæгъын боныхъæды тыххæй?

- Æддейы у уазал, асæст, æрдз у æнкъард, мæргъты зард нæ хъуысы.

- Мæргъты зард цæуылнæ хъуысы?

- Уый тыххæй æмæ атахтысты хъарм бæстæм.

-Тынг хорз, раст дзуапп раттат.





II . Эпигрæфæн райстон ахæм уыци - уыци:

Дада цыппар фæндаджы астæу бады.

Иу фæндаг сау у, иннæ - урс,

Æартыккаг - цъæх, цыппæрæм - бур.

( Афæдз æмæ афæдзы афонтæ).

-Нæ урочы эпигрæфæн дзæгъæлы нæ райстон ацы ацы уыци-уыци. Уымæн æмæ абон нæ урочы дарддæр цæуыл дзурдзыстæм сывæллæттæ?

- Афæдзы афонты тыххæй.

- Сывæллæттæ афæдзы цал афоны ис?

- Цыппар: зымæг, уалдзæг, сæрд æмæ фæззæг.





III. Фонетикон зарядкæ.

Азгъæлди хъæдæн йæ сыфтæр,

Хур дæр æй нал тавы фаг.

Æмæ дзы бон дæр, изæр дæр

Нал хъуысы мæргъты тъæлланг.

- Ахуыргæнæг кæсы, сывæллæттæ лæмбынæг хъусынц.

- Ссарут дзырдтæ кавказаг мыртимæ.

- Касынц дзырдтæ: азгъæлди, хъуысы, тъæлланг (гъ, хъ, тъ).

- Иу дзырдимæ æрхъуыды кæнут дзырдбаст.



IV.Урочы темæмæ рахизын (мотивацион уавæр).

- Сывæллæттæ хæдзармæ уын цы лæвæрд уыди?

-.Бакæсын текст «Нывгæнджытæ» ама уырыссæг æвзагмæ ратæлмац канын.

- Тынг хорз.

- Уæдæ мах ныртæккæ бакæндзыстæм афтæ. Нæ текст у æртæ хайæ арæзт.Сывæллæттæ сымах мæнæн баххуыс кæндзыстут. Æз сымах адих кандзынæн æртæ къордыл, цæмæй къаддæр рæстæг бахардз кæнæм, уый тыххæй. Алы къордæн дæр лæвæрд цæуы карточкæ ахæм хæслæвæрдимæ.Хъуыдыйæдтæ равæрут кæрæдзи фæдыл, сæ хъуыдымæ гæсгæ. Алы къорд дар дæтты йæ текстæн саргонд.(Текст ныллыгтæ кодтон æмæ дæттын сывæллæттæн афтæмæй).

- Цалынмæ сывæллæттæ цаттæ кæнынц, уæдмæ хъуысы ирон музыкæйы цагъд.

- Цæттæ стут дзуапп дæттынмæ.

1 къорд кусынц

- Цавæр сæргонд раттат уæ текстæн? (Гуыппырсар æфсымæртæ).Цæмæн?

- Чи цæры а дунейыл?

- Цы ми кусын уарзынц æфсымартæ?

- Цæуыл канынц уыдон сæ нывтæ?

- Чи рацыдис райсом раджы цæхæрадонмæ?

- Бон - изæрмæ цы ми кодта Уалдзæджыхъо?

- Чи ссардзæн æмæ бакæсдзæн тексты Сæрдахъызы монолог.

- Цы на фæцыдис йæ зæрдæмæ йе фсымæры нывты?

- Тынг хорз сывæллæттæ, зæрдæмæдзæугæ дзуаппытæ раттат. Стыр бузныг.

2 къорд кусынц

- Цавæр сæргонд раттат сымах та уæ текстæн? (Сызгъæрин фæззæг).

- Фæззæбег цы ми кодта?

- Æртыккаг æфсымæры зæрдæмæ нывтæ цæуылнæ фæцыдысты?

- Фæззæбег нывтæн цы ми акодта?

- Цавæр ахорæнтæй сахуырста йæ ныв Фæззæбег?

- Йæхицæй куыд æппæлыдис æртыккаг æфсымæр?

- Нывгонд куы фæцис, уæд кæмæн балæвар кодта йæ ныв?

- Стыр бузныг хорз бакуыстат, мæ къонатæ.







3 къорд кусынц

- Цавæр сæргонд раттат сымах та уæ текстæн? (Хъызт зымæг).

- Зымæхан йе фсымæры нывыл бацин кодта, куыд зæгъут?

- Йæ лæварæн цы акуыста?

- Хæдзары рудзынгæй куы бакаст,уæд цы федта?

- Зымæхан цæмæ бахæлæг кодта?

- Тызмæг æфсымæр хур цæуылнæ уарзта?

- Хур Зымæханæн цы ми бакодта?

-Тынг хорз сывæллаттæ хорз бакуыстат сымах дæр.

-Сывæллæттæ, уæдæ ма мын зæгъут, цæмæн хуыйны нæ аргъау «Нывгæнджытæ».

-Æфсымæртæн сæ уарзон дæсныйад цавæр уыд?



3. Тексты мидисыл куыст.

1)Ахуыргæнæг хъуыдыйæдтæ дзуры уырыссагау, сывæллæттæ сæ тексты агурынц æмæ сæ кæсынц.

- На свете живут четыре могучих брата.

- Как - то ранним утром младший из братьев,Уалдзаджико вышел в огород.

- Фаззабег начал переделывать рисунки по-своему.

- Покрасил листья в желтый цвет и высушил их.

- Что увидел Зымахан, когда посмотрел в окно?

- Зымахану очень сильно понравились работы девочки.



2) Ахуыргæнæг хъуыдыйæдæн йæ райдайæн кæсы, сывæллæттæ кæронмæ хъуамæ ахæццæ кæнной.

- Бирæ фæкаст Фæззæбег----------------.

- Бауагъта йæм йæ зæрдæйы уазалдзинад,------------------------.

-Тынг мæстыгар уыдис æфсымæрты -----------------------------------.



Грамматикон куыст.



4. Дарддæр уæ тетрæдтæ бакæнут ныффыссут абоны нымæц æмæ къласы куыст.

-Абон мах дарддæр бафидар кæндзыстæм мивдисæджы тыххæй цы базыдтам, уый.

- Уырыссæг æвзаджы та ацы ныхасы хай куыд хуыйны?

- Цæмæн хъæуынц мивдисджытæ, цæмæн æххуыс сты?

(Архæйдтытæ æвдисынæн æмæ. Мивдисæг æвдисы предметы архайд).

1) Алы къорд дæр рафыссæт йа текстæй ахæм дзырдтæ архайд чи æвдисы, уыдон.

-Сывæллæттæ кæсынц цæггай сæ дзырдтæ.

-Цавæр ныхасы хай æвдисы предметы архайд? (Мивдисæг).

-Цал афоны ис мивдисæгæн? (Нырыккон, ивгъуыд æмæ суинаг афон).



2)Интерактивон фæйнæгыл фыст хъуыдыйадтæ.

- Цухгонд бынæттæ баххæст кæнын хъæугæ дзырдтæй.

а) Мах нæ къласы разамонæг ---- паркмæ.(акодта)

æ)Хетæгкаты Къоста ----- бирæ æмдзæвгæтæ.(ныффыста)

б) Тагъд ------ ног аз.(ралæудзæн)

в) Æз тынг бирæ -------- ног аз.(уарзын).

3)Мивдисæджы тыххæй хатдзæгтæ скæнын.



Хъазт «Раст у, æви нæ».

Раст у , æви нæ.

Раст у

Раст нæу

1

Мивдисæг у дзырды хай.



+

2

Мивдисæг предметæн бæрæг кæны йæ архайд

+



3

Мивдисæгæн ис æртæ афоны

+



4

Мивдисæг хъуыдыйады мидæг у сæйрат



+

5

Мивдисæг тасындзæг кæны хауæнтæм гæсгæ



+

6

Мивдисæг дзуапп дæтты фæрстытæн цы ми кусы? Цы кæны?

+



7

Мивдисæг хах кæнæм дыууæ хахæй

+







5. Хъазт «Зымæджы кæлæнтæ алы ран æмбæхст».

- Интерактивон фæйнæгыл дзырдбыд.

- Сывæллæттæ хъуамæ ссарой æмбæхст дзырдтæ æмæ дзырдбæстытæ.





V. Урочы хатдзæгтæ (Рефлекси)

- Абон урочы æз бызыдтон…

- Мæ зæрдæмæ фæцыдысты ахæм куысты хуызтæ…

- Цымыдиссаг мæм фæкаст…

Барæггæнæнтæ сæвæрын:

- Бузныг уе ппæтæн дæр! Тынг хорз, иууылдæр хорз бакуыстат.

VI. Хæдзармæ куыст.

- Аргъау хи ныхæстæй дзурынмæ.

Бæрæггæнæнтæ сæвæрын.







 
 
X

Чтобы скачать данный файл, порекомендуйте его своим друзьям в любой соц. сети.

После этого кнопка ЗАГРУЗКИ станет активной!

Кнопки рекомендации:

загрузить материал