7


  • Учителю
  • УрокНовые предметы-новые знания7 класс

УрокНовые предметы-новые знания7 класс

Автор публикации:
Дата публикации:
Краткое описание:
предварительный просмотр материала

Темæ: Ног предметтæ - ног зонындзинæдтæ.



Урочы нысантæ: 1. Мырты ивынад номдарты кæрæттæ ивгæйæ.

2. Мивдисæджы ивгъуыд афоны формæтæ иртасынмæ арæхсын.

3. Фæсæвæрдты тыххæй рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын.



Хъомыладон хæстæ: Скъоладзауты разæнгард кæнын хорз ахуыр кæнынмæ; гуырын сæм кæнын цымыдисдзинад алыхуызон зонындзинæдтæм.



Цæстуынгæ æрмæг: магнитофон, кассетæ.



Урочы методикон рацарæзт:



I. Бацæттæгæнæн хай.

II. Фонетикон хæслæвæрд.

1-аг фæлтæрæн.

Хъус æрдарын æмхъæлæсонтæ г-дж растдзурынадмæ.



III. Таблицæмæ гæсгæ куыст.

2-æм фæлтæрæн.

Таблицæ баххæст кæнын нырыккон æмæ суинаг афоны мивдисджытæй. Ныхасы рæзтыл куыст.



IV. Монологон ныхас 3-аг фæлтæрæн. Зæгъын, хъуыдыйады бын цал хаххы ис, уал ног хъуыдыйады.

Зæгъæм: Æз бацыдтæн æвдæм къласмæ (4 хъуыд.) Бацыдыстæм нæ райдзаст къласмæ.



V. Аудировани.

1) 4-æм фæлтæрæн.

Зæрдыл æрлæууын кæнын дзырдты æмæ дзырдбæстыты нысаниуджытæ æххуысгæнæн æрмæгæй пайдагæнгæйæ.



5-æм фæлтæрæн. Текстмæ байхъусын (1 хатт). Хъуыдыйæдтæ равæрын тексты мидисмæ гæсгæ.



Ахуыргæнæн предметтæ



Ралæууыд та ног ахуыры аз. Скъоладзаутæ сæхи бацæттæ кодтой ног зонындзинæдтæ райсынмæ.

Мæнæ æвдæмкъласонтæ лæууынц сæ райдзаст къласы цур. Ныр æхсæзæмкъласонтæ нал сты - æвдæм къласмæ бахызтысты. Уалынмæ æвдæмкъласонтæн æрбалæууыд сæ къласы разамонæг Нинæ Петровнæ сæ фарсмæ æмæ сæ æхсызгонæй къласмæ бахуыдта. Базонгæ сæ кодта, æвдæмкъласонты размæ цы хæстæ æвæрд ис, уыдонимæ.

- Уæ урокты ма бафтыд ног предметтæ дæр, - загъта ахуыргæнæг.

Сослан бафарста:

- Нинæ Петровнæ, æмæ нæ цæмæн хъæуынц æнæ уыдонæй дæр бирæ предметтæ куы ахуыр кæнæм?

- Ног предметтæ - ног зонындзинæдтæ. Зæгъæм, физикæ стыр бынат ахсы адæймаджы царды. Арæх дзы пайда кæнæм алыхуызон уæвæрты æмæ йæ хъæуы зонын. Уæдæ геометри дæр тынг цымыдссаг предмет у.

- Мæнмæ гæсгæ, уæддæр географийæ цымыдисагдæр предмет нæй. Географийы урочы куы фæбадын, уæд мæм афтæ фæкæсы, цыма зæххы къорийыл балц кæнын, - загъта Оксанæ.

- Наташæ, ды та фылдæр цавæр предмет уарзыс? - бафарста чызджы Нинæ Петровнæ.

- Мæ зæрдæмæ цæуы алыхуызон æвзæгтæ ахуыр кæнын. Фæнды мæ бирæ æвзæгтæ базонын. Ныр уал æртæ æвзаджы ахуыр кæнæм - ирон, уырыссаг, æмæ англисаг. Ацы урокты фæкæнæм алыхуызон куыстытæ. Фæлæ мæм æппæтæй хуыздæр та уый кæсы, æвзаг ахуыргæнгæйæ адæмæн йæ культурæимæ, йæ историимæ, йе 'гъдæуттимæ кæй базонгæ вæййæм, уый. Мæнæн мæ мадæлон æвзаг уырыссаг у, фæлæ мæ зæрдиагæй фæнды базонын ирон æвзаг, уымæн æмæ цæрын Ирыстоны - уый мæ райгуырæн зæхх у. Ирон æвзаг мæ дыккаг мадæлон æвзаг у. Англисаг æвзаг дæр зонын хъæуы - ууыл дзурынц дунейы фылдæр дзыллæтæ.

- Раст у Наташæ дæр: чи цал æвзаджы зона - уал лæджы у, -загъта ма ахуыргæнæг. (248 дзырды)



6-æм фæлтæрæн. Текстмæ байхъусын (дыккаг хатт) æмæ фæрстытæн дзуапп раттын. Тексты мидис иу хъуыдыйадёй зёгъын.



7-æ фæлтæрæн. Сбæрæг кæнын лæвæрд дзырдты бæрæггæнæнтæ.



Аз - ахуыры

Разамонæг - къласы

Предметтæ - ног

Бынат - стыр

Æвзæгтæ - алыхуызон

Æвзаг - мадæлон

Бæстæ - райгуырæн



8-æм фæлтæрæн. Радзурын, ахуыры азы фыццаг бон куыд арвыстат, уый тыххёй.



VI. Кæронбæттæн хай.



- хатдзæгтæ скæнын.

- Бæрæггæнæнтæ сæвæрын.

Х∕к сбæрæг кæнын

- Фæрстытæн дзуапп раттын, хъуыдыйæдтæ рафыссын.











 
 
X

Чтобы скачать данный файл, порекомендуйте его своим друзьям в любой соц. сети.

После этого кнопка ЗАГРУЗКИ станет активной!

Кнопки рекомендации:

загрузить материал