- Учителю
- Гом урок 'Цымыдиссаг зонинагта зындгонд адамай' (6 кълас)
Гом урок 'Цымыдиссаг зонинагта зындгонд адамай' (6 кълас)
Гом урок
Темæ: «Зындгонд адæмы цардæй цымыдиссаг зонинæгтæ».
Урок бацæттæ кодта Дауыраты А.И.
2015 аз.
Гом урок 6а къласы (дык. къорды)
Темæ: Зындгонд адæмы цардæй цымыдиссаг зонинæгтæ.
Урочы нысантæ: 1. Ныхасыхъæд фæхъæздыгдæр кæнын.
2. Сывæллæтты дзырдуатимæ кусыныл фæцалх кæнын.
3. Ахуырæн - афон, улæфтæн - рæстæг.
Урочы æрмæг: дзырдуат, карточкæтæ хæслæвæрдтимæ, презентации, зарæг.
Урочы мидис:
-
Мотиваци.
Байхъусын зарæгмæ æмæ зæгъын, кæуыл у зарæг? Цæмæй хъуыстгонд у?
- Чи радзурдзæн Къостайы æмдзæвгæтæй иу?
Радзурын Къостайы цардæй цымыдиссаг хабæрттæ(фæйнæгыл презентации-нывтæ).
Уæдæ абон Къостайæ уæлдай ма æрдзурдзыстæм иннæ зындгонд адæмы тыххæй, сæ цардæй цымыдиссаг хабæрттыл.
Скъоладзаутæ кæсынц текст æмæ йæ тæлмац кæнынц.
- Чи уыд Авиценнæ?
- Цы базыдтат А.И. Куприны тыххæй?
- Чи уыд А.П. Бородин?
- Цы уарзта Д.И. Менделеев?
Ссарут тексты ацы хъуыдыйæдтæ:
-
С детских лет она читала много разных книг, а позже начала писать стихи, романы, драматические произведения.
-
Основным в своей жизни он считал химию, много лет преподавал ее студентам петербургской академии.
-
Во время игры в шахматы он задумывался глубоко, забывал обо всех других делах.
-
Пока не привяжусь к делу, не могу в нем достичь чего-либо.
Саразæм диалог «Куыд æрвитут уæ уæгъд рæстæг».
Ныр-та бакусæм дзырдуатимæ, ссарæм дзырдтæ:
Бийын - вязать
Æндах - нить
Сусæгдзинад - тайна
Цæрæгой - животное
Ерыс - состязание
Равзарæм хъуыдыйæдтæ:
-
Дымгæ куы ныззары, куы нынниуы.
-
Мæ мады мад зоны бирæ аргъæуттæ, таурæгътæ æмæ зарджытæ.
-
Цом йе театрмæ, йе та - уазæгуаты.
Зæрдыл æрлæууын кæнæм хъуыдыйады æмхуызон уæнгтæ.
Скæнын хатдзæгтæ.
- Абон цы базыдтат ногæй?
- Урок уæ зæрдæмæ фæцыд? Нæ фæцыд?
Ахуырæн - афон, улæфтæн - рæстæг.
Сæвæрын бæрæггæнæнтæ.
Хæдзармæ куыст раттын.
Ныффыссын цыбыр нывæцæн «Куыд æрвитын мæ уæгъд рæстæг».