7


  • Учителю
  • Сценарий праздника 'Весна пришла' (5 класс)

Сценарий праздника 'Весна пришла' (5 класс)

Автор публикации:
Дата публикации:
Краткое описание:     Сценарий праздника "Пришла весна"для первых-пятых классов.Действующие лица: лесные зверушки, пушистые веселые Снежинки, Весенний Гром, лесные птицы, первые весенние цветы, первый весенний Дождик и его Дождинки. Используется большое количество музыкальных фрагментов  
предварительный просмотр материала

«Уалдзæджы бæрæгбон»

Бœрœгбоны сценарий райдиан кълœстœн.

Малусæг: Æгас нæм цæут, нæ зынаргъ уазджытæ! Абон уæ мах хонæм уалдзæджы бæрæгбонмæ. Мах зардзыстæм, кафдзыстæм, иумæ цин кæндзыстæм уалдзæджы æрцыдыл.


1-аг кæсæг: Мæнæ та ис уалдзæг.

Зæрдæ цинæй хъазы

` Гас цу, `гас нæ уазæг,

Абад-ма нæ разы.

Æрдзы риу фæрайдзаст

Тауы хур йæ цинтæ,

Дон та æрхы ракалд.

Зарынц хъæлдзæг цъиутæ.

О уалдзæг, дæ хæрзтæ

Мах зæрдæты байтау

Мæнæ цингуырд фæлтæр

Барæвдау сæ мадау.


2-аг кæсæг: Уалдзæг, Уалдзæг та æрцæуы,

Лидзы ныр зымæг.

Ныр фæстаг бон уый æркæуы,

Нал зыны тызмæг.

Мах ныр уазал мит нæ хъæуы,

Лидз, зымæг, цæрдæг!

Уæртæ хуссарварс нæ хъæуы

Цъæх фæзынд кæрдæг.

3-аг кæсæг: Хур нæм тарфдарæй æркасти,

Хъарм фæци нæ бон.

Цъиу фырцинæй тагъд æртахти

Бур-бурид нæ дон.


Цъиу нæм уæлдæфæй фырцинæй

Бæрзæндты тæхы.

Мæгуыр зæрдæ та йæ цинæй

Зарджытæ кæны.


Малусæг: Диссаджы аив æмдзæвгæтæ. Æмæ дзы мæн тыххæй нæй?


4-аг кæсæг: («Малусæг» Токаты Алихан)

Сусæгæй уалдзæг æрулæфыд зæхмæ;

Сусæгæй зæхмæ æрдымдта йæ тæф.

Фæлмæн тæф ацыди зæххæй уæлдзæхмæ,

Уазал уыд, уазал уæддæр ма уæлдæф.

Быдыр цæгæр сæрау хъулон фæдардта,

Ранæй-ран урсæй лæууыди ма мит.

Малусæг митæй йæ буц сæр ысдардта.

Малусæг фехъуыста уалдзæджы `хситт.


Малусæг: Бузныг! Цы аив зæлтæ ис ацы æмдзæвгæйæн. Сывæллæттæ, æмæ ма уæдæ уыци-уыци базонут.

(миты тыххæй)


Малусæг: Тынг раст. Уый у мит. Мит свæййы уалдзæджы дон.

5-æм кæсæг: Тагъд та `рцæудзæн уалдзæг,

Тагъд та `рцæудзæн май.

Æмæ та нын ратдзæн

Циндзинады хай.

Атайдзысты миттæ

Райхъал уыдзæн æрдз.

Зæхх йæ фæллад синтæй

Аппардзæн йæ кæрц.


6-æм кæсæг: Хур та арвыл хъазгæ

Стулдзæни бæрзонд.

Хъæдбынæй та заргæ

Рабырсдзæни дон.

(фæзыны гæркъæрæг, æнæрынцойæ дзуры)

Гæркъæрæг: Алы рæтты тæхын,

Алы рæтты вæййы,

Алцы дæр зонын.

Ратдзынæн, ратдзынæн.

(дзуры малусæгмæ æмæ æмдзæвгæ кæсæгмæ)

Чи уæ кæны зæхх æмæ уалдзæджы тæф?!


Малусæг: Æз.

Гæркъæраг: Мæнæ дын фыстæг æрбахастон хъæдæй.

(Достает из сумки телеграмму, отдает подснежнику. Он вслух читает)

Малусæг: Мæ зынаргъ æмбæлттæ! Стыр хатыр уæ курын. Фæлæ мæ тынг æхсызгонæй агурынц хъæды æмæ мын œнœ цæугæ нæй.


1-аг кæсæг: Æмæ мах та?! (Обиженно)

2-аг кæсæг: Æмæ нæ бæрæгбон та?

3-аг кæсæг: Мах дæм рагæй куы æнхъæлмæ кæсæм.!

4-æм кæсæг: Нæхи зæрдиагæй цæттæ кодтам!

5-æм кæсæг: Мысыдыстæм дæ тынг!

6-æм кæсæг: Мах дæр акæн демæ хъæдмæ.


Малусæг: Афтæмæй уœ хъæды цæрджытæ фæтæрсдзысты, сæхи нал равдисдзысты (думает). Æз уæ æртæккæ дидинджытæ фестын кæндзынæн.

Кæсджытæ иумæ:Бузныг!Бузныг!

(хъуысынц музыкæйы зæлтæ, иууылдæр заргæ ацæуынц)


Сценæйы фæзыны Уалдзæг.

Иннœ фарсœй рацœуы Малусœг .Уалдзœг ыл тынг бацин кœны..


Уалдзæг: Уый дын гæркъæраг!Куыд сæрæн у. Уæддæр дæ ссардта!

Малусæг: Æмæ дæ цæмæн бахъуыдтæн афтæ æхсызгонæй?

Уалдзæг: Де `ххуыс мæ тынг хъæуы. Иунæгæй мæ куыстытыл не `ххæссын, афтæмæй тагъд сæрд ралæудзæн. Мах хъæуы фенын, куыд бацæттæ кодтой сæхи йе `рбацыдмæ хъæды цæрджытæ: се `ппæт дæр райхъал сты, се `ппæт дæр аивтой сæ кæрцытæ?

Малусæг: Уалдзæг - уалдзæг! Æз та дын æххуысмæ дидинджытæ æрбакодтон.

(Амоны залмœ.Уыны бирœ дидинджытœ)


Мæнæ цы бирæ сты?!


Уалдзæг (делает хитрое лицо. Она о чем-то догадывается)

Цыдæр гуырысхойаг мæм кæсынц ацы фæзы дидинджытæ. Хъæуы сæ, æнæмæнг бафæлварын. Уæдæ ма мын мæ уалдзыгон уыци-уыцитæ базонут.

  1. Хъустæ залмысыфтау сæрыл, сивырыйас у йæ тыл.

Уый нæ бацæудзæн къæсæрыл,-

Цæрæгойты стырдæр… (пыл)

  1. Даргъ - йæ хъустæ,

Даргъ - йæ рихи

Къуыпп - йæ рустæ,

Къуырд - йæ къæдзил… (тæрхъус)

(подснежник пытается подсказать и радуется, когда зал отгадывает)

  1. Сæрдæй, зымæгæй иухуызон дарæсы… (заз)

  2. Иу дон калы, иннæ йæ нуазы, æмæ дзы æртыккаг рæзы…(уарын, зæхх, кæрдæг)

  3. Æнæ фæрæтæй хид аразы… (зымæг)

  4. Цæуы, цæуы æмæ никуыдæм хæццæ кæны… (цæугæдон)

  5. Æнæ къах, æнæ къух, афтæмæй дуар бакæны… (дуар)


Уалдзæг: Куыд кæсын, афтæмæй æцæг дидинджытæ стут. Уыдзыстут мын æххуысгæнджытæ.

Цæмæй райдайдзыстæм нæ куыст?

Малусæг: Мæнæй.

Уалдзæг: Куыд дæуæй?

Малусæг: Æз афтæ зæгъынмæ хъавыдтæн: зайæгойтæй.

Уалдзæг: Цавæр бæласыл фæзыны иннæтæй раздæр сыфтæртæ (обращается к залу)

Зал: Бæрз бæласыл.

Уалдзæг: Фенæм-ма уæдæ бæрзыты къохы цытæ цæуы.

(Райхъуысынц кафт «Березкæйы» зæлтæ)

Фæзыны гæркъæраг

Гæркъæраг: Алы рæтты


(достает рисунки, отдает весне)

Уалдзæг: Бузныг! (исы ныв, æвдисы кæсджытæм). Кæмæ бацæуон фыццаг?

(Дети говорят то, что изображено на рисунке: Ландыш

К Весне и Подснежнику выходит много цветов, в том числе Ландыш, Одуванчик, Мать-и-мачеха.

Цветы располагаются в глубине сцены. Весна показывает по очереди залу рисунки, а цветы рассказывают о себе)

Ландыш: Æз дидинæг рафтауын майы. Цæрын аууоны. Мæ рæсугъд сæнтурс дидинджыты сæхицæн арынц хæринаг алыхуызон хилджытæ. Фæлæ, хъыггагæн, арæх мыл нæ сæмбæлдзыстут. «Сырх чиныгмæ» хаст æрцыдтæн.


Æмдзæвгæ къаппа-къоппайы тыххæй

Къаппа-къоппа -

Къæбæлдзыг.

Къаппа-къоппа

Хæтæлдзыд.

Къаппа-къоппа

Уæлвæзы.

Къаппа-къоппа

Дæлвæзы.

Уæлвæзы дæ гæмæхсæр,

Дæлвæзы та - пæлæхсæр.

Дымгæ, дымгæ,

Дымгæ та дын

Аскъæфта дæ худ

Де `мбал та дыл

Дæлвæзæй фæхудт

Къаппа-къоппа -

Футт!


2-аг кæсæг: Хурджын саппыл

Къаннæг аппæй

Сзади къоппа,

Къонайыл та

Худы гоппау -

Пыхцыл къоппа,


Саппыл - къаппа,

Къаппайыл -къоппа

Иу ныхасæй -

Къаппа-къоппа.


Иу ахæмы

Дымгæ сцоппай

Уайтагъд - гъоппа!-

Атахт къоппа.


Къаппа баззад,

Саппыл баруад.

Къоппайыл та

Базыр баззад

Къоппа дзаг уыд

Сау æппытæй

Таудзæни сæ ног сæппытыл.


Одуванчик (хвастливо): Æз хъаст ницæмæй кæнын. Мæ мыггæгтæ кæм æрхауынц, уым срæзынц. Мæ уидаг даргъ æмæ фидар у, фæлæ мæ сыфтæртæ тæссонд сты. Уарзгæ та мæ иннæ дидинджытæй къаддæр нæ кæнынц.

Мать-и-мачеха

Хъумбала: Эх, къаппа-къоппа. Æз дæр дæуау ахæм дæргъвæтин рæстæг куы `фтауин дидинæг. Мæныл дæр иууылдæр бацин кæнынц. Фæлæ мæ сыфтæртæ куы фæзынынц, уæд дидинджытæ ахауынц, æмæ ме стыр зонтик-сыфтæ дарддæр фæрæзынц. Хатгай свæййынц æмбæхсæн бынат мæлдзыг æмæ хъæндил, стæй ма мыдыбындз дæр.

Уалдзæг: Æз ныр æппæт дæр бамбæрстон. Иу сагъæс уæ ис уе `ппæты дæр. Сæфы уæ рæсугъддзинад æмæ адæмы кæрæф.

Цом ма, Малусæг, абæрæг кæнæм хилджыты.

(появилась Пчела, размахивая ведерком)

Мыдыбындз: Мыдыбындз (амоны йæхимæ)

Дидинæгмæ батахти

Æмæ йын

Йæ цæстыхаутыл Абадти…

Бауарыд ын

Цинтæгæнгæ

Уарзонæй…

Уæдæ йæм

Цæмæ æртахти?-

Базон æй.


Божья коровка: Дидинджыты тилы

Рог уæлдæф фæлмæн.

Мыдыбындз сыл зилы,

Фæрс-ма йæ: цæмæн?

Адджын мыд-иу нуазы

Дидинджытæй бындз,

Дидинджытыл хъазы…

Ничи сæ у сындз.

Уалдзæг. Мыдыбындз хъæды, дыргъдоны уыдтæ?

Æрбахастай нын уалдзыгон нывт? Равдис-ма сæ.

(Пчела достаёт из ведерка рисунки, отдаёт один из них весне)

Мыдыбындз. Æз абон кусгæ дæр ницы бакодтон. Нывтæ куы фесафон, уымæй тарстæн.

(подснежник рассматривает фотографии, к-рые держит Пчела)

Малусæг. О, мæнæ мæхи федтон.

Мыдыбындз. Уый ды нæ дæ. Уый крокус у. Уый дæр де `нгæс у, фæлæ хъæды нæ цæры. Мæнæ уый та у тюльпан. Ай та нарцисс. Мæнæ ай та у Первоцвет

(показывает залу рисунки и отдаёт подснежнику)

Адон абонмæ дидинæг рафтыдтой.

Раздаётся громкий голос:

«Говорит лесное радио, говорит лесное радио. Сейчас начнется дождь.»

Все волнуются, смотрят на небо и разбегаются. Появляется дождь.

Дождь. Базонут-ма, чи дæн æз?

(Выходят Дождинки. Встают в ряд. Дождь медленно и грозно кружась, ходит по сцене вокруг дождинок.)

Дождинки. 1. Арвыл сау нымæтау- мигъ

Зæрдæ йæм нæ райы.

Раст æнгуылдзы стæвдæн их

Сыфтæртыл æссуайы

Дардыл басабыр и зæхх

Елиайы гæрæхтæй.

Хъуысы `хсæрдзæнты сæх-сæх

Сау айнæг къæдзæхтæй…

Мæнæ къæвдайы æгъдау:

Дымгæ уасы, зилы,

Хъæд дæр сусæны бæхау

Йе стыр сæр ныттилы.

2. Арв ныннæрыд æмæ æрдз

Райдыдта æхсын йæ кæрц.

Мæргътæ бамбæхстысты арф,

Акалы цæхæртæ арв.

Фæлæ хуры тын - «мæнгард» -

Мигътыл бандзæрста сырх арт

Мигътыл - авдхуызон «къæлæт»

Загъта уарынæн: «æгъгъæд!»

3.Къæвда уары æмæ уары.

Уары:

Хъæдæн - зокъотæ,

Быдырæн - бæркад,

Къанæуттæн - цæрæнбон.


(Дождь и дождинки танцуют польку. Звучит музыка М.Глинки «Полька»)

Фœзындысты Арс,Рувас,Æхсœрœг,Уызын.

Арс у мæстыхуыз.

Сæ размæ рацæуы Уалдзæг.

Уалдзæг. Æгас нæм цæут! Æнæхъæн аз уæ нæ федтон, æрымысыдыстæм уæ тынг. Куыд арвыстат зымæг?

Уызын. Æз адджын фынæй кодтон, фæлæ смæллæг дæн.

Æхсæрсæттæг. Æз æххормаг нæ уыдтæн. Мæнмæ бирæ æвæрæнтæ уыд. Æз æртæккæ мæхи афтæ æнкъарын, цыма уазал хъызт зымæг нæ бавзæрстон.

Рувас. Æз та стонгæй мардтæн æмæ ххормаг рæстæг мыстытæй минас кодтон.

Æхсæрсæттæг. Ныууадз, Рувас, дæ гæды ныхæстæ. Дæу тыххæй куы фæзæгъынц: «Æрбацыд бурварс кæркгæс кæрчытæ нымайынмæ». Æмбисондæн куы баззадтæ, иу рувас авд бирæгъыл тых кæны, зæгъгæ.

Рувас. Цытæ дзурыс уый, Æхсæрсæттæг! Алчи мæныл куы тых кæны, мæныл хинæй куы цæуы?! Мæнæ фарон фæстæмæдзу хæфсимæ ерыстæй лыгъдыстæм. Уый мын мæ къæдзилыл ныххæцыд æмæ, бынатмæ куы бахæццæ стæм, уæд рагæпп ласта æмæ загъта: «Æз дæ разæй фæдæн!» Хинæй мыл рацыд!

Уызын. Арсой! Радзур-ма нын дæ хабæрттæ. Уалдзæджы æрбацыд куыд нæ бафиппайдтай.

Арс. Æнæмæтæй фынæй кодтон мæ… зымæг дæргъы.

Уызын. Уыдта фынтæ. Стæй æнæнхъæлæджы фехъал ис Арсой тæдзынджыты дзæнгæрæгмæ.

Арс. Талынджы мæ алыварс æсгæрстон - алы ран дон!

Уызын. Фæтагъд кодта уæд йæ хуыккомæй.

Арс. Донæй байдзаг ис мæ хæдзар, фынтыл ма уыдтæн.

Уызын. Ракаст йæ хæдзарæй. Æмæ уыны: мит тайы, дæттæ згъорынц. Хуры тын тавы, фæхъармдæр. Бæстæ цин кæны. Æрцыд нæм Уалдзæг.

(Мидœмœ тагъд œрбазгъорыТœрхъус.Зыр-зыр кœны . Амбœхсыуалдзœджы фœстœ.Йœ фœстœ зилы Бирœгъ.Уалдзœг бирœгъœн йœ фœндаг бахгœдта.Бирœгъ œрлœууыд)

Малусæг. Бирæгъ, ахæм мæллæг та цæмæн дæ?

Бирæгъ. Куыд ма уон мæллæг ахæм хæринагимæ.(амоны Тœрхъусмœ) Цыппар боны мæ дзыхмæ ницы систон. Ныр мæхицæн, цæмæй аминас кæнон, ууыл фæхæст дæн…

(показывает на выглядывающего из-за Весны и трясущегося зайца)

Уый та мæ алыгъдис. Ныр хъуамæ куыд цæрон?.. Ныр хъуамæ цы хæрон.?..

(Бирæгъ ацæуы)

Гæркъæраг. Се `ппæт дæр æнхъæлмæ кæсынц бæрæгбонмæ, мæнæ дæм фыстæг.

Уалдзæг. Хорз уæдæ. Нæ куысты хæстæ сбæлвырд кодтам. Ныр та чысыл равдыстмæ бакæсæм иумæ.

Æвдисынц чысыл концертон программœ.




 
 
X

Чтобы скачать данный файл, порекомендуйте его своим друзьям в любой соц. сети.

После этого кнопка ЗАГРУЗКИ станет активной!

Кнопки рекомендации:

загрузить материал