7


  • Учителю
  • Урочы темæ: Хетæгкаты Къостайы ныв «Дурсæтджыты» æрфыст /Нывкæнынмæ цæттæгæнæн урок/

Урочы темæ: Хетæгкаты Къостайы ныв «Дурсæтджыты» æрфыст /Нывкæнынмæ цæттæгæнæн урок/

Автор публикации:
Дата публикации:
Краткое описание:
предварительный просмотр материала

Ирон æвзаджы урок 8 - æм къласы.

Урочы темæ: Хетæгкаты Къостайы ныв «Дурсæтджыты» æрфыст

/Нывкæнынмæ цæттæгæнæн урок/

Урочы нысан:

  1. Скъоладзауты нывмæ гæсгæ æмхæст текст дзурыныл æмæ фыссыныл фæлтæрын.

  2. Скъоладзауты нывы идейон мидис раргом кæныныл ахуыр кæнын.

  3. Нывгæнæг цы фæрæзтæ æмæ мадзæлттæй спайда кодта, уыдон сбæрæг кæнын. Скъоладзауты хъуыдыкæнынад рæзын кæнын.

Урочы æрмæг.

  1. Ныв «Дурсæтджытæ».

  2. Тугъанты М. æмæ Дзантиаты Анатолийы ныхæстæ.

  3. Скъоладзауты раныхæстæ.

  4. Техникон фæрæзтæ.

  5. Къостайы нывты равдыст.

  6. Къостайы портрет.



Урочы цыд.

«Нывгæнынады Къостайы курдиат æрттивы арвæрдыны алыхуызтæй. Сыгъдæг æмæ аив у хæххон суадон æртæхау»

Тугъанты Махарбег



Ахуыргæнæг. /Эпиграф бакаст/

Уыцы диссаджы курдиат, æвæццæгæн, Къоста æрдзæй рахаста. Гыццылæй дæр - иу æвзалыйæ фæйнæджы гæбазыл нывтæ кодта.

Скъоладзау дзуры. Къоста Нывгæнынадмæ йæ хъус адардта Стъараполы гимназы ахуыр кæнгæйæ. Уым куыста нывгæнæг Смирнов. Уый бауарзын кодта Къостайæн аивад, сразæнгард æй кодта йæ ахуыр дарддæр ахæццæ кæнынмæ. Тынг æй фæндыд, Къоста нывгæнынады фæндагыл куы ацæуид, уый. Фæстæдæр Къоста бацыд Бетъырбухы Академимæ. Уыцы рæстæг уым ахуыр кодтой зындгонд нывгæнджытæ: Врубель, Серов, Беклемишев. Уæлдай тынгдæр Къостайы сфæлдыстадыл фæзынд профессор Чистяковы сфæлдыстады тæваг. Уый Къостайы ахуыр кодта цард рæстагæй æвдисыныл. Бæргæ фæндыд Къостайы йæ ахуыр кæронмæ ахæццæ кæнын, фæлæ Академийы ахуыр кæнынæн хъуыди æхца фидын. Афæлвæрдта кусын дæр, фæлæ ахуырæй цухтæ кæй кодта, стæй æхца кæй нал фыста, уымæ гæсгæ йæ Академийæ рарвыстой. Ссыд Ирыстонмæ. Зæгъын ма хъæуы уый, æмæ Къостайæ раздæр уыцы Академийы ничи ахуыр кодта. Кæд æххæст ахуыр не скодта, уæддæр Къоста нымад у, фыццаг ирон нывгæнæгыл.

Ахуыргæнæг. Уыцы рæстæг бæргæ Къостайæн ныв кæныны уавæртæ куы уыдаид, уæд ма йын ноджы цас бантыстаид! Уæды Дзæуджыхъæуы нæ уыд музейтæ, нæ уыд нывтæуæйгæнæн дуканитæ. Уымæй уæлдай, Къостайы йæ æввахс адæмæй, хæстæгдæр æм чи уыд, уыдон хорз не 'мбæрстой, Къоста царды цы фæндаг равзæрста, нывгæнæджы фæндаг, уый. Фæлæ уæддæр уыцы зын уавæрты дæр Къоста пайдайы куыст никуы кодта. «Архайдта талынг хæххон адæмы 'хсæн аивады рухс ссудзыныл, кæд уыцы бæллицы сæраппонд бирæ зындзинæдтæ æййæфта, уæддæр». Куыд йе 'мдзæвгæты, афтæ нывгæнæджы ахорæнты фæрцы тырныдта, цæмæй равдиса, хæххон адæм дæр адæм кæй сты, кæй сын ис сæхи аивад, сæхи культурæ рæзын кæныны бар.

/Къостайы нывты равдыст экраны æххуысæй/



Ахуыргæнæг.

Къостайы нывтæм кæсгæйæ адæймаг æххæстæй банкъары, уыдон хуымæтæг адæмы цард кæй æвдисынц, уый. Йæ хуыздæр уацмыстæй иу у «Дурсæтджытæ». Йæхæдæг дæр æппæтæй фылдæр уарзта ацы ныв. Къоста ацы нывæн бирæ этюдтæ фæфыста, арæзта æрдзы æмæ сабиты алыхуызон нывтæ, фæлæ хасты куы уыдис, уæд уыцы рæстæг фесæфтысты.

«Дурсæттæг сабитыл» куыста, Владикавказы Санаты Ибрагиммæ хæдзар куы баххуырста, уыцы рæстæг. Нывыл кусын райдыдта 1896 азы æмæ йыл фæкуыста 1901 азмæ.



/Скъоладзау дзуры, куыд цыди куыст ацы нывыл, уый/



Куыд дзурынц, афтæмæй «Дурсæттæг сабиты» Санаты Ибрагимы дыууæ лæппуйы сныв кодта. Хистæр, зæгъынц, зæрдиагæй разы кодта, фæлæ кæстæр, цæмæй йын ма алидза. уый тыххæй йын - иу нывгæнгæйæ дзырдта худæджы ныхæстæ, ирхæфста йæ «Уасæг» кæнæ æндæр æмдзæвгæтæй.



/Иннæ скъоладзау дзуры нывы хъысмæтыл/



Къоста фыццаг хатт хасты куы фæци, уæд иу кæрæф, зыд адæймаг ныв цавæрдæр хъæздыг усæн ныууæй кодта. Цы æхца дзы райста, уыдон Къоста, кæй зæгъын æй хъæуы, йæ цæстæй дæр нæ федта. Уый фæстæ йæ бирæ фыдæбон бахъуыд ныв фæстæмæ байсыны тыххæй. Йæ къухы куы бафтыд, уæд æй «Терчы областы зонындзинæдтæ уæрæхгæнæн æхсæнадæн балæвар кодта.

/Скъоладзаутæ сæ тетрæдты фыссынц урочы темæ, дзырдуат/



Дзырдуатон куыст:

уæлдзарм худ - фысы цармæй хуыд худ,

хызын - котомка, хи хуыд хæцъилæй,

бызгъуыртæ - тынг скъуыдтæ зæронд дзаума,

телыхъæд - электрон, телеграфон телты цæджындз.



Нывы идейон мидис раргом кæнын.



Пълан рагацау фæйнæгыл фыст.

  1. Нывы сæйраг архайджытæ.

  2. Архайды бынат.

  3. Радзурын сывæллæтты архайд.

  4. Цы æвдыст ма цæуы ноджы нывы?

  5. Æрдзы æрфыст, боныхъæд.

  6. Фæндаг куыд æвдыст цæуы? Чи йыл фæцæуы?

  7. Дардæй цы æрбазынд, цы æрбацæуы?

  8. Ноджы дарддæр ма цы уынæм?

  9. Сабиты уæлæдарæсы æрфыст.

  10. Цæуыл дзурæг у сæ уæлæдарæс, сæ куыст?

  11. Æрдзурын сывæллæтты цæстæнгасыл.



Дзуаппытæ:

  1. Дыууæ хæххон лæппуйы.

  2. Арвы комы фæндагыл. Нывы пейзаж у Балтайы сæрмæ æрдзы хуыз.

  3. Сæ иу уæззау дзæбугæй пырх кæны дуртæ. Иннæ нымæтхуды, гомгуыбын.

  4. Рахизырдыгæй - телыхъæд, йæ цуры хуыссы куыдз, æнтæфы йе 'взаг раппæрста, афтæмæй. Телыхъæдыл хызын ауыгъд, æвæццæгæн, йæ хуылфы кæрдзын æмæ цыхты мур.

  5. Хур судзы. Æрдз иууылдæр у хуры тынтæй нывæст. Дурсæттæг лæппуйы цæсгомыл æрттивынц хиды æртæхтæ. Дзæбугыл хæцы йæ рахиз къухæй, йæ галиу армы та дуры къæртт æрттиваг дуры муртимæ.

  6. Рыг фæндагыл фæцæуы хохаг лæг.

  7. дардæй æрбазынд, 4 бæхы ифтигъд кæм ис, ахæм рагон «дилижанс».

  8. Ноджы дарддæрæй æрттивынц митсæр бæрзæндтæ, ранæй рæтты сæ сæрмæ мигъы къуыбылæйттæ.

  9. Сабиты уæлæдарæс бызгъуыр, чъизи, сæ цæсгæмттæ хурсыгъд, къухты царм скъуыдтæ.

  10. Хиды æртæхтæ сæ цæсгæмттыл дзурæг сты хæххон сабиты уæззау куыстыл, сæхицæн кæрдзыны къæбæр тыхтухитæй кæй амал кодтой, ууыл. Диссаджы хæххон æрдзы нывты æхсæн сабиты тыхкуыст, се 'нæбон уавæр тынгдæр æвдыст æрцыд.

  11. Лæугæ кæцы лæппу кæны, уымæн стыр сау цæстытæ, адæймагмæ цыма комкоммæ кæсы, уыйау. Йæ цæстæнгасы - æнкъарддзинад.

Ахуыргæнæг.

«Дурсæттæг сабиты» цæстытæ тынг арæхстджын конд сты, æмæ цыма нывы иннæ хæйтты сæ аууон кæнынц, уыйау кæсы адæймагмæ - фыссы Тугъанты Махарбег.

Цæстытæ тынг арæхстджынæй кæй æвдыста, уый бæрæг у иннæ портреттæй дæр, уæлдайдæр сабиты портреты.



Ахуыргæнæг.

  1. Фæйнæгыл фыст пълан скъоладзаутæ сæ тетрæдты фыссынц.

  2. Скъоладзаутæ нывмæ гæсгæ фæлварынц æмхæст текст радзурыныл.

  3. Тетрæдты ныффссын дзырдбæстытæ, дзырдтæ: уæззау дзæбуг, дуры къæртт, къæдзæх дуртæ пырх кæнын, бæгъæввад, тæригъæддаг уавæр, урсæр къæдзæхтæ, тар мигътæ, урс æврæгътæ, мæгуыр дарæс.

  4. Абарын дурсæттæг сабиты хъысмæт нырыккон сабиты цардимæ.

  5. Сбæлвырд кæнын нывы темæ /Ирыстоны нывгæнынады аивады фыццаг хатт æвдыст æрцыд социалон цардарæзты æнæрæстдзинад/.

  6. Скъоладзау кæсы Дзантиаты Анатолийы ныхæстæ:



«Нывгæнæг хъæдзыг æрдзы хъæбысы равдыста дыууæ хохаг лæппуйы фæндаджы арæзтады. Сæ уæлæ бызгъуыртæ, сæ хид сæ рустыл уайы. Æппæт уыдонæй зыны, нывгæнæг æхсæнады кæцы хай равдисынмæ хъавыд, уый. Нывы равæрд, йæ лыстæг хъуыддæгтæ, йе 'ппæт хъуыды дæр дзурæг сты нывгæнæджы адæмон удыхъæдыл. Афтæ сныв кодтаид, йæ адæмыл зæрдæйæ чи риссы, ахæм адæймаг».









 
 
X

Чтобы скачать данный файл, порекомендуйте его своим друзьям в любой соц. сети.

После этого кнопка ЗАГРУЗКИ станет активной!

Кнопки рекомендации:

загрузить материал