7


  • Учителю
  • Урок ирон æвзагæй 8 къласы. Сидæн.

Урок ирон æвзагæй 8 къласы. Сидæн.

Автор публикации:
Дата публикации:
Краткое описание:
предварительный просмотр материала

Урочы темæ. Сидæн (Алцæмæн дæр æгъдау ис).



Урочы нысан: а) Сидæн цы у, уый бацамонын.

б) Ныхасы рæзтыл бакусын.

в) Хъомыладон куыст бакæнын

Цæстуынгæ æрмæг: 1) таблицæ,ныв,схемæтæ, æмдзæвгæ.





- Ног æрмæг:

Фæйнæгыл таблицæ ахæм хъуыдыйæдтимæ:



  1. Алцæмæн дæр æгъдау ис. 1) Æмбæлттæ, алцæмæн дæр æгъдау ис



с, …



  1. Цардæн йæ хъæздыгмæ ма бабæлл, 2) Цардæн йæ хъæздыгмæ, лæппу, ма бабæлл, фæлæ

фæлæ йе 'гъдаумæ. фæлæ йе 'гъдаумæ.



,с, …



3) Дунейыл æгъдауæй хистæр ницы ис. 3) Дунейыл æгъдауæй хистæр ницы ис, хорз адæм.



,с .



Æрбакæстут-ма таблицæмæ æмæ зæгъут: Цæмæй хицæн кæнынц дыууæ цæджындзы хъуыдыйæдтæ кæрæдзийæ?

Дзуапп: Дыккаг цæджындзы хъуыдыйæдты ис сидæнтæ.

- Цæмæй бæрæг у?

Дзуапп: Дзурæджы ныхас бæрæг адæймагмæ здæхт у.

- Зæгъут-ма, сидæн хъуыдыйæдты кæм фæлæууы æмæ йæ куыд хицæн кæнæм дзургæйæ æмæ фысгæйæ?

Дзуапп: 1) Сидæн хъуыдыйæды райдайæны куы лæууа, уæд ын йæ фæстæ æвæрæм къæдзыг.

2) Сидæн хъуыдыйады астæу куы лæууа, уæд æй дыууæрдыгæй дæр хицæн кæнæм къæдзыгтæй.

  1. Сидæн хъуыдыйæды кæрон куы лæууа, уæд ын йæ разæй æвæрæм къæдзыг.



Ахуыргæнæг кæны хатдзæг:

Уæдæ сидæн у ахæм дзырд, кæцымæ здæхт вæййы нæ ныхас.

Сидæн фæлæууы хъуыдыйадæн йæ разæй, йæ астæу æмæ йæ кæроны. Дзургæйæ сидæн хицæн кæнæм интонацийæ, фысгæйæ та къæдзыгæй.

Ныр та рафæлдахут 10-æм фæлтæрæн уæ чингуыты. Лæмбынæг æй бакæсут æмæ зæгъут: Цæй кой ма не скодтам?

Хатдзæг: Уæдæ сидæн хъуыдыйады уæнг никуы вæййы.



- Ног æрмæг ныффидар кæнын.



1. Æмбарынгæнæн диктант.

1). Хъуыдыйæдты ссарут сидæнтæ.

2). Скæнут сын сæ схемæтæ.



1). Хорз адæймагæн кад хъæуы, æмбæлттæ.

,с.

2). Алан, зæгъ-ма, цы дæ бафæндид де 'мбалæн балæвар кæнын?

с,

3). Цавæр хъуамæ уа де 'мбал, Алан?

,с.

Хатдзæг: Ацы хъуыдыйæдты фæрцы цы ныффидар кодтам?

Дзуапп: Куыд хицæн кæнæм сидæн фысгæйæ.



2. - Ныртæккæ уын бакæсдзынæн æмдзæвгæ.

Сымахæн уæ хæс у:

1). Æмдзæвгæйы ссарын фыццаджыдæр сидæнтæ

2). Сбæрæг сын кæнын сæ бынат.

3). Зæгъын: Куыд сæ хицæн кæнæм дзургæйæ

æмæ фысгæйæ?

Хистæрæн, кæстæр, куы дæттай æгъдау,

Кæстæр, ничи дæм æрхæсдзæн уæд фау.

Хистæрæн, кæстæр, куы раттай бынат,

Кæстæр, уыдзынæ уæд хорзыл нымад.

Куы фæрсай дæ хистæры зондæй, кæстæр,

Кæстæр уæд никуы фæрæдидзынæ сонтæй.



Зæгъут-ма, ацы æмдзæвгæйы хъуыды цæй мидæг ис? Цæуыл нæ ахуыр кæны?

Дзуапп: Ахуыр нæ кæны æгъдауыл. Раст у. (Хъомыладон куыст).

</ 3. - Фæлтæрæн 199,201 фæлтæрæнтæ

Хатдзæг: Цы ныффидар кодтам ацы фæлтæрæны фæрцы?

Дзуапп: Æрхæцæн нысæнттæ сидæнимæ.







4. - Схемæтæм гæсгæ саразут 3 хъуыдыйады(фæйнæгыл).

  1. с,

  2. ,с,



5. Хатдзæг урокæн. Уæдæ абоны урочы ногæй цы базыдтам?

Дзуапп: Цы хонæм сидæн, сидæн куыд хицæн кæнын хъæуы дзургæйæ æмæ фысгæйæ стæй цæмæн хъæуы сидæн.

Зæгъут-ма, сидæныл дзургæйæ цавæр хъуыдыйæдтæй пайда кодтам? Сæ хъуыды цæимæ баст уыд?

Дзуапп: Æгъдауимæ.

Ахуыргæнæг: Уæдæ кæд нæ урокæн йæ райдайæнæй йæ кæронмæ æгъдауыл дзырдтам, уæд ма ныртæккæ бафæлварæм мæнæ ацы нывмæ гæсгæ ныфыссын сидæнтæй пайдагæнгæйæ чысыл радзырд.

  1. Зæгъут-ма: Цы уынут нывы? (æвдыст цæуы ныв)

  2. Зæгъут-ма, лæппу раст бакодта?

  3. Цæмæн?

  4. Ахъуыды-ма кæнут æмæ зæгъут: Уæдæ нæ радзырдæн цавæр сæргонд скæниккам?



Дзуапп: «Æнæгъдау лæппу»

Ахуыргæнæг: Цы рæстæг ма нын баззад, уымæй пайдагæнгæйæ уæ алчидæр бацархайæд ныфыссын йæ радзырдæн райдайæн.

6. - Хæдзармæ куыст раттын.

32-æм раиртæст наизусть зонын. Ф.203











 
 
X

Чтобы скачать данный файл, порекомендуйте его своим друзьям в любой соц. сети.

После этого кнопка ЗАГРУЗКИ станет активной!

Кнопки рекомендации:

загрузить материал