7


Урок на тему Сложные слова

Автор публикации:
Дата публикации:
Краткое описание:
предварительный просмотр материала

</ 7-æм кълас. 2014.

Темæ: «Вазыгджын дзырдтæ»



Урочы нысан:

1.Ныффидар кæнын вазыгджын дзырдтæ.

2.Сбæрæг кæнын вазыгджын дзырдтæ хуымæтæг дзырдтæй иртасын 6 къласы скъоладзаутимæ.

3.Ныхасы рæзтыл бакусын

4. Царды фидауц-æгьдау.



Урочы цыд:

1. Бацæттæгæнæн рæстæг.

Ахуыргæнæг:

-Иу дзæбæх цыбыр ирон дзырд базыдтам æрæджы...

-О, о! Æз мæ нанайæ арæх фехъусын: «йæ чемы нæу», зæгъгæ.

-Æмæ цы у цы чем?

-Уырыссæау - настроение

-Зæгъут-ма, сабитæ, абоны урочы нæ хорз чем нæ бахъæудзæн?

-О, о. Уæдæ, сабитæ, нæ урок райдайæм. Цæмæй чемыл уæм, уый тыххæй та нын ис æххуысгæнæг. Йæ ном у Хуры тын. (слайд 1)



Урок на тему Сложные слова

Хуры тын уарзы рæстæг æрмæст хъазгæ-худгæйæ æрвитын. Мах та ма кусгæ дæр кæндзыстæм. Бахудæм Хуры тынмæ дæр æмæ кæрæдзимæ дæр.

2. Блиц-æрфарст:

Цал хатты хъæуы абарын, цæмæй иу хатт алыг кæнай? (7)

Дунетыл нæй мæнæй фылдæр

Цæрын æмбæлттимæ æнгом

Ныхасы хæйттæн дæн сæ сæр

Хæссын æз предметæн йæ ном. (номдар)

Нарты Уæрхæгæн 12 фырты æмæ 4 чызджы? (афæдз, афæдзы афонтæ)

Цавæр маргьæн йæ бон у уæвын постхæссæг? (бæлон)

Цы ис арсæн йæ кæрон сагæн йæ разæй? (с)

Йæ адæмы сæраппонд йæхи залиаг калмы дзыхы чи баппæрста? Куыд хуыйны таурæгь? (Мады хох.Зæринæ)



3.Ног æрмæг.

Ахуыргæнæг:

Мады хохимæ ма баст у æндæр таурæгь дæр. (Интеракгивон фæйнæгыл текст-2 слайд ). Бакæсæм ма сценкæмæ дæр.

Сценкæ:

Аргъæутты бæстæйы Мады хохрæбын Дæллаг дзырдты хъæуæй Уæллаг дзырдты хъæуы астæу калдис абухгæ дон. Хъæуты цæрджытæ кæрæдзимæ уазæгуаты цыдысты нарæг хиды сæрты. Хидыл ахизæн уыдис æрмæст иу цæрæгæн. Иуахæмы Дæллаг хиды цæрæг Цард фæцæйцыд Уæллаг хъæумæ. Хиды раз амбæлд Уæллаг хъæуы цæрæг Фæндагыл. Алкæй дæр сæ фæндыд фыццаг ахизын:

- Ауадз мæн, Фæндаг, тагъд кæнын, нæ мæ'вдæлы!

- Æмæ æз ардæм тезгъо кæнынмæ æрбауадтæн, æнахуыр цыдæр.

- Æз цард дæн! Кæд хуымæтæг дæн, уæддæр æнæ мæн зæхх фесæфдзæн!

- Æз фæндаг дæн! Кæд вазыгджын нæ дæн, уæддæр æнæ мæн кæдæм фæцæудзынæ?!

Дардæй сæм касти Ныхасы хистæр Æгъдау æмæ сæм дзуры:

- Афтæ фыдуындæй хи'вдисын уæ иуы дæр аив нæ кæны, мæ хæлæрттæ. Тыхæй зонд хуыздæр у. Хыл æмæ загьд царды фæндаг нæ аразынц. Цард- мæгуыр кæнынц, фæндаг та - афтид. Фæлтау равзарут иудзинад, хæлардзинад æмæ уын нарæг хид алкæддæр уæрæх фæндаг уыдзæн.

Фефсæрмы сты хистæры уайдзæфæй Цард æмæ Фæндаг. Сæ къухтæ кæрæдзимæ радтой æмæ баиу сты. Афтæ дыууæ хуымæтæг дзырдæй фæзындис ног дзырд - Цардвæндаг. (слайд 3)



Дзырдуат:

кæрдæгхуызцъæх

Мады хохрæбын

зæрдæхъæлдзæгæй

цардвæндаг

хуымæтæг- простое

вазыгджын-сложное



Ахуыргæнæг:

  1. Куыд дардтой сæхи Цард æмæ Фæндаг хиды раз?

(Кæрæдзийæн фæндаг нæ лæвæрдтой, æнæгьдауæй сæхи равдыстой.)

2. Æмæ цæмæн афтæ дардтой сæхи?

(Хид нарæг уыдис. Дыууæйæн дзы ацæуæн нæ уыдис). (слайд 4)

- Сабитæ, зонут, хидæн адæмон сфæлдыстады ис йæхи айв фæлгонц «æрдуйæ нарæгдæр хид», зæгъгæ. Æмæ уый канд ирон адæмон сфæлдыстады нæй. Хиды фæлгонц æвдыст цæуы адæймаджы нырыккон царды дæр. Бакæсут ма дунейы диссагдæр хидтæм.

Презентаци «Дунейы рæсугъддæр хидтæ».(слайд 5-8)



Урок на тему Сложные слова











Урок на тему Сложные слова



Урок на тему Сложные слова

Урок на тему Сложные слова



Урок на тему Сложные слова



- Нæ геройтæ ахæм хидыл нæ цыдысты, фæлæ нарæг хæххон хидыл.

- Чи бауайдзæф кодта Цард æмæ Фæндагæн? Куыд сын загъта? Цавæр зонд сын бацамыдта?

Тыхæй зонд хуыздæр у.(æмбисонд)



4.Сымах та цавæр æмбисæндтæ зонут, зонд æмæ хæлардзинады тыххæй ?

Æмбисæндтæ:

• Дæ рæдыдыл куы нæ сæттай, уæд дыууæ рæдыды кæныс.

• Хорз æмгар зын сахат сбæрæг вæййы.

• Зонды тæлмац æвзаг у.

• Хистæры зонд бирæ ахсы, йæ цæст та дардмæ уыны.

-Æз та ма сам бафтаудзынæн æндæр æмбисонд «Зонд тыхы абырста»



Ахуыргæнæг:

-Цæмæй арæзт у нæ текст?

(Хъуыдыйæдтæй)

-Хъуыдыйæдтæ та цæмæй арæзт сты?

(Дзырдбæстытæй)

-Дзырдбаст та? (Дзырдтæй)



-Дзырдтæ та? (Уæнгтæй)

-Цал уæджы ис ацы дзырды?

-Куыд ис схонæн ацы дзырд ЦАРДВÆНДАГ хуымæтæг æви вазыгджын? Цæмæн? (Вазыгджын. уымæн æмæ арæзт у дыууæ дзырдæй) (слайд 9)



Ахуыргæнæг:

-Уæдæ куыд хъуыды кæнут, абон цæуыл дзурдзыстæм?

- Куыд схондзыстæм нæ абоны урочы темæ. (Вазыгджын дзырдтæ)

-Куыд хъуыды кæнут, цы сты вазыгджын дзырдтæ? (Дыууæ кæнæ фылдæр дзырдтæй арæзт дзырд) ( слайд 10)



4.Чиныгимæ куыст

А) Ныффыссын нымæц, къуырийы бон, къласы куыст.

Б) 17 ф. №37 ( тетрæдты куыст)

Сау, нæмыг-саунæмыг

Фос, гæс-фосгæс

Гал, бындз-галбындз



5.Ннтсрактивон фæйнæгимæ куыст

-Ацы хуымæтæг дзырдтæй саразут вазыгджын дзырдтæ æмæ сæ ныффыссут тетрæдты:

Кьух уарзаг

Хи базыр

Хьулон сæрфæн

Бæрæг мæрзæн

Куыст бон



6. Дзырдуатон диктант. (слайд 11)

Кæсагахсæг, саунæмыг, къухмæрзæн, хæдтæхæг, Дзæуджыхьæу, хьæдхой. къамисæг.



Релаксаци (музыкæимæ)

Кæмдæр. бæрзонд хæхты хъæбысы (къухтæ хæрдмæ сивазын æмæ хæхтæ равдисын) райгуырд рæсугьд. зæрдæхæлар дидинæг. Уый кодта лиссадæы хæрздæф тæф (арф сулæфын-раулæфын). Хуры тынтæ йæ алыварс кафыдысты Нæртон Симдæй (æркæсын хиалфамблай). Сивæзта дидинæг хурмæ йæ иу сыф (сивазын иу кьух), сивæзта иннæ сыф (сивазын иннæ къух) æмæ арвыста хурæн æмæ æппæт дунейæн хæлардзинад, циндзинад . Арвитæм мах дæр нæ алыварс адæмæн хæлардзинад æмæ циндзинад (къухтыл ныффу кæнын).



Диалогмæ байхъусын :

Æнкьардæй бады Алинæ.

-Цы кæныс, дæ фындз цы руагьтай?

-Мæ уарзон бæрæгбон ма зæрдыл æрбалæууыд...æмæ...

-Цæй кой кæные цæ?!

-Мæ гуырæнбоны. Ехх. æвæдза...алы бон дæр мæ гуырæнбон куы уаид!

-...æмæ абон кæй гуырæнбон у уый зоныс?

-Куыд нæ йæ зонын...?

-Сымах та йæ зонут ... ? (Х.Къ)

(Сывæллæттæ дзуапп дæттынц)

-Æмæ чи у Къоста? (фыссæг, поэт, нывгæнæг)



8.Къайгай куыст

А).3æгъут, Къостайы æмдзæвгæтæй кæцытæй ист сты ацы рæнхъытæ. Ссарут дзы вазыгджын дзырдтæ:

О, уасæг, уасæг,

Сыгъзæрин къоппа!

О, уасæг, уасæг,

Сырхзæлдаг боцьо! (Уасæг)



Зæрватыкк - æнæхъыг,

Æнæмаст цæрæг!

Дæ зарæг - нæ дарæг,

Нæ уалдзæггæнæг! (Зæрватыкк)



Алчи зыдгæнæджы

Бирæгь фæхоны.

Бирæгъ зыд кæй кæны, -

Чидæрид зоны... (Бирæгь æмæ хърихъупп)



Б) Ссар вазыгджын дзырдтæ (карточкæтæ лæмæгъдæр ахуырдзаутæн):

1 .Къамисæг зонд, саунæмыг, сырх, хæдзар, къухмæрзæн!.

2.Хæдтæхæг, ахуыргæнæг, хох, æгьдау, хæдзаргæнæг.

3.Цард, Дзæуджыхъæу, куыстуарзаг, æмбал, фыссæг.

4.Хъæдхой, зарæг, хæдзаргæнæг, уæнг, хæларзæрдæ

5.Бæрæгбон, зарæггæнæг, дзырд, цæсгом.



9.Хатдзæгтæ:

Ахуыргæнæг:

-Цæй тыххæй дзырдтам абон? (слайд 12)

-Цы базыдтам ногæй?



10.Хæдзармæ куыст:

1. ф. 17, №38

2. Дзырдуатæй рафыссын 10 вазыгджын дзырды



11.Рефлекси.



 
 
X

Чтобы скачать данный файл, порекомендуйте его своим друзьям в любой соц. сети.

После этого кнопка ЗАГРУЗКИ станет активной!

Кнопки рекомендации:

загрузить материал