7


  • Учителю
  • Конспект к уроку осетинского языка по теме Номдары тасындзæг

Конспект к уроку осетинского языка по теме Номдары тасындзæг

Автор публикации:
Дата публикации:
Краткое описание:
предварительный просмотр материала

Урочы темæ: Ныййарæг мады бон.

Грамматикон Номдары ивынад хауæнтæм гæсгæ (тасындзæг) 2-аг

темæ: урок.





Урочы хæстæ: 1. Арфдæр æрдзурын номдары тасындзæгыл.

2. Бакусын дзургæ æмæ фысгæ ныхасы рæзтыл.

3.Хъомыладон куыст: Мадмæ уарзондзинад гуырын кæнын.





Урочы цыд.

  1. Бацæттæгæнæн рæстæг.

Интеракт. - Уæ бон хорз!

фæйнæгыл фыст Куыд хорз, куыд кадджын дæ мæ цæсты,



Нæ ирон мадæлон æвзаг!



А) - Уæ бон хорз,сывæллæттæ! (сæ сæртæй кувынц ахуыргæнæгæн, азыл-

дысты уазджытæм дæр).

- Абон нæм ис ирон æвзаджы урок.

- Нæ урочы дарддæр дзурдзыстæм номдары тасындзæгыл.

- Нæ зæрдыл ма æрлæууын кæнæм: цы хонæм номдар?

-Цавæр фæрстытæ домы? Куыд ивы?

- Афæдзы афонтæй та кæцы у?

- Цавæр ивддзинæдтæ æрцæуы æрдзы фæззыгон?

- Абон нæ урочы кусдзыстæм къордтæй. Хуыздæр чи куса, уыцы къордæн лæвæрд цæудзæн алыхуызон бæлæсты сыфтæ.Урочы кæрон хъуамæ уыцы сыфтæй саив кæнæм нæ фæззыгон бæлас. Фылдæр ыл цы къорды сыфтæ уа, уый рамбулдзæн.

Б) - Æрбакæсут ма фæйнæгмæ.

- Чи бакæсдзæн ацы рæнхъытæ.

- Сабитæ, сымах та уарзут уæ мадæлон æвзаг?

- Мадæлон та йæ цæмæн хонæм?



II. Фæйнæгыл арвы ныв, хъуысы сабыр музыкæ.



Ах-æг: - Йæ гуырæн боны хæдразмæ саби Хуыцауы бафарста:

Саби: - Ацы дунемæ цæмæн цæуын,уый нæ зонын æз. Цы кусон хъуамæ?

- Æз дын балæвар кæндзынæн æдзух дæ фæрсмæ чи уыдзæн, ахæм зæды.Уый дын алцыдæр бамбарын кæндзæн.

- Æмæ йын йе'взаг куы нæ зонын, уæд æй куыд бамбардзынæн?

- Дæ зæды хай дæ ахуыр кæндзæн йе'взагыл дзурын. Алы фыдбылызтæй дæ хъахъхъæндзæн.

- Фæстæмæ та дæм кæд æмæ куыд æрбацæудзынæн?

- Æппæт дæр дын дæ зæд радзурдзæн.

- Йæ ном та куыд у мæ зæдæн?

Ахуыргæнæг: - Сывæллæттæ, ахъуыды ма кæнæм иумæ,уыцы зæд чи у?

- Мад. Ныййарæг мад!



В) - Уæдæ нæ урок райдайдзыстæм зæрдæйæн зынаргъ чи у, ахæм ныхæстæй:



Интер. Ныййарæг мады цæстытæн сæ тынтæ

фæйнæгыл Йæ цотæн сты кæддæриддæр фæндаг.

фыст:

- Куыд æмбарут ацы рæнхъытæ?



(Мадмæ хъус æмæ ма рæдийай. Мад йæ сабийы кæддæриддæр сарадздзæн раст фæндагыл…)

- Ссарут ма дзы номдартæ æмæ сын сæ хауæнтæ сбæрæг кæнут.

Г) Ах-æг ( хъуысы саб.муз.) Мад…Уыимæ баст сты нæ царды рæсугъддæр бонтæ, нæ зæрдæйы æхсызгондæр мысинæгтæ. Кæд зæххыл æцæг амонд фенæн ис, уæд æрмæст мады рухс цæсгом уынгæйæ.

Мады фаг хоздзинæдтæ ацы зæххыл нæй. Мад - царддæттæг, хæрззонд, хæрзконд, фæлмæнзæрдæ.

III. Cбæрæг кæнын хæдзармæ куыст.

- Хæдзармæ уын лæвæрд уыд ныффыссын цыбыр сочинении мады тыххæй.

(Кæсынц 1-2 скъоладзауы).

- Уæ куыстыты хъуыма фæнысан кодтаиккат номдарты 1-2хауæнтæ.

( Иу цалдæры бафæрсын. Куыстытæ æрæмбырд кæнын.)

IV. Къордтæй куыст.

Ах-æг: - Сывæллæттæ,нæ къласы рудзынг гомæй баззад æмæ нын дымгæ нæ урокмæ æрбахаста мæнæ ахæм фæззыгон сыфтæ (равдисын).

- Хуымæтæджы сыфтæ не сты, алкæуыл дæр сæ ис хæслæвæрд.

1-аг къорд - ныффыссын хауæнтæ;

2-аг къорд - лæвæрд хауæнтæн ныффыссын сæ фæрстытæ;

3-аг къорд - атасындзæг кæнын номдар саби

( Куысты фæстæ алы къордæй дæр иу скъоладзау кæсы, цы ныффыстой,уый.)

V. Аулæфт - хъазт.

- Иу гыццыл аулæфæм.Уæ рахиз къухтæм райсут уæ разы цы фæззыгон сыфтæ ис,уыдон. Æз уын дзурдзынæн номдартæ, дæттынон хауæны куы уа номдар,уæд уæ сыфимæ къух сдардзыстут. Æндæр хауæны куы уа номдар,уæд та - галиу къух.

Чиныг,нанайæн, скъола, лæппуйæн, чызг, бирæгъæн.

- Райсут уæ ручкæтæ æмæ уæ сыфтыл фæйнæ рæвдауæндзырды мадæн ныффыссут.

VI. Тетрæдты куыст.

Ныффыссын Джеоргуыбайы мæйы 17-æм бон.

нымæц: Къласы куыст.

Дзырдуат:

- Байдзаг - ма кæнæм нæ чыргъæд фæззæджы лæвæрдтæй.

( Интер. фæйн.æвдыст цæуынц халсарты нывтæ):

Картоф, цæхæра,уырыдзы, къабуска, джитъри, пъамидор,цывзы,хъæдындз, нуры,нас.

- Цæмæй бацдзаг кодтам нæ чыргъæд?

- Цавæр фарст домынц? Кæцы хауæны сты?

-Фæивут уæ тетрæдтæ æмæ сбæрæг кæнут дзырдты растфыссынад фæйнæг-мæ гæсгæ. (взаимопроверка)

VII. Чиныгимæ куыст: (ф. , фæлт. 63-æм.)

-Бакæсут хæслæвæрд.

-Ныффыссут уæ тетрæдты 3 хъуыдыйады цæджындзæй.

VIII. Къордтæй куыст (карточкæтæм гæсгæ).

№1. Мады тыххæй дыууæ уæздан дзырды ныффысс.

№2. Лæвæрд хъуыдыйæдтæй рафысс номдартæ сæ фæрстытимæ, фæнысан сын кæн сæ хауæнтæ.

Мадимæ хæларæй цæр. Мадау хæларзæрдæ у.

№3. Баххæст кæн цухгонд дзырдтæй æмбисæнд-тæ.

…зæрдæ сабийæн хур у. Мады хойæ … ад цæуы.

№4. Атасындзæг кæн номдар мад.

IX. Урочы хатдзæгтæ.

- Абон нæ урочы арфдæр æрдзырдтам номдары тасындзæгыл.

- Иу хатт ма зæгъæм, уы хонæм номдар?

- Номон хауæны номдар цавæр фаст домы?

- Гуырынон, дæттынон хауæнты та ?

X. Хæдзармæ куыст:

Сахуыр кæнын иу æмбисонд мады тыххæй.

XI. 1.- Уæдæ -ма æркæсæм абон урочы хуыздæр цы къорд бакуыста,уымæ.

( Фæззыгон сыфтæ ныхасынц бæласыл,кæцы къорды сфытæ дзы ис фылдæр,уый рамбылдта).

2. - Нæ урок баст уыди мадимæ æмæ уын мæ зæрдæ зæгъы: «Уæ мадæлты фæндиаг байрæзут.Ирыстонæн фæзминаг хъæбултæ куыд суат».

3. Цыбыр презентации мады бæрæгбоны тыххæй.

- Мад у рагон дзырд.Бирæ æвзæгты ис ныр дæрма чысыл иввдзинæдтимæ. Мады бæрæгбон нырма хæрз æрыгон у.Бæрæг æй кæнынц Джеоргуыбайы мæйы фæстаг хуыцаубоны.

Алы адæймагæн дæр мадæй зынаргъдæр нæй.Мады амонд - йæ цоты амонд. Уый йæ уарзондзинады хъармæй тавы йæ сабийы цард. Сывæллæт-тæ, макуы рох кæнут уæ ныййарджыты! Сæ зæрдæтæ сын ма риссын кæнут!

- Нæ зынаргъ уазджытæ,сымах дæр æвæццæгæн стут мадæлтæ.Уæ цотæй сæрыстыр куыд уат, ахæм ахæм арфæ уын кæнæм мах- 46 скъолайы ахуырдзаутæ.№1. Мады тыххæй дыууæ уæздан дзырды ныффысс.

№2. Лæвæрд хъуыдыйæдтæй рафысс номдартæ сæ фæрстытимæ, фæнысан сын кæн сæ хауæнтæ.





Мадимæ хæларæй цæр. Мадау хæларзæрдæ у.

№3. Баххæст кæн цухгонд дзырдтæй æмбисæнд-тæ.





…зæрдæ сабийæн хур у. Мады хойæ … ад цæуы.

№4. Атасындзæг кæн номдар мад.







 
 
X

Чтобы скачать данный файл, порекомендуйте его своим друзьям в любой соц. сети.

После этого кнопка ЗАГРУЗКИ станет активной!

Кнопки рекомендации:

загрузить материал