7


  • Учителю
  • Темæ: Токаты Алихан «Цыкурайы фæрдыг»

Темæ: Токаты Алихан «Цыкурайы фæрдыг»

Автор публикации:
Дата публикации:
Краткое описание:
предварительный просмотр материала

Темæ: Токаты Алихан «Цыкурайы фæрдыг»

"Мæнмæ Цыкурайы фæрдыг ныр ис,

Æдзух вæййы мæнмæ æппæт, цы курон..."

Токаты Алиханы цард æмæ сфæлдыстад.

Сонет "Цыкурайы фæрдыг".

Урочы нысан:

Зонгæ кæнын Токаты Алиханы цард æмæ сфæлдыстадимæ: ахуыр сæ кæнын лирикой æмзæвгæ анализ кæнын, ныхасы рæзтыл кусын, рæзын кæнын цымыдисдзинад æмæ зонындзинæдтæм тырнындзинад.

Урочы фæлонц:

Алиханы портрет, йæ чингуытæ, Харебаты Аланы иллюстрацитæ Алиханы уацмыстæм, журналтæ "Мах дуг", Алиханы тыххæй кæм фыст ис, уыдон, нывтæ "Мах дуг" - æй 2003 аз, .№ 6.

Эпиграф.

Сыгьдæг сонет, табу дын уæд!

Нæ цин, нæ сагъæсты, нæ ристы

Дæ дзырдтæ уæнт бæсты фæрнау бæрзонд! Джыккайты Шамил.

Дзырдуат:

Цыкурайы фæрдыг - адæмон сфæдыстады зынаргъ дур: цы курай, уый датты.

Дзывгъис - дзуар æмæ аргъуан Куырттаты комы. Сафа - къонайы бардуаг. Уацилла - хоры бардуаг. Æртхурон - арты бардуаг.

Урочы цыд.

Ахуыргæнæг: Нæ абоны Урочы темæ у Токаты Алиханы цард æмæ сфæлдыстад, йæ сонет "Цыкурайы фæрдыг". Нæ размæ 'вæрд хæстæ: анализ скæнын, райхалын йæ мидисын райхалын æмæ йын йæ сæйраг хъуыды сбæрæг кæнын.



Хæдзармæ уын лæвæрд уыдис ахæм хæслæвæрд: Токаты Алиханы биографи æмæ сфæлдыстады тыххæй бакæсын, сонеты тыххæй æрмæг ссарын, бакæсын, сахуыр кæнын алы авторты сонеттæ.

Ныр та уал 2-3 мин. хибарæй куыст.

(Ахуыргæнæг раздæр срæвдз кодта карточкæтæ фæрстытимæ (тестытимæ)).



Тестыты æрмæг:

1.Цал рæнхъæй арæзт у сонет?

  1. 4 рæнхъæй.

  2. 8 рæнхъæй.

  3. 14 рæнхъæй.

  4. 20 рæнхъæй.

П. Фыццаг сонеты автор чи уыд?

  1. Шекспир.

  2. 'Петрарка.

  3. Байрон.

  4. Данте.

III. Фыццаг ирон сонеты автор.

  1. Къоста.

  2. Секъа.

  3. Елбыздыхъо.

  4. Алихан.

(Ахуыргæнæг сембырд кæны карточкæтæ, хатдзæгтæ иннæ урочы).

Скъоладзау: (Дзуры Токаты Алиханы цардвæндаг æмæ сфæлдыстады тыххæй.)

Литература:

Нафи "Ирон лит-рæ", 9 къл., фарс 319. Ж-л "Мах дуг", 2005 аз, № 3. Ж-л "Мах дуг ", 2003 аз, № 6. Ж-л "Мах дуг", 1994 аз, № 6.

Ахуыргæнæг: Алиханы цард æмæ сфæлдыстадæй ма чи цы бакаст, уæлæмхасæн ма цы зонут? Баххæст кæнæн ис доклад.

Скъоладзаутæ (æххæст кæнынц доклад.)

1 .Алихан Бакуйы куы ахуыр кодта, уæд ныффыста æмæ йæхæдæг сæвæрдта спектакль "Урс сынтытæ". Йæхæдæг дзы ахъазыд сæйраг роль.

  1. Йæ ингæн ис Хохы Дæргъæвсы, уыд æдзæллаг, фæлæ йæм нæ фысджыты цæдис базылдис.

  2. Алихан ныссагъта сæ цæхæрадоны хъоппæг дидинæг. Ныртæккæ дæр, дам, ма ракалы дидинæг.

4. Алиханы æфсымæр, Токаты Асæх, уыд зынгонд ирон прозаик, фыс-сæг, драматург.

(Скъоладзау кæсы Хъодзаты Æхсары æмдзæвгæ "Алихан", 1994 азы фыст.)

Дæ цырт-дзуар афæлдæхт, Алихан,

Дæхæдæг стъалыйау лæууыс.

Æз та-йæ тарфдæр цъасы ихæн,

Ды мæм Æрвдунейæ кæсыс.

Дæ дзырды маргæвдылд æрттигъæн

Йæ рухсæй батæфсы мæ ныфс.

Дæ рухсæн ницыхъом у ихæн,

Мæрдхуызæй бавæййын æртхуыз.

Дæ цыртдзуар сызгæ и нæ удтау,



Дæхæдæг- Иесойы цур, дард.

Дæ зæд Дзыбылаимæ бад.

Зæххыл уыдтæ ави нæ уыдтæ?

Æркал æрвон хуынтæ: тынтæ,

Хуынтаг - тынтæ… тынтæ-фынтæ...

Ахуыргæнæг: Куыд базыдтат, афтæмæй Алихан уыд стыр курдиаты хицау. Фыста æмдзæвæгтæ, пьесæтæ, тæлмац кодта; фæндырæй, гитарæйæ, скрипкæйæ дæсны цагъта. Уыдис зынгзæрдæ революционер, Æмæ ма, йæ сфæлдыстадон фæндагæй куыд базыдтам, афтæмæй уыдис 1-аг ирон сонеты автор.

Раздæхæм ма нæ урочы эпиграфмæ. Шамилы ныхæстæ куыд æмбарут?

Дзуапп: Сонет хуымæтæджы æмдзæвгæ нæу, йæ хъуыды вæййы фылдæр хатт философон, бæлвырддæр, арфдæр.

Ахуыргæнæг: Цы базыдтат сонеты тыххæй, цавæр формæ йын ис, кæм æмæ кæд фæзынд сонет, фыццаг сонеты автор?

Дзуапп: Сонет арæзт у 14 рæнхъæй, 2 катренæй (цыппар рæнхъоны) -8, 2 терцетæй (æртæ рæнхъоны) - 6.

Ис ын бæлвырд рифмæ. Сонет арæзт у (йæ композиции) æртæ хайæ:

тезис - антитезис - синтез;

тезис - хъуыды;

антитезис - цы рæзы уыцы хъуыдыйы ныхм, кæнæ куы нæ уа, уæд;

синтез - хатдзæгтæ (сæйраг хъуыдыйæ).

Фыццаг сонет фæзынд Италийы, 13 æнусы, фыстой сæ рыцартæ (хæстонтæ) сæ уарзон чызджытæн. Зынгонд итал. поэт Петрарка нымад цæуы хуыздæр сонеты авторыл. Ныффыста сæ йæ уарзон чызг Лаурæйыл. Сонеттæ фыста англ, поэт Шекспир (16 æнус), куыд фæстæмæ ацы æмдзæвгæйы формæ рапарахат дарддæр. Уырыссаг поэттæй 1-аг сонет ныффыста Тредиаковский 1735 азы, фæстæдæр сонеттæ фыстой Пушкин, Лермонтов, Фет, Ахматова.

Сонеттæ иронау фыстой поэттæ Мыртазты Барис, Цæрукъаты Алыксандр æмæ æнд.

(Дарддæр скъоладзаутæ дзурынц Петраркæйы, Шекспиры, Пушкины, Мыртазты Барисы æмæ æнд. сонеттæ.)

Ахуыргæнæг: Бузныг, хорз, айв бакастыстут. Æз ма зæгъдзынæн уый, æмæ рагон Италийы уыд ахæм æмбисонд: "Рыцарь, не сочиняющий сонеты, не рыцарь". Уый ууыл дзурæг у, æмæ сонет ныффыссын зындæр уыд, æвæццæгæн, тохы куыд зын бацæуæн уыд, афтæ.

Ис ма ноджыдæр ахæм формæ - сонеты быд. Цæрукъаты Алыксандры сонеты быды тыххæй бæлвырддæр радзурдзæн Уаниты Зæринæ.



Скьоладзау (дзуры сонеты быды формæйыл, дæнцоггтæ хæссы Цæрукъаты Алыксандры сонеттæй.)

Ахуыргæнæг: Абон бирæ зонындзинæдтæ райстам сонеты тыххæй, байхъуыстам рагон æмæ нырыккон сонеттæм, ныр та уæдæ байхъусæм 1-аг ирон сонетмæ. Зонгæ кæнæм дзырдуатимæ (фæйнæгыл).

(Ахуыргæнæг, кæнæ та цæттæгонд скъоладзау кæсы "Цæкурайы фæрдыг").

Фарст: Радзурут-ма æмдзæвгæйы мидис.

Дзуапп: Лирикон герой бацыд æвирхъау тохы. Уыцы тохы мидæг йæ къухы бафтыд, æнцонтæй нæ, Цыкурайы фæрдыг, байста йæ калмы дзыхæй.

Фарст: Авторы хъуыдымæ гæсгæ кæм цы нысан кæны?

Дзуапп: Æрдз æмæ æхсæнады æппæрццæг тыхтæ.

Фарст: Цы базыдтам 1-аг строфайæ?

Дзуапп: Лирикон героймæ кæй ис Цыкурайы фæрдыг.

Фарст: 2-аг строфайæ та цы базыдтам?

Дзуапп: Йæ къухы зынтæй кæй бафтыдис, ничи йын æй балæвар кодта, нæдæр дзуæрттæ, нæдæр адæймаг, Стыр тохы бацыдис æрдзон æмæ æхсæнадон тыхтимæ (уыдон хоны кæм), хъыгагæн, адæм дæр вæййынц рæстдзинад æмæ зонындзинæдты ныхмæ, зæгъæм, инквизиции. Чингуытæн дæр иу тæрхон скодтой æмæ сæ-иу басыгътой.

Фарст: Терцеты хъуыды куыд æмбарут (ацы ран, кæй зæгъын сæ хъæуы, ахуыргæнæг æххуыс кæны раст дзуапп ссарынмæ).



Дзуапп: 1-аг терцеты дзуры йæ бæлиццтыл, фæбæлвырддæр кодта 1-аг катрены йæм цы бæлицц ис, уый.

"Æдзух вæййы мæнмæ, æппæт..."

2-аг терцеты лирикон герой дарддæр йæ бæллицтæ нымайы: адæмæн хорздзинад байсыныл уыдзæн йæ цард, уæларвон амонд сын æрхæсдзæн. Иæхæдæг та амæлдзæн уыцы тохы, уый у трагикон хъысмæт. Амыран æмæ Данкойы хъысмæтау.

Ахуыргæнæг: Раттут ма характеристикæ лирикон геройæн, цавæр адæймаг у?



Дзуапп Æмдзæвгæйы æвдыст цæуы тохгæнæг, хъуыдыгæнæг, аразæг адæймаджы хъысмæт.

Фарст Куыд сбæлвырдгæнæн ис сонеты сæйраг хъуыды?

Дзуапп (ахуыргæнæджы æххуысæй): Зонындзинæдтæ ссарын, иннæ адæмæн сæ бамбарын кæнын зын у, фæлæ у рухстауæг адæймаджы xæc. Æрдзы ис бирæ сусæгдзинæдтæ, адæймаг дæр æрдзы хай у, кæронмæ сæ ничи базондзæн, фæлæ сæ базонынмæ тырнын хъæуы. Тохгæнæг адæймаджы хъысмæт вæййы трагикон, фæлæ рæсугъд, æмæ йæ мæлæт йæ кæрон нæ вæййы, фæлæ йæ кады райдайæн. "Гибель героя превращается в его духовную победу" - загьта Л.Н. Толстой.

(Ам скъоладзаутæн сæ зæрдыл æрлæууын кæнæн ис Галилео Галилейы, Джордано Бруно, Коперникы æмæ æндæрты хъысмæт).

Ахуыргæнæг: Мах базыдтам, Цыкурайы фæрдыг кæй у зонындзинæдты сусæг къуыбылой райхалыны символ; базыдтам, Алиханы сонеты лирикон герой фæрдыг цæмæн хъуыдис, уый. Сымахмæ куы уаид Цыкурайы фæрдыг, уæд уæ цавæр бæллицтæ сæххæст кæниккат?

Скъоладзаутæ (Дзурынц сæ хъуыдытæ, кæнæ та раттæн ис ахæм хæслæвæрд: ныффыссын нывæцæн-сочинени): "Мæнмæ Цыкурайы фæрдыг ныр ис, æдзух вæййы мæнмæ æппæт, цы курон..."

Æз сын раттон хæдзармæ куыст ныффыссын сочинении. Дæлдæр дæнцæгæн цалдæр скъуыддзаджы).



Ахуыргæнæг (кæсы хатдзæгтæ сæ дзуаппытæн): Алы рæстæмæ дæр йæхи домæнтæ ис. Сонеты лирикон геройы фæрдыг хъæуы сусæгдзинæдтæ райхалынмæ, зонындзинæдтæ байсынмæ. Сымах курут сабырдзинад, æнæниздзинад, хъæздыгдзинад, цæмæй терроризм фесæфа, фæлæ уыдон дæр гуырынц зонындзинæдтæй - зондджын, удыхъæдæй хъæздыг адæймаг нæ уыдзæн давæг, стигъæг, террорист.

Зонындзинæдтæ æнцонæй не 'фтынц къухы, уыдон Дзывгъис, Сафа, Æтхурон, Уацилла нæ ратдзысты, фæлæ сыл хъæуы фæллой кæнын, архайын, байсын сæ хъæуы æрдзæй.

Мæ зæрдæ уын зæгъы бирæ æнтыстдзинæдтæ зонындзинæдтæм зын, фæлæ рæсугъд æмæ кадджын фæндагыл.

Нæ урок мæ фæнды Дзаболаты Хазбийы æмдзæвгæйы рæнхъытæй фæуын:

Дæ хæс егъау æмæ базрзонд у,

Дæ фæндаг - даргъ æмæ дæрзæг.

Зæххыл дæм иу царды бар хауы,

Æмæ у рухс фæндтæ хæссæг!

Бузныг, зæрдиагæй кæй хъуыстат æмæ архайдтат, уый тыххæй.

Рухс фæндæгтыл цæут!

Бæрæггæнæнтæ.

Хæдзармæ куыст: Аивадон мадзæлттæ сонеты;

нывæцæн.









 
 
X

Чтобы скачать данный файл, порекомендуйте его своим друзьям в любой соц. сети.

После этого кнопка ЗАГРУЗКИ станет активной!

Кнопки рекомендации:

загрузить материал