7


  • Учителю
  • Викторина по осетинскому языку (8 класс)

Викторина по осетинскому языку (8 класс)

Автор публикации:
Дата публикации:
Краткое описание: Викторина по осетинскому языку для обучающихся 8 класса.Викторина проводится для нескольких команд. Вопросы викторины начинается с повторения фонетики, лексики и фразеологии.С заданными  словами состовляютя словосочетания и предложения.Отгадываются пословицы и реб
предварительный просмотр материала





Беслæны 7-æм æстæуккаг

скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Елдзарты Нателæ

Викторинæ арæзт цæуы телеуынынады равдыст «Своя игра» -мæ гæсгæ.


Хайад дзы исынц дыууæ командæйы. Арæзт цæуы дыууæ турæй. Командæтæн лæвæрд цæуы фæндæгтæ-темæтæ, алы темæ æмæ дзуаппæн дæр ис аргъ.

(Дзуаппы аргъ уыдзæнис фарстамæ гæсгæ. Аргъ уæлæмæ куы хиза,афтæ фартыстæ дæр вазыгджындæр кæндзыстын).


1 туры фæндаг:


Мыртæ æмæ дамгъæтæ

10

20

30

40

50

Лексикæ

10

20

30

40

50

Фразеологи

10

20

30

40

50


2-аг туры фæндаг:


Хъæлдзæг грамматикæ

20

40

60

80

100

Текст

20

40

60

80

100

Командæтæ радыгай æвзарынц хæслæвæрд. Дзуапп дæттынц дыууæ командæ дæр. Фæлæ фыццаг дзуапп раттыны бар ис командæйæн, кæцы равзæрста фарста.

Блиц куы уа, уæд та дзуапп дæтты командæйæ æрмæстдæр иу скъоладзау. Хъуыды кæнынæн рæстæг нæ цæуы лæвæрд.

Рамбулдзæнис уыцы командæ, кæцы æрæмбырд кæндзæни фылдæр балтæ.

Ис дзы жюри. Уыдон нымайынц балтæ. Зæгъæм:


I командæ II командæ

1 - 10 1 - 0

2 - 30 2 - 30

… …


Темæтæ æмæ хæслæвæрдтæ.


1. Мыртæ æмæ дамгъæтæ.


10 Пырхытæ дамгъæтæ.

Æрæмбырд кæнын дамгъæтæ раст ,цæмæй сæ рауайа 10 цæрæгойы ном: гъæс, азхъ, гъиæрб, сæгау, ккуæыр, рæгъдз, сыф, грææх, ккра, дзуык.


20 Цавд раст æрæвæрын.

Á-бон, á-ба-на, æв-зá-лы, къǽбыла, нóмдар, къýту, гæлæбý, бǽстæ, мǽргътæ, хóтæ.


40 Ребустæ

(Бакæс ребусты дзырдтæ)

(хицæн сыфтыл)


50 Куыд хъæздыг у дæ дзырдуат?


  1. Литературон уацмыс. (жанр)

  2. Сырды ном.

  3. Уаты дзаумайы ном.

  4. Бырынцъаг фæндаг.

  5. Хæрынæн бæзгæ зайæгой.


(кадæг, рувас, кæсæн, кæлæх, кæрог)

2. Лексикæ


  1. Иннæрдæм. Дзырдтæн зæгъут сæ антонимтæ.

кæуын -

хъæбæр -

сбырын -

бæрзонд -

рæсугъд -

сау -

маст -

бадын -

лæппу -


30 Зæгъын хъуыдыйад иу дзырдæй.


  1. Уидаджы разæй цы дзырды хай вæййы, уый. (разæфтуан)

  2. Тæрсгæ чи нæ кæны, æхсарджын чи у, ахæм адæймаг. (хъæбатыр)

  3. Хæдтæхджыты лæууæн бынат. (аэродром)

  4. Адæмы низтæй чи дзæбæх кæны, ахæм адæймаг. (дохтыр)

  5. Хъæддаг цæрæгойтыл чи цуан кæны, ахæм адæймаг. (цуанон)

  6. Кæсаг чи ахсы, ахæм адæймаг. (кæсагахсæг)


20 Блиц. Дзуапп раттут.

  1. Нæ ныхас цæмæй арæзт у?

  2. Æвзаджы æппæт дзырдтæ иумæ куыд хуыйнынц?

  3. Дзырдтæ цал нысанонтæ вæййынц?

  4. Цавæр дзырдтæ сты синонимтæ?

  5. Цавæр дзырдтæ сты антонимтæ?



30 Уыци-уыцитæ

  1. Æнæ фæрæт, æнæ дзæбугæй скæны хæдзар. (цъиу)

  2. Доны мидæг æгас у, сурыл - мард. (кæсаг)

  3. Иу лæгæн 12 фырты. (æфæдз)

  4. Кæрдæг йæ халæг, дур йæ аразæг. (цæвæг)



50 Æмбисæндтæ нывтæм гæсгæ зæгъын. (æвдисын нывтæ)


3. Фразеологи.


30 Базонын, фразеологон дзырдбаст нывмæ гæсгæ.

(æвдисын нывтæ)


40 Куыд æмбарут фразеологон дзырдбæстытæ, кæй кæнæ цæй кой кæнынц?


  1. Хъуыддæгты йæ фындз тъыссы.

  2. Цæлхдуртæ йын æвæры.

  3. Тæрхъусы зæрдæ йын ис.

  4. Æртæ бæласы астæу фæдзæгъæл.

  5. Зæрдæцъæхтæ дзы кæны.


50 Сфæлдыстадон хæслæвæрд.

Фенын кæнын архайдæй, кæнæ та мимикæйы фæрцы:

«Кæцæй мæм æрхаудта?»

«Куыд хæрзад кас у!» ,…

(райсæн ис æндæр исты архайд)

4. Хъæлдзæг грамматикæ.



60 Морфологон шарадæтæ.


1. аппар дзырдтæн сæ фæсæфтуантæ.

  • хъæддаг (хъæд)

  • лыггаг (лыг)

  • хицауад (хицау)

2. аппар дзырдтæн сæ разæфтуантæ.

ныккæсын (кæсын)

сдзурын (дзурын)

фæцæуын (цæуын)

3. аппар дзырдтæн сæ кæрæттæ.

чиныджы(чиныг)

бæласау(бæлас)

хорзæн(хорз)


60 Блиц. Фарстытæн дзуапп раттын.


1. Кæцы хауæнæн ис кæрон -ыл.

2. Ранымай къуырийы бонтæ, сæ нæмттæ сын ма зæгъ афтæмæй - фæрсдзырдтæй. (æндæрæбон, æндæрæбоны размæ, знон, абон, райсом, иннæбон, уый иннæбон)

3. Цы уыдис «райсом», æмæ уыдзæнис «знон»? (абон)


80 «Æнгом бинонтæ» - сты 10 ныхасы хай. Алы дамгъæимæ дæр зæгъут дзырд,цæмæй уа ныхасы хай..

Ч - чызг - номдар

Ф - фæлæ - бæттæг

Р - рæсугъд - миногон

У - уый - номивæг

Б - бадын - мивдисæг

Д - дæс - нымæцон

З - знон - фæрсдзырд

Ц - мах цурæй - фæсæвæрд

Æ - æд хызын - разæвæрд

Гъ - гъæй-джиди! - æвастхъæр


10 Дзырдбыд. «Куыд зоныс ирон литературæ»

Дзырдбыды зиллаччыты кæронæй астæумæ бафыссут ирон фысджыты сфæлдыстадæй уацмыстæ. Дзырдбыд раст баххæстгæнгæйæ астæуæй хицæнгонд зиллаччы бакæсдзыстут: «Къоста «Ирон фæндыр»».

  1. 1.Хетæгкаты Къостайы фыст æмдзæвгæ.

  2. Хъайтыхъты Георы æмдзæвгæ.

  3. Хетæгкаты Къостайы этнографион очерк.

  4. Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæ.

  5. Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæ.

  6. Хъайманты Георгийы фыст радзырд.

  7. Цæрукъаты Алыксандры фыст æмдзæвгæ.

  8. Багъæраты Созыры æмдзæвгæ.

  9. Æхполæтты Дзантемыры фыст æмдзæвгæ.

  10. Цæгæраты Гигойы фыст æмдзæвгæ.


  1. Гаглойты Федыр Захары фырты фæсномыг (псевдоним).

  2. Кочысаты Мухарбеджы фыст æмдзæвгæ.

  3. Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæ.

  4. Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæ.

  5. Боциты Солтаны фыст æмдзæвгæ.

  6. Цæгæраты Гигойы фыст æмдзæвгæ.

Дзырдтæ дзуаппытæн: 1 « Ракæс»;2. «Егъау»; 3. « Особа»; 4. «Фесæф»; 5. «Катай»; 6. «Дзафи»; 7. « Цъити»;

8. « Сæрдæ» ;9 «Амонд»;10. «Цинтæ»;12. «Хъæмæ» 13. «Зонын»; 14. « Додой»; 15«. Куырд»;

16. « Зарæг»..

5 . Текст


80 Блиц .Дзуапп раттын фæрстытæн.


  • Цы у текст?

  • Куыд хуыйны дыууæ адæймаджы ныхас?

  • Цы у монолог?

  • Цы у драмæ?



  1. Дзырдты алы дамгъæтæй саразут ног дзырдтæ.


  • тæрхъус;

  • фæндаг.


100 Ныффыссут хъуыдыйæдтæ, кæцыты дзырдтæ райдайдзысты иугъуызон дамгъæтæй.


Зæгъæм:

Уасæг уæле уæлхæдзарæй уасы.

Карк кæрдæгмæ кæркдонæй кæсы.

(Алчи йæ арæхстмæ гæсгæ дзуры хъуыдыйæдтæ)

100 Адарддæр кæнут радзырд.


Æмбæлттæ сфæнд кодтой Нармæ ацæуын экскурсийы, ….

Хъазт куы фæуа, уæд жюри зæгъдзæни йæ хатдзæгтæ

Командæтæн лæвæрд цæуы грамотæтæ æмæ призтæ.




 
 
X

Чтобы скачать данный файл, порекомендуйте его своим друзьям в любой соц. сети.

После этого кнопка ЗАГРУЗКИ станет активной!

Кнопки рекомендации:

загрузить материал