7


  • Учителю
  • Вне классное мероприятие: 'Литературно - музыкальная композиция посвящённое Дню Осетинского языка и литературы (5-11 классы)

Вне классное мероприятие: 'Литературно - музыкальная композиция посвящённое Дню Осетинского языка и литературы (5-11 классы)

Автор публикации:
Дата публикации:
Краткое описание:
предварительный просмотр материала

Фæсурокты куыст

Зæрдæвæрæны мæйы 15-æм бон - Мадæлон æвзаджы бæрæгбон.

Темæ:

«Æрттив, æхсид, æнусбонтæм æдасæй!

Нæ Ирон Мадæлон æвзаг».

(Литературон - музыкалон равдыст Ирон æвзаджы бæрæгбоны кадæн)


Беслæныхъæуы 2 - æм астæуккаг скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг: - Цхуырбаты Жаннæ -

- Беслæныхъæу , 2013 аз. -


Ахуыргæнæг: - Цхуырбаты Жаннæ. - Фæсурокты куыст

Зæрдæвæрæны мæйы 15-æм бон -Мадæлон æвзаджы бæрæгбон.

Темæ: «Æрттив, æхсид, æнусбонтæм æдасæй!

Нæ Ирон Мадæлон æвзаг».

(Литературон - музыкалон равдыст Ирон æвзаджы бæрæгбоны кадæн. Хъуысы ирон музыкæ «Мæ Ирыстон»)

Разныхас (ахуыргæнæг):

Алыбон æгас нæм цæут нæ зынаргъ уазджытæ! Ацы рæсугъд уалдзыгон бонты æппæт Ирыстоны бæрæг кæнынц Ирон æвзаджы бæрæгбон! Алы ироны зæрдæйæн уый у уæлдай зынаргъдæр, уымæн æмæ, адæймагæн йæ мадæлон æвзаг у йæ цард, йæ сулæфт, йæ зонд, йæ бæллицтæ!

Бæрæгбоны кадæн, не скъолайы ахуыргæнинæгтæ, бацæттæ кодтой литературон - музыкалон равдыст æмæ уын æй зæрдиагæй хæссæм уæ размæ! (Равдысты 2 амонæджы)

1 амонæг

-- Абон куыд Цæгат Ирыстоны, афтæ Хуссар Ирыстоны дæр бæрæг кæнынц Ирон æвзаг æмæ литературæйы бон. Уый равзæрд нæ мадæлон æвзаджы, нæ адæмы фидæныл хъуыды кæнгæйæ æмæ баст æрцыд ирон адæмы æнусон цырагъ «Ирон фæндыр» 1-аг хатт джиппы куы рацыд, 1899 азы зæрдæвæрæны мæйы, уыцы бонимæ.

1898 азы рухæны мæйы 3 бон, Къоста йæ уды цæхæрæй кæй сфæлдыста, зæрдæйæ кæуыл фæрыст, уыцы ирон уацмысты æмбырдгонды 1-аг фарсыл ныффыста: «Ирон фæндыр. Зæрдæйы сагъæстæ, зарджытæ, кадджытæ æмæ æмбисæндтæ». Цалдæр мæйы фæстæ 1899 азы 26 майы (зæронд нымадæй) уыцы чиныг федта рухс æмæ барджынæй бахоста алы ирон хæдзар дæр.

Къостайы «Ирон фæндыр» бирæты ракæсын кодта сæ цæстытæй. Ирон фæллойгæнæг адæм дзы федтой сæхи, сæ бинонты, сæ зонгæты , сæ хъæубæсты цард. Ирон лæг дзы федта йе фхæрджыты, йæ фарсхæцджыты фæлгонцтæ. Йæ зæрдæмæ йын ныккæсын кодта рухсы цъыртт, бауагъта дзы ныфс, баууæндын æй кодта йæ рухс фидæныл. Ирон адæмæн «Ирон фæндыр» ссис тырыса йæ дзыллæйы сæраппонд, рæстдзинадыл тохы. Сæ фæстагæттæн та - размæ, рухсмæхонæг æнусон цырагъ!

2 амонæг.

Нæ фыдæлтæй нын хорзæй цы баззад, уыдон сты: ирон æвзаг, ирон фарн æмæ æгъдау. Ирон æвзаг нæ фæхицæн кæнын нæ уадзы нæ даргъ æмæ уæрæх, сæрыстыр кæмæй стæм, уыцы историйæ. Нæ ирон фарн нæ удыхъæды адæймагуарзондзинады æмæ нæ рæстдзинады, ирон æгъдау нæ бæты кæрæдзийыл. Æртæ дæр стыр ахъаз сты нæ иудзинадæн, фæлæ сæ сæйрагдæр у - æвзаг.

Мадæлон æвзаг у адæмы фарн æмæ æгъдау иу фæлтæрæй иннæмæ адæттыны сæйрагдæр фæрæз. Æвзаджы хъысмæт у адæмы хъысмæт. Адæмы ( фидæн баст у йæ æвзаджы фидæнимæ. Уый æнкъаргæйæ, зонгæйæ æмæ йыл мæт мæт кæнгæйæ абон бæрæг кæнæм ирон æвзаг æмæ литературæйы бон.

1 амонæг.

Бæрæгбон адæмы цардæй равзæргæ у. Цæуылдæриддæр æнцой кæны, уыдон сты адæмы удыхъд, зонд æмæ æрхъуыдыдзинад. Йæ бæрæгбон чи куыд кæны, уый дзурæг у йæ культурæйыл, йæ зондахастыл. Ирон æвзаг æмæ литературæйы бæрæгбон дæр равзæрд цардæй, æмæ йæ нæ фидæныл хъуыды кæнгæйæ, схорз, срæсугъд, саив кæнæм нæ адæмы удыхъæдæй, нæ зонд, нæ фарнæй.

Уадз ирон æвзаг хъуыса æнустæм зæххыл!!

(Хъуысы фæндыры цагъд, фæсценæйæ ахуыргæнæг кæсы Гусалты Замирæйы æмдзæвгæ «Ирон æвзаг» , йæ хæд фæстæ кафт «Симд» , кæнæ «Хонгæ», зарæг «Терчы бабызтæ»-йы мелодимæ гæсгæ)

2 амонæг.

Ирон æвзаг рагон æмæ тынг рæсугъд æвзаг у. Стæй йæм куы хъусай, уæд ын æвæджиауы мелоди ис, æмæ йын куыд ис æнæ уарзгæ. Мады царды мидæг ферохгæнæн ис? Нæй. Уæдæ, мадæлон æвзаг дæр мадæлон уымæн хуыйны, æмæ мады ад кæй кæны, æмæ йын нæй ницы хуызы рохгæнæн. Йæ фыдæлты зæххыл цæргæйæ йæ мадæлон æвзаг чи нæ зоны, къахæй йыл æддæмæ чи хæцы, уыдон та сты адæмы худинаггæнджытæ.

Нæ Ирыстоны ис бирæ зындгонд адæм. Уыдон æппæт дунейыл айхъуысын кодтой ирон адæмы кад. Мах сæрыстыр стæм Абайты Васойæ, Плиты Иссæйæ, Тæбæхсæуты Балойæ, дирижёр Гергиты Валерийæ, Дудараты Верæникæйæ.

Уæдæ ирон æвзаджы рæзтæн саргъгæнæн кæмæн нæй, ахæм лæггад бакодтой стыр а хуыргæндтæ : Андрей Шегрен, Всеволод Миллер, Жорж Дюмезиль, Максим Ковалевский, Ахвледиани, Фрейман, Соколова æмæ æнд. ( Фæндыры зæлтимæ скъоладзау кæсы æмдзæвгæ : а) «Ирон дзырд» (Чеджемты Æхсар) æ) Зарæг «Мæ уарзон Ирыстон» (сывæллæтты къорд)

1 амонæг.

Алы адæмыхаттæн дæр ис йæхи æвзаг, истори , æгъдæуттæ. Ирон адæмы истори - цымыдисаг, æгъдæуттæ - кадджын. Зындгонд дагестайнаг поэт Расул Гамзатов кæддæр зылдис хъæутыл æмæ æмбырд кодта æлгъыст ныхæсты. Стæй дзы равзæрста æппæты карздæр æлгъыст : «Ферох кæн дæ мадæлон æвзаг!» Æмæ цæмæй нæхи ацы æлгъыстæй бахизæм, уый тыххæй алы ирон хæдзары дæр хъуамæ хъуыса ирон ныхас.

( Хъуысы фæндыры цагъд, скъоладзау кæсы: а) Габолаты Ерыстауы æмдз. «Мадæлон æвзаг», æ) йæ фæстæ чызг цæгъды пианинойыл - «Ирон этюдтæ»

2 амонæг.

Алы ирон адæймаг дæр хъуамæ арф ныссагъæс кæна нæ нацийы хъысмæтыл æмæ хи уды къоппайæ нацийы сæр уæлдæр æрæвæра. Нацийы уд æмæ цæсгом сты : мадæлон æвзаг, аивад æмæ культурæ. Æмæ алы иронæн дæр йæ хæс у уыдонæн аргъ кæнын. Сусæггаг нæу, азæй - азмæ къаддæр кæй кæны, иронау дзурын чи зоны, уыдоны нымæц. ( Фæндыры зæлтимæ скъоладзау кæсы: а) Хъайтыхты Азæмæты æмдз. «Мадæлон æвзаг», æ) Дыууæ скъоладзауы фæндырыл цæгъдынц «Эльбрус…» б) «Чызджыты кафт», зарæг «Ихджын дæ, ихджын , суадон» - ы музыкæйы мелодимæ гæсгæ.

1 амонæг.

Ирон адæмы иу хай Туркмæ куы алыгъдысты, уæдæй абонмæ рацыд дыууæсæдæ азæй фылдæры бæрц. Уым иронау нæдæр газет æмæ чингуытæ цæуы, нæ радио, уынджы та туркаг æвзаг йеддæмæ (афтæ зæгъынц!) æндæр æвзагыл дзурыны бар нæй. Фæлæ стыр диссагæн, абоны туркаг ирæттæ мадæлон æвзаг махæй сыгъдæгдæр зонынц. Уымæн æмæ бинонты хистæр йæ кæстæртæн хæдзары, уынджы туркаг æвзагыл дзурыны бар нæ дæтты. Уый махæн у ирд æвдисæн мадæлон æвзаджы рæсугъд уидæгтæ бахъахъхъæнынæн.

Нæ мадæлон æвзаг куы ферох кæнæм, уæд мах уыдзыстæм хъуыдыйæ мæгуыр æмæ æмыр. Раст загъта уырыссаг фыссæг Ушинский : «Адæмæн се взаг куы фесæфа, уæд сæхæдæг дæр нал уыдзысты». Уымæн та æруадзæн нæй!

а) Равдисын сценкæ «Ладимхан», æ) Къадзаты Станиславы æмдз. «Нæртон бæллиц». б) «Баллаты Валодяйы зарæг»


2 амонæг.

Нæ зынаргъ уазджытæ! Уалдзæг у фарн æмæ амондхæссæг, æмæ уалдзыгон хуры фæндæгтау уæ фæндæгтæ мин азы фидар æмæ рухс уæнт!

Лæгæн Фыдыбæстæ æмæ Райгуырæн зæххæй зынаргъдæр ницы ис. Искæй артмæ хи тавын зын у. Æнæ хи адæм, æнæ хи культурæ адæймаг у састбазыр маргъы хуызæн. Хи культурæйæн та йæ рахæцæн мадæлон æвзаг у! Алыхуызон адæмтимæ у нæ цард, æмæ кæрæдзи куыд æмбарæм, æмдзæрин куыд баззайæм, ууыл архайын хъæуы.

1 амонæг.

Ирыстон - нæ удлæууæн, не фсарм, нæ мæт æмæ нæ катай. Мадæлон æвзаг - ныййарæг мадау адджын у. Ирон æмбисонд афтæ у: «Лæгæн йæхи базыртæ куынæ уой, уæд искæй базыртæй базырджын не суыдзæн». Уымæ гæсгæ не ппæт уавæртæ дæр аразын хъæуы уымæн, цæмæй алчидæр тырна йæ фыдæлты кад уæлдæр кæнынмæ. Уый у зын, фæлæ æнæмæнг сæххæст кæнын кæй хъæуы, ахæм хæс.

Нæ тых ис иудзинады, æмæ Сæнайы хохау фидар уæд нæ хæлардзинад!

2 амонæг.

Историйы гуылфæнтæ Ирыстоны дыууæ дихы фæкодтой, фæлæ дыууæ Ирæн иу зæрдæ ис, иу æнкъарæнтæ дзы абухынц цины дæр, масты дæр, фыдохы дæр. Дыууæ Ирæн иу истори, иу культурæ, иу хъысмæт, иу фидæн ис, æмæ уый кддæриддæр зæрдыл дарын хъæуы.

Фæндыры зæлтимæ скъоладзау кæсы : а) æмдз. « У махæн арвау стъалыджын нæ дзырдуат», æ) Балалайкæйыл цагъд, б) Тайсаты Оледжы зарæг «Бирæ нын цæрай , нæ Ирыстон»

1 амонæг.

Ирон адæм историйы фæзилæнты фæтар уыдзысты, хи дарыны куырыхон æгъдæуттæ куы ферох кæнæм, мулк æмæ хъæздыгдзинад царды стырдæр хорзæхыл куы нымайæм, уæд.

Уымæ гæсгæ махæн уæлдай аудинагдæр сты нæ мадæлон æвзаг, нæ фыдæлты æгъдæуттæ æмæ нæ адæмы хъæздыг культурæ. Нæ кæстæртæ сты нæ ныфс, нæ сомбон, æмæ нæ алкæйы къонайы зынг дæр фæлтæрæй - фæлтæрмæ рæсугъдæй æрттивæд!

Фæндыры зæлтимæ скъоладзау кæсы: а) Тасойты Роберты æмдз. «Ирон æвзаг, ирон фарн», æ) Пианинойыл цагъд ( ирон мелодитæ), б) Кочысаты Мухарбеджы æмдз. « Мæ фæндырмæ».

2 амонæг.

Зæгъын хъæуы уый, æмæ, не взаг канд нæ цин нæ, фæлæ нæ мæт дæр кæй у. Æмæ кæд бæрæгбоны уæлахизтæ æмæ цинтыл дзурын тынгдæр фидауы, уæддæр зæгъын хъæуы : не взаг ма, цыма, цинагæй дæр нырма мæтаг тынгдæр у, æмæ йыл афæдзы дæргъы, цин иу бон куы фæкæнæм, мæт та йыл уымæй хъуамæ æрвылбон фылдæр кæнæм. Фæлæ хъыгагæн, уый афтæ нæма у.

Дзурæм : ирон æвзаг Елхотæй дарддæр нæ хъæуы, зæгъгæ. Кæд нæхæдæг нæхи бамбарæм, не взагæн цы нысаниуæг ис, уæд нæ фесæфдзæн, æмæ мах дæр куыд адæм, афтæ. Хъуыддаг уыдзæн æвзæр, иу боны бæрæгбоныл куы банцайа, уæд. Иу боны бæрæгбон ницы у, алыбон дæр хъуамæ уа ирон лæгæн æвзаджы бæрæгбон.

Фæндыры зæлтимæ скъоладзау кæсы : а) Чеджемты Георы æмдз. «Мæ мадæлон æвзаг», æ) Балалайкæйыл цагъд, б) Ирон кафт гимнастикæйы элементтимæ (2 чызджы),

1 амонæг.

Нартæм фæндыр куы фæзынд - фæндыр та у æвзаг, аивад, историйы символ, уæд загътой : нæхæдæг куынæуал уæм, уæддæр нæ фæндыр уæд, æмæ уæд нæ ном æнусты цæрдзæн. Нарт æмæ даредзантæ уынаффæ кæнынц: хорзæй цы ныууадзæм нæ фæстагæттæн. Æмæ загътой: фыццаджыдæр - не взаг. Уый куы нæ уа, уæд кæрæдзи нал æмбардзыстæм æмæ дунейы кæрæтты ныдздзæгъæлтæ уыдзыстæм. Хуыцау нæ уымæй бахизæд!

а) Скъоладзау кæсы æмдзæвгæ «Мæ фæндырмæ», æ) Зарæг «Мæ Ирыстон»,


(Кæронбæттæн. Равдысты амонджытæ иумæ сценæйыл, хъуысы ирон зарæджы мелоди) 2 амонæг.

Бæрæгбоны фæдыл ныхас арфæтæй фидауы, æмæ арфæ кæнæм нæ адæмæн йæ кадджын бæрæгбоны фæдыл. Не взагыл зæрдиагдæрæй æмæ фылдæр куыд аудæм, куыд æй хъахъхъæнæм æмæ йæ куыд рæзын кæнæм. Зæрдиагдæрæй йæ куыд а хуыр кæнæм, нæ адæмы нымæц, иронау дзурджытæ, иронау фысджытæ азæй - азмæ фылдæр куыд кæной, Къостайау не взаг, нæ адæмы кад бæрзонддæр куыд исæм!

1 амонæг.

Амондæй хайджын ут уе ппæт дæр! Нæ Райгуырæн зæхх дидинæг калæнт цъæх арвы бын!

(Кафт « Симд», зарæг «О хæхтæ, хæхтæ» - йы мелодийыл ,

кафы скъоладзауты къорд)

Фæсныхас ( ахуыргæнæг).

Уæдæ, ууыл, нæ литературон - музыкалон равдыст, кæцы арæзт æрцыдис Мадæлон æвзаджы кадæн - ахицæн. Ацы равдысты зæрдиагæй чи бакуыста, уыдонæн се ппæтæн дæр мæ зæрдæ зæгъы стыр бузныг, арфæйаг уæнт!

Нæ зынвргъ уазджытæ. Бузныг, уæ рæстæг кæй нæ бавгъау кодтат æмæ йæ махимæ кæй арвыстат. Уæ фидæн рæсугъд æмæ амондджын уæнт! Нæ фыдæлтæй нын хорзæй цы баззад, уыдон сты: ирон æвзаг, ирон фарн æмæ æгъдау, æмæ нын ацы хæзнатæ æнусон уæд!

Æрттив, æхсид, æнусбонтæм æдасæй! Нæ Ирон Мадæлон æвзаг!






 
 
X

Чтобы скачать данный файл, порекомендуйте его своим друзьям в любой соц. сети.

После этого кнопка ЗАГРУЗКИ станет активной!

Кнопки рекомендации:

загрузить материал