7


  • Учителю
  • Урок на тему Мастер осетинского слова, первый осетинский художник - Коста Хетагуров

Урок на тему Мастер осетинского слова, первый осетинский художник - Коста Хетагуров

Автор публикации:
Дата публикации:
Краткое описание:
предварительный просмотр материала

7-æм кълас. 2016.



Урочы темӕ: «Аив ирон дзырды дӕсны, фыццаг ирон нывгӕнӕг-

Хетæгкаты Къоста».

</ Нымӕцонты растфыссынад.





Урочы нысан:

  • скъоладзауты ныхасы рӕзтыл бакусын, ахуыр сӕ кӕнын сӕ хъуыдытӕ раст авдисын;

  • Къостайы сфӕлдыстадыл ӕрдзурын;

  • Къоста курдиатджын нывгӕнӕг кӕй уыдис, ууыл лӕмбынӕг ныхас кӕнын;

  • уарзондзинады ӕнкъарӕнтӕ сӕвзӕрын кӕнын Ирыстонмӕ;

  • нымӕцонты растфыссынад бацамонын.



Урочы эпиграф:

«Зӕххыл дын нал баззад кӕнинаг,

Дӕ мӕсыг амайын фӕдӕ…»



Урочы фӕлгонц: презентаци, музыкӕ, интерактивон фӕйнӕг, нывтӕ.



Урочы цыд:



  1. Бацӕттӕгӕнӕн рӕстӕг.

Ахуыргӕнӕг: - Уӕ бон хорз, сывӕллӕттӕ.

Скъоладзаутӕ: - Ӕгас цӕут, нӕ уазджытӕ.



  1. Рацыд ӕрмӕг зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнын.

1. Беседӕ:

  • хӕххон адӕм цавӕр уавӕрты цардысты?

  • цы куыст кодтой хохаг адӕм?

(фосы куыст, зӕххы куыст)

  • цавӕр хӕринӕгтӕ кодтой ӕхсырӕй?

(цыхт,дзыкка, сир, нӕлхӕ,къӕдор)

  • цӕмӕй кодтой чъиритӕ?

(картофӕй, цыхтӕй, фиуӕй, къӕдорӕй, хъӕдурӕй, насӕй,

цӕхӕрайы сыфтӕй, давонӕй, футӕгӕй).

  • абон та адӕм куыд цӕрынц?

(райдзаст, хъарм, хӕдзӕртты.)



2. Ахуыргӕнӕг:

Зӕгъут-ма, уа зӕрдыл уӕлдайдӕр цы бадардтат рацыд ӕрмӕгӕй?



1-аг скъ цины фынгыл ӕвӕрӕм 3 чъирийы

2-аг скъ хъыджы-фынгыл та-дыууӕ

3-аг скъ бӕгӕн кӕнынц зад ӕмӕ хуымӕллӕгӕй

4-аг скъ фыццаг бӕгӕны Нарты кадджытӕм гӕсгӕ скодта Сатана.



Слайд:



«Цӕл кӕнын куы уарзай, уӕр кусын дӕр уарз»



Ахуыргӕнӕг: Ахъуыды кӕнӕм ӕмӕ бамбарын кӕнӕм ӕмбисондӕн йӕ хъуыды.

Скъоладзау.

1-аг скъ. Адӕймаг хъуамӕ уа куыстуарзаг.

2-аг скъ. Магуса, ӕввонгхор у ӕгад.

3-аг скъ. Адӕймаг хъуамӕ цӕра йӕхи фӕллойӕ.



  1. Ног ӕрмӕгыл куыст-

Ахуыргӕнӕджы ныхас:



«Æз дзыллæйæ къаддæр куы дарин,

Куы бафидин искуы мæ хаес,

Уæд афтæ æнкъардæй нæ зарин,

Нæ хъуысид мæ кæуынхъæлæс…»

Къоста



Куыд бӕмбӕрстат, ӕфтӕмӕй абон мах нӕ урочы ныхас кӕндзыстӕм, сӕрыстыр ӕмӕ буц кӕмӕй стӕм, уыцы курдиатджын фысссӕг Хетӕгкаты Къостайы сфӕлдыстадыл.

Слайд. Фарста. Загъут-ма, сывӕллӕттӕ, чи уӕ радзурдзӕн Къостайы тыххӕй.

1-ац скъ: ӕз зонын Хетӕгкаты Къостайы. Уый у ирон ӕвгаг ӕмӕ литературайы бындурӕвӕрӕг, фыссӕг,нывгӕнӕг, адӕмы бартыл тохгӕнӕг.



Ахуыргӕнӕг: Тынг хорз дзуапп раттай.

Ӕмӕ цӕуыл тох кодта Къоста?

(Адӕмы рухс фидӕныл)

2-аг скъ: Уӕды рӕстӕджы адӕм уыдысты талынг, гӕвзыкк ӕмӕ мӕгуыр.



Ахуыргӕнӕг: Цы нысан кӕны, сывӕллӕттӕ, «Талынг» ?

Скъ: Нӕ сӕм уыд ахуырдзинад, скъолатӕ, ӕнӕахуыр адӕймаг та у «талынг»



Ахуыргӕнӕг: -Байхъусӕм ӕмдзӕвгӕ «Сидзӕргӕс» -ӕй скъуыддзагмӕ.



«Артдзæсты кæрæтты,

Фæныкмæ æнгом

Бадынц сывæллæттæ, -

Чи бæгънæг, чи гом…

Уазал æмæ стонгæй

Бирæгъ дæр тæрсы, -

Удхæссæг æввонгæй

Ахæмты хæссы…»



Ахуыргӕнӕг: Къоста сидтис адӕммӕ тохмӕ хӕдхӕцӕг паддзахады ныхмӕ иумӕ растын, тырныдта цӕмӕй иумӕ кӕрӕдзи ӕмбаргӕйӕ растой сӕ бартыл:

«БАЛЦЫ ЗАРÆГ



Цæйут, æфсымæртау,

Радтæм нæ къухтæ

Абон кæрæдзимæ,

Иры лæппутæ!..



Скæнæм нæ тырыса

Дзыллæйы номæй.

Рухсмæ æнæзивæг

Цомут æнгомæй!..



Растдзинад уарзынæй

Скæнæм нæ фæндаг...

Гъе, мардзæ, магуса!

Фесæф, нæуæндаг!..»



Слайд «Къостайы лӕвар»

Чи у, чи нӕм кӕсы къамӕй?

Чи у уыцы хӕрзконд лӕг?

Уый, сывӕллӕттӕ, Къоста у.



Ахуыргӕнӕг: Къоста Иры дзыллӕйӕн балӕвар кодта 1881 азы «Ирон фӕндыр»

Ахуыргӕнӕг: Дарддӕр кусӕм чиныгимӕ.

Слайд. Нары хъӕу.

Урок на тему Мастер осетинского слова, первый осетинский художник - Коста Хетагуров



Урок на тему Мастер осетинского слова, первый осетинский художник - Коста Хетагуров





Ирыстоны рӕссугъддӕр ӕмӕ рагондӕр кӕмттӕй иу Уӕлладзыры ком.

Уӕлладжыры хъӕутӕй иу у Нар. 15 октябры 1859 азы ам райгуырдис ирон адӕмы уарзон хъӕбул -Хетӕгкаты Леуаны фырт Къоста. Йӕ сабибонтӕ уыдысты уӕззау. Мады рӕвдыд нӕ баззыдта. Фӕлӕ уыд фӕразон, хӕлардзӕрдӕ. Ныффыста бирӕ ӕмдзӕвгӕтӕ сывӕллӕттӕн. Зӕгъӕм, «Лӕгау», «Скъолайы лӕппу», «Уасӕг», «Гино», «Дзывылдар».

Ахуыргӕнӕг: Сымах та цавӕр ӕмдзӕвгӕтӕ зонут?

1-ац скъ. ӕмдзӕвгӕ «Фсати»

2-ац скъ. ӕмдзӕвгӕ «Ныстуан»

3-ац скъ. ӕмдзӕвгӕ «Дзывылдар»

4-ац скъ. ӕмдзӕвгӕ «Чи дӕ?»



Текстимӕ куыст:

  1. Дзырдуатон куыст фӕйнӕгыл.

  2. Аудирование.

  3. Ахуыргӕнӕджы аив каст.

  4. Скъоладзаутӕ кӕсынц текст.

  5. Фӕрстытӕн дзуапп раттын.

  6. Грамматикон хӕслӕвӕрд:

  • ссарын нымӕцон?

  • цы хонӕм нымӕцон?

  • нымӕцон цавӕр фарстӕн дӕтты дзуапп?

  • цахӕм нымӕцонтӕ зонут?

Хатдзӕгтӕ скӕнын:

Фарст:- Цӕуыл ныхас кодтам абон нӕ урочы?

Скъоладзау: -Нӕ урочы ныхас кодтам Хетӕгкаты Къостайы тыххӕй.

Фарста: Нӕ урочы темӕ куыд хуыйны?

Скъоладзау: Нӕ урочы темӕ у Хетӕгкаты Къостайы сфӕлдыстад.

Фарста: Кӕм райгуырдис Къоста?

Скъоладзау: Цавӕр уавӕрты хъомыл кодта сидзӕр лӕппу?

Фарста: Чи уыд Къостайы фыд?

Скъоладзау: Хетæгкаты Леуан, паддзахы офицер.



Ахуыргӕнӕг: Къоста уыдис канд поэт нӕ, фӕлӕ ма курдиатджын нывгӕнӕг дӕр. Уый ахуыр кодта Бетъырбухы аивӕдты академийы. Къоста ахуыр котда Репин, Суриков, Васнецов, Серовимӕ.



Слаид. Костайы нывтӕ:



«Мады ныв», «Дондзау», «Дурсӕттӕг сабитӕ», «Хъодыгонд зӕд», «Ӕрдзон хид», «Зикъарӕйы хид».



Урок на тему Мастер осетинского слова, первый осетинский художник - Коста Хетагуров





















































Урок на тему Мастер осетинского слова, первый осетинский художник - Коста Хетагуров



Урок на тему Мастер осетинского слова, первый осетинский художник - Коста Хетагуров



Урок на тему Мастер осетинского слова, первый осетинский художник - Коста Хетагуров

























Урок на тему Мастер осетинского слова, первый осетинский художник - Коста Хетагуров





















Урок на тему Мастер осетинского слова, первый осетинский художник - Коста Хетагуров





Йӕ нывтӕ ист сты хохаг цардӕй, дзурӕг сты адӕмы уӕззау цардыл.

«Дурсӕттӕг сабитӕ»-йы ӕвдыст цӕуынц дыууӕ хохаг лӕппуйы. Уыдон сты скъуыдтӕ дарӕсы, фӕллад, ӕххормаг.

Ныв «Дондзау» - сылгоймагӕн ис мынӕг цӕстытӕ, ӕнкъард, тыхст. Уӕззау цардӕй ӕфхӕрд.

Ныв «Хъодыгонд зӕд» - сыгъдӕг цӕстытӕ, рӕстдзинадыл тохгӕнӕг, фӕллад, тыхст, иунӕгӕй зындзинӕдты ныхмӕ тохы йæ сыгъдӕг уд бафӕллад.

Ныв «Мады ныв» - уӕлдай цымыдисагдӕр та у йӕ мады ныв. Уынгӕ йӕ никуы фӕкодта, къам ын нӕ баззад, афтӕмӕй йын, адӕмы ныхӕстӕм гӕсгӕ ӕмӕ йӕ зӕрдӕ куыд дзырдта, уымӕ гӕсгӕ ныффыста йӕ сурӕт. Йӕ мады йын чи зыдта, уыдон куы федтой ныв, уӕд сӕ дисӕн кӕрон нал уыд,-бынтон йӕхи хуызӕн рауад.



Ахуыргӕнӕг: Слайд: Бакӕсӕм ма ацы ныхӕстӕ, сывӕллӕттӕ.



«Къоста нывкӕнынады «Дурсӕттӕг сабитӕ»-йы йеддӕмӕ куы ницы скодтаид, уӕддӕр нымад ӕрцыдаид ирон нывкӕнынӕды бындурӕрӕгыл »

Тугъанты М.

Ахуыргӕнӕг: Раст уӕм кӕсы зынгӕ нывгӕнӕг Тугъанты Махарбеджы хъуыды? Сымах та куыд хъуыды кӕнут ацы цымыдисаг нывтыл, цавӕр ӕнкъарӕнтӕ уӕм сӕвзӕрын кодтой?

Скъоладзау: Уарзондзинад ӕфхӕрд ӕдӕммӕ.

Скъоладзау: Диссаджы рӕсугъд ӕрдз.

Скъоладзау: Тырнындзинад адӕмы бартыл тох кӕнынмӕ.



Скъоладзаутӕ бацӕттӕ кодтой цыбыр ӕрфыстытӕ карточкӕтыл.

1-аг карточкӕ: Къоста тох кодта ӕфхӕрд адӕмы бартыл.

2-аг карточкӕ: Цалдӕр хатты хаст ӕрцыдис дард Херсонмӕ.

3-аг карточкӕ: Уӕззау уавӕрты фӕрынчын ӕмӕ амард Лабӕйы 1906 азы.

4-ӕм карточкӕ: Къоста ныгӕд ӕрцыд цытимӕ ирон аргъуаны кӕрты.



Ахуыргӕнӕджы ныхас:

Къоста уыд ирон адӕмы Прометей. Йӕ уды цӕхӕрӕй батавта адӕмы зӕрдӕтӕ.

Йӕ уӕрзондзинадӕй срухс кодта царды фӕндӕгтӕ фидӕны цардмӕ. Ныфс бауагъта.



Слайдтӕ. Бакӕсӕм цитатӕтӕ Къостайы тыххӕй.



1-аг слайд. «Азтӕ куыд фылдӕр цæуынц,

Афтӕ Къоста мӕ цӕсты кӕны

Кадджынӕй-кадджындӕр»

Абайты В.



2-аг слайд. «Къоста йӕхи радта цардӕн,

Ӕмӕ йын цард дӕр радта адӕмы

Хорзӕх, æнусон кад ӕмӕ цыт»

Нигер



3-аг слайд. Кӕсгон поэт Бешал Кушаевы ӕмдзӕвгӕйӕ «Кӕсӕг дӕу сӕ хъӕбул хонынц»



4-æм слайд. «Хетӕгкаты Къоста - ирон адӕмы Леонардо да Винчи…»

А. Фадеев.

Хӕслӕвӕрдтыл бакусын.

  1. Сраст кӕн дзырдтӕ:

Ныфтӕ-

Сывӕлӕтӕ-

Фысӕг-

Ӕмзӕвгӕ-

Ӕвӕцӕгӕн-



  1. Базон ӕмдзӕвгӕ:

«Фест райсомӕй лӕгау». («Лӕгау»).

«О, уасӕг, уасӕг!» («Уасӕг»).

«Дӕ фыдӕлтӕ рухсаг» («Хъазтӕ»).

«Бады арты уӕлхъус

Иу саударӕг ус» («Сидзӕргӕс»).



  1. Ӕмдзӕвгӕ «Лӕгау»-мӕ гӕсгӕ фӕнысан кӕн раст вариант.

Фест райсомӕй… Ныхс сапонӕй…

А) чызгау; А) мӕхи;

Ӕ) лӕгау; ӕ) йӕхи;

Б) лӕппуйау. Б)дӕхи.



Зондамонӕгмӕ… Зӕрдӕхъӕлдзӕгӕй…

А) ма хъус; А) кӕс;

Ӕ) хъус; Ӕ) кус;

Б) кӕс. Б) ма кус.



Грамматикон куыст. Нымӕцон.

Предметтӕн сӕ бӕрц, сӕ рӕнхъӕвӕрд цы ныхасы хай февдисы, уый хуыйны нымӕцон.

Нымӕцонтӕ сӕ нысӕниуӕгмӕ гӕсгӕ вӕййынц:

бӕрцон (иу,дӕс, сӕдӕ)

рӕнхъон (дыккаг,дӕсӕм)

мурон (ӕртӕ дӕсӕм хайы)

дихон(дыгай,дӕсгай)



Рӕнхъон нымӕцонтӕ арӕзт цӕуынц, бӕрцон нымӕцонтӕм фӕсӕфтуан æм- ӕфтаугӕйӕ (фыццӕгӕм, дыккӕгӕм). Цалдӕр нымӕцонмӕ та фӕсӕфтуан -аг (дыккаг, фыццаг).



Хатдзӕгтӕ скӕнын:



-Цы базыдтам абон нӕ урочы?

-Уӕлдайдӕр уӕ зӕрдыл цы бадардтат?

-Цахӕм ӕнкъарӕнтӕ уӕм сæвзӕрын кодтой Къостайы ӕмдзӕвгӕтӕ?

-Цавӕр царды нывтӕ ӕвдисынц йӕ нывтӕ?

-Кӕд ӕмӕ кӕм райгуырдис Къоста?

-Чи схъомыл кодта Къостайы?

-Цы хонӕм нымӕцон?

-Къоста цавӕр чиныг ныффыста?



Бӕрӕггӕнӕнтӕ сӕвӕрын.

Кӕронбӕттӕн.

Къостайы фӕрцы дунейы дзыллӕтӕ базыдтой Ирыстон ӕмӕ йӕ адӕмы.

Уый радта адӕмӕн йӕ курдиат, йӕ уды хъарм, йӕ зӕрдӕ.

Къоста у Ирыстоны ном ӕмӕ кад, йӕ зонд ӕмӕ йæ уд, йе `хсар ӕмӕ йе `гъдау. Уымӕ гӕсгӕ Къостайы райгуырӕн бон ссис Ирыстоны адӕмӕн кады бӕрӕгбон.

Ӕнустӕ цæудзысты, Къостайы ном та кӕндзӕнис кадджынӕй-кадджындӕр, намысджынӕй-намысджындӕр.

Хӕдзармӕ куыст:

  1. Ног дзырдтӕ зӕрдыл бадарын.

  2. Ӕмдзӕвгӕ сахуыр кӕнын Къостайы сфӕлдыстадӕй.

  3. Дзуапп раттын фӕрстытӕн.

  4. Нымӕцонтимӕ дзырдбӕстытӕ скӕнын.









 
 
X

Чтобы скачать данный файл, порекомендуйте его своим друзьям в любой соц. сети.

После этого кнопка ЗАГРУЗКИ станет активной!

Кнопки рекомендации:

загрузить материал