7


  • Учителю
  • Урок 'Хъуыдыйады амхуызон уангта'

Урок 'Хъуыдыйады амхуызон уангта'

Автор публикации:
Дата публикации:
Краткое описание:
предварительный просмотр материала

Гом урочы конспект ирон ӕвзагӕй. 8 кълас


Урочы темæ. «Ирыстон - нæ зарæджы сæр».


Грамматикон темӕ : Æмхатдзæггæнæн урок хъуыдыйады æмхуызон уæнгтæй.


Урочы нысан:


1. Рацыд æрмæг хъуыдыйады уæнгтæй зæрдыл æрлæууын кæнын.


2. Бакусын ныхасы рæзтыл.


3. Скъоладзауты зæрдæты æвзæрын кæнын уарзондзинад Райгуырæн зæхмæ, нæ Иры рæсугъд æмæ хъæздыг æрдзмæ.


Урочы фæлгонц: экраныл презентациты хуызы нывтæ Ирыстоны æрдзимæ, Ханты цагъд, зарæг «Мæ Ирыстон», Зарæг «Уый у мæ Ирыстон», Бехъаны æрдзы нывты компьютерон равдыст, презентаци «Иры зындгонд хъæбултæ».


Урочы эпиграф:

Ды искуы федтай дидинæфтыд фæзтæ,

Æгæрон хъæдтæ, зад мæнæуы хуым?

Уый у мæ Ир, мæ райгуырæн хæхбæстæ,

Зæххы фидауц, Дунейы фарны къуым!


Баситы М.

Урочы цыд.



I. Бацæттæгæнæн рӕстӕг.

1. Ахуыргæнæг:

- Уæ бон хорз, сывæллæттæ.

Абон нæм уазджытæ ис, уазæг та хуыцауы уазæг у, фæзæгъынц Ирыстоны, æмæ сын «æгас цæут» зæрдæбынæй зæгъут (скъоладзаутæ æркуывтой сæ сæртæй).


2. Ахуыргӕнӕг кӕсы Баситы М. ӕмдзӕвгӕ, урочы эпиграф (экраныл презентаци «Ирыстоны æрдз», Ханты цагъд).

-Цӕуыл дзурдзыстӕм абон на урочы? Фарны къуым цы хоны Баситы М.?

(Скъоладзауты дзуӕппытӕ)

- Куыд бамбæрстат, афтæмæй абон нæ урочы ныхас кæндзыстæм, сæрыстыр æмæ буц цæмæй стæм, æрцæуæг адæмы дисы цы бафтауы йæ рæсугъддзинадæй, аргъауы бæстæ кæй хонынц, уыцы Ирыстоныл, нæ Фыдыбæстыл.

Абон нæ размæ цы хæстæ ис, уыдонæй та иу у хъуыдыйады æмхуызон уæнгтæ сфæлхат кæнын.


3. Нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм рацыд æрмæг хъазты хуызы «Чи лæмбынæгдæр у?».

(Ахуыргæнæг барæй рæдыдтытимæ дзуры раиртæстытæ рацыд æрмæгæй. Сывæллæттæ лæмбынæг хъусынц æмæ раст кæнынц ахуыргæнæджы).


1) Кæрæдзийыл баст сæйраг æмæ дæлбар дзырдтæ иумæ хуыйнынц хъуыдыйад (дзырдбаст).


2) Зæгъинаг у, хъуыдыйады мидæг цы предметы тыххæй дзурæм, уый æвдисæг сæйраг уæнг (сæйрат).


3) Бæрæггæнæн хонæм ахæм хъуыдыйады фæрссаг уæнг, кæцы нысан кæны предмет æмæ дзуапп дæтты хауæнты фæрстытæн (æххæстгæнæн).


4) Предметы хъæд, хуыз, рæнхъæвæрд, предмет кæй кæнæ кæцы у, цæй хай у, уый æвдисæг фæрссаг уæнг у æххæстгæнæн (бæрæггæнæн).


5) Архайд цавæр фадæтты, ома, кæд, кæм, куыд æмæ цæмæн фæцæуы, уый æвдисæг хъуыдыйады фæрссаг уæнг у сæйрат (фадатон дзырд).


4. Слайд №1

5. Слайд № 2..Дзуӕппытӕй баххӕст кӕнын хъуыдыйӕдтӕ

6. Слайд № 3. Ныффыссын бӕттӕгтӕ



7. Схемæтæм гæсгæ æрхъуыды кæнут хъуыдыйæдтæ.

0 æмæ 0. 0, фæлæ 0. кæнæ 0, кæнæ 0

8. Сæвæрын æрхæцæн нысæнттæ:

1) Ирыстоны хъæдты арæхдæр сты ахæм бæлæстæ : тæрс, фатхъæд, тулдз, бæрз.

2) Арвыком, Куырттаты ком, Уæлладжыргом, Дыгургом - иууылдæр сты Ирыстоны кæмттæ.

3) Цæгат Ирыстоны цæры ахæм адæмыхæттытæ, куыд: ирæттæ, уырыссæгтæ, сомихæгтæ æмæ æндæртæ

4) Æрæф, Æрыдон, Джызæлдон, Фыййагдон- иу дзырдæй, нæ цæугæдæттæ иууылдæр гуырынц Ирыстоны хæхтæй.


II. Ирыстоны рæсугъддæр къуымтæй иу у Бехъан.

1. Презентаци «Бехъан»


2. Текс бакæсын.


Бехъан


Бехъан ис Æрыдонæй Даргъ-Къохы астæу, лæгъз быдыры. Ис дзы хъæд, хуымзæххытæ, уыгæрдæнтæ. Бехъаны хъæды зайы бирæ æхсæртæ, хъæддаг кæрдотæ æмæ фæткъуытæ, мугæтæ, сырх-сырхид мыртгæтæ æмæ цымтæ. Кæннод йæ хъæды æрдузты æрыскъæфтæ та цас вæййы! Йæ фæзтæ, уыгæрдæнтæ рæсугъд гауызты хуызæн сты алыхуызон дидинджытæй.

Сæрдыгон уыцы хъæдмæ куы бацæуай, уæд дзы цы нæ маргъы мыггаг фендзынæ! Алыхуызон цъиутæ алы хъæлæстæй зарын куы райдайынц, уæд сæм хъус æмæ хъус!

Уæд Бехъаны суадон та! Уымæй стырдæр суадон Ирыстоны нæй. Зымæг дæр сæлгæ нæ кæны. Цад дæр дзы ис. Уыцы суадоны æмæ цады ис балертæ, хуыдзыхтæ æмæ æндæр кæсæгтæ.

Бехъаны сырдтæ дæр ис-тæрхъустæ, рувæстæ, хъæддаг гæдытæ, сæлавыртæ æмæ суанг бирæгътæ дæр.

Хорз у Бехъан! Куы йæ фенат, уæд сымах зæрдæмæ дæр фæцæудзæн.

Æнæмæнг фæцæудзæн!

Саламты Алихан


3. Къордты куыст

Алы рӕнхъ дӕр у хицӕн къорд.


1 къорды хӕс: ратӕлмац кӕнын дзырдтӕ уырыссаг ӕвзагмӕ.

(Дзырдуат куыст)

Æрыскъæф - земляника

Æрдуз - поляна, лужайка

Суадон - источник, родник

Цад - озеро,пруд

Балер - форель

Хуыдзых - усач

Сæлавыр - куница


2 къорды хӕс: текстæй рафыссын иу хъуыдыйад æмхуызон уæнгтимæ, бахахх кӕнын ӕмхуызон уӕнгтӕ.


3 къорды хӕс: бацамонын ӕмхуызон уӕнгты бастдзинады фӕрӕзтӕ.

Ахуыргӕнӕг


-Сбӕрӕг кӕнӕм уӕ дзуӕппытӕ (къордты дзуӕппытӕм байхъусын)


III. Ахуыргæнæг: Ирыстон хъуыстгонд у йæ бæрзонд хæхтæй, йæ урсдзыкку æхсæрдзæнтæй, йæ дидинæфтыд быдыртæй, йæ сыгъдæг суадæттæй. Уæлдай кад та йын скодтой йæ фæзминаг хъæбултæ.


1. Фарст: Кæй зонут Ирыстоны зындгонд адæмæй?


2. Презентаци «Иры зындгонд адæймæгтæ»


Хетæгкаты Къоста - Иры æрттивгæ стъалы, нæ цæугæ хох, нæ лæугæ мæсыг, мæгуыр адæмы сæрхъуызой.


Абайты Васо - зындгонд ирон ахуыргонд- лингвист.


Плиты Иссæ - Советон Цæдисы Дыууæ хатты Хъæбатыр, Манголы Адæмон Республикæйы Хъæбатыр.


Андиаты Сослан - зындгонд Олимпиаг чемпион, хъæбысæйхæцæг.


Тæбæхсауты Бало - Советон Цæдисы адæмон артист.


Адырхаты Светланæ - Советон Цæдисы адæмон артист, балеты кафæг сылгоймаг.


Гергиты Валери - Мариинаг театры дирижер.


Ахуыргæнæг. Мæ зæрдæ уын зæгъы, цæмæй сымахæй дæр ахæм зындгонд адæймæгтæ рауайа, цæмæй сымах дæр Ирыстоны кад бæрзонд сисат, æнæкæрон уарзтæй уарзат уæ фыдæлты уæзæг.


Фарст. Ирыстон цæимæ ис абарæн?


- Хуримæ

Уӕдӕ цымӕ Ирыстонӕн уӕ зӕрдӕ цы зӕгъы? Алчи дӕр уӕ ныффыссӕд фӕйнӕгыл йӕ зӕрдӕйы фӕндон


Слайд №4

фарн


Ирыстон

æнусон кад

амонд

сабырдзинад

хъæздыгдзинад

рæсугъддзинад

хорз

хъæбултæ

цъæх арв


IV. Хатдзæгтæ (рефлекси)

-Нӕ урочы нысан цавӕр уыд?

-Сӕххӕст ӕй кодтам?

- Уӕ зӕрдӕмӕ дзы тынгдӕр цы фӕцыд?


  • Сымах цы хъуыдытæ ныффыстат, уыдон иууылдæр йæ зарæг «Уый у мæ Ирыстон»-ы равдыста нæ лицейы ахуыргæнæг Æлборты Светланæ


Зарæг «Уый у мæ Ирыстон»


V. Хæдзармæ куыст.

-Абон нæ урочы цæуыл бакуыстам, уый уæ зæрдæтæм куыд бахъардта, уый равдисут уæ нывæцæн «Ирыстон - мæ царды цин»-ы.




 
 
X

Чтобы скачать данный файл, порекомендуйте его своим друзьям в любой соц. сети.

После этого кнопка ЗАГРУЗКИ станет активной!

Кнопки рекомендации:

загрузить материал