7


  • Учителю
  • Конспект урока по осетинскому языку на тему «Адӕймаджы уды сыгъдӕгдзинад зыны йӕ ныхасы уагӕй»

Конспект урока по осетинскому языку на тему «Адӕймаджы уды сыгъдӕгдзинад зыны йӕ ныхасы уагӕй»

Автор публикации:
Дата публикации:
Краткое описание:
предварительный просмотр материала

Урочы темӕ: «Адӕймаджы уды сыгъдӕгдзинад зыны йӕ ныхасы уагӕй»

Грамматикон темӕ: Ныхасы культурӕ.

Урочы нысӕнттӕ:

1.Рацыд ӕрмӕг зǽрдыл ӕрлӕууын кӕнын.

2. Бакусын скъоладзауты дзургǽ ǽмǽ фысгǽ ныхасы рǽзтыл се сфǽлдыстадон хъуыдыкǽнынад райрǽзын кǽнын.

3. Скъоладзаутǽм мадǽлон ǽвзагмǽ уарзондзинад гуырын кǽнын.

Урочы цыд:

Ахуыргǽнǽг:

-Нǽ урокǽн эпиграфǽн райстон уырыссаг фыссǽг А.П.Чеховы ныхǽстǽ:

«Адǽймагǽн ǽрдз цы хорздзинǽдтǽ радта,уыдонǽн сǽ ахъаззǽгты ахъаззагдǽр у рǽсугъд дзурын» ǽмǽ Коцойты Арсены ныхǽстǽ «Фǽлмǽн ныхасǽй цы бакǽной ,уый тызмǽгǽй нǽ сараздзынǽ».

-Ацы дыууǽ эпиграфы фǽрцы мах фыццаджы дǽр сбǽрǽг кǽндзыстǽм нǽ урокǽн йǽ грамматикон темǽ.

(Скъоладзау кǽсы дыууǽ эпиграфы).

Ахуыргǽнǽг:

-Цǽуыл дзурǽг сты ацы дыууǽ эпиграфы?

Скъоладзау:

Ацы эпиграфты дзырд цǽуы ǽвзаджы рǽсугъддзинадыл.

-Уǽдǽ ,абон нǽ урочы ныхас кǽндзыстǽм ,адǽймагǽн йǽ уды сыгъдǽгдзинад йǽ ныхасы уагǽй дǽр бǽрǽг кǽй у,ууыл.

Ахуыргǽнǽг:

-Стилистикǽйы ацы темǽ цымǽ куыд хуындзǽн?

Скъоладзау:

-Ныхасы культурǽ.

Ахуыргǽнǽг:

-Бакǽсут ма раиртǽст.

Хатдзǽг:

-Уǽдǽ,ныхасы культурǽ цы фǽбǽрǽг кǽны?

Скъоладзау:

-Ныхасы культурǽ фǽбǽрǽг кǽны ǽвзагǽй раст пайда кǽнын куыд хъǽуы,уый.

Ахуыргǽнǽг:

-Ныртǽккǽ мах байхъусдзыстǽм Чеджемты Георы фыст текст «Ладимхан»-мǽ ǽмǽ сбǽрǽг кǽндзыстǽм Ладимханǽн йǽ ныхасы культурǽ. Текст кǽсы нǽ республикǽйы сгуыхт артисткǽ Персаты Тамарǽ (аудио фыст).

Ахуыргǽнǽг:

-Цы уǽм дзы фǽкаст худǽг?

Скъоладзау:

-Ладимхан дзуры дыууǽ ǽвзагǽй,уырыссагау ǽвзǽр дзуры ,фǽлǽ уǽддǽр пайда кǽны уырыссаг дзырдтǽй.

Ахуыргǽнǽг:

-Цымǽ йǽ Геор ахудыны тыххǽй ныффыста?-ǽви?..

Скъоладзау: -Геор дзы равдыста Ладимханǽн йǽ уды хъǽд, йǽ тутдзинад.

Ахуыргǽнǽг:

-Раст хъуыды кǽнут.

Хатдзǽг:

-Адǽймагǽн йǽ уды хъǽд, йǽ миддуне дǽр ,йǽ ныхасǽй дǽр бǽрǽг вǽййынц. Ахуыргǽнǽг:

-Ныр та ма уǽдǽ,ратǽлмац кǽнǽм Ладимхан цы уырыссаг дзырдтǽй спайда кодта,уыдон ирон ǽвзагмǽ,ǽмǽ абарǽм дыууǽ варианты дǽр.Кǽцы дзы тынгдǽр фǽцыд уǽ зǽрдǽмǽ? Цǽмǽн?

Скъоладзау:

-Дыккаг вариант.

Ахуыргǽнǽг:

-Цымǽ ацы текст аивадон литературǽйы хуызтǽй цǽмǽ хауы?

Скъоладзау:

-Сатирǽмǽ.

Ахуыргǽнǽг:

- Раст, Ладимханы фǽлгонц та?

Скъоладзау:

-Сатирикон фǽлгонц.

Ахуыргǽнǽг:

- Литературǽзонынады терминты дзырдуаты ссарут цы у сатирǽ ǽмǽ сатирикон фǽлгонц.

Скъоладзаутǽ кǽсынц.

Хатдзǽг:

-Уǽдǽ,цǽмǽ хауы сатирǽмǽ ацы текст? Уымǽн ǽмǽ дзы фыссǽг равдыста хицǽн адǽймаджы хицǽндзинǽдтǽ ǽмǽ йыл мǽстыйǽ худын кǽны чиныг кǽсджыты.

Ахуыргǽнǽг:

-Цымǽ не хсǽн Ладимхантǽ нǽй? Уый та мах сбǽрǽг кǽндзыстǽм уǽхимǽ уын цы хǽслǽвǽрд уыд ,уый фǽрцы.

Скъоладзаутǽ кǽсынц ǽмǽ ǽвзарынц сǽ диалогтǽ.Тǽлмац кǽнынц цы уырыссаг дзырдтǽй спайда кодтой ,уыдон ирон ǽвзагмǽ.

Ахуыргǽнǽг:

-Хъыгагǽн,не хсǽн дǽр ис Ладимхантǽ.

Ахуыргǽнǽг:

-Ǽз уын ныртǽккǽ бакǽсдзынǽн цалдǽр хъуыдыйады уǽ фысгǽ куыстытǽй сымах та дзы сраст кǽнут ныхасы рǽдыдтытǽ.

Дыууӕ бӕлццоны иумӕ баиу сты.

Иу- мӕнӕн,иннӕ - дӕуӕн,ӕртыккаг-та уымӕн,чи адавта гуыл.

Уастырджи скуывта ӕмӕ бӕлццӕтты раз сыгъзӕринтӕ фӕзындысты.





Скъоладзаутǽ раст кǽнынц сǽ рǽдыдтытǽ.

Ахуыргǽнǽг: -Ацы куыст иннǽ урочы дарддǽр ахǽццǽ кǽндзыстǽм. Ныр та ракǽсут экранмǽ. Экраныл лǽвǽрд цǽуы критик Ǽлборты А. уацхъуыдтǽй скъуыддзаг. Бакǽсут ǽй ǽмǽ дзуапп раттут фǽрстытǽн.

«Дзургӕ дзурын ирон ӕвзагӕй арвистон скодтам,ӕмӕ дзы зӕрдӕ цъӕх кӕны,стӕм фехъусдзыстӕм раст ӕмӕ сыгъдӕг ирон ӕвзаг. Нӕ ныхас хъуамӕ уа аив ӕмӕ уӕздан.Арвистон ӕвзагӕй чи дзуры, дыгъал-дыгъул уырыссагау цы ирӕттӕ фӕкӕнынц ӕнӕбары,уыдон сты не взаджы хурхгӕнджытӕ, уӕрӕседзаутӕ.

Мах хъуамӕ расидӕм тох раст ӕмӕ ирон ӕвзаджы сӕрыл!

Раст ӕмӕ сыгъдӕг дзыхыныхасмӕ хъусын ӕхсызгондӕр нӕ вӕййы? Адӕймагӕн йӕ уды сыгъдӕгдзинад зыны йӕ ныхасы уагӕй дӕр».

1. Цавǽр стилы фыст у? 2. Цы у йǽ сǽйраг хъуыды? 3. Цы бар дары « Ладимхан»-мǽ? 4. Уацхъуыд аивгонд цавǽр мадзǽлттǽй ǽрцыд? 5. Цавǽр мыртǽ ǽмǽ уǽнджы дзурынадмǽ хъус ǽрдарын хъǽуы ? 6. Ǽртыккаг хъуыдыйад равзарут синтаксисон ǽгъдауǽй. 7. Дзырд «ǽнǽбары» графикон ǽгъдауǽй равзарут.





1-аг скъоладзау: - Хауы публицистон стильмǽ.

2-аг скъоладзау: - Аивгонд ǽрцыд лексикон ǽмǽ синтаксисон мадзǽлттǽй.

3-аг скъоладзау: - Ис дзы бирǽнысанон дзырд «ǽвзаг».

4-ǽм скъоладзау: - Ис дзы синонимтǽ.

5-ǽм скъоладзау: - Ис дзы антонимтǽ.

6-ǽм скъоладзау: - Ис дзы омоним «сǽр».

7-ǽм скъоладзау: - Ис дзы фразеологион дзырдбаст «зǽрдǽ цъǽх кǽны».

8-ǽм скъоладзау: - Ис дзы фǽлхатǽн.

Ахуыргǽнǽг:

-Рафǽлдахут ма дзырдуǽттǽ ǽмǽ бакǽсут,цы у фǽлхатǽн?

Хатдзǽг:

-Ацы уацхъуыды фǽлхатǽнǽй цǽмǽ спайда кодта Алыксандр?

Скъоладзау:

-Уымǽн ǽмǽ фǽлхатǽны фǽрцы мидис кǽны бǽлвырддǽр.

Ахуыргǽнǽг:

- Синтаксисон мадзǽлттǽй та цавǽртǽй спайда кодта?

Скъоладзау:

-Ис дзы фарстон,хъǽрон ǽмǽ вазыгджын хъуыдыйǽдтǽ.

Хатдзǽг: Уǽдǽ ,ацы мадзǽлттǽ фǽрцы уацхъуыд аивгонд ǽрцыд (кǽсынц сǽ экраныл).

Ахуыргǽнǽг: Уацхъуыд ма иу хатт бакǽсут ǽмǽ зǽгъут, цавǽр мыртǽ ǽмǽ уǽнгты раст дзурынадмǽ хъус ǽрдарын хъǽуы?

Скъоладзаутǽ хǽссынц текстǽй дǽнцǽгтǽ.

Хатдзǽг: Мыртǽ дзурын хъǽуы раст ǽмǽ аив.

Ахуыргǽнǽг:

-Ныр та равзарǽм ацы тексты бǽрǽггонд хъуыдыйад синтаксисон ǽгъдауǽй.Стǽй дзырд «ǽнǽбары»-йǽн графикон ǽгъдауǽй рахицǽн кǽнут йǽ хǽйттǽ.

Хатдзǽг: Уǽдǽ мах нǽ уацхъуыды текстǽн сбǽрǽг кодтам йǽ стиль,равзǽрстам ын йǽ мидис,йǽ аивадон мадзǽлттǽ,сбǽрǽг кодтам «Ладимхан»-мǽ цы бар дары,уый.

Ахуыргǽнǽг:

-Цавǽр хъуыдытыл уǽ бафтыдта ацы уацхъуыд?

Скъоладзаутǽ радыгай дзуапп дǽттынц.

-Кǽд ирон дǽ,уǽд иронау дзур.

-Де взагǽй арвистон ма кǽн.

-Уарз де взаг.

Ахуыргǽнǽг:

-Уǽдǽ нǽ урочы 1 -аг хайǽн скǽнǽм хатдзǽг раиртǽсты руаджы.

Скъоладзаутǽ чиныгǽй хатдзǽг кǽнынц.

Урок дарддǽр ахǽццǽ кǽндзǽн Гуыбиаты Беллǽ.

Уæдæ, дарддæр кусæм нæ темæйыл.



Ахуыргæнæг

-Цымæ цæмæн у нæ царды ахæм ахсджиаг ныхасы культурæ, цы цæстæй йæм кастысты нæ фыдæлтæ? Ацы фарстæн дзуапп раттынæн та нын æххуыс кæндзысты, нæ абоны урочы нæм цы æртæ къорды ис: лингвисттæ, иртасджытæ æмæ историктæ, уыдон. Цымæ нын цавæр цымыдисаг æрмæг бацæттæ кодтой?

Ныхасы бар дæттæм лингвисттæн.

(экраныл Абайты Васойы къам).

Скъоладзау.

-Æз ацы урокмæ цæттæгæнгæйæ мæ хъус тынгдæр æрдардтон æвзаджы дæсны Абайты Васойы ныхæстæм: «Ирон æвзаг у тынг тасаг æмæ рæсугъд, хъæздыг æмæ цардхъом».

æмæ уый æцæгæйдæр афтæ у. Уымæн та æвдисæндарæн æрхæсдзынæн Брытъиаты Елбыздыхъойы ныхæстæ. Елбыздыхъо йæ уарзон чызгмæ писмо райдыдта фыссын уырыссагау, стæй йæ фыст фæуагъта æмæ ахъуыды кодта: «Цæмæн, цæмæн? Ирон уæвгæйæ писмо уырыссагау цæмæн фыссын? Æви мæ уарзондзинады фаг ирон æвзаджы дзырдтæ нæй ? Æви ме`взаг зæгъинæгты нæ кæрды? Цæмæй хъуаг дæн? Æххæст алцæмæй дæр… Уырыссагау дæлæмæ-уæлæмæ дæр «милый», уæлæмæ дæр «дорогой». Уый æмæ дын иронау: мæ уды гага, мæ зæрдæ дарæн, мæ хур, мæ цææсты гагуы. Чи у мæ дуне? Мæ уд кæуыл лæууы? Дзаг кæмæй дæн, урс уæрыкк дын уон!»

Бирæтæ та нæ афтæ дзурынц, зæгъгæ, мæ хъуыдытæ зæгъынæн мын дзырдтæ нæ фаг кæны. Бакæсут-ма, цас рæсугъд дзырдтæ ис ирон æвзаджы! Æнæмæнг сæ спайда кæндзынæн мæ царды.

Ахуыргæнæг. Ныр та ма байхъусæм нæ иртасджыты къордмæ, цымæ нын уыдон та цавæр æрмæг бацæтттæ кодтой.

(Экраныл «Нæ дуканиты æнахуыр нæмттæ», цæуы æвдыст презентации)



Скъоладзау. -Æз куыд иртасæг,афтæ мæ размæ сæвæрдтон хæс: æркæсын мадæлон æвзаджы абоны уавæрмæ. Не` взагмæ цы цæстæй кæсæм, уый бæрæг у нæ дуканиты нæмттыл дæр. Ацы урокмæ цæттæгæнгæйæ æз абалц кодтон нæ горæты уынгтыл æмæ мæ дисы бафтыдтой нæ дуканиты нæмттæ. Мæнæ «Джунгли»-Цымæ йæ чи схуыдта афтæ?Аивдæр æй схонæн нæ уыди? Стæй адæймагыл дæр куыд ис ахæм ном сæвæрын…

Уырдыгæй рацу æмæ дын мæнæ «Багира» дæ размæ рагæпп кодта.

«Стрекоза»- Цымæ цы бар дары цъырцъыраг ацы дуканимæ?

«Оазис»- Ардæм куы`рбахæццæ дæн, уæд ахъуыды кодтон- ам та, æвæццæгæн, баулæфдзынæн!

Уæдæ, «Дикси», «Бомонд», «Калиф»-ацы нæмттæ та уырыссагау дæр зын бамабарæн сты…

Фæлæ мæ зæрдæ барухс, куы федтон нæхи ирон дуканиты нæмттæ:

«Хæринæгтæ»-ам бæрæг у цы дзы уæй кæнынц, уый.

«Нарт»-нæртон дукани.

«Нæуæг рæстæг»-лæвæртты дукани нæ абоны цардмæ гæсгæ.

«Хæзнадон»-ам канд хъуымæцтæ нæ уæй кæнынц, фæлæ ма дзы дзурынц иронау дæр.

«Фадат»-алчидæр дзы йæ фадатмæ гæсгæ балхæндзæн цы йæ хъæуа, уый.

«Фыдджын»-ацы дуканийы ном та æппæт адæмыхæттытæн дæр æмбæрстгонд у.

«Сиахсы къафеттæ»-диссаджы ном ацы дуканийыл.

Уæдæ, цæмæн æвæрæм нæ дуканитыл ахæм æнахуыр нæмттæ, кæд æмæ нæ ирон æвзаджы ис бирæ рæсугъд дзырдтæ.

Ахуыргæнæг. -Уæдæ куыд федтам, афтæмæй дуканийы нæмттæ дæр нын нæ ныхасы культурæйыл дзурæг сты. Цымæ нын историктæ та цавæр æрмæг бацæттæ кодтой?

(Экраныл къам).

Скъоладзау.

Кæддæриддæр кадджын уыдысты дзырддзæугæ лæгтæ, уыдоны æмрæнхъ лæууыдысты бирæ сылгоймæгтæ сæ зонд æмæ сæ аив дзырды фæрцы.

Ахæм куырыхон сылгоймаг уыди ме стыр мады мад Гуытъиаты Гагуытæ дæр. Царди Камбилеевкæйы хъæуы. Сæ тæккæ сыхаг уыди Джыккайты Шамил. Уый уыди дзырддзæугæ кувæг сылгоймаг, кæцыйыл дзурæг у ныртæккæ уын цы цау радзурдзынæн, уый дæр.

Иубон сæ сыхы уыди Уациллайы куывд. Уыцы бон уыди тыхджын къæвда. Гагуытæ бауад æфсинтæм æмæ сын афтæ: «Акæнут-ма мын æртæ æртæдзыхоны». Йе`ртæ чъириимæ рауад уыцы уарыны æддæмæ æмæ хъæрæй скуывта: «Сыгъдæг Уацилла! Цы нын кæныс!» Уайтагъд дам уарын банцад æмæ хур ракаст. Ахæм кувæг, дзырддзæугæ сылгоймаг уыд ме` стыр мады мад Гуытъиаты Гагуытæ.

Ахуыргæнæг.

-Ныхасы культурæ бæрзон æвæрд канд ирон адæммæ нæ уыди, фæлæ ма иннæ адæмыхæттытæм дæр. Байхъусæм-ма, раг заманты цæрæг эллинтæ та се`взагæн цы аргъ кодтой.

Скъоладзау.

-Раг заманты цæрæг эллинтæ се`взагæн кодтой стыр аргъ. Дæс азы бæрц Демосфен уыдис логограф, раныхæстæ фысста грекъаг номдзыд адæймæгтæн. Иу ахæмы уый сфæнд кодта форумы сенаты уæнгты раз раныхас кæнын. Йæхи бацæттæ кодта æмæ æрлæууыдис йе`мбæстæгты цур. Нæ сын фæцагайдта сæ зæрдæтæ йæ раныхас. Кæронмæ дæр æм нæ байхъуыстой.

-Бар чи радта Демосфенæн адæмон æмбырды дзурынæн, цардæгас мадæлон æвзагæй пайда кæнын куы нæ зоны, уæд?- тызмæгæй загъта сенаторты хистæр.

-Æнæрцæугæ хъуыддаг, - дзырдта дарддæр сенатор. - Махæн, эллинтæн, нæ баззад мадæлон æвзаджы хъæздыгдзинæдтæй пайда кæнын нæ зонын…

Ахуыргæнæг. - Уæдæ, алы адæмыхатмæ дæр ис ахæм адæймæгтæ, кæцытæ тыхсынц сæ ныхасы культурæйыл. Цымæ уырыссаг ахуыргæндтæй чи фысста ныхасы культурæйы тыххæй?

Скъоладзау. -Академик Д.С.Лихачёв йæ чиныджы «Хæларзæрдæ æмæ аивдзинады тыххæй писмотæ»-йы фыста: «Наш язык- это важнейшая часть нашего общего поведения жизни. И потому, как человек говорит, мы сразу легко можем судить о том, с кем мы имеем дело.

Учиться хорошей спокойной, интеллигентной речи надо долго и внимательно прислушиваясь, запоминая, замечая, читая и изучая. Но хоть трудно-это надо, надо». (Текст æмæ Д.С.Лихачёвы къам экраныл)

Ахуыргæнæг. Цæуыл дзурæг у ацы текст?

Дзуапп -Адæймаг куыд дзуры, йæхи куыд дары, уымæ гæсгæ йын æнцонæй раиртасæн ис цавæр адæймаг у, уый. Аив дзурыныл та ахуыр хъæуы дæргъвæтин рæстæг.

Ахуыргæнæг. -Уый раст у. Ныхасы культурæйыл мах ахуыр кæнæм гыццылæй фæстæмæ. Раздæр нæ нæ ныййарджытæ ахуыр кæнынц раст дзурын мадæлон æвзагыл, аив хи дарын, стæй та рæвдауæндоны, скъолайы.

Уæдæ ма нæ ныхасы аивдзинадыл ахуыр кæнынц нæ литературон уацмыстæ дæр, кæцыты нын æвдыст æрцæуы персанажты миддуне.

( Экраныл Коцойты Арсены карикатурæ)

-Чи у карикатурæйы автор?

-Цы нын дзы равдыста Арсен йæ карикатурæйы?

-Куыд уæм фæкаст Габойы ныхас?

Дзуапп.

-Мæнмæ тынг æнаив фæкаст Габойы ныхас. Уырыссагау алы дзырддæр дзуры рæдыдимæ.

-Ацы карикатурæ ма йæ хъуыдымæ гæсгæ цавæр уацмысмæ ахæссæн ис?

Дзуапп. -Брытъиаты Елбыздыхъойы пьесæ «Уæрæседзау»-мæ. (Экраныл Брытъиаты Елбыздыхъойы къам)

Ахуыргæнæг. -Бакæсæм-ма дзы скъуыддзагмæ. Кæсы йæ нæ республикæйы сгуыхт артист Бытъыты Роберт (видио)

- Куыд уæм фæкаст хъайтарты ныхас?

Дзуапп. -Тæтæрхъаны ныхас у зæрдæмæдзæугæ, аив. Æцæгæйдæр адæймаг йе`гъдауæй адæймаг у. Æргон адæймаг дзæгъæлдзырд куы фæкæны, уæ æй фæхонæм æнæгъдау адæймаг.

- Муссæйы ныхас дæр уæм аив фæкаст?

Дзуапп. -Муссæ йæ мадæлон æвзагыл нал æрвæссы, арвистон дзы скодта, сæмхæццæ йæ кодта уырыссаг æвзагимæ. Йæхи ахуыргонд хоны, иннæты та «неучи», афтæмæй та уырыссагау дæр нæ зоны. Уыцы ныхæстæ тынг аив зæгъæн уыди иронау.

- Цавæр проблемæйыл дзурынц Коцойты Арсен æмæ Брытъиаты Елбыздыхъо?

Дзуапп. Коцойты Арсен дæр æмæ Брытъиаты Елбыздыхъо дæр дзурынц уыцы иу проблемæйыл: бирæтæ уæрæседзаутæ кæй систы, дыгъал-дыгъул уырыссагау æнæбары кæй кæнынц, уый фæдыл. Хъыгагæн, ахæм уæрæседзаутæ не`хсæн абон дæр бирæ ис.

Ахуыргæнæг. Раджы дæр æмæ абон дæр ныхасы культурæйы фарста тынг ахсджиаг у. Ирон адæммæ кæддæриддæр кадджын уыдысты дзырддзæугæ лæгтæ. Кадджын уыдысты сæ мадæлон æвзагыл сæ хъуыдытæ зæгъын хорз кæй арæхстысты, уый тыххæй. Сæ аив дзырды фæрцы -иу сæ къухы бафтыд адæмы сæхимæ æрыхъусын кæнын, уымæн сын-иу сæ бæрны бакодтой цыфæнды зын хъуыддаг дæр.

Уæдæ, нæ абоны царды нæм ахæм дзырддзæугæ лæгтæ нæй?

- Къаболаты Солтан, Басаты Барис, Цгъойты Хазби, Азиаты Арсен…

- Ныр та-ма, ахъуыды кæнут æмæ зæгъут, цавæр уацмысты фембæлдыстут дзырддзæугæ лæгтимæ?

Дзуапп.

1. Барахъты Гино «Цæр».

2. Беджызаты Чермен «Албегаты Батай æмæ Барсæгаты чындз»

3. Хайттаты Сергей «Ирæд».

</ Ахуыргæнæг. -Уæдæ-ма бакæсæм Бæтæджы ныхæстæ Беджызаты Чермены новелла «Албегаты Батай æмæ Барсæгаты чындз»-æй. «Цæхæрцæст лæппуйау фæгæпп кодта йæ къæлæтджынæй зæронд Бæтæг. Хæдзары цар систа йæ уæлæ æндон хъæлæс.

- Кæд ферох кæнын кодта худинаджы мæлæт адæмæн?

- Цы бакæнат, уый уын зæгъы зæронд Бæтæг. Иратаманты цы нæма `рцыд, уый бакæндзæн Барсæджы мыггаг, йæ кады ном куыд баззайа æнусмæ, цалынмæ ирон дзыхæй дзурæг ис, уалынмæ».

- Куыд уæм фæкаст, цавæр хистæр у Бæтæг йæ мыггагæн?

Скъоладзау. -Бæтæг у æнæхъæн мыггагæн дæр уынаффæгæнæг, дзырддзæугæ лæг. Бæрзонд у йæ ныхасы культурæ, архайы цæмæй йæ мыггагæн сæ кады ном баззайа æнусмæ. Уымæн бауынаффæ кодта йæ мыггагæн сæ чындзы арвитын чындзы Албегатæм. Афтæмæй бахъахъхъæдта Албегаты мыггаг сыскъуыйынæй, Бæрсæгатæн та сæ ном баззад æнусмæ. Уый уыди æцæг куырыхон лæг.

Ахуыргæнæг. -Нæ абоны урочы мах дзырдтам ныхасы культурæйыл. Уæдæ адæймагæн æрдз цы рæсугъд миниуджытæ радта, уыдонæн сæ ахъаззагдæр у рæсугъд дзурын. Ууыл тох кодтой нæ фыдæлтæ дæр æмæ нæм уыдоны фæрцы æрхæццæ нæ хъæздыг ирон æвзаг.

Мæ зæрдæ уын зæгъы, цæмæй уæ алкæмæн дæр йæ ныхасы культурæ уа бæрзонд, æмæ уæд адæмы`хсæн уыдзыстут кадджын. Мǽн уырны,абон нǽурочы фǽстǽ не хсǽн Ладимхантǽ къаддǽр кǽй уыдзǽн,уый.



Хǽдзармǽ куыст тауын уыдзǽн ахǽм: эпиграфтǽй уǽ зǽрдǽмǽ тынгдǽр кǽцы фǽцыд,уый фǽдыл ныффыссут уǽ хъуыдытǽ.





 
 
X

Чтобы скачать данный файл, порекомендуйте его своим друзьям в любой соц. сети.

После этого кнопка ЗАГРУЗКИ станет активной!

Кнопки рекомендации:

загрузить материал