- Учителю
- Конспект урока по осетинской литературе 'Всати' Коста Хетагуров
Конспект урока по осетинской литературе 'Всати' Коста Хетагуров
7-æм къласы ирон литературæйы гом урочы пълан- конспект
Темæ: Хетагкаты Къоста «Всати».
«Къоста æмæ цуан».
Беслæныхъæуы 8-æм астæуккаг скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Хуымарты Светланæ.
/
Урочы темæ: Хетæгкаты Къоста «Всати»
Ныхасы темæ: «Къоста æмæ цуан».
Урочы нысан: 1) Къоста- поэт, рухстауæг, адæмы фæтæг.
Ахуырдзаутæн радзурын поэты уыцы
миниуджыты тыххæй, йе мдзæвгæ «Всати»-йы
мидисыл лæмбынæг æрдзурын.
2) Скъоладзауты базонгæ кæнын нарты кадджыты
хъайтар «Всати»-имæ. Всати ирон мифологийы
сырдты бардуаг кæй у, уый сын бамбарын кæнын.
3) Скъоладзаутæм рæзын кæнын уарзондзинад æрдзмæ,
амидин сæ кæнын хорз хъуыддæгтæ кæнынмæ.
Цæстуынгæ æрмæг: Къостайы чиныг «Ирон фæндыр»,
«Всати»-йы зарæг, Къостайы ныв,
ирон адæмы этнографи æмæ мифологийы
чиныг, Всатийы скульптурæйы хуызист,
йæ нывтæ.
Эпигрæф: Къостайы «Всати» у ирон цуанæтты зарджытæн сæ тæккæ
хуыздæр, æмæ цæмæй бæлвырддæр зонай цуанæтты, уый
тыххæй хорз зонын хъæуы Къостайы æмдзæвгæ «Всати»-йы текст.
Хъесаты Валодя.
Урочы цыд
I. Сбæрæг кæнын х./к.
1) а) Салам раттын.
æ) Ахуырдзауты цæттæдзинадмæ хъус æрдарын.
- Сывæллæттæ, уæ хорзæхæй, лæмбынæг ма байхъусут ныртæккæ цы
зарæг цæудзæн уымæ, æмæ мын зарæгмæ гæсгæ хъуамæ зæгъат, абон нæ
урочы цæуыл цæудзæн дзырд, уый. (Хъусам «Всати»-йы зарæгмæ)
А: -Зæгъут-ма, сывæллæттæ, уæ зæрдæмæ фæцыдис ацы зарæг?
Искуы ма йæ фехъуыстат радио кæнæ телевизорæй?
С: Дзуапп
А: - Куыд хуыйны зарæг? Чи у зарæджы хъайтар?
С:Дзуапп
А: - Цы зонут «Всати»-йы тыххай?
С: Дзуапп
Презентаци æвдыст цæуы Дзбойты Михалы скульптурæ
С: Дзуапп
А: -Чи ма уæ цы зоны Всатийы тыххæй?
С: Дзуапп
(Байхъусын сывæллæтты дзуæппытæм)
Радзурын Дзбойты Михалы арæзт скульптурæйы тыххæй, равдисын æй презентацийы æмæ йыл æрдзурын.
А: - Сымахмæ гæсгæ цæуыл у йæ ныхас Всатийæн? Цы зæгъы ирон
адæмæн?
С: Дзуапп
А: - Зæгъут-ма, мах рæстæг та уыцы куыст чи кæны? (Сырдты чи
хъахъхъаны)
С: Дзуапп
А: - Фæйнæгмæ ма уе ргом раздахут!
II. Ног æрмæг.
Абон нæ урочы темæ: Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæ «Всати».
«Къоста æмæ цуан».
2) Эпигрæф: Къостайы «Всати» у ирон цуанæтты зарджытæн сæ тæккæ
хуыздæр, æмæ цæмæй бæлвырддæр зонай цуанæтты, уый
тыххæй хорз зонын хъæуы Къостайы æмдзæвгæ «Всати»-йы текст.
Хъесаты Валодя.
-Къоста чи уыд, уый иууылдæр зонæм, уый размæйы урочы дæр ма йыл ногæй
æрдзырдтам йæ царды хабæрттыл.
- Цыбыртæй ма нын æй нæ зæрдыл чи æрлæууын кæндзæн?
С: Дзуапп
А: - æмдзæвгæ «Всати» кæсгæйæ ныл сæмбæлдзæн ахæм дзырдтæ:
3) Дзырдуатон куыст:
Сион -саг, сыкъаджын,
æрчъитæ - æууæрст цармæй хуыд къахыдарæс,
пака - уæрæх,
залмы сыф - зайæгой стыр сыфтæ йыл зайы уымæл ран,
ерæдзыпп - хъримаг,
æхсæрдзæн - къæдзæхтæй хаугæ дон,
дзæгъгъа - дуры мыггаг,
дауджытæ - ирон мифологийы фæрссаг хуыцæуттæ, лæвæрд сын уыд
истыхуызæн бартæ.
4) Кæсын æмдзæвгæйы текст аив хъæлæсы уагæй.
- Куыд æвдисы поэт Всатийы уæларвон цæрæн бынат?
- Цы цæстæй ракаст Всати фараст барæгмæ?
( Скъоладзаутæ кæсынц цæггай).
III. Хатдзæгтæ скæнын.
- Хæлар цæстæй та кæмæ ракаст Всати?
- Цæмæй бæрæг у?
(Ссарут-ма æмдзæвгæйы уыцы рæнхъытæ)
- æмдзæвгæйы ис Уастырджийы кой, цы зонут уый тыххæй?
- Всатийы номыл скульптурæ Ирыстоны кæм æвæрд у? Чи у йæ автор?
- Цавæр хатдзæг скæндзыстæм цæуыл у æмдзæвгæйæн йæ сæйраг хъуыды?
С: Дзуæппытæ
А: - Цуанæтты мифологон бардуаг Всати атæры хъæздыг цуанæтты æмæ
хæрзаудæн кæны мæгуыртыл- дæтты сын рæдау лæвар . Уый у
æмдзæвгæйæн йæ сæйраг хъуыды.
Поэты æвзаг хъæздыг у æрмæст хицæн дзырдтæ æмæ ныхæстæй нæу.
Уый ма хъæздыг у ахæм аивадон мадзæлттæй, куыд эпитет, метафорæ, барæнтæ
æмæ æнд.
- Ссарут-ма сæ æмдзæвгæйы.
С: ( скъоладзаутæ кусынц чиныджы текстимæ)
Бæрæггæнæнтæ сæвæрын.
IY. Хæдзармæ куыст раттын.
1) Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæ «Всати»-йæ уæ зæрдæмæ
дзы тынгдæр цы строфатæ фæцæуой, уыдон сахуыр кæнын зæрдæвæрдæй, 5
строфайæ къаддæр нæ.
2) Нынныв кæнын «Всатийы» фæлгонц.