7


  • Учителю
  • План-конспект. 6 класс Плиты Грис Артхутагдон

План-конспект. 6 класс Плиты Грис Артхутагдон

Автор публикации:
Дата публикации:
Краткое описание:
предварительный просмотр материала

МУНИЦИПАЛЬНОЕ БЮДЖЕТНОЕ ОБЩЕОБРАЗОВАТЕЛЬНОЕ УЧРЕЖДЕНИЕ

«СРЕДНЯЯ ОБЩЕОБРАЗОВАТЕЛЬНАЯ ШКОЛА №2 с. НОГИР им. Х. ТОТРОВА»

363121 Пригородный район, село Ногир л. Калоева 27, тел.69-02-05





Урок уагъд ǽрцыдис 6 къласы





Урок бацǽттǽ кодта

ирон ǽвзаг ǽмǽ литературǽйы

ахуыргǽнǽг

Бететы Е.Д.





Урочы темǽ: Плиты Грисы ǽмдзǽвгǽ «Ǽртхутǽгдон».



Урочы эпиграф: «Цǽут, мǽ хуртǽ… Уастырджи фǽуǽд

Уǽ фарсхǽцǽг!.. Тых кǽнынмǽ нǽ цǽут,

Фǽлǽ цǽут тыхгǽнджыты ныхмǽ…

Ǽгадмǽ- иу нын ма руадзут нǽ сǽртǽ… (Плиты Г.)

Урочы нысан: Рацыд ǽрмǽгǽй бафǽрсын.

Бакǽсын ǽмдзǽвгǽ ǽмǽ йын раргом кǽнын йǽ

мидис. Аив касты дǽсныйадыл кусын.

Фǽарфдǽр кǽнын скъоладзауты зǽрдǽты Райгуырǽн бǽстǽмǽ

уарзондзинады ǽнкъарǽнтǽ.

Урочы ǽрмǽг : Плиты Грисы чингуыты равдыст.

Презентации. Компьютер.

Иллюстрацитǽ, диск «Иссǽйы зарǽг»

Урочы цыд: 1. Организацион хай (2мин.) Скъоладзауты куыстмǽ сразǽнгард кǽнын.

2. Хǽдзармǽ лǽвǽрд ǽрмǽгǽй бафǽрсын.



Темǽ: Цǽгǽраты Максим. Кадǽг «Хъуыдинǽйы галуан»

Кǽндзынǽн индивидуалон фарст. Хи ныхǽстǽй радзурын кǽндзынǽн таурǽгъы хицǽн хǽйттǽ.

Ǽрмǽг ныффидар кǽнынǽн ратдзынǽн фарстатǽ:

1.Цǽмǽн уыдысты хъǽубǽстǽ Хъуыдинǽйǽ сǽрыстыр?

2.Куыд ǽвдыст цǽуы уацмысы ирон ǽмǽ кǽсгон адǽмы ǽхсǽн хǽлардзинад?

3.Ссарут ǽмǽ аив бакǽсут, Бǽгъǽгуыссǽ абоны царды кой кǽм кǽны, уыцы бынǽттǽ?

Хатдзǽгтǽ скǽнын ǽмǽ ног ǽрмǽгмǽ рахизын:

-Ахуыргǽнǽджы ныхас:

Ǽрдзурын Грисы царды хабæрттыл.

Ахсджиаг бынат ахсы Грисы сфæлдыстады героикон темæ. Йæ фæстаг æмдзæвгæты хуыздæртæй иу «Ǽртхутæгдон»-ы уымæн сарæзта номдзыд Плиты Иссæйы сурæт.

Фыдыбæстæйы Стыр хæст куы райдыдта, уæд ирон адæм стырæй чысылæй сыстадысты знаджы ныхмæ тохы. Рагон сæрыстыр, æнæкæрон бирæ тохты бахсидæг ирон адæм хæсты сæхицæн самадтой лæджыхъæд æмæ намысы æрттивгæ гæнах. Хæсты быдыры ирон цирхъ цæхæртæ калдта. Райгуырæн бæстæмæ, стæй уæд ныййарæг мады раз æфсарм сын уый бар нæ лæвæрдта, цæмæй хæсты быдыры иннæ адæмты æхсæн æгуыдзæг разындаиккой, ныртæккæ цы зарæгмæ байхъусат, уый æвдисæн у, цы зæрдæйыуаг сæм уыди, уымæн.

Табуафси, байхъусут æм.

Плиты Грисы зæрдæйыуаг бæ рæг кæны йе мдзæвгæ «Салдат»-ы

«Фидын мæ хæс адæм æмæ дугæн

Уд нæ домы хъал цард.

Сабыр бон æхсырф æмæ дзæбуг дæн,

Хæсты та - æхсаргард».

Плиты Иссæ уыд Советон Цæдисы дыууæ хатты хъæбатыр. Иссæ уыд нæ бæстæйы хуыздæр фырттæй иу. Ирон адæмы уарзон хъæбул.

Иссæ райгуырд Бæтæхъойы хъæуы. Ǽрыгонæй ацыд æфсадмæ. Ахуыр кодта Ленинграды. Уыд бæхджын æфсады разамонæг. Хъæбатырæй хæцыд нæ бæстæйы знæгты ныхмæ. Лæвæрд ын æрцыд бирæ ордентæ æмæ майдантæ, хъæбатыры ном. Горæты ис цырт Плиты Иссæйæн, йæ номыл ис уынг. Нæ республикæйы фæллойгæнджыты номæй йын æвæрд æрцыд цырт. Дзырдуатон куыст бакæнын:

(дадзинтæ - тугдадзинтæ, фæринк-æхсаргарды хуыз).

Бакæсын æмдзæвгæ .

Уый фæстæ ныхасы бар, хæсты æмæ фæллойы ветеран Абайты А.К., уый зорз зыдта Плиты Г., зыдта Иссæйы дæр. Уый радзурдзæн æмдзæвгæйы истории. (арфæтæ).

-Кæсынц скъоладзаутæ æмдзæвгæ.

Ǽрмæг ныффидар кæнын.

1.Чи уыд Плиты Иссæ? Кæм фесгуыхтис?

2. Йæ хæстон бонтæй цавæр цауыл дзурæг у æмдзæвгæ?

3. Фыссæг Иссæйы цавæр хæстонæй равдыста?

4. Иссæйы æфсæдты ныббырст цæимæ абарста?(ссарын æмæ бакæсын уыцы

бынæттæ )

5. Цавæр уацмыстæ ма ахуыр кодтам хæсты темæйыл?

6. Кæй зонут нæ хъæуæй, Фыдыбæстæйы хæсты чи уыд, уыдонæй? Хатдзæгтæ: Сывæллæттæ, Ногирæй дæр тынг бирæ фæсивæд фæцыд Фыдыбæстæйы Стыр хæстмæ, бирæтæ нал æрыздæхтысты хæсты быдырæй. Уыдон номыл Ногиры фæллойгæнджытæ сæвæрдтой æнусон цырт, чи нал æрыздæхт, уыдон номхыгъдимæ.

- Цавæр бæрæгбонтæ æрхæццæ кæнынц? (Уæлахизы бæрæгбон…)

Х/к Плиты Грис. «Ǽртхутæгдон» найзусть. (саразын нывтæ æмдзæвгæмæ)





 
 
X

Чтобы скачать данный файл, порекомендуйте его своим друзьям в любой соц. сети.

После этого кнопка ЗАГРУЗКИ станет активной!

Кнопки рекомендации:

загрузить материал