7


  • Учителю
  • Конспект урока на тему: Коцойты Арсен ' Дадолты мат'

Конспект урока на тему: Коцойты Арсен ' Дадолты мат'

Автор публикации:
Дата публикации:
Краткое описание:
предварительный просмотр материала


КОЦОЙТЫ АРСЕН

"ДАДОЛТЫ МÆТ».

7 кълас

2015

25.11.15.


ТЕМÆ: Коцойты Арсен. «Дадолты мæт».

НЫСАН:Скъоладзауты базонгæ кæнын Коцойты арсены царды хабæрттимæ.

Радзырд «Дадолты мæт»-ы мидис равзарын. Нæ фыдæлтæй баззайгæ

Зианхæссæг, фæстæзад æгъдæуттыл аныхас кæнын.

ХЪОМЫЛАДОН ХÆС: Дæснытыл æууæндын æмæ сæм цæуын - фæстæзад

зондахаст, талынгдзинад кæй у, уымæ æргом азадахын.

ЦÆСТУЫНГÆ ÆРМÆГ: фотоальбом «Коцойты Арсен», Коцойты Арсен

«Уацмыстæ», доклад, презентаци.

УРОЧЫ ЦЫД:

  1. Орг. хай.

  2. Ног æрмæг. Докладмæ байхъусын.


АХУЫРГÆНÆДЖЫ РАНЫХАС

Мах байхъуыстам докладмæ, кæцыйæ базыдтам Арсены цард æмæ сфæлдыстады хабæрттæ.

Йе 'рыгон царды тæккæ зынгæдæр цаутæй иу уыдис, Къостаимæ кæй базонгæ, уый. Семинары ахуыргæнгæйæ ссыдис йæ фенынмæ Дзæуджыхъæумæ ахуыргæнинæгтимæ.

«Æгæр бирæ рæстæг уæ сæфы кувыныл æмæ дины чингуытæ ахуыр кæныныл, фæлæ ницы кæны. Æндæр скъолатæ дæр нæм фæзындзæн», - загъта сын Къоста.

Арсены сфæлдыстады зынгæ бынат ахсы дины проблемæ. Мæнгуырнынад æвзæрд мæгуыр æмæ талынг цардæй. Дин уыд æмæ у хицауады идейон хотых, æлдарады бындуртæ хъахъхъæнæг. Уыдта мæгуыр адæмы цардыл дины, дæсныты фыдбылызтæ.

Чи уыдысты Дадолтæ, цæуыл уыд се стырдæр мæт, уыдон базондзыстут, радзырд куы бакæсат, уæд.

Радзырд фыст у æнцонæмбарæн æвзагæй. Фыссæг ам бæстон æвдисы Къамады хъæуы царды уавæртæ. Къамады адæм никуы ницы федтой æмæ талынг цард дæр уымæн кæнынц. Арсен сыл худы æмæ сын сæ митæ хурмæ хæссы.

Дæснытæн сæ митæ алы ран дæр æмхуызон вæййынц, фæлæ архайынц хицæн уавæрты. Сайынмæ тынг рæвдз сты, фæлæ дзы Биганонæн æмбал нæй уæддæр. Уый у дзырдамонд, æрхъуыдыджын. «Диссаджы» хостæ амоны Дадолты бинонтæн, уыдон æрхъуыды кæнын дæр хъуыди, кæд æй зоны, ницы сын баххуыс кæндзæн, уæддæр.

Ахæм ирд ахорæнтæй нын æй сныв кодта Арсен, æмæ цæстытыл æнцонæй ауайы. Тынг дæсны ныв кæны дзургæ сурæттæ дæр.

  1. Чиныгимæ куыст. Фыццаг кæсы ахуыргæнæг, стæй та аив каст кæнынц хуыздæр чи кæсы, уыцы скъоладзаутæ.

4. Текстимæ куыст. Ссарын радзырды, Сымси æмæ йæ бинонты тыххæй кæм дзырдæуы, уыцы скъуыддзаг. Ногæй йæ бакæсын, æрныхас кæнын йæ мидисыл.

Дадолты сылгоймæгтæ Биганоны куы федтой, уæд дзы фæтæрсæгау кодтой, зæдтимæ чи ныхас кæны, уый раз лæууын уæндгæ дæр нæ кодтой.

Бакæсын радзырды уыцы бынат ногæй æмæ йыл æрдзурын.

Тынг цымыдисаг у Биганоны кæлæнты æрфыст. Раст цыма барæй архайдта æрхъуыды кæнын ахæм хостæ цæмæй сæ сæ бон сæххæст кæнын мацыхуызы бауа. Æнæфенд, къуымых сылгоймæгтæ уыцы хъуыддæгтæ хъуыды дæр нæ бакодтой, æмсæ сын кæй ницы феххуыс сты, уый дæр кæнынц сæхи аххос.


  1. Бакæсын радзырд кæронмæ. Æрныхас кæнын сылгоймæгты сурæттыл, сæхи куыд дарынц, цæмæй бæрæг у сæ талынгдзинад. Биганон цавæр фæдфæливæн митæ кæны.

Арсен ницæйаг нæхоны Дадолты бинонты мæт æмæ сæ фæндиæгтæ - цæуыл тыхсынц ( чындзæн цот кæй нæ цæуы, чызджыты курæг нæй), уый æмхуызон мæтаг у æнæфенд хохаг æмæ ахуыргонд горæтагæн дæр. Уый у адæмы мæт дæр: чындз цот куы нæ кæна, чызг чындзы куы нæ цæуа, уæд адæм æвæстаг кæнынц.

Арсен æвдисы, царды цы уыд, уый, æвдисы йæ комизмы фæрæзтæй æмæ йæ радзырд кæрæй - кæронмæ ауагъта уыцы иу уагыл.

  1. Хæдзармæ куыст. Радзырд хи ныхæстæй дзурын зонын. Ныффысын цыбыр радзырд «Биганоны сурæт».

  2. Бæрæггæнæнтæ.



 
 
X

Чтобы скачать данный файл, порекомендуйте его своим друзьям в любой соц. сети.

После этого кнопка ЗАГРУЗКИ станет активной!

Кнопки рекомендации:

загрузить материал