7


  • Учителю
  • Номдар куыд сæрмагонд ныхасы хай.

Номдар куыд сæрмагонд ныхасы хай.

Автор публикации:
Дата публикации:
Краткое описание:
предварительный просмотр материала

Урочы темæ: Номдар куыд сæрмагонд ныхасы хай.



Урочы нысантæ:



- архайдон: ахуырдзаутимæ номдар иртасыныл бакусын;

- ацы ныхасы хайæ парахатæй пайда кæныны арæхстдзинад рæзын кæнын ;

- мидисон: номдары, куыд ныхасы хай, æмбарыныл бакусын;



I . Ахуырадон архайды мотивации.



Этапы нысан: ахуырдзауты куыстмæ сразæнгард кæнын.

Ахуыргæнæг: - Уæ бон хорз, сывæллæттæ! Тынг æхсызгон мын у уæ фенд! Абон нæ урок хъуамæ ацæуа ахæм девизимæ: «Алы дзырд дæр у хæрз гыццыл дуне, йæ сусæгдзинад ссарын æрмæст зондæн ахъаз нæу, фæлæ ма у зæрдæрайгæ куыст». Ацы ныхæстæ ныффыссут уæ тетрæдты нымæцы фæстæ, темæйæн иу рæнхъ ныууадзгæйæ. Темæ та чысыл фæстæдæр уæхæдæг сбæрæг кæндзыстут.



Ахуыргæнæг : - Абон уын радзурдзынæн иу лингвистикон аргъау.

Морфологийы паддзахады горæт Орфографийы, хох Ныхасы культурæйы царди-уыди иу сæрмагонд ныхасы хай. Уый нысан кодта предмет æмæ дзуапп лæвæрдта фарстатæ чи? цы?-йæн. Уыдис сæрмагонд æмæ иумæйаг, удджын æмæ æнæуд, ивта хауæнтæ æмæ нымæцтæм гæсгæ. Хъуыдыйады арæхдæр уыдис сæйрат, æххæстгæнæн æмæ фадат. Хуынгæ та кодта уыцы ныхасы хай… Номдар.

- Чи бамбæрста, нæ абоны урочы темæ цавæр у, уый? (Номдар, куыд сæрмагонд ныхасы хай). Раст. Ныффыссут афтид рæнхъы нæ урочы темæ.

- Кусдзыстæм æртæ къордæй. Алы къорды дæр уыдзæн иу сырх, дыууæ цъæхы æмæ æртæ бур жетоны.



II.Зонындзинæдты актуалондзинад æмæ архайды зындзинæдтæ нысан кæнын.



Этапы нысан:рацыд æрмæг фæлхат кæнын, зындзинæдтæ бæлвырд кæнын алы скъоладзауы индивидуалон куысты.

  1. Ацы аргъауы горæт Орфографи æмæ хох Ныхасы культурæйы кой цæмæн кæнынц? Дзуапп.

  2. Аргъауы мидисмæ гæсгæ ма радзурут, цавæр миниуджытæ ис номдарæн.

  3. Лæвæрд текст баххæст кæнут.

«Номдар у… ныхасы хай, нысан кæны… æмæ дзуапп дæтты фæрстытæ… Номдартæ ивынц…, хъуыдыйады вæййынц…»

Чиныгимæ куыст

III. Архайды алгоритм.



Чи? удджын

фарст Цы? ӕнауд

1. Номдар ивы хауӕнтӕм гӕсгӕ

нымӕц иууон, бирӕон



2. Чиныгимӕ куыст.

А). Сӕххӕст кӕнын фӕлтӕрӕн. Номдартӕ цавӕр предметтӕ нысан кӕнынц, уымӕ гӕсгӕ сӕ рафыссут.



IV.Æрмӕг фидар кӕнын.



1. Лӕмӕгъдӕр, ома, бур жетонтимӕ скъоладзаутӕ хъуыды кӕнынц дзырдтӕ ахӕм темӕйыл «Уалдзæг».

2. Цъӕх жетонтимӕ - 10 номдары ӕрхъуыды кӕнын зын орфограммӕтимӕ.

3. Сырх жетонтимӕ сты капитантӕ. Уыдон фыссынц чысыл текст «Уалдзыгон æрдз ».

V. Аулӕфт. Базон-базон. Дунетыл нӕй мӕнӕй фылдӕр,

Цӕрын ӕмбӕлттимӕ ӕнгом.

Ныхасы хӕйттӕн дӕн сӕ сӕр,

Хӕссын ӕз предметӕн йӕ ном. (Номдар)



VI. Ног универсалон ахуырадон архайд системӕмӕ ӕркӕныны этап.



1.Дзырдтӕн сӕ синонимтӕ ссарын:

знаг - фыдгӕнӕг;

сӕрибар - уӕгъдибар;

мӕнг-гӕдыдзинад;

саби-сывӕллон;

фӕтк - ӕгъдау.

2. Ссарын уӕлдай дзырд алы рӕнхъы дӕр:

кусын, аудын, ӕмбӕрзын, хъӕбул, кӕсын; (номдар)

ӕвзаг, бӕлон, гӕлӕбу, артист; (ӕнӕуд)

адӕм, фос, чындз, ӕфсад. ( иннӕтӕ с ӕмбырдон номдартӕ)

кӕсӕгтӕ, сывӕллӕттӕ, хистӕртӕ, цуанон; ( иууон нымӕц)

ӕмбалимӕ, кӕстӕримӕ, фыдимӕ, ӕрдхорд. (номон хауӕн)





VII. Хӕдзармӕ куыст. 1. Дзырдбыд саразын темӕ «Номдар»-мӕ гӕсгӕ.



2. Ныффыссын текст ахӕм райдайӕнимӕ «Нырма ныр ӕрхаудысты фӕстаг уарыны ӕртӕхтӕ…»











 
 
X

Чтобы скачать данный файл, порекомендуйте его своим друзьям в любой соц. сети.

После этого кнопка ЗАГРУЗКИ станет активной!

Кнопки рекомендации:

загрузить материал