7


  • Учителю
  • Конспект урока по осетинскому языку на тему « Овощи. Осень»

Конспект урока по осетинскому языку на тему « Овощи. Осень»

Автор публикации:
Дата публикации:
Краткое описание:
предварительный просмотр материала













39-ӕм скъола

ирон æвзагæй 5-æм къласы

(лæмæгъ къорды)



Темæ: «Халсартӕ»













ахуыргæнæг: Багданты Алинæ







</















Урочы темæ: «Халсартæ».



Урочы нысан: 1. Бацамонын сывæллæттæн халсарты нæмттæ. Ныхасы мидæг дзы пайда кæнын зонын.

2. Фæллой уарзыны æнкъарæнтæ æвзæрын кæнын сывæллæтты зæрдæты. Адæймаджы къухты фæллойæн кад кæнын сæ ахуыр кæнын.

3. Аив каст, тæлмац кæнын æмæ растфыссыны æгъдæуттыл кусын.

4. Фæллойы тыххæй æмбисæндтæ сахуыр кæнын.



Урочы фæлгонц: 1. слайд «Цæхæрадон» (сывæллæтты нывтæй арæзт)

2. Дидактикон æрмæг халсарты нывтимæ.



3. Архайæг сывæллæтты уæлæдарæсы элементтæ.



4. Ирон фæндыры зæлтæ.



Урочы цыд.

  1. Бацæттæгæнæг рæстæг.

  2. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.

Сывæллæттæ уынын кæнынц композици «Бæркадджын фæззæг».



1. Хъуысынц ирон фæндыры зæлтæ (Дуар чидæр хойы).



Ахуыргæнæг: «Чи дæ, табуафси, мидæмæ».

Æрбахызти «Фæззæг» къласмæ æмæ дзуры:

- Уæ бон хорз, зынаргъ адæм!

- Æгас нæм цу, фæлæ чи дæ? Нæ дæ зонæм (ахуыргæнæг).

- Æз дæн «Фæззæг», сызгъæрин, бæркадхон, хъæздыг (фæззæг).

- Гъе ныр дæ базыдтам. Мах дын радзурдзыстæм Къостайы æмдзæвгæ.

- Æмæ Къоста та чи уыди? (ахуыргæнæг).

-Табуафси, хъусын уæм (фæззæг).



а) Æхсæлы ызгъæлы,

Лæджирттæг фæбур…

Мигъ бады цæгаты, -

Нæ йæ тавы хур…



б) Æркастам, арластам.

Нæ хортæ, нæ хос…

Чи кусы йæ мусы,

Чи лвыны йæ фос…



в) Хор бирæ, хос бирæ

Хуыцау фæрцы…

Нæ хæхбæсты бæркад,

Цы диссаг дæ, цы…



- Бузныг, бузныг уæ лæварæй. Æз дæр уæм афтид къухæй не рбацыдтæн (фæззæг).



2. (Хъусынц ирон фæндыры зæлтæ. Мидæмæ æрбацыдысты халсартæ).

Ахуыргæнæг: «Æгас нæм цæут нæ зынаргъ уазджытæ. Курæм уæ æмæ сбадут, нæ урок нын сфидауын кæнут».



III. Ног æрмæгмæ ахызт.

Абон нæ урокæн райстон ахæм эпиграф:

«Цы байтауай, уый æркæрддзынæ» (æмбисонд)

(«Что посеешь, то и пожнешь»)

- Куыд æмбарут йæ хъуыды ацы æмбисондæн?



1. Ахуыргæнæджы разныхас.

- Махæй алчидæр уарзы халсартæ. Иуты дзы хомæй хæрæм, иннæты фыцгæ кæнæм. Иутæн сæ сыфтæ хæрæм, иннæтæм сæ иудæгтæ. Фæлæ халсартæ уæларвæй не рхауынц.уыдон æрзайынц адæймаджы фæллойы руаджы.

Æнæ зынаргъ уæлæдарæсæй ис фæцæрæн, æнæ уæладзыгон хæдзарæй дæр, æнæ машинæйæ дæр. Фæлæ æнæ хæринагæй цæрæн нæй. Уымæ гæсгæ зæххы куыст чи кæны, уыцы адæммæ нæм хъуамæ уа уæлдай цæстæнгас, кæнæм сын уæлдай кад.

- Цавæр æмбисæндтæ бацæттæ кодтат абонмæ?



IV. Ног æрмæг.

- Абон нæ урочы темæ у «Халсартæ» (Сывæллæттæ фыссынц тетрæдты нымæц, къласы куыст, темæ).



Эпиграф:

«Цы байтауай, уый æркæрддзынæ» (Æмбисонд).



- Ныр æрцæттæ кæнут уæ дзырдуæттæ æмæ ныффыссæм нæ уазджыты нæмттæ. Табуафси.



1. Картоф: Картофæй хæрзаддæр халсар

Нæй, æвæццæгæн уæ хуымты.

Йе дзаг картофæй уæ базар,

Уæддæр кадджын дæн уæ цæсты



2. Булкъ: Вæййын урс дæр,

Сырх дæр, сау дæр

Фæлæ алкæддæр

хæрзад дæн



3. Уырыдзы: Сывæллæттæ уарзынц цы?

Уарзынц сырхбын уырыдзы.

Бакастæй рæсугъд дæн, хæрынæн хæрзад.

Хæринæгтæй алкæй дæр ахизы мæ ад!



4. Цæхæра: Сырх-сырхид цæхæра

Пайда дæн хæрынæн.

Уидагæй, уæд сыфæй

Алцыдæр дæттын уын.



5. Хъæдындз: Ма мæм бавнал, ма кæ ды

Цæстысыг кæлдзæни

Æнæ мæн хæринæгты

Ницы ад уыдзæни.



6. Нуры: Ставддæндагджын нурытæй

Хорз тыллæг æрзад.

Хурмæ сæ дзыккубыдæй

Байтыдта мæ мад.



7. Нас: Нард дзæргъ циу йæ разы асæй

Ахæм ставдкъæдзилджын насæн!

Къуымы каурæбын хуыссы

Йе стыр гæлдарæй тыхсы.



8. Цывзы: Æз гыццыл дæн

Фæлæ тыхæй

Мæнæй бирæ нæй тыхджындæр.



9. Къабуска: Къабускайы къабатæ

Фараст чындзы фаг.

Баззад зæгъгæ сабатмæ

Атонид хæрзаг





10. Джитъри: Рæзти хуымы иу къуыри

Цъæх сыфты æхсæн

Къуызыр рагъ цъæх джитъри

А цонджы дæргъæн.



11. Пъамидор: Сыр-сырхид мæ рустæ

Хæрынæн хæрз фæлмæн.

Сис мæ тагъд дæ къухтæм,

Рагæй мæм бæллыдтæ.

Цæхæрадон, хуым.

Фæйнæгыл фыст цæуынц халсарты нæмттæ. Сывæллæттæ сæ фыссынц сæ дзырдуæтты.

- Халсартæ кæм зайынц, уыцы бынат куыд хуыйны.

Грамматикон хæстæ.



1. Лæвæрд дзырдтимæ саразын дзырдбæстытæ.



2. Æрхъуыды кæнын фæйнæ иу хъуыдыйады.



3. Ныффыссын хъуыдыйæдтæ иронау.

- Я люблю морковь.

- Я не люблю лук. (Дзургæйæ фæрсын цалдæр адæймаджы).

- В огороде растут овощи. (фыс.)

- В огороде растет ……. (дзургæйæ).



Мах абон базыдтам халсарты нæмттæ. Нывтæм гæсгæ сын нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм сæ нæмттæ.



V. Хæдзармæ куыст.

- Хæдзары халсарты нæмттæ сахуыр кæнут. Ныффыссут фæйнæ фондз хъуыдыйады.



VI. Урочы кæронбæттæн.

(Хъуысы ирон фæндыры цагъд). Сывæллæттæ кæсынц Хацырты Сергейы æмдзæвгæ «Фæллойы зарæг»



  1. Хур ыскаст бæрзонд хæхтæй.

Тауы бæстыл рухс тынтæ.

Фæсивæды зарынмæ

Мидбыл худынц зад хуымтæ.



Иумæ: Хъазут, худут, зад хуымтæ!

Тау ныл, хур, дæ рухс тынтæ!

2. Арфæйаг - нæ куыствæллой,

Рухс амонд - нæ цардуалдзæг,

Царды хос - нæ зæххы сой

Дард æнхъæвзы мах зарæг.







 
 
X

Чтобы скачать данный файл, порекомендуйте его своим друзьям в любой соц. сети.

После этого кнопка ЗАГРУЗКИ станет активной!

Кнопки рекомендации:

загрузить материал