7


Ход урока ÆРВОН ДИССÆГТÆ

Автор публикации:
Дата публикации:
Краткое описание:
предварительный просмотр материала

Урочы темæ: ТЕМÆ: ÆРВОН ДИССÆГТÆ.

Урочы нысантæ:

Урочы фæлгонц:


Урочы хуыз: интегративон урок.

Ам: æмбисæндтæ, стъалыты тыххæй æрмæг, хур æмæ мæй, арвы тыгъдад

Хъайтмазты Ас. «Фæллой», «Цыкурайы фæрдыг», Сиукъаты Никъала.


Эпиграф:

Фæнды дæ арв, йе зæхх

Сæ æцæгтæ зæгъой,

Уæд чиныгмæ ыздæх,

Кæн ахуыр, кæн фæллой.

(Хъайтмазты Ас.)


Урочы цыд:


I. Бацæттæгæнæн рæстæг.

II. Ног æрмæгыл куыст.


Хъуыдыйæдтæ абарут.

Цавæр уæлæмхасæн хъуыды бахастой хъуыдыйадмæ нысангонд дзырдтæ?

Кæцы дзырдтæй сæм дæттæм фæрстытæ?

Цавæр фæстытæ сæм дæттæм?

1) Фæндагыл цæуын.

Фæндагыл сындæггай цæуын.

2)

Стъалытæ тыбар-тыбур кодтой.

Стъалытæ æнахуыр тыбар-тыбур кодтой.

3)

Саг йæ сыкъатæ систа æмæ фæцагайдта.

Саг æвиппайды йæ сыкъатæ бæрзонд систа æмæ рæвдз фæцагайдта.


Цы нысан кæны термин «фæрсдзырд»?

Ацы дзырд у вазыгджын, арæзт у дыууæ уидагæй фæрс æмæ дзырд. Дзырд цы нысан кæны, уый алчи дæр зоны, фæрс та, æвæццæгæн æмæ, амоны «фарсмæ æвæрд», «дзырды фарсмæ уæвын». Æмбæлы ма термин «фæрссагми»-йы дæр.

Ирон æмæ уырыссаг æвзæгтæ иу æвзæгты къордмæ кæй хауынц - индоевропæйаг - уымæ гæсгæ ирон æвзаджы грамматикон сконд арæх абарынц уырыссаг æвзаджы грамматикон скондимæ. Цы нысан кæны термин «наречие» уырыссаг æвзаджы та?

Куыд сбæрæг кодтам, афтæмæй термин «наречие» æмбæлыд рагон уырыссаг æвзаджы. Рахицæнгæнæн дзы ис уидаг реч-. Ацы уидаг у бирæнысанон, йæ фыццаг нысаниуæг речь - ныхас, æмæ ма ноджы речь - мивдисæг (глагол). Афтæмæй фæрсдзырд (наречие) æнгом баст у мивдисæгимæ.

Рагон Ромы цæрджытæ та фæрсдзырд хуыдтой adverbium. Дзырд verbium нысан кодта «мивдисæг», разæфтуан ad- (уырыссаг æвзаджы

«при-»), ома, «приглаголие».

Афтæмæй бæрæг у, фæрсдзырдæн ныхасы стыр нысаниуæг кæй ис, æнгом баст кæй у мивдисæгимæ, æмæ мивдисæджы фарсмæ æххæст кæны, миногон номдары фарсмæ цы функцитæ æххæст кæны, ахæмтæ: æвдисы мивдисæджы æууæлтæ, йæ миниуджытæ.


Æмбисæндтæ:

- Лæг цас тагъддæр кæна, уыйас ыл къуылымпы 'фты.

- Цас тагъддæр кæнай, уыйбæрц - æрæгмæдæр.

- Тагъдгæнæгæй бæстонгæнæгæн хуыздæр æнтысы.


Саджы уады тыххæй куыд зæгъдзыстæм?

- Цыппæрвадыгæй азгъордта.

- Къæхтæ йыл базад.

- Базыртæ йыл базад.

- Бындзы тахт акодта.

- Цæст ыл нал хæцы.

- Тагъдгæнæгæн йæ зæнг сæтты.


Къамбецы цыды тыххæй та куыд зæгъдзыстæм?

- Гæппæй дугъ нæй.

- Тагъд дон фурды не 'ййафы.

- Тагъд чи кодта, уый фæстейы баззад.

- Карк нæмыггай уидзы, фæлæ йæхи бафсады.

- Æмбаргæ лæг зын хъуыддаджы тагъд нæ кæны.

- Æвзæр тагъдæй хорз сындæг хуыздæр у.


«Наречие - особенная часть речи: и трудная, и интересная, а еще она живописует глагол», - А.С.Пушкин.

Куыд æмбарут дзырд «живописует»? (Живописать - писать живо, ярко, образно, выразительно.) фæлгонцджын, рæвдз, аив фыссын.


Фæрсдзырды уыцы миниуджытæ мах хъуамæ абон раиртасæм аивгонд тексты æмæ, нæ бон цас у, уый бæрц бацархайæм нæхи сфæлдыстадон куыстыты фæрсдзырдтæй спайда кæныныл.

Бакæсæм текст.


ÆРФÆНЫ ФÆД


Иуахæмы дын саг æмæ къамбец куы фæбыцæу уаиккой, арвы кæронæй иннæ кæронмæ тагъддæр чи бахæццæ уыдзæн, зæгъгæ. Æрлæууыдысты иу кæрон.

Саг æвиппайды йæ сыкъатæ бæрзонд систа æмæ рæвдз фæцагайдта. Арвы астæумæ куы бахæццæ, уæд йæ зæрдæ аскъуыд, æмæ йæ мидбынаты æрхауд.

Уалынмæ къамбец дæр рараст æмæ сындæггай иннæ кæронмæ бахæццæ.

Арв æхсæвыгон куы ныттынг вæййы æмæ стъалыты цæхæр куы фесты, уæд йæ бæстастæуыл иу кæронæй иннæмæ ирдæй разыны урсцагъд къуымбилæй фæд. Уый фарсмæ та иу кæронæй бæстастæумæ ис урс мигъы хуызæн æхсырхуыз бындзыгтæ.

Уæдæй фæстæмæ дзурынц, зæгъгæ, дам, уыдон сты саг æмæ къамбецы фæдтæ. Хонынц сæ Æрфæны фæд.

Беседæ тексты бындурыл:

1. Цы базыдтат ногæй текстмæ гæсгæ?

2. Цæуыл нæ ахуыр кæны текст? Цавæр арф хъуыды дзы æвæрд ис?

3. Нæ æмбисæндтæй кæцытæ æвдисынц тексты сæйраг хъуыды?

(- Тагъдгæнæгæй бæстонгæнæгæн хуыздæр æнтысы.

- Æвзæр тагъдæй хорз сындæг хуыздæр у.)


Фиппаинæгтæ æмæ хæслæвæрдтæ текстмæ:

1. Бацамонын дзырдтæ æмæ дзырдбæстыты нысаниуæгтæ, синонимтæ сæм ссарын:

цæст ахæссын (акæсын),

фæбыцæу уæвын (ам: схæснаг кодтой),

фæцагайын (ам: азгъорын),

ныттынг вæййы (ныйирд вæййы),

цæхæр фесты (цæхæр фæкалы),

бындзыгтæ (ам: гуппæрттæ, къуыбылæйттæ),

Æрфæн - нысан кæны «æрвон».


- Æнгом дзырдбæстытæ дзы кæцытæ сты?

Цæст ахæссын,

йæ зæрдæ аскъуыд,

йæ мидбынаты æрхауд

цæхæр фесты

- Цæмæн хъæуынц æнгом дзырдбæстытæ? Цавæр функци сын ис тексты?


2. Фæйнæгыл ныффыссын, равзарын сæ растфыссынад, морфемикон æвзæрст скæнын: мидбынаты, бæстастæу, урсцагъд, æхсырхуыз.

Цавæр фарстытæн дзуапп дæттынц?

Семæ дзырдбæстытæ саразын.

Цавæр ныхасы хæйттæ сты?


3. Рафыссæм персонажтæн характеристикæ дæттæг мивдисджытæ семæ баст дзырдтимæ (аразæм дзырдбæстытæ):


САГ: æвиппайды йæ сыкъатæ систа, бæрзонд систа, рæвдз фæцагайдта;

арвы астæумæ бахæццæ, уæд йæ зæрдæ аскъуыд, йæ мидбынаты æрхауд.

КЪАМБЕЦ: уалынмæ рараст, сындæггай иннæ кæронмæ бахæццæ.


Куыд æвдисынц фæрсдзырдтæ-антонимтæ персонажты уды хъæды миниуджытæ?


Фæрсдзырдтæм антонимтæ ссарын:

æвиппайды - сабыргай;

рæвдз - сындæггай


Цавæр фæрсдзырдтæ ма æмбæлы тексты?


æхсæвы (кæд?)

чысыл (цас?)

уæд (кæд?)

арвы кæронæй иннæ кæронмæ (кæцæй кæдæм?)

тагъддæр (куыд?)

иу кæрон (кæм?)

бæрзонд (куыд?)

рæвдз (куыд?)

Арвы астæумæ (кæдæм?)

уæд (кæд?)

йæ мидбынаты (кæм?)

сабыргай (куыд?)

суанг иннæ кæронмæ (кæдæм?)

æхсæвыгон (кæд?)

уæд (кæд?)

бæстастæуыл (кæм?)

иу кæронæй иннæмæ (кæцæй кæдæм?)

ирдæй (куыдæй?)

Уый фарсмæ (кæм?)

иу кæронæй бæстастæумæ (кæм?)

Нысан кæнынц: архайды хуыз, архайды бынат, архайды афон, архайды бæрц,


Синонимтæ:

Ирд æхсæвы - мæйрухс æхсæвы

Фæцагайдта - азгъордта, атындзыдта.

Цæмæн равзæрста автор дзырд фæцагайдта? (Саг агайгæ кæны, гæппытæгæнгæ згъоры).


Синонимтæ:

рæвдз - тагъд, цырд, схъиудтытæгæнгæ (æндæр стилы);

æвиппайды - æнæнхъæлæджы;

сындæггай - сабыргай, цадæггай, уæзданæй, уызгæ-уызгæ.


4. Сфæлдыстадон хæс.

Фразеологон дзырдбæстытæ иу дзырдæй - фæрсдзырдæй - баивут.


Цæсты фæныкъуылдмæ - тагъд

Йæ хъæлæсыдзаг - хъæрæй

Арсы хъуыны мæлдзыг - гыццыл

Цæстытæ ныссадзын - лæмбынæг кæсын

Стъалыты гуппар «АВД ХОЙЫ»

Ирон адæмы уарзондæр стъалыты гуппар.


1. Ирон таурæгъ «Авд хойы тыххæй»

2. Тагъддзурæн (скороговорка):

Бынтон æнафон,

Æнæнтыст фæуой,

Цъæх арвыл кафынц,

Цъæх арвыл симынц

Æнæнтыст хотæ,

Кæсут-ма, авдæй.

Аззæ - сæ хистæр,

Гъе стæй - Уырыззæ.

Уымæй дæлæмæ -

Цицц æмæ Уæрдахъ,

Дæдæкк æмæ Уæдæкк,

Стæй сæ кæстæр - Къæбæда.


- Тексты ссарын синонимтæ æмæ антонимтæ.

- Куыд æмбарут дзырдбаст «æнæнтыст фæуой»?

- Исты нысан кæнынц хоты нæмттæ?

(æрмæст Къæбæда ис бацамонын. Дзырдуатмæ æркæсын)

Башкираг таурæгъмæ гæсгæ раджы кæддæр иу лæгæн уыди авд чызджы. Сæрæн, рæсугъд чызджытæ уыдысты. Сæ рæсугъддзинадыл сын адæм дис кодтой.

Иу хатт хæхбæсты амбæлдысты зæдты паддзахыл. Чызджытæ дзы фæтарстысты æмæ хæхтæм бæрзонд слыгъдысты. Зæдты паддзах - сæ фæстæ. Куыд сæ фæцæйæййæфта, афтæ, кæрæдзи къухтыл ныххæцгæйæ, арвмæ стахтысты. Уæдæй нырмæ авд стъалыйы хуызы арвыл баззадысты. Хонынц сæ а «авд стъалыйы».

Бердзенаг таурæгъмæ гæсгæ та мах «Авд хойы» кæй хонæм, уыцы стъалыты гуппар кæддæр уыд рæсугъд чызг. Зевс æй кæй бауарзта, уый тыххæй йæ Зевсы бинойнаг Герæ арс фестын кодта.

Рагон уырыссаг адæм сæ таурæгъты стъалыты гуппар «Авд хойы» хуыдтой Воз, Колесница, Кастрюля, Ковш (Стыр Цолпы).

Монгойлаг таурæгъмæ гæсгæ та стъалыты гуппар «Авд хойы» сты авд зæронд лæджы («семь старцев»).


ÆРФÆНЫ ФÆД (Млечный Путь)

Рагон берзентæм гæсгæ Млечный путь, Æрфæны фæд, баст у мады æхсыримæ. Сылгоймаг Хуыцау Герæ йæ риуы 'хсырæй хаста Гераклы. Фæлæ куы базыдта, Геракл йæ лæг Зевсæн зæххон сылгоймагæй кæй райгуырд, уый, уæд сывæллоны асхуыста, æмæ йе 'хсыр арвыл акалд.

Финнаг мифмæ гæсгæ кæддæр зæххыл зади стыр тулдз бæлас. Афтæ стыр уыд, æмæ йæ аууонæй Хур æмæ Мæй нæ зындысты. Уалынмæ денджызæй иу стыр лæг рацыд æмæ уыцы тулдз акалдта. Йæ пырхæнтæ арвыл ныххæлиу сты.

Сомихаг таурæгъмæ гæсгæ сомихы рагфыдæл Вахагн ассирийаг адæмы рагфыдæл Баршамæй адавта хъæмп. Арвмæ стахт. Куыд лыгъди, афтæ йæ хъæмпæй бындзыгтæ фæкалд. Хонынц сæ «Дорога соломокрада».


Ирон адæммæ цалдæр таурæгъы ис Æрфæны фæды тыххæй.


Зæгъæм:

Иу фыдзæрдæ лæг Æрфæн нæртон адæмы артдзæстæй цæхæртæ радавта. Голладжы сæ нывгæдта æмæ сæ йе 'ккойы сæхимæ фæцæйхаста. Голладжы бын басыгъд, æмæ цæхæртæ фæндагыл фæкалдысты. Йæ фæд абон дæр ма бæрæг дары. Хуыйны Æрфæны фæд. Иу изæр дæ цæст арвыл ахæсс æмæ йæ дæхæдæг фендзынæ.

Æрфæн - æрвон - Нарты кадджытæм гæсгæ бæхты мыггагæй, уыд Нарты хистæр Уырызмæджы æмбисонды бæхы ном. Уый хонынц зæххон бæхты фыдæл, уымæй, дам, равзæрдысты.

6



 
 
X

Чтобы скачать данный файл, порекомендуйте его своим друзьям в любой соц. сети.

После этого кнопка ЗАГРУЗКИ станет активной!

Кнопки рекомендации:

загрузить материал