7


  • Учителю
  • Адӕймаджы зонд ӕмӕ дзырдарӕхст аргъау «Лӕскъдзӕрӕн-ы». Дзырд

Адӕймаджы зонд ӕмӕ дзырдарӕхст аргъау «Лӕскъдзӕрӕн-ы». Дзырд

Автор публикации:
Дата публикации:
Краткое описание:
предварительный просмотр материала

Ирон ӕвзаджы ӕмӕ литературайы ахуыргӕнӕг Хъороты Ирӕ



Урочы темӕ: Адӕймаджы зонд ӕмӕ дзырдарӕхст аргъау «Лӕскъдзӕрӕн-ы». Дзырд

кӕддӕриддӕр дзырд сайы.



Урочы хуыз: Зонындзинӕдтӕ райсыны урок, баххӕст сӕ кӕнын .



Метод: беседӕ, индивидуалон куыст, къордты куыст.

Нысан: 1. Уацмысы текст равзарын;

2. Сайраг архайджыты фӕлгонцтыл бакусын. Лӕскъдзарӕджы удхайраг

цард. Фыдзӕрдӕ уӕйыджы ӕуулттӕ.

3. Зондджын, дзырдарӕхст, лӕджыхъӕд ӕмӕ ӕхсарӕй хайджын мӕгуыр

лӕг адӕймаджы хуыздаӕрминиуджытӕ.

4. Н/р бакусын.



Цӕстуынгӕ ӕрмӕг: 1.Къостайы портрет;

2. Сывӕллӕтты нывтӕ;

3. Рагон царды уӕззау нывтӕ.

Урочы цыд



  1. Скъоладзауты сразӕнгард кӕнын урочы архайынмӕ:

Сусӕгӕй уын ӕз зӕгъоӕн

Иу цымыдисаг хабар:

Царды хин ӕмӕ фӕлывд

Ма хъуамӕ уа мачи!

Науӕд худинаджы гакк

Махыл дӕр сбадзӕн.

  1. Рацыд ӕрмӕг сбӕрӕг кӕнын.

Аргъауы тыххӕй рацыд ӕрмӕг сфӕлхат кӕнын.

-Цы у аргъау?

Ис сын историон нысаниуӕг.

Сӕйраг миниуӕг- рӕстдзинады сӕраиконд тох кӕнын.

Архайджытӕ- адӕм, уӕйгуытӕ, сырдтӕ, ӕрдз.



Литературон аргъау- фысджытӕ кӕй ныффыстой, уый, ӕнусты цӕрынц куыд сӕ

ныффыстой, афтӕ.



Кастыстут: А. Пушкины, Ершовы, Бажовы, Маршакы фыст аргъӕудтӕ райдиан кълӕсты.



  1. Дарддӕр

Ӕрмӕгмӕ хъуысгӕйӕ цы къуылымптыл ӕмбӕлдысты, уый сбӕрӕг кӕнын. Тексты анализыл бакусын- фӕлгонцтыл, афтӕмӕй.

-Цӕмӕн баззад уӕйыг састы бынаты? (Проблемӕ)

Райхалӕм дыууӕ архайӕджы фӕлгонцтӕ ӕмбаргӕ характеристикӕйы хуызы .



уӕйыг лӕскъдзӕрӕн

ӕлгъаг куыстуарзаг

рассыггӕнӕг зондджын

гуымиры дзырдарӕхст

тызмӕг лӕджыхъӕд

хин ӕхсарфӕй хайджын

кӕлӕн рӕстдзӕф

цыбырзонд арфхъуыдыджын



  1. Фыссӕджы ахаст персонажтӕм (Сывӕллӕтты дзуаӕппытӕ.



  1. Аргъауы сӕйраг хъуыды- Уӕйыджы фӕлгонцы- мӕгуыр адӕмы фӕллойӕ ӕдзухдӕр чи цӕры, ахӕм хуыскъастӕу, фӕдзӕрдӕ адӕймаг.

Фыййауы - цыргъзонд , куыстуарзон, хӕларзӕрдӕ мӕгуыр ӕмӕ ӕфхӕрд адӕймаг.

  1. Тексты цавӕр сӕргондтыл ис адих кӕнын? (сывӕллаӕтты дзуӕппытӕ_)

    1. Лӕскъдзарӕджы цард уӕйыгмӕ.

    2. Уӕйыджы ахаст фосмӕ.

    3. Лӕскъдзӕрӕджы цыргъзонддзинад

    4. Уӕйыджы фӕрстытӕ.

    5. Фыййауы дзуӕппытӕ.

    6. Зонды уӕлахиз.

    7. Традицион райдайӕн ӕмӕ кӕрон.



  1. Ӕмбисӕндтӕ баххӕст кӕнын.

Зондӕй (хӕзнадӕр ницы ис)

Зонд тыхӕн (ӕмбал нӕу)

Зонд кӕу у, (мулк дӕр. уый).

Нозт (зонд сӕфы).

Зонд н ӕвзаг (сыхаг у).

Дзыхӕй рӕвдз (хъуыддагтӕй та - ницы).

Арв куыд нӕры, (афтӕ нӕ цӕвы).



  1. Хъазты элементтӕ.

(Ӕрмӕг бафидӕр кӕнын)

Иу - адӕймаджы сӕр.

Дыууӕ - хъусы сӕрыл

Ӕртӕ - кӕрдзынӕй кувӕм.

Цыппар - къуырийы 1 мӕйы.

Фондз - ӕнгуылдзы къухыл.

Ӕхсӕз - кусгӕ боны къурийы.

Авд - хъуынгъы сӕрыл



Синквейн - французаг дзырд, куыд технологи фӕзынд Америкаӕйы. 5 рӕнхъӕй фыст ӕмдзӕвг .

  1. иу дзырдӕй (номдарӕй).

  2. - 2 миногоны ( темӕйы миниуджытӕ).

  3. 3 мивдисӕджы ( темӕимӕ баст архайд).

  4. темӕйы сӕйраг хъуыдымӕ ӕмбисонд, афоризм, базырджын ныхас).

  5. иудзырд (номдар-резюме, темӕйы синоним).



  1. «Лӕскъдзӕрӕн».

  2. Цымыдисаг, арфхъуыдыджын.

  3. Ӕвдисы, худы, ахуыр кӕны.

  4. Удварны хӕзнатӕ хӕссӕг.

  5. Уӕлахиз.

  1. Куыд бамбӕрстой ӕрмӕг (рефлекси).

Нӕ урочы базыдтам…..

Мӕ зӕрдӕмӕ фӕцыд….

  1. Хӕдзармӕ куыст.

Саразын синквейн.

Мидисыл бакусын.



11. Бӕрӕггӕнӕнтӕ сӕвӕрын.

Мӕ зӕрдӕмӕ фӕцыд….



















































 
 
X

Чтобы скачать данный файл, порекомендуйте его своим друзьям в любой соц. сети.

После этого кнопка ЗАГРУЗКИ станет активной!

Кнопки рекомендации:

загрузить материал