- Учителю
- Урок осетинского языка на тему: Ӕрхӕцӕн нысантӕ хъуыдыйады комкоммӕ ныхас ӕмӕ фӕрссаг ныхӕстимӕ.
Урок осетинского языка на тему: Ӕрхӕцӕн нысантӕ хъуыдыйады комкоммӕ ныхас ӕмӕ фӕрссаг ныхӕстимӕ.
Урочы темӕ. Ӕрхӕцӕн нысантӕ хъуыдыйады комкоммӕ ныхас ӕмӕ
фӕрссаг ныхӕстимӕ.
Урочы нысан. Бацамонын ахуырдзаутӕн ӕрхӕцӕн нысантӕ ӕвӕрын
комкоммӕ ӕмӕ фӕрссаг ныхӕстимӕ.
Рӕзгӕ фӕлтӕры удыхъӕды рӕзтыл бакусын .
Урочы цыд.
I. Организацион хай.
II. Хӕдзармӕ куыст сбӕрӕг кӕнын.
III. Ног ӕрмӕг.
1. Хъусгӕ куыст.
Адӕмы тых, дам, ӕгӕрон у , зӕгъгӕ, фӕдзуры, алкӕд нӕ сыхы хистӕр. Фылдӕр адӕм куыд цӕрой, афтӕ цӕр ӕмӕ нӕ фӕрӕдидзынӕ.
Ӕвӕдза, хистӕрты фарн ӕгӕрон у. Мӕгуыры къуымӕл , дам, уынгты хъуыр- хъуыргӕнгӕ цӕуы.
Фарст. Цавӕр лексикон ахадындзинд ис бавӕргӕ дзырдтӕн? Цы у бӕттӕгӕн сӕ синтаксисон нысан?
2. Бакӕсын ӕмӕ равзарын раиртӕст.
3. Практикон куыст.
1) Хӕс. Чиныг « Нарты кадджытӕ»-йы бакӕсут кадӕг « Сырдоны тохъылы ӕргӕвст». Равзарут дзы комкоммӕ ныхӕстӕ, сбӕрӕг сын кӕнут сӕ ӕрхӕцӕн нысантӕ.
Фарст . Чи уыдис Нартӕн Сырдон?
Цал хайӕ арӕзт вӕййы , комкоммӕныхас кӕм февзӕры, ахӕм хъуыдыйад?
2) Дзырд-бабӕллыдысты- йӕн саразут уӕнгон схемӕ.
4. Сфӕлдыстадон куыст.
Хӕс. Ирон ӕвзагӕй уырысаг ӕвзагмӕ ратӕлмац кӕнут лӕвӕрд хъуыдыйад. Сӕвӕрут дзы ӕрхӕцӕн нысантӕ , ӕрдзурут пунктуацион иудзинӕдтыл.
Ӕмбӕлттӕ ныртӕккӕ уын ӕз радзурдзынӕн ирон поэт-салдат Елехъоты Мураты тыххӕй , трибунӕмӕ схизгӕйӕ фехъусын кодта ӕнӕзонгӕ хӕстон.
Фарст. Комкомммӕ ныхас уын исты баххуыс кодта Мураты сурӕт уӕ цӕстытыл ауайынӕн?
Цавӕр ӕрхӕцӕн нысантӕ хъӕуы хъуыдыйады комкоммӕ ныхасимӕ?
Цавӕр хъуыдыйады уӕнг у- трибунӕмӕ схизгӕйӕ?
IV. Кӕронбӕттӕн.
V. Хӕдзармӕ куыст .