7


  • Учителю
  • Урок по осетинскому языку 'Æрдз нæ дарæг' (9 класс)

Урок по осетинскому языку 'Æрдз нæ дарæг' (9 класс)

Автор публикации:
Дата публикации:
Краткое описание:
предварительный просмотр материала

Æрдз - нæ дарæг, не сфæлдисæг.

Нысан: Æрдзы рæсугъддзинад уынынц хуымæтæг адæймаг æмæ поэт дæр.

1. Бакæсут æмбисæндтæ æрдзы тыххæй. Цæуыл нæ ахуыр кæнынц?

- Зæхх æрдзæн йæ мад у, хур та - йæ фыд.

-зæххы фарн адæмы фарн у.

- Арвæй зæххы `хсæн цыдæриддæр ис, уыдонæй цы нæ хъæуы, ахæм нæй.

Дзырд цыдæриддæр дзырдарæзтон æвзæрст скæнут.

Ссарут мивдисæг æппæрццæг хайыгимæ. Бацамонут ын йæ нысаниуæг.


2. Бакæсут ирон æмæ уырыссаг поæтты æмдзæвгæтæй ист рæмхъытæ æрдзы тыххæй. Зæгъут, цы сæм ис иумæйагæй, цæмæй хицæн кæнынц.


  1. Нæ урс хахтæ, нæ тар хъæдтæ,

Нæ хъал дæтты хъæлæс,

Нæ зад хуымтæ, нæ быдыртæ,

Нæ дидинæгджын фæз,

Кæм хъазыдтæн æз сабийæ,

Кæм рæзыдтæн æдас,-

Мыггагмæ дæр сымахимæ

Мæ зæрдæ баст у, баст.

(Кочысаты М.)

  1. Синее небо, цветная радуга,

Тихо степные бегут берега. (С. Есенин)


  1. Черемуха душистая с весною расцвела

И ветви золотистые, что кудри, завила. (С. Есенин)


  1. Закалдован неведимкой,

Дремлет лес под сказку сна

Словно белою косынкой

Подвязалася сосна. (С. Есенин)


  1. Зымæг нæ хæхты цух нæ уадзы, -

Лæджы æмбæрц æруары мит;

Æфцæгæй коммæ уад дзынадзы;

Их доныл саразы йæ хид. ( Хетæгкаты Къ.)


  1. Уж небо осенью дышало,

Уж реже солнышко блистало,

Короче становился день.

Лесов таинственная тень

С печальным шумом обножалась, ложился на поля туман,

Гусей крикливых караван

Тянулся к югу: приближалась

Довольно скучная пора… (А. С. Пушкин)


  1. Фæззæг ралæууыд йæ рады,

Бон æнкъардхуызæй кæсы.

Дымгæ сау мигътæ цæгатæй

Хуссармæ хæссы. (Нигер)


-Æрдзы афонтæй цавæртæ æвдыст цæуынц æмдзæвгæты?


3. Уырыссаг литературæйæ æрдзыл фыст æмдзæвгæтæй уæ зæрдæмæ тынгдæр кæцы цæуы, уый радзурут. Иронау ын йæ хъуыды бамбарын кæнут.


4. Фыццыаг цæджындзы дзырдтæм дыккаг цæджыдзы дзырдтæй антонимтæ ссарут. Семæ саразут дзырдбæстытæ.


бæрзонд уæрæх

хъæлдзæг ныллæг

нарæг цыбыр

сыгъдæг æнкъард

уазал хъарм

даргъ тагъд

сындæг чъизи


5. Хуызмæ гæсгæ дарддæр ахæццæ кæнут цæсгомон номивджытæ æз, ды, уый -й тасындзæг.

Хуызæг: Н. чи? цы? æз, ды, уый.

Г. кæй? цæй? мæн (мæ), дæу (дæ), уый (йæ).

Д. кæмæн? цæмæн? мæнæн (мын), дæуæн (дын),уымæн (йын, йын).


Къæлæтты лæвæрд дзырдтæй пайда кæнгæйæ, номивджыты æлвæстформæтимæ хъуыдыйæдтæ саразут: (Дидинджытæ, мигътæ, кæсын, цæуын, лæууын, райсын, æрбацæуын, дзурын)


6. Нывтæм гæсгæ, лæвæрд дзырдтæ æмæ дзырдбæстытæй пайда кæнгæйæ, баххæст кæнут хъудыйæдтæ. раст спайда кæнут цæсгомон номивджыты æлвæст формæтæй.


Æвæццæгæн, æрдзæй рæссугъддæр ницы ис! Адæймаджы йæхимæ 'лвасы, стыр удæнцой æмæ (уымæн) æхсызгогндзинад хæссы.

Мæнæ Кавказы æрдзы ныв. Дæ зæрдæмæ цæуы? Бакæс-ма, куыд аив у! Дардмæ зынынц … … . Æрттивынц … … . Хохаг … … зард мæ хъустыл уайы. Æнкъарын (уымæн) йæ уазал доны улæфт.

Ам ит … … , … … . Хæхты фæхстыл зынынц … , зайы (уыдоныл) … … , … . Æх, ныр уыцы цъæх нæуыл фест! Алæуу … … æмæ дæлæмæ ракæс. Цæргæсау фæкæсин мæхимæ.

Ацы дыууæ нывы та æвдисынц уырыссаг æрдз. зæрдæ райы (уыдон) уындæй, алыхуызон рæссугъд æнкъарæнтæ гуырын кæнынц.

Нæ разы … … æмæ … … . … … хоны атезхъо кæнынмæ. (Уый) фæлмæндзинад (уымæн) æнкъарын.

Уæздан чындзау … … раз лæууы … … . куыд рæссугъд, куыд аив у (уый) уынд! Цымæ цæуыл … …? Кæд (ууыл) абон цы дыууæ сырддонцъиуы абадт, уыдоны .. .. мысы? Чи зоны.

Сæрдыгон изæр, Хур сындæггай æрныгуылы. Бæстæ æрсабыр. Æрмæстдæр ма хъуысы … … зард æмæ царды … … . Эхх, ныр уыцы цады дæхи анай! Æмæ (уый) дон уазал куы уа, уæд та? Нæ, изæрырдæм ахæм сабыр малы дон тынг … … . Исты хохаг цæугæ дон у? Иудадзыг дæр размæ чи тындзы.

Ахæм нывтæ фенгæйæ, зæрдыл æрбамбæлы ирон æмбисонд: «Æрдзы мидæг алцы дæр рæссугъд у».


(Бæрзонд хæхтæ, хъæлдзæг цæугæдæттæ, нарæг дурджын къахвæндæгтæ, урс æхсæрдзæнтæ, цъититæ, сыгъдæг уæлдæф, уыгæрдæнтæ, алыхуызон дидинджытæ, нарæг ком, къардиутæ, айнæджы был;

уæрæх быдыртæ, æнцад цад, бæрз бæлас, бæрзонд кæрдæг, ныхъхъуыды кодта, алыхуызон бæлæстæ, хъæлдзæг цъыбар - цъыбур, доны был, цъырцъыраджы дæргъвæтин, æгæрон арв, кæсæгты цъыллинг, схъарм вæййы).

- Нывгæнджытæ куы уаиккат, уæд цæмæй фæхъæздыгдæр кæниккат ацы нывтæ? Цы ма сæм бафтауиккат?


7. Бакæсут дзырдбæстытæ.Цавæр афон æвлисы?Цæмæй бæрæг у?.

Æнкъард хъæд, зилдухгæнгæйæ хауынц зæхмæ, сабыр æрдз ,ирд ахорæнтæ ,къæхты бын сыбар- сыбур кæнынц, хърихъуппыты бал, хус кæрдæг.

а)хъæлдзæг

Цавæр дзырдтæ æмæ дзырдбæстытæй баххæстгæнæн ис хъуыдыйæдтæ?

а)хъæлдзæг

æ)æнкъард

б)сабыр

в)талынг

Бæлæсты сыфтæртæ фæззæджы…

а)сбур вæййынц

æ)къæхты бын сыбар -сыбур кæнынц

б)фæцъæх вæййынц

в)зæхмæ фæхауынц

Фæззæджы хъæды цæрæгойтæ…

а)хæринагæй æвæрæнтæ фæкæнынц

æ)сæхи зымæгмæ фæцæтттæ кæнынц

б)сæ хуыгæмтттæй рацæуынц

Хъæды мæргътæй фæзззæджы

а)хъарм бæстæм атæхынц

æ)балгæиттæй æрбамбырд вæййынц

б)ахстæттæ фæаразынц


9. Бакæсут æмæ ратæлмац кæнут ирон æвзагмæ текст

Особенно красив и печален лес в ранние осенние дни. На золотом фоне пожелтевшей листвы выделяются яркие пятна раскрашенных листьев кленов и осин. Тихо в осеннем лесу. Шелестит под ногами опавшая сухая листва.Тонко просвистит рябчик, прокличут высоко в небе пролетавшие косяком журавли.


Бахъуыды кæнут бæлæсты æмæ цъиуты нæмттæ.


10. Бамбарын кæнут æмбисæндты хъуыды.

Давын лæгдзинадыл нымад никуы уыд

Рæстдзинад кæмæн цæф у, кæмæн - цæсты рухс у

Гæдыйы къах цыбыр у.


11. Бакæсæм аргъау, ссарæм дзы æвзæр миниуæг.


Раджы заман хъæды бæлæстæ уыдысты иухуызон æмыйас.Нæ уыдис се хсæн бæрзæндтæ æмæ ныллæджытæ.

Иу ахæмы дын бæстæ куы бахус уаид.Фесæфтысты мигътæ,бахус сты цæугæдæттæ æмæ суадæттæ.Сырдтæ,иннæ цæрæгойтæ æмæ бæлæстæ æнæ донæй хъизæмар кодтой.Æрмæст ма -иу суадон тæнæгæй сыр-сыргæнгæ хаста йæ улæнтæ кæдæмдæр.Йæ разы æртымбыл сты бæлæстæ

7.Бакæсут дзырдбæстытæ.Цавæр афон æвлисы?Цæмæй бæрæг у?.

Æнкъард хъæд ,зилдухгæнгæйæ хауынц зæхмæ, сабыр æрдз ,ирд ахорæнтæ ,къæхты бын сыбар- сыбур кæнынц, хърихъуппыты бал, хус кæрдæг.

а)хъæлдзæг

Цавæр дзырдтæ æмæ дзырдбæстытæй баххæстгæнæн ис хъуыдыйæдтæ?

а)хъæлдзæг

æ)æнкъард

б)сабыр

в)талынг

Бæлæсты сыфтæртæ фæззæджы…

а)сбур вæййынц

æ)къæхты бын сыбар -сыбур кæнынц

б)фæцъæх вæййынц

в)зæхмæ фæхауынц


Фæззæджы хъæды цæрæгойтæ…

а)хæринагæй æвæрæнтæ фæкæнынц

æ)сæхи зымæгмæ фæцæтттæ кæнынц

б)сæ хуыгæмтттæй рацæуынц


Хъæды мæргътæй фæзззæджы

а)хъарм бæстæм атæхынц

æ)балгæиттæй æрбамбырд вæййынц

б)ахстæттæ фæаразынц


9.

Бакæсут æмæ ратæлмац кæнут ирон æвзагмæ текст


Особенно красив и печален лес в ранние весенние дни. На золотом фоне пожелтевшей листвы выделяются яркие пятна раскрашенных листьев кленов и осин. Тихо в осеннем лесу. Шелестит под ногами опавшая сухая листва. Тонко просвистит рябчик, прокличут высоко в небе пролетавшие косяком журавли.


Бахъуыды кæнут бæлæсты æмæ цъиуты нæмттæ.


10.Бамбарын кæнут æмбисæндты хъуыды.

Давын лæгдзинадыл нымад никуы уыд

Рæстдзинад кæмæн цæф у,кæмæн - цæсты рухс у

Гæдыйы къах цыбыр у.


11.Бакæсæм аргъау, ссарæм дзы æвзæр миниуæг.

Раджы заман хъæды бæлæстæ уыдысты иухуызон æмыйас. Нæ уыдис се хсæн бæрзæндтæ æмæ ныллæджытæ.

Иу ахæмы дын бæстæ куы бахус уаид.Фесæфтысты мигътæ,бахус сты цæугæдæттæ æмæ суадæттæ.Сырдтæ,иннæ цæрæгойтæ æмæ бæлæстæ æнæ донæй хъизæмар кодтой.Æрмæст ма -иу суадон тæнæгæй сыр-сыргæнгæ хаста йæ улæнтæ кæдæмдæр.Йæ разы æртымбыл сты бæлæстæ.


Тархъæды хистæр Тулдз рахаста уынаффæ: «Дон æмхуызон дих кæнæм не ппæты æхсæн». Иууылдæр ууыл сразы сты. Равзæрстой сæхицæй иу æмæ уый дон барстæй лæвæрдта иннæтæн. Афтæ цардысты, хуыздæр уавæртæм кæсгæйæ.


Фæлæ уарæгæй цы бæлас сæвæрдтой ,уый йæхи нал баурæдта:æмбæхста -иу сусæгæй дон, йе мбæлттæн -иу къаддæр авæрдта.


Афтæ цас рæстæг аивгъуыдта, чи зоны. Фæлæ иу хатт бæлæстæ фемдзаст сты, сæ донуарæг бæрзонд кæй фæцыди…


Уæдмæ хæхты цъуппытæй мигътæ æрбахъуызыдысты.Фемæхст тæрккъæвда. Айдзаг сты донæй хус дзыхъхъытæ, донвæдтæ, райхъуыст хъæлдзæгæй суадæтты уынæр.


Бæлæстæ бамбæрстой се мбалы хиндзинад, фæлæ сын нæ басасти. Æмæ йæ уæд схуыдтой гæдыбæлас. Ныртæккæ дæр ма акæсут- сæхимæ йæ æвæвахс нæ уадзынц. Хъæды астæу иу гæдыбæлас дæр не ссардзынæ.( Тедеты Эльбрус)

Хæслæвæрдтæ.

а)Аргъауæн сæргонд æрхъуыды кæнын.

б)Æмбисонд «Давын лæгдзинадыл нымад никуы уыд»-мæ гæсгæ 5-10 хъуыдыйæдтæй ныффыссын мини радзырд

в)куыд æмбарут дзырдты нысаниуæг: уынаффæ, фемдзаст ,сæхимæ.



 
 
X

Чтобы скачать данный файл, порекомендуйте его своим друзьям в любой соц. сети.

После этого кнопка ЗАГРУЗКИ станет активной!

Кнопки рекомендации:

загрузить материал